27 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪД ФАТ ÆЙ!..

04.09.2021 | 12:11

Мæйдар æхсæвæ хъæрæу лæг гъæунги фæцæйцудæй, æ къохи цирагъ, уотемæй. Æ синхаг ибæл исæмбалдæй æма ‘й фæрсуй:

– Дес дæбæл кæнун, мæ синхаг: дæуæн ба талингæй-рохсæй ци игъаугидæр ес? Цæмæн дæ гъæуй, ци дин агъаз кæнуй цирагъи рохс?

Хъæрæу лæг бахудтæй æма ин дзуапп равардта:

– Аци цирагъ æз айдагъ мæхе туххæй нæ хæссун, фал дæу туххæй дæр, цæмæй мæбæл дæхе ма искъуæрай.


Аци таурæхъмæ гæсгæ адæймаг куд нæ бахицæ кæна: еци хъæрæу лæги зундирахаст ни алкæмæ дæр ку разиннидæ, алкедæр ни æ гæнæнтæ æма равгитæмæ гæсгæ ку архайидæ нæ размæцуди нæдтæ арфиаг гъуддæгутæй рохс кæнунбæл. Æмзунд æма æмвæндæй архайгæй нин, баруагæс уи уæд, фулдæр æнтæстдзæнæй нæ царди хабæрттæ нæ зæрдифæндон аразунæй. Æма, ци райдзастдæр исонибонмæ бæллæн, е нин зингæ тагъддæр ралæудзæнæй. Ракæсæнай евгъуд рæстæгути нæ фидтæлти цардиуаги хабæрттæмæ – уонæбæл дæр искæнидæ гъезæмари рæстæгутæ, фал си тухгиндæр разинниуонцæ, фæййервæзиуонцæ, кæрæдзебæл æхцул ке адтæнцæ, еузæрдиуонæй æмархайд ке кодтонцæ, уой фæрци, ке бон си куд уидæ, уотæ агъаз кæниуонцæ фæккæсуйнаг ка уидæ, уонæн. Нур ба?..

ДЗАСОХТИ Музафер, Цæгат Иристони адæмон поэт: «Адæймаг æдзæсгон ку уа, уæд ибæл алцидæр федауй. Æхемæ гæсгæ. Абони еу хузи ку дзора, исон ба – иннæ хузи, уæддæр сурх нæ кæнуй. Гъома – æфсæрми…»

– Адæймаг фиццагидæр æхуæдæг ку не ‘фсæрми кæна æ миутæй, уæд æй неке нецихузи бафсæрми кæндзæнæй. Е лæдæрд æй, фал æгириддæр ба лæдæрд нæй, æма уæхæнæн цæмæн бухсунцæ иннетæ, кæд сæхе рæстзæрдитæбæл нимайунцæ, уæд. Цæмæннæ син, куд фæззæгъунцæ, æрæвæрунцæ æ тæбæгъи, æцæгæй ци æй, уой? Гъе уомæ гæсгæ нин ахид унаффæгæнгутæ исунцæ, нæ гъуддæгутæ нин ниффесинмитæ кæнунцæ… Æма ка фудгиндæр æй – уæхæн æдзæсгæнттæ æви нæхуæдтæ?..

 

Лев ТОЛСТОЙ (1828-1910), уруссаг финсæг: «Адæми хæццæ хæларæй цæрун æнæмæнгæ кæнуйнаг гъуддаг æй. Адæймагмæ хуарз цæстæй ку нæ кæсай, уæд царди дæ ахсгиагдæр ихæс не ‘нхæст кæнис…»

– Аци зундгин загъд нæ куд æхсицгонæй гъæуй, уæлдайдæр ба абони тухст рæстæги…  Фарнæ æма амондæн æгириддæр пайда ка нæй, зæранæй уæлдай, берæ уæхæн нецæййаг тæлæнти уацари бафтуйгæй ниххецæнтæ ан, алке ни æхе хабæрттæбæл хебарæй  тухархайд кæнуй. Рæстзæрдæй зæгъайтæ, фæстаг рæстæгути ма уи уотæ ка расагъæс кодта, гъæйдæ-уай, мæ бон цæйбæрцæ æй, уойбæрцæй ескæмæн хуарз ракæнон? Нæ гъуди кæнетæ?.. Æма е раст æй?..

Дейл КАРНЕГИ (1888-1955), америкаг психолог: «Адæймаги уодигъæдæ уотæ конд æй, кефæндидæр фудгин кæндзæнæй, æцæг  æхе ба нæ…»

– Дзубанди дæр ибæл нæййес, нæ нуриккон цардиуаги нæхъæртондзийнæдтæ берæ ‘нцæ. Фал си уæддæр берæ кæцидæрти райеуварс кæнун æнгъезуй – æцæг архайун гъæуй. Зæгъайтæ, гъæути ма беретæ дарунцæ фонс, маргъ? Кенæ – агъазиау дзæхæра ин, уотемæй ба хуæруни кæрдæгутæ æма халсартæ æлхæнунцæ базари. Гъæуи цæргæй!.. Æма кедæрти фудгин кæнуни бæсти бал алке æхемæ æркæсæд: мæхуæдæг ба, мæ бон ци æй, уомæй ци исаразтон мæ царди хабæртти хуæздæри туххæй.