26 декабря 2024

«Ка дин не ҆скӕндзӕнӕй кадӕ…»

15.10.2021 | 14:30

Номдзуд Къоста е ‘мдзӕвгитӕй еуеми уотӕ финста:

Иу бон ӕгъгъӕд у мысынӕн, / Иу бон кӕндзыстут мӕ дзырд, / Уый фӕстӕ ферох уыдзынӕн, – / Ничиуал зондзӕн мӕ цырт…

Ӕ еци зӕрдхъурмӕ загъдӕй Къоста ӕгириддӕр раст нӕ разиндтӕй – ӕ фӕсмӕрдӕ нӕ Иристони дзиллӕй нӕ феронх ӕй, агъазиау кадӕ ин кодтонцӕ ӕма кӕнунцӕ берӕ рауӕнти. Е бӕлвурд ӕй уомӕй дӕр, ӕма нӕ финсгутӕй уой рохс ном сӕрмагондӕй финст уадзимистӕй ка нӕ исцитгин кодта, уӕхӕн си, ӕвӕдзи, нӕ разиндзӕнӕй.

Уони сӕ еугурей абони нӕ газети ниммухур кӕнунӕн равгӕ нӕййес, уомӕ гӕсгӕ ба си равзурстан еу цалдӕр, нӕ национ литератури классиктӕ Гурджибети Блашка, Малити Геуӕрги, Багъӕрати Созур ӕма Гулути Андрейи финст ӕмдзӕвгитӕ.

 

ГУРДЖИБЕТИ Блашка

(1868-1905)

КЪОСТА

Ка дин не ’скӕндзӕнӕй кадӕ,
Ка дин нӕ ратдзӕнӕй ӕгъдау?
Ка сдзурдта, ниййергӕй нӕ мадӕ,
Адӕммӕ йе ’взагӕй дойау?

Тари, гъӕуаггин – чирагъӕй,
Скодтай ӕй дӕ мӕтӕ, дӕ уаргъ,
Фӕйхастай ӕнцон дӕ рагъӕй,
Зонгӕй йин ӕ уӕжи ӕ йаргъ.

Ра ’йбӕл игурдтай фӕндури
Пахампарӕн нин сувӕллон…
Фӕсмӕрунцӕ ’й хонх, будури,
Ирӕ ’ма Дигорӕ дӕ ном.

Нӕ уинуй дӕ хӕстӕгмӕ нӕ цӕстӕ,
Йизолмӕ йигъосуй дӕ нӕ гъос, –
Арфӕгондӕй дин нӕ бӕстӕ
Мижди ӕрветуй ӕ боз!

 

Малити Геуӕрги

(1886-1942)

 

Памяти Коста

Тая в душе свои страданья,
О брате меньшем он скорбел,
И стих его – души сверканье –
Металлом плачущим звенел.
Поборник чаяний народа,
Он пел, что правда и любовь,
И звезд сияние – свобода –
Живут не там, где льется кровь,
Что в царство высшего сознанья
Нас может весть не грубый меч,
А мысли творческой созданье,
Живая творческая речь.
Как облик мощного титана,
Сверкая льдами, как алмаз,
Внимал ему из-под тумана
Седой таинственный Кавказ.
Умолк, – но стих его певучий
В сердцах людей еще звенит,
И миру темному сквозь тучи
О солнце вечном говорит.

 

БАГЪӔРАТИ Созур

(1888-1928)

КЪОСТАЙ ФӔСМӔРДӔ

Хуӕрзигурд лӕг, бӕстӕ уарзгӕй,
нӕ фӕммӕлуй хуӕрззӕрӕй.
Ӕвӕццӕгӕн, гъезӕмарӕй
рӕхги мӕлун хуӕздӕр ӕй.

Нур дӕр ма нин ку цардайдӕ, –
бӕргӕ нӕ гъудӕй ӕ сӕр.
Уӕд абони игъустайдӕ
нӕ бӕрзонд хуӕнхтӕй ӕ гъӕр.

Ӕ фудӕбон ӕ уарзонтӕн
ниххӕлар ӕй сӕ фӕндон.
Ӕ фӕсмӕрдӕ нӕ мӕгуртӕн
исаккаг ӕй цӕрӕнбон.

Ӕ фӕсмӕрдӕ зӕрдирайгӕй
ӕстугути ирӕзӕн.
Нӕ фӕлмӕн цъух зӕрди дуар ӕй,
нӕ цъухӕй ӕй имисӕн.

 

ГУЛУТЫ Андрей

(1892-1980)

КЪОСТАЙӔН

Райгуырӕн урс хӕхтыл сау мигътӕ ’рбадтысты…
Баталынг бон.
Адӕмы хъарджытӕн, адӕмы тухийӕн
Нал уыд кӕрон
Рацыдтӕ иунӕгӕй… «Додой» ныззарыдтӕ, –
Федтай зын цард…
Де знаг дӕ ахаста дардмӕ дӕ адӕмӕй,
Кодтай ӕнкъард.
Бацыдтӕ карз тохы… Рухс бон нӕ фенгӕйӕ,
Ссардтай мӕлӕт.
Ингӕнмӕ ахастай зарджытӕ – хъарджытӕ,
Адӕмы мӕт…
Акӕс ныр дунемӕ… Акӕс: дӕ марджытӕ
Фесты сӕргой.
Нал нӕм ис паддзӕхтӕ, нал ис тыхгӕнджытӕ.
Фесӕфт сӕ кой.
Махӕн нӕ быдырты, махӕн хохбӕсты
Нал ис ӕлдар.
Царды уаг бархийӕ аразынц, дзыллӕтӕ –
Райстой сӕ бар!