29 апреля 2024

ӔХСАРГИН АДТӔЙ ӔМА ӔХСАРГИНӔЙ ФӔЦЦАРДӔЙ…

20.11.2021 | 13:54

Ӕ уӕлзӕнхон цардӕй 13 ноябри рахецӕн ӕй Хъодзати Мӕхӕмӕти фурт Ӕхсар – поэт, прозаик, публицист, ӕхсӕнадон архайӕг, Цӕгат Иристони адӕмон поэт. Аци уӕззау хабарбӕл Иристони рӕстзӕрдӕ дзилли хъонц уоййасӕбӕл ӕгӕрон ӕй, ӕма си ӕруагӕс дӕр нӕ кӕнуй, аци разагъди лӕг не ‘хсӕн ке нӕбал ӕй, некӕдбал ин фегъосдзинан ӕ сабур, фал федар ӕма рӕстбӕл дзубанди. Уогӕ нин ниууагъта ӕ дессаги уадзимистӕ ӕма етӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕруагӕс ни кӕнуй, уодзӕнӕнцӕ нӕ райдзастдӕр исонибонмӕ рӕствӕндаггӕнӕг. Кӕд ескӕд ӕ номи аккаг адтӕй, уӕд Хъодзати Ӕхсар – ӕхсаргин адтӕй ӕма ӕхсаргинӕй фӕццардӕй. Еудадзугдӕр тухстӕй, Иристони ӕма нӕ дзилли цардиуаги алцидӕр федауцӕ ӕма хиццаг куд уа, уобӕл, – еудадзуг ӕвӕллайгӕй уобӕл архайдта… Фал…

Ӕ уадзимистӕй еуеми уотӕ финста:  «Сӕйгӕдонӕ… Нур си дуккаг бон дӕн… Мӕ зӕрдӕ мӕ тухсун кӕнуй. Ӕрхун. Ӕртухстӕй мӕбӕл сау тар мегъау. Ӕндеггӕй дӕр мӕмӕ рохси цъирт некӕцӕй кастӕй, ами ба – бустӕгидӕр. Цъеу къалатий куд бада, уой хузӕн. Сӕйгӕдони алливарс тезгъогӕнӕн бунӕттӕ, бӕлӕстӕ, деденгутӕ, къотӕртӕ. Дессаг. Цийнӕдзийнадӕ мин неци хӕссуй, цардмӕ нецӕмӕбал ӕнгъӕлмӕ кӕсун. Ӕрхун, кӕрон кӕмӕн нӕййес, райдайӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн ӕнӕкӕрон ӕрхун.

Мӕ фудӕбӕнттӕ еугурӕйдӕр Иристони номбӕл ке ’нцӕ, уой неке лӕдӕруй… Еугуребӕл неке хъӕртуй. Ӕхсӕни гъуддӕгутӕ дӕр кӕнай, литератури дӕр еститӕ ӕзмӕнтай, уӕдта ма хӕдзардзин, бийнонтӕбӕл ӕновуд лӕг дӕр уай… Куд зин ӕй, куд зин!

Дууердигӕй мӕ дорадзагъд бакодтонцӕ: Ири мӕститӕ ӕма хӕдзари аллибони тухст гъуддӕгутӕ.

Мӕ уод ма ӕрдобӕл хуӕцуй…»

Ӕхсари аци зӕрдрист сагъӕстӕ ка бакӕса, е, кӕд имӕ еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстуоддзийнадӕ уа, уӕд сӕ ӕ зӕрдӕмӕ ӕнӕ райсгӕ нӕ фӕууодзӕнӕй. Уомӕн ӕма, уӕхуӕдтӕ ’й уинетӕ, цӕбӕл тухстӕй ӕма цӕй фӕдбӕл хъазауат кодта, уомӕй ӕхецӕн ку неци агурдта – е нӕ, фал хъӕбӕр зӕрдтагӕй бӕлдтӕй, цӕмӕй нӕ Иристони цардиуаги алцидӕр уа ӕ бунати, федауцӕй си тухгин уа нӕ фидтӕлтиккон ӕгъдауи рӕсугъддзийнадӕ, цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ, уой гъомусадӕй хайгин уогӕй, ирӕзонцӕ лӕгигъӕдгунӕй, уонцӕ нӕ адӕмӕн ӕма нӕ Фидибӕстӕн пайдахӕссӕг.

Хъодзати Ӕхсари уӕлзӕнхон цардвӕндаг рахаста цуппар ӕма цуппаринсӕй анземӕй минкъий фулдӕр. Етӕ сӕ бӕрцӕй бӕргӕ нӕ ‘нцӕ. Уомӕн ӕма сӕйрагдӕр ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл фӕрнгунӕй сӕ бацардӕй: ӕ берӕ лӕгигъӕдтӕй сӕ исфедаун кодта, адтӕй адӕмӕн уодӕнцойнӕ ӕма фарнӕхӕссӕг. Ирон лӕги лӕгдзийнадӕ ӕцӕгӕй цӕмӕй ӕй, уой ӕ цардиуагӕй ӕвдиста, адтӕй си ирӕзгӕ фӕлтӕртӕн фӕнзуйнаг… Ӕ устурдӕр бӕлдитӕй еу адтӕй: «Йӕ бонӕй уа, йӕ бонӕй, цы барджын у, цы бонджын, кӕй цард цӕуы фӕндонӕй!..»

Хъодзати Ӕхсари туххӕй номерӕн ӕрмӕг кӕсетӕ 3-аг фарсбӕл.