03 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

22.09.2020 | 17:48

Еу хатт еу лæг æ зонгæн, оркестри разамонæгæн, уотæ ку зæгъидæ, дæ оркестрмæ, дан, мæн дæр райсæ.

– Æма уæхæн кустмæ арæхсис, уой мин нури уæнгæ куд нæма загътай?

– Æма си ци арæхсун гъæуй!?. Уартæ дæ адæмæй еуемæ кæсун æма е ’нæхайири къуæцæл рателæ-бателæ кæнуй, æндæр æй ку неци косгæ уинун. Уæд æз лæгъуздæр исарæхсдзæнæн къуæцæл телунмæ?

Уотæ уæмæ нæ кæсуй, æма, уæхæн хенвæрсон адæймæгутæ нæмæ æгæр исберæ ’нцæ, уæлдайдæр ба, нæ цардарæзти гъуддæгути фæдбæл унаффитæ кæми рахæссунцæ, еци бæрзонд бунæтти? «Æма е ба мæнæй цæмæй лæгдæр æй?..» – аци фудзунддзийнадæ нæмæ рагæйдæр хъæбæр цæстиварди æй. Уæлдайдæр ба фæстаг, «демократон» рæстæгути. Æма, нæдæр гъæугæ ахурадæ, нæдæр ацъагъуæ дæр æнхæстæй кæмæ нæййес, етæ æнай-æнойти радепутаттæ, раминистртæ, раразамонгутæ унцæ. Æма се ’нарæхстдзийнадæй, сæ «къуæцæлтæ  телунæй» æгириддæр ке неци пайда ес, е дин еу зæран, уомæй зæрандæр ба е æй, æма нин нæ цардиуаги «оркестри» æмцагъд уоййасæбæл исæмæнтъери кæнунцæ, æма нæ бæлдитæ цийни зæлти бæсти дзинæстæй фæуунцæ… Æнамонддзийнадæ ’й, дзиллæн зæрдтагон гъуддаг æнарæхсгæ хенвæрсони амæттаг ку бауа…

 

Александр ШЕРИН, Паддзахадон Думи депутат: «Уотæ æнгъæлетæ, æма айдагъ æ къохбæлдаргæ сахат 128 миллионей аргъ кæмæн æй, еци сенатор бауадздзæнæй фæсарæнти ин мулкитæ дарун кæмæ гæсгæ не ’нгъезуй, уæхæн закъон цæмæй фæззинна, уой?..»

– Æма ’й еци закъон ба цæмæй бахъор кæндзæнæй, кæд æма, цæйбæрцæбæл гæнæн æма амал ес, уойбæрцæ мулкитæ фæсарæнти даруни барæ ес æ уоси, æ цæуæти?.. Æма ести, уæд æхуæдæг дæр фæсарæнти бамедæг уодзæнæй, æ мулкити размæ… Нерæнгæ ба ’й, уæхæн аргъæй сахат дæр æма иннæ «разагъди» мулкитæ дæр дин кæцæй æнцæ, зæгъгæ, цæмæ гæсгæ бафæрсонцæ, уæхæн закъон нæййес… Уоййасæбæл æнæзунд ба нæ ’нцæ нæ «адæмон фæсдзæуинттæ» æма сæ буни сæхуæдтæ арт æндзаронцæ…

 

Андрей ИСАЕВ, Паддзахадон Думи депутат: «Беретæн си сæ улупатæ  (паддзахадон корпорацити топ-менеджертæн – Ред.) уоди гъезæмæрттæ æвзарун кæнунцæ. Уотæ зæгъунцæ: «Кустæй рандæун син æнцондæр æй, цæйбæрцæрцитæ есунцæ, уой исгъæр кæнунæй…»

– Дестæ æма тæмæстæ!.. Уоййасæбæл цæсгонгин æнцæ, æма æфсæрми кæнунцæ, дууинсæйгай минтæ доллæртæй ке есунцæ, уой зæгъунмæ. Никки ба ма æфсæрми кæнунцæ, уойбæрцæ ке есунцæ… еунæг бонмæ… Æцæг сæ есунмæ цæмæдæр гæсгæ не ’фсæрми кæнунцæ. Уæдта си уотæ дæр некæмæй ма фегъустан, æма æ еци «æфсæрмигæнæг» улупатæн се ’рдæг радех кæнунцæ, æнæгъæнæ бæстæбæл сомгай гъæугæ æхцатæ ци уæззау сæйгæ сувæллæнттæн æмбурд кæнунцæ, уонæн. Е дин еци «менеджерти» æцæг «цæсгондзийнадæ».

 

Захар ПРИЛЕПИН, финсæг: «Æз мæхуæдæг дæр ОМОНи (милици сæрмагонд нисани отряд – Ред.) кустон хъæбæр берæ  рæстæги æма сауæнгæ митингтæ дæр фæйнердæмæ хæлеу кодтон. Фал зонун, косун куд æнгъезуй æма куд не ’нгъезуй. Уартæ етæ дæр уоми, Мински, косунцæ, куд не ’нгъезуй, уотæ…»

– Лукашенко дæ ахур кæнуй, романтæ куд финсгæ æй, уобæл? Мадта ’й уæд ду ба цæмæн ахур кæнис, æ хæдзари (гъома, ци паддзахади сæргъи лæууй) гъæугæ æгъдау куд æвæргæ ’й, уобæл? Уогæ, Батькæ дин зунд ку байамонидæ, уæд, ка ’й зоуй, финсун райдайисæ, æцæгæйдæр адæми зæрдæмæ ка цæуидæ, уæхæн романтæ. Нерæнгæ ба ма дæ финститæ уоййасæбæл неке ма багъудæнцæ…