27 декабря 2024

АМАЛГЪОНАДӔ НОМӔЙ – МИНКЪИЙ, АХЕДУНДЗИЙНАДӔЙ БА – УСТУР!..

08.10.2021 | 14:45

Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймуразӕн Елхотти адтӕй косӕг ӕмбурд, уордӕмӕ рандӕнцӕ министртӕ. Ӕрдзубанди кодтонцӕ Кирови райони социалон-экономикон ирӕзти нисантӕбӕл.

Аци анзи бюджет куд исӕнхӕст кодтонцӕ, иннӕ анзи бюджети бӕрӕггӕнӕнтӕ циуавӕр уодзӕнӕнцӕ, уой туххӕй радзурдта райони бунӕттон хеунаффӕйади администраций разамонӕг Батиати Хъазбег. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, хъалонти ӕма ӕнӕхъалонти ӕфтуйӕггӕгтӕ аст мӕйемӕ рауадӕнцӕ 83,1 миллион соми, кенӕ пълани 58,8 проценти. Евгъуд анзи хӕццӕ рабаргӕй, ирӕзт ӕй бӕрӕг – 61 проценти. Райони размӕ ци социалон ихӕстӕ ес, уонӕбӕл хъӕртунцӕ.

Нӕуӕг анзи бюджетбӕл дзоргӕй, райони разамонӕг куд бафеппайдта, уотемӕй бафедуйнаг мизд, ӕ тӕккӕ минкъийдӕр бӕрцӕбӕл исхуӕцгӕй, ӕй бӕрӕг, муниципалон ӕма ӕндӕр къабӕзти косгути мизд дӕр уотӕ. Ӕргъти ирӕзти хӕццӕ коммуналон хӕрзтӕн, социалон феддонтӕн, сувӕллӕнттӕн лӕвар хуӕруйнаг дӕттунӕн ӕма ма ӕндӕр хӕрзтӕн.

Кирови райони минкъий ӕма рӕстӕмбес амалгъонади ирӕзтбӕл дӕр ӕрдзурдтонцӕ. Минкъий амалгъонади архайунцӕ 45 кустуати, хецӕн амалгъонтӕ ӕнцӕ 580, кусти бунӕттӕ искодтонцӕ 1100 адӕймагемӕн.

– Амалгъонади фулдӕр уӕзӕ сӕхемӕ райстонцӕ базарадӕ ӕма гъӕууонхӕдзарадон кустадӕ. Минкъий амалгъонадӕ ма фӕббӕрӕг ӕй экономики къабӕзти дӕр: ӕхсӕнадон фӕлхасадӕ, арӕзтадӕ, хомагкустгӕнгутӕ, адӕмӕн лӕггадӕгӕнгутӕ. Агъази программити («Агростартап», «Фонсдарунади фермитӕ», «Мӕгурдзийнади нихмӕ тох») байархайдтонцӕ 34 гъӕууонхӕдзарадон продукциуадзӕги фонсдарунади гъуддаги – 25 гранти райстонцӕ, бийнонтӕ фонс дарунмӕ бавналгӕй райстонцӕ 9 гранти. Етӕ хуарз фӕййагъаз ӕнцӕ фонси ирӕзтӕн ӕма гъӕууонхӕдзарадон продукци уадзунӕн, – фӕббӕрӕг кодта Батиай-фурт.

Гъӕууонхӕдзарадон продукци балхӕнунӕн гъӕугӕ уагӕвӕрд ке нӕййес, е къулумпитӕ ӕвзарун кӕнуй цӕргутӕн. Министрти кабинет еци гъуддӕгутӕ фӕббӕрӕг кодтонцӕ сӕхемӕ. Тускъати Таймураз куд загъта, уотемӕй сӕ къахдзӕфгай ралух кӕндзӕнӕнцӕ.