23 ноября 2024

КАРЗ НЕЗӔЙ КА БАСАДӔЙ, УОНӔН АГЪАЗ КӔНДЗӔНӔНЦӔ

03.12.2021 | 12:55

Нӕ республики Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади пресс-службӕ куд игъосун кӕнуй, уотемӕй Цӕгат Иристони ӕнхӕстгонд цӕуй коронавирусӕй ка исдзӕбӕх ӕй, уонӕн сӕ нези фӕстеугутӕ райеуварс кӕнуни гъуддаг. Сӕхе дзӕбӕх кӕндзӕнӕнцӕ нӕ республики санаторитӕ ӕма центрти.

Фӕллойнӕ ӕма социалон ирӕзти министрадӕ гъӕуама анзи кӕронмӕ фиццаг 220 балцӕги радех кӕнонцӕ сӕйгитӕн. Дууадӕс боней дӕргъи дзӕбӕхгӕнӕн мадзӕлттӕ искӕндзӕнӕнцӕ санаторитӕ «Иристон», «Нӕзи къох», Геронтологон центри. Иннӕ анз дӕр балцӕгтӕ дех кӕндзӕнӕнцӕ радӕмӕ гӕсгӕ.

Реабилитацимӕ хаунцӕ медицинон ӕма психологон мадзӕлттӕ, етӕ сӕйгити уавӕр фӕгъгъомусгиндӕр кӕндзӕнӕнцӕ.

Цидӕриддӕр нези фӕстеугутӕ райеуварс кӕнуни мадзӕлттӕ ес, уонӕй испайда кӕндзӕнӕнцӕ. Уордӕмӕ бахӕссӕн ес хуастӕ, физикон ӕууӕлтӕ, бальнеологи, гъарцъифӕ, дзӕбӕхгӕнӕн физкультурӕ ӕма ӕндӕр фӕрӕзнитӕ.

Сӕйгӕдонӕй ке рафинстонцӕ, етӕ гъӕуама сӕ курдиӕдтӕ бадӕттонцӕ бунӕттон поликлиникӕмӕ кенӕ сӕхе кӕми дзӕбӕх кодтонцӕ, еци сӕйгӕдонӕмӕ. Нези фӕстеугутӕ райеуварс кӕнунмӕ адӕймаги гъӕуамӕ рарвета дзӕбӕхгӕнӕг дохтир. Еци ӕрветӕн гӕгъӕдити хӕццӕ гъӕуама бацӕуа фӕллойнӕ ӕма социалон ирӕзти Министрадӕмӕ (1 уӕладзуг, 2-аг кабинет) кенӕ ‘й рарвета электрон адресмӕ docs@minsotc.alania.qov.ru. Курдиадӕмӕ бафтаун гъӕуй гражданини паспорт ӕма СНИЛС-и гӕгъӕдитӕ.

Министради электрон адреси хӕццӕ еци гӕгъӕдитӕ рарветгӕй, лӕггӕдтӕ есӕг гъӕуама бадӕдтта ӕцӕг хузтӕ. Балцӕг ратдзӕнӕнцӕ радӕмӕ гӕсгӕ. Гражданинӕн лӕвӕрд цӕуй гъӕугӕ информаци, бунатмӕ бацӕуни рӕстӕги туххӕй. Гъӕуама имӕ уа ПЦР-тест ӕнӕнези бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ, QR-коди хӕццӕ.

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма коронавируси фӕсте нези фӕстеугутӕ райеуварс кӕнуни гъуддаг исаразун бантӕстӕй республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой фӕрци.