МАЛИТИ Васо. Имисуйнӕгтӕ.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ имӕ дзурдтон «Васо»…
Мӕхе лӕдӕрунгъон ку фӕддӕн, уӕдӕй, сауӕнгӕ мӕбӕл 50 анзи ку исӕнхӕст ӕй, уӕдмӕ уидтон мӕ фиди мӕ фунти хъӕбӕр ахид. Фунтӕ ба адтӕнцӕ ӕмхузӕн: мӕ фидӕ дивил дзаумӕутти, румпӕг ке бахуардта, уӕхӕн зӕронд скъудтӕ бухар ходи фӕззиннидӕ. Неци дзурдта ӕгириддӕр, цума адӕмӕй ӕ мӕгур ӕма фецейӕй ӕфсӕрми кӕнуй, уоййау-еу лӕудтӕй сӕргубурӕй. Ӕз ин кодтон устур тӕрегъӕд, мӕ зӕрдӕ ресун райдайидӕ, ӕфсӕрми кодтон ӕ мӕгурхузӕй. Еууӕхӕни мӕ мадӕ Зӕрӕдайӕн радзурдтон мӕ фунти хабар. Загъта: «Уартӕ (уотӕ худта нӕ фиди, ӕ ном ин некӕд загъта, Геуӕрги ка хундтӕй иннӕ адӕмӕй, уонӕмӕ дӕр дзурдта ӕндӕр нӕмттӕй, зӕгъӕн «Урусий биццеу», кенӕ ӕндӕр уӕхӕн ести), ӕвӕдзи, мӕрдти бӕсти еунӕг ӕй, ӕгӕстӕй ӕй гъудигӕнӕг нӕййес, ӕма кӕд ӕ зӕрдӕ ходуй…» Ӕз исфӕндӕ кодтон ме ‘нӕзонгӕ фиди ном иссерун, кӕндӕ ин искӕнун. Мӕ хестӕр ӕнсувӕр Муратӕн дӕр фегъосун кодтон (Елхотти цӕруй). Фингитӕ искодтан, кӕмӕ ӕмбӕлуй, уонӕмӕ фӕдздзурдтан, рохсаг ин загътан. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ фиди мӕ фуни некӕдбал фӕууидтон…
1937 анзи октябри мӕйдар ӕмбесӕхсӕви нин нӕ дуар ӕрбахуастӕй. Нӕ фидӕ Геуӕрги дуар байгон кодта, къӕсӕрӕй рахизтӕй, ӕма уоййадӕбӕл ӕ хӕдзарӕмӕ некӕдбал раздахтӕй. Нӕ мадӕ Зӕрӕда ӕ фӕсте ракастӕй ӕма фӕууидта: ӕртӕ лӕги ‘й милиционерти дарӕсти тургъӕй гъӕунгӕмӕ фӕккӕнунцӕ. Зӕрӕда ма фегъуста ӕ сӕрихецауи фӕстаг дзурдтӕ:
– Некумӕ ледзун, бауагътӕ мӕ, мӕ дарӕс раййевон.
– Неци дин уодзӕнӕй, уотӕ уазал нӕма ‘й, – загътонцӕ ин ахӕсгутӕ.
– Мадта ма уӕддӕр сувӕллӕнтти фӕууинон, хуӕрзбон син зӕгъон…
Милици косгутӕ ин ци загътонцӕ, уой нӕ мадӕ нӕбал фегъуста, тургъӕй гъӕунгӕмӕ рахизтӕнцӕ ӕма уайтӕккӕ иссудӕй машини мотори гъӕр. Нӕ мадӕ дӕр гъӕунгӕмӕ ратахтӕй ӕма кастӕй машини фӕсте. Еци сау машини нӕ фиди хӕццӕ фӕлластонцӕ нӕ синхон ӕнахургонд лӕг Дзалати Симони дӕр. Синхӕнттӕй кадӕр (ӕ ном мин загъта, фал ми байронх ӕй) гъузгӕ ӕрбацудӕй нӕ размӕ, фур тӕссӕй ризтӕй, ӕхецӕн фӕттарстӕй…
Дзалати Симон колхози будури куста, бафӕлладӕй, ӕ къабӕзтӕ райвӕзтитӕ кодта ӕма уотӕ бакодта: «Аци цардӕй ма ка фӕразуй…» Уоййадӕбӕл лӕг фесавдӕй. Фӕстугъд нӕ синхон Езети Мали кӕмӕндӕр радзурдта: «Ворошилов Сталини дамбацайӕй багӕрах кодта». Уоййадӕбӕл е дӕр фесавдӕй, е ‘гас, ӕ марди хабар дӕр нӕбал райгъустӕй. Не ‘ннӕ синхон Годизти Моисейи дӕр 1937 анзи ӕрахӕстонцӕ. Гъӕубӕсти адӕм куд дзурдтонцӕ, уотемӕй ӕй фехстонцӕ нӕхе сахари. Уотӕ ӕригъустон, цума Моисей паддзахи ӕфсади афицер адтӕй. Нӕ минкъий гъӕу Мостиздӕхи ма кадӕртӕ ахӕст ӕрцудӕнцӕ еци рӕстӕгути, фал син ӕз сӕ хабӕрттӕ дзӕбӕх нӕбал гъуди кӕнун. Фал ке кой ракодтон, еци ӕвуд адӕми тӕрегъӕд ка бафеддзӕнӕй?
Нӕ фиди нин ку ӕрахӕстонцӕ, уӕд ӕз адтӕн мӕ мади губуни. Ӕртӕ мӕйи ма рацудайдӕ, уӕд райгурдтӕн. Мӕ райгурди игурӕн бони туххӕй неци документтӕ байзадӕй. Нӕхемӕ куд дзурдтонцӕ, уотемӕй 1938 анзи феврали мӕйи райгурдтӕн. Фал мин еухатт мӕ гъӕуккаг зундгонд дохтир Базурати Бади (Владимир) радзурдта уӕхӕн хабар: ду, дан, ци ‘хсӕвӕ райгурдтӕ, еци ‘хсӕвӕ рамардӕй мӕ хестӕр ӕнсувӕр. Е адтӕй 1937 анзи 10 декабри. Бади мӕнӕй дзӕвгарӕ хестӕр ӕй. Нӕхемӕ ку ‘рбацудтӕн, уӕд нӕ мадӕн радзурдтон, ци си фегъустон, уой. Е загъта, Бади, дан, раст зӕгъуй, ду ку райгурдтӕ, Базурати сувӕллони марди хабар дӕр уӕд райгъустӕй.
Нӕ фиди нин ку ӕрахӕстонцӕ, уӕд нӕ мадӕбӕл цудайдӕ дӕс ӕма инсӕй анзи. Адтӕй ин фондз сувӕллони, ӕз ба – ӕхсӕзӕймаг, цардтӕн ма ӕ губуни. Нӕ хестӕр хуӕрӕ Зӕриатбӕл уӕд дӕс анзи дӕр нӕма цудӕй. Сувӕллонӕй сувӕллони ‘хсӕн ба дугай ӕнзтӕй фулдӕр нӕ адтӕй. Куд фӕззӕгъунцӕ: еу иннемӕй минкъийдӕр. Нӕ мадӕ ӕвеппайди ци содзгӕ фуди бахаудтӕй, дуйне ибӕл куд никкалдӕй, ӕ зӕрди уедӕгтӕ куд ӕскъудӕнцӕ, уонити дзорун, ӕвӕдзи, нӕ гъӕуй, алкедӕр ин балӕдӕруниау ӕй ӕ уавӕр. Ӕ цардӕмбали ин цалинмӕ ӕрахӕстонцӕ, уӕдмӕ, е некӕми куста, уогӕ ин косӕн дӕр куд адтӕй, уойбӕрцӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ. Фал ибӕл мӕгур бон ку искодта, уӕд колхози косун райдӕдта – мадта ӕ сувӕллӕнтти цӕмӕй дардтайдӕ?
Нӕ мадӕ Зӕрӕда некӕд неци дзурдта нӕ фиди туххӕй. Ӕз имӕ еууӕхӕни ӕрхадтон (уӕд студент адтӕн), фарстон ӕй, нӕ фидӕ куд адтӕй, ци адтӕй, уонӕбӕлти. Мӕнмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума ин ӕ кой уотӕ разӕнгардӕй нӕ кӕнуй, мӕ алли фарстайӕн дӕр лӕвардта цубур дзуапп. Ӕвӕдзи, ӕ зӕрдӕ ристӕй, ка ‘й зонуй, нӕй фӕндадтӕй ӕ лӕги трагикон карнӕ имисун.
Адӕм ӕй берӕ уарзтонцӕ, дзурдта нӕ мадӕ, хонхӕй нӕ гъӕумӕ, Мостиздӕхмӕ, ка рацӕуидӕ, е мах хӕдзарӕбӕл кекӕд райеуварс кодта. Сахарӕй имӕ ахид цудӕй иуазгутӕ, ахургонд лӕгтӕ, Киристонгъӕуӕй ба велосипедбӕл ӕрцӕуидӕ ӕвзонг лӕхъуӕн Хъазбегти Хъазбег. Нӕ хӕдзари дууӕ мӕйей бӕрцӕ фӕццардӕй Абайти Васо. Нӕ мади дзубандитӕмӕ гӕсгӕ, е адтӕй бӕрзонд, къӕсхургомау хуӕрзконд адӕймаг. Нӕ фиди хӕццӕ хецӕн уати сӕхебӕл дуар исӕхгӕниуонцӕ ӕма берӕ фӕббадиуонцӕ, цидӕртӕ финстонцӕ. Васо сӕумӕраги фестидӕ, къохмӕрзӕн ӕ усхъӕбӕл багӕлдзидӕ, сапойнӕ райсидӕ ӕма ӕхе ӕхснунмӕ цудӕй Уорсдонмӕ – нӕ хӕдзарӕй еу-сӕдӕ метри идарддӕр уадӕй цӕугӕдон. Сувӕллӕнттӕн ахид ӕлхгӕдта къанфеттӕ. Цӕугӕ ку кодта, уӕд ӕ дзиппӕй ӕхца исиста, стъолбӕл сӕ ниввардта. Нӕ фидӕн е устур гъулӕг адтӕй, ӕхца райста, ӕма сӕ Васой дзиппи туххӕйти тъунсунмӕ гъавта, фал ин Васо нӕ састӕй ӕма куддӕр исхъурдохӕн ӕнцӕ. «Мӕ къӕбӕр дин уӕйӕ кӕнун, ӕви мӕ цӕмӕн ӕфхуӕрис?» –дзурдта нӕ фидӕ. «Атӕ мин командировкӕн лӕвӕрд ӕнцӕ, –дзурдта Васо, – ӕма ма сӕ фӕстӕмӕ куд хӕссон?» Ци адтӕй, куд адтӕй, фал Васо ӕхцатӕ фӕстӕмӕ райсун нӕбал бакумдта.
Васой фиццаг хатт фӕууидтон 1957 анзи уалдзӕги, уӕд адтӕн пединститути фиццаг къурси студент. Проспектбӕл ӕрцӕйцудтӕн, Кирови номбӕл (нури фӕсевӕдон) библиотеки рази лӕудтӕнцӕ цалдӕр нӕлгоймаги, сӕ еу – бӕрзондгомау, къӕсхуртӕарӕзт – лӕдзӕгбӕл рӕуӕг ӕнцойнӕ кодта ӕ еу къохӕй. Ӕз сӕ рӕзти куд ӕрцӕйцудтӕн, уотӕ мӕмӕ уонӕй кадӕр фӕдздзурдта – нӕбал ӕй гъуди кӕнун, ка адтӕй. Бацудтӕн сӕ размӕ, ӕма мӕмӕ ка фӕдздзурдта, е, лӕдзӕг ке къохи адтӕй, уомӕн загъта:
– Васо, мӕнӕ дин а ба – Малити Геуӕргий фурт.
Васо мӕмӕ ӕрбакъахдзӕф кодта, ӕ уӕгъдӕ къох мин ӕнӕдзоргӕй мӕ усхъӕбӕл ӕрӕвардта, ӕхемӕ мӕ фӕлмӕн ӕрбалхъивта. Нӕ зонун, фал мӕнмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума ӕ зӕрдӕ рахъурмӕ ‘й. Ӕрӕгиау загъта:
– Хуыцауы рӕстӕй цы лӕджы фесӕфтой… Ды дӕ ме ‘мном?
Ӕз мӕ сӕр батилдтон. Васо е ‘мбӕлттӕбӕл ӕ цӕстӕ рахаста:
– А вы знаете, мой покойный друг Георгий завещал, чтобы его младшего сына в честь нашей дружбы назвали моим именем… Еу гъуддаг нӕ мадӕ дзоридӕ: ГУЛАГ-ӕй нӕ фидӕ ци финстӕг исӕрвиста, уоми фӕдзахста, кӕд, дан, нин биццеу райгура, уӕд ибӕл исӕвӕретӕ ном «Васили». Нур ма еу хабар. Васой хӕццӕ ка лӕудтӕй ӕма мӕмӕ ка фӕдздзурдта, е мӕнмӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ Хачирти Ӕнзори хузӕн кастӕй – бӕрзонд, бӕзӕрхуг, хуӕрзконд нӕлгоймаг. Аци ӕрмӕг ку финстон, уӕд Ӕнзормӕ телефонӕй бадзурдтон, атӕ ӕма уотӕ, ду, зӕгъун, нӕ лӕудтӕ уӕд Васой хӕццӕ, ду мӕмӕ нӕ фӕдздзурдтай? Ӕнзор нигъгъуди кодта, уӕдта загъта, нӕ, ӕз, дан, нӕ адтайнӕ, еци рӕстӕги Васой хӕццӕ нӕма исӕмбалдтӕн… Уобӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг рацудӕй, магъа, фал мин еууӕхӕни Ӕнзор загъта, Васой хӕццӕ, дан, нӕмӕ дзубанди рауадӕй, дӕу ӕ номӕй ке ‘схудтонцӕ, уой туххӕй.
Васо Мӕскуйӕй ку ‘ссӕуидӕ, уӕд ӕнӕмӕнгӕ фембӕлинӕ ӕ хӕццӕ. Финсгути Цӕдеси сӕрдарӕй ку кустон, уӕддӕр ӕй дууӕ-ӕртӕ хатти ӕрбахудтон финсгути хӕццӕ фембӕлдмӕ. Дзурдтон имӕ «Василий Иванович». Ӕма мин еууӕхӕни, ӕ лӕдзӕгӕй зӕнхӕ ӕрцӕвгӕй, загъта: «Макӕ, науӕд дӕ ӕз дӕр Василий Георгиевич хонын райдайдзынӕн». Уӕдӕй фӕстӕмӕ имӕ дзурдтон «Васо».
Еухатт имӕ, финсгути фембӕлди фӕсте, бахадтӕн: «Васо, Ксеняй (ӕ бийнойнаг) хӕццӕ нӕхемӕ ку исаккаг кӕнисӕ». Васо ӕ лӕдзӕгбӕл ӕрӕнцойнӕ кодта ӕ галеу къохӕй, уӕдта загъта: «Берӕ хонгутӕ мӕ фӕууй, фал некӕмӕ цӕун, ӕма мӕбӕл сӕ зӕрдӕ ходуй, уӕлдайдӕр ба мӕ хӕстӕгутӕн». «Но не посетить дом моего покойного друга Георгия я не могу…» Ӕ бийнойнаг Ксеняй бафарстон, ке хӕццӕ ин ӕнцондӕр уодзӕнӕй фингӕбӕл бадун, зӕгъгӕ, ӕма мин е уотӕ: ӕнӕмӕнгӕ Тахъазти Харуми ӕрбахонӕ, уӕдта дӕ де ‘мбӕлттӕй ке фӕндуй, уони – Ӕхсари, Камали…
Иуазгутӕ нӕ хӕдзарӕмӕ ку ӕрбацудӕнцӕ, уӕд мӕ кадӕр рафарста, сувӕллӕнттӕ кӕми ‘нцӕ, зӕгъгӕ. Мӕ хуӕрӕмӕ сӕ рарвистон, зӕгъун, цӕмӕй хӕлхъой ма кӕнонцӕ, ӕма Васо уотӕ: «Уый та дын цы ныхас у, ӕз тынгдӕр уыдон фенынмӕ ӕрбацыдтӕн».
Фингӕбӕл ку исбадтан, уӕд Васо загъта:
– Я предлагаю этот вечер посвятить памяти Георгия.
Ӕма ин е ‘мдзӕвгитӕ дзорун райдӕдта…
Нӕ мадӕ хаттӕй-хатт рагъаст кӕнидӕ нӕ фидӕй, хӕдзари мӕтӕ, дан, нӕ кодта. Ӕ киунугӕ ку рацудӕй, дзурдта е, уӕд имӕ сахармӕ фӕдздзурдтонцӕ, дӕ гонорар райсӕ, зӕгъгӕ, ӕма къуӕре ӕви дууӕ къуӕрей дӕргъци хӕдзарӕмӕ нӕбал фӕззиндтӕй. Ку ӕрӕздахтӕй, уӕд ӕ дзиппи сау сауӕри дӕр нӕ адтӕй, ӕнгъӕлдӕн, дан, фӕндаггаг дӕр кӕмӕйдӕр ракурдта. Уотемӕй ба ци ӕхца райста, ейӕ еци дзамани минкъий нӕ адтӕй, хӕдзарӕ балхӕнуни фагӕ дӕр иссайдӕ. Фал, нӕ мадӕн уой фӕсте куд радзурдтонцӕ, уотемӕй нӕ фидӕбӕл зонгӕй, ӕнӕзонгӕй кадӕриддӕр ӕмбалдӕй, уони худта ресторантӕ ӕма цӕлӕгӕнӕнтӕмӕ, гъазӕндӕнттӕмӕ.
Нӕ мадӕ цӕмӕй зудта, нӕ фидӕ сахарӕй ци зӕрдиуаги хӕццӕ ӕрцудӕй, уой. Е балӕдӕрдтӕй, исӕфти надбӕл ке ‘рлӕудтӕй, ӕма ин фӕййервӕзӕн ке нӕбал ес. Ӕ хуӕздӕр лимӕн, «Ирӕф»-и редактор Къосирати Сӕрмӕт ма ӕ сӕрбӕл бӕргӕ тох кодта, фал уомӕн дӕр сау фидбилиз ӕ дуар бахуаста. Уой «контрреволюцион буржуазон-националистон интеллигенций» раздзӕуӕгбӕл банимадтонцӕ, уомӕн ӕма Багъӕрати Созури киунугӕ рауагъта, Бритъиати Елбиздихъой устур драматургбӕл банимадта, Малити Геуӕргий поэзий туххӕй ба загъта: «Глубочайший лиризм, классический простой язык, социальная направленность – наиболее характерное в творчестве Малиева Георгия». «Дав Малиеву такую характеристику, – финсунцӕ оргӕнти косӕг лӕгмартӕ, – Косирати уже в №3-4 вытаскивает его на божий свет, помещает его поэму «Темур-Алсак». Малиев без лишних слов сам не раз говаривал, что социалистическое строительство у нас – это Хеопсова пирамида».
Къосирати Сӕрмӕт фӕстаг уолӕфти уӕнгӕ тох кодта, исафунмӕ ке гъавтонцӕ, уони сӕрбӕл, адӕми хуӕздӕрти сӕрбӕл. Малити Геуӕргий сӕрмӕ сау мегъӕ ӕхе ку ‘руагъта, уӕд Сӕрмӕт ӕхецӕн устур тас уогӕй, ӕ сӕрбӕл истох кодта.
Адӕм нӕмӕ ци цӕстӕй кастӕнцӕ нӕ фиди ахӕсти фӕсте? Ӕз ма сувӕллон адтӕн, ӕма гъай-гъай, гъуддӕгутӕ уойбӕрцӕ нӕ лӕдӕрдтӕн. Фал мӕхе лӕдӕрунгъон ку фӕдтӕн, уӕд нӕ мадӕй фегъустон уӕхӕн хабар. Тугъди размӕ колхози ка куста, уонӕн лӕвардтонцӕ, тукани син ести товар балхӕнуни барӕ ка лӕвардта, уӕхӕн талонтӕ. Нӕ мадӕ уӕхӕн талони хӕццӕ бацудӕй туканмӕ циуавӕрдӕр хъумац балхӕнунмӕ. Адӕм си дзӕвгарӕ адтӕй, ӕма алкӕмӕн дӕр уӕйӕ кодтонцӕ еци хъумацӕй бӕрӕг бӕрцӕбӕл хай. Нӕ мади радӕ ку ‘рхъӕрдтӕй, уӕд ин тукангӕс загъта:
– Ды та ам цы агурыс?
– Мӕнӕ мӕнмӕ дӕр талон ес.
– Хъуымац нӕм нал ис.
– Бӕргӕ, адӕймагбӕл цӕститӕ ку нӕ уайдӕ…
– Гъей, бирӕ ку дзурай, уӕд дӕ ӕз Сыбыры дӕ лӕджы фарсмӕ балӕууын кӕндзынӕн!
Уалинмӕ тугъд райдӕдта, ӕма еци тукангӕс пъӕлицайӕй рагӕпп ласта. Нӕ мадӕ ба немуцӕй дӕр нӕ тарстӕй. Нӕ хӕдзари ци немуцӕгтӕ цардӕй, етӕ сӕ къӕбула нӕ сӕгъӕбӕл исардауионцӕ, ӕма ‘й е тургъи расорӕ-басорӕ кӕнун исесидӕ. Мӕ мадӕ син цалдӕр хатти куддӕртӕй балӕдӕрун кодта, уотӕ ма кӕнетӕ, зӕгъгӕ, фал имӕ ка игъуста. Уӕд бабӕй еу изӕр къӕбула нӕ мӕгур сӕгъи тӕрӕнгатӕ кӕнуй тургъи, немуцӕгтӕ ба имӕ дзатмайӕй кӕсунцӕ, ардаунцӕ сӕ къӕбулай ӕма хӕл-хӕлӕй ходунцӕ. Уӕд нӕ мадӕ пъолхафӕн радавта ӕма ‘й куйбӕл фехста. Куййӕн ӕ хъес-хъес иссудӕй ӕма къулух-къулухӕй ӕрбалигъдӕй ӕ хецӕуттӕмӕ.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ сӕгъӕ исуолӕфтӕй. Фал еугуремӕй дессагдӕр ба е ӕй, ӕма нӕ мадӕмӕ немуцӕгтӕй хъип дӕр неке искодта, сӕ къӕбулай син ке фӕкъкъулух кодта, уой туххӕй.
Гъуди ма кӕнун уӕхӕн хабар: мӕ хестӕр хуӕрӕ Зӕйрат (рохсаг уӕд), немуцӕгтӕ кӕми цардӕнцӕ, еци уат ӕфснайун нӕ бакумдта (нӕ хӕдзари дууӕ хецӕнгонд уати адтӕй, еуеми цардан нӕхуӕдтӕ, иннеми – немуцӕгтӕ). Немуцаг афицер ӕрбагӕпп кодта нӕ уатмӕ, Зӕйратбӕл гъӕртӕ кодта. Ӕз си багъуди кодтон мӕнӕ ахуӕн дзурдтӕ: «Осетины большевики… Сталин…» Мӕнбӕл уӕд цудайдӕ цуппар анзи. Хӕрдмӕ кӕсун немуцагмӕ, ӕнгулдзӕй ин ӕ гъӕлӕсмӕ амонун ӕма тарстӕй дзорун: «Уӕлӕ ӕ гъӕлӕс тонуй!»
Хумӕтӕг адӕм нӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй нӕ кастӕнцӕ. Скъолай ахургӕнгутӕ мӕн цӕмӕндӕр гӕсгӕ берӕ уарзтонцӕ. Уотӕ хуарз нӕ ахур кодтон, фал мин ӕвдӕймаг кълас ке фӕдтӕн, уой ӕвдесӕндар ку равардтонцӕ, уӕд десӕй мардтӕн – еугур предметтӕбӕл дӕр си адтӕй «5»-тӕ ӕвӕрд.
Мадта педагогон институти ку ахур кодтон, уӕддӕр мӕмӕ ахургӕнгутӕ дзӕбӕх цӕстӕй кастӕнцӕ. Кӕд хъӕбӕр хуарз нӕ ахур кодтон, уӕддӕр мин лӕвардтонцӕ уӕлдӕр стипенди, уӕдта цуппар анзей дӕргъи истон Къостай номбӕл стипенди – 500 соми (еци рӕстӕги нимадӕй).
Паддзахадон экзаменти рӕстӕг мӕмӕ газет «Рӕстдзинад»-ӕй ӕрбадзурдтонцӕ, редактор Хъанухъуати Владимир дӕ агоруй, зӕгъгӕ. Ку имӕ бацудтӕн, уӕд мин загъта:
– Абонӕй фӕстӕмӕ косдзӕнӕ махмӕ корреспондентӕй.
Ӕз ин бакой кодтон:
– Тагъд райдайдзӕнӕнцӕ паддзахадон экзаментӕ.
Хъанухъи-фурт уотӕ:
– Цӕй экзаментӕ дӕ хъӕуы, цы кӕныс дипломӕй, уӕртӕ дӕ кабинеты сбад ӕмӕ кус!
Раст зӕгъун гъӕуй, диплом ке нӕ райстон, е мин хуӕрзӕрдӕмӕ фӕцӕй: 1969 анзи мӕ райстонцӕ Мӕскуй дууӕанзон Уӕлдӕр литературон къурситӕмӕ, уордӕмӕ ба, филологон факультети диплом кӕмӕ адтӕй, уони нӕ истонцӕ.
Уой фӕсте дӕр мӕ цардвӕндаги исӕмбалдтӕн берӕ хуарз ирон адӕймӕгути хӕццӕ. Мӕскуй Уӕлдӕр литературон къурситӕ каст ку фӕдтӕн, уӕд мӕмӕ финсӕг Бицъоти Гришӕ телефонӕй нӕхемӕ ӕрбадзурдта:
– Васо, Дӕкка дӕ агоруй.
Зӕнгиати Дӕкка уӕд куста Паддзахадон рауагъдади директорӕй, ӕ къӕбинетмӕ ку бацудтӕн, уӕд мӕ ӕ хъури ракодта, уӕдта ӕ бунати исбадтӕй. Мӕн дӕр ӕ комкоммӕ исбадун кодта. Гӕгъӕди ӕма мин ручкӕ мӕ рази ӕрӕвардта:
– Сынок, пиши заявление, мы тебя пока принимаем редактором в редакцию художественной и детской литературы, а через несколько дней ты возглавишь эту редакцию.
Ӕз куддӕр фӕдтӕн еци ӕвеппайди фӕндӕй. Ӕрӕгиау загътон:
– Арфӕ кӕнун, ке мӕбӕл ӕууӕндис, уой туххӕй, фал нуртӕккӕ цидӕр финсун (уӕд мӕ роман «Сурмей хӕдзарӕ»-бӕл кустон), ӕма мин ӕндӕр кусти равгӕ нӕ уодзӕнӕй.
Дӕкка ӕ армитъӕпӕнтӕй ӕ сӕрбӕл дууӕ къохемӕй ниххуӕстӕй, ӕ цӕститӕ бацъундӕ кодта, уӕдта мӕмӕ комкоммӕ ӕрбакастӕй:
– Сынок, ты хочешь, чтобы я здесь работал? Если ты откажешься от моего предложения, то вместо тебя пришлют другого, с которым я не смогу работать, собственно говоря, я уйду…
Ӕз уӕлдай нецибал исдзурдтон, ниффинстон курдиадӕ…
Малити Васой аци уац мухургонд цӕуй цубуртӕгондӕй.