КАДИ НОМ УИН БАФЕДАУӔД!..
Гурджибети Блашкай уадзимистӕ 1902-1903 ӕнзти мухури рацудӕнцӕ хецӕн киунугутӕй: «Сахи рӕсугъд», «Дигорон уаджимистӕ» ӕма «Ӕдули». Ӕртӕ киунуги дӕр мухургонд ӕрцудӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи, Шувалови типографий.
Гурджибети Блашка адтӕй фиццагидӕр ӕфсӕддон служби лӕг, уруссаг ӕфсади афицер, аййевадон литературӕ ба ин, зӕгъун ӕнгъезуй, адтӕй фӕрсаг куст, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ке кодта, уӕхӕн куст.
Гурджибети Блашка ӕ цубур царди бӕнттӕ рарвиста ӕфсади службӕ кӕнгӕй. Ести ӕхсӕнадон ӕма политикон куст кодта ӕ рӕстӕги ӕви нӕ, уой туххӕй неци бӕрӕггӕнӕнтӕ ес. Фал зӕгъӕн ес, ӕ рӕстӕги ӕхсӕнадон царди активон архайди хай нӕ иста, зӕгъгӕ. Блашка нӕ финста публицистон уадзимистӕ дӕр Иристони цӕрӕг адӕми экономикон ӕма культурон фарстати фӕдбӕл – ӕ рӕстӕги газетти некуд зиннуй ӕ уӕхӕн архайди фӕд.
Уӕлдӕр куд загътан, уотӕ аййевадон уадзимистӕ дӕр финста рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ, ӕфсӕддон службӕй уӕгъдӕ рӕстӕги. Фал уомӕй, зӕгъун гъӕуй, Блашкай искурдиади уӕлиаудзийнадӕ ӕма ӕ исфӕлдистади ахедундзийнадӕ ниллӕгдӕр нӕ кӕнуй.
Алли финсӕг дӕр , кӕд ӕцӕг финсӕг ӕй, уӕд гъӕуама ӕ рӕстӕги ӕхсӕнади царди цаутӕй ӕ исфӕлдистади еститӕ равдеса, исараза, ӕ доги хецӕндзийнӕдтӕ ӕргомгӕнӕг ка ’й, уӕхӕн сорӕттӕ. Ӕма Блашка, куд финсӕг, уотӕ ӕ рӕстӕги царди цаутӕй еститӕ равдиста ӕви нӕ, царди ӕцӕгдзийнадӕ ескӕцирдигӕй равдиста ӕви нӕ, ӕ догӕн ӕвдесӕн ка ’й, уӕхӕн сорӕттӕ исаразта ӕви нӕ, зӕгъгӕ, ку бафӕрсӕн, уӕд зӕгъун гъӕуй: равдиста, исаразта.
Гурджибети Блашкай исфӕлдистади зиннунцӕ, Иристони буржуазон рахастдзийнӕдтӕ тухгин кӕнун ку райдӕдтонцӕ (XIX ӕноси фӕстаг ӕнзтӕ ӕма XX ӕноси райдайӕни), еци рӕстӕги ӕхсӕнадон цаутӕ. Фиццагон ӕлдарадӕн ӕма ездондзийнадӕн сӕ бундор ихӕлун байдӕдта. Мулк кӕмӕ нӕ адтӕй, уомӕн ӕ ездон муггаги ном нецибал ӕндавта, ездондзийнадӕ царди хуасӕ нӕбал адтӕй. Тухгин адтӕй мулкгин, ӕхца берӕ кӕмӕ адтӕй, е. Ӕхца уӕлахез кӕнун байдӕдта ӕнӕмулк «ездӕнтти» цӕсгон ӕма ӕфсармӕбӕл, кадӕ ӕма намусбӕл, зунд ӕма зӕрди фӕндонбӕл. «Ӕхцай кирӕмӕ» уӕхӕн тухӕ фӕззиндтӕй, ӕма ӕдулий зундгини бунати ӕвардта, ӕнӕкъахи – къӕхгини бунати, ӕнӕ цӕстӕ – цӕстгини бунати. Алцидӕр ӕхцабӕл барун байдӕдтонцӕ, алцӕмӕ дӕр ӕхцай цӕстӕй кӕсун байдӕдтонцӕ.
Аци ӕхсӕнадон историон цаутӕй беретӕ сӕхецӕн бунат иссирдтонцӕ Гурджибети Блашкай уадзимисти, уӕлдайдӕр ба ӕ дууӕактон комеди «Ӕдули»-й. Блашка равдиста, капиталистон зундирахаст кӕми рагъардта, уӕхӕн адӕймӕгути сорӕттӕ, капитализм адӕймаги бартӕ куд ӕнсӕндуй, уони. Е бӕрӕг кӕнуй Блашкай исфӕлдистадон ахедундзийнадӕ.
(Редакцийӕй. Ардасенти Хадзибатири загъдмӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй уӕ зӕрдӕбӕл уин аци комедий кӕронбӕттӕни рӕнгъитӕ ӕрлӕуун кӕнун:
Дарийтӕй мӕ ивазуй мӕ мадӕ,
Мӕ фидӕ мин амонуй урух цард…
Гъе, йе мӕ муггагин мадӕн ӕ кадӕ,
Мӕ зӕронд фидӕн ба – ӕ уарзт!..
Уогӕ мӕ фиди лӕдӕрун:
Кӕнуй ӕй дзорун ӕ мӕгур,
Фал ӕй мӕ мадӕн ӕ фӕндун
Гъӕздугӕй ӕ зӕруи бацӕрун…
О, мӕ Хуцау, кӕми дӕ?
Мӕ уод дӕбӕл фӕдзӕхсун!
Ӕнцон дӕр мин ӕй Цӕругтӕй ку уидӕ
Нежи уаргъ мӕ чиртмӕ фӕххӕссун!..)
Блашкай исфӕлдистади зингӕ бунат ахӕссунцӕ ӕ лирикон ӕмдзӕвгитӕ («Дигорон уаджимистӕ»). Цӕй туххӕй си дзоруй поэт, циуавӕр мотивтӕ имӕ ес? Поэт ӕвдесуй мади сорӕт, ӕ уарзон бӕдоли авдӕни уӕлгъос адгин зартӕ кӕнуй, уотемӕй. Мӕнӕ мӕгургори сорӕт: ӕ реу игон, ӕ рагъбӕл пӕлӕз, уотемӕй фӕндурӕй цӕгъдун ӕвзаруй…Мӕнӕ, нӕ поэт ке игъӕлдзӕг, ӕнӕмӕтӕ цардмӕ бӕллуй, еци фиййау ӕ фонси хӕццӕ… Мӕнӕ мӕйрохс, райдзаст ӕхсӕвӕ, ӕ цӕхӕркалгӕ стъалути хӕццӕ, хуӕнхон дӕнтти зар рӕвдауй поэти зӕрдӕ…
Дзӕбӕх аййев финст ӕй ӕмдзӕвгӕ «Саудари бон». Ӕ лӕг кӕмӕн рамардӕй, уӕхӕн уосӕ ӕ бӕдоли хӕццӕ цӕруй ӕ теуи хӕдзари. Ӕ еунӕг бӕдолӕн ӕхе нивондӕн ӕрхаста мадӕ, исгъомбӕл ӕй кӕнон, зӕгъгӕ. Фал ӕнцон цӕрӕн нӕ адтӕй саударӕг уосӕн ӕ теуи хӕдзари, ӕдзохдӕр ӕййафуй ӕфхуӕрд, тузмӕг загъдӕй ӕндӕр неци игъуста ӕ теуӕй.
Уарзондзийнади мотивтӕ ахид ӕмбӕлунцӕ Блашкай уадзимисти. Фал циуавӕр ӕнцӕ еци мотивтӕ, циуавӕр уарзондзийнади туххӕй дзоруй Блашка е ’мдзӕвгити? «Уарзт», зӕгъгӕ, еу ӕмдзӕвги Блашка дзоруй ӕнамонд, ӕнӕрайгӕ уарзондзийнади туххӕй. Берӕ уарзта биццеу, ӕ зӕрди ӕхецӕн ке иснивонд кодта, еци кизги. Фал неци рауадӕй лӕхъуӕни уарзондзийнадӕй, нӕ имӕ раздахта кизгӕ е ’ргом. Сайд уарзондзийнадӕ фӕрресун кодта лӕхъуӕни зӕрдӕ:
Фал гъенур уаржти мижди
Рун исшрдтон фӕливдӕй…
Блашка финста дигорон диалектбӕл. Ӕ поэтикон ӕвзаг ӕй гъӕздуг, кӕд имӕ архаизмтӕ фӕззиннуй, уӕддӕр. Поэт устур бунат дӕттуй рифмӕн, ӕмдзӕвги рӕнгъити уӕнгтӕ фӕуунцӕ аллихузон. Эпитеттӕй ӕма рабарститӕй пайда кӕнуй ахид. Ӕ сорӕттӕ ӕнцӕ бӕлвурд ӕма ахедгӕ.
Блашка кӕддӕр е ‘ӕмдзӕвгитӕй еуей искодта е ‘рдхуард Тускъати Балодтий номбӕл ӕма си уотӕ финста: «Кади ном уин бафедауӕд…» Ӕма абони, Блашкайӕн ӕхе цардвӕндаги ӕма исфӕлдистади туххӕй дзоргӕй, нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: «Блашкайӕн ӕхебӕл кади ном ӕности дӕргъци фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дессаги федауцӕй ӕма ӕнхӕстӕй федауӕд!..»