03 декабря 2024

ИУАЗӔГ ӔМА ФУСУН БОЗ КУ УОНЦӔ КӔРӔДЗЕМӔЙ…

03.12.2021 | 14:43

БИЧИЛТИ Алетæ, Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонг

Хестӕр фӕлтӕртӕй ма беретӕ гъуди кӕндзӕнӕнцӕ, советон доги Цӕгат Иристонмӕ цӕйбӕрцӕбӕл берӕ иуазгутӕ цудӕнцӕ – уой дӕр айдагъ нӕ Фидибӕсти еугур рауӕнтӕй нӕ, фал ма сауӕнгӕ фӕсарӕйнаг бӕститӕй дӕр. Сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй махмӕ сӕ фӕллад уадзун, хъӕбӕр бозӕй ни рандӕуиуонцӕ. Е нӕ, фал ма сӕ хеуӕнтти ӕма сӕ зонгити дӕр исцибӕл кӕниуонцӕ, цӕмӕй ӕнӕмӕнгӕ рабалци кӕнонцӕ Иристонмӕ.

Уӕди зӕрдӕмӕдзӕугӕ рӕстӕгути ни уой ӕнгъӕл ка адтӕй, ӕма ралӕудзӕнӕй, нӕ цардиуаги уоййасӕбӕл хиццаг фӕткитӕ кӕми исусхъуммитӕ уодзӕнӕнцӕ, уӕхӕн догӕ дӕр. Фал, гъулӕггагӕн, раст гъе уотӕ рауадӕй – евгъуд ӕноси кӕрони нӕ фудзунд «фӕтӕгти» ӕсхъӕл миути туххӕй нӕ уоййасӕ паддзахадӕ никкуддӕртӕ ӕй, раст ӕма зулун си бӕрӕг нӕбал адтӕй, сӕрустур цӕмӕй адтан, уони гириззаг кӕнун байдӕдтонцӕ, уой размӕ хӕларӕй ӕмдзӕрийнӕ ка кодта, еци адӕмтӕ никкӕрӕдземӕ ӕнцӕ… Уой фудӕй кӕддӕри сабур ӕма иуазӕгуарзон Цӕгат Кавказ дӕр уоййасӕбӕл ниххӕлхъойтӕ ‘й ӕма, Уӕрӕсей дӕр ӕма фӕсарӕнти дӕр раздӕр дзенети хузӕн кӕмӕ кастӕй, уони цӕсти ‘й дзаханама фестун кодтонцӕ. Иуазӕгуати цӕун нӕмӕ некебал ӕндиудта. Ӕма е ба хъӕбӕр лӕгъузӕрдӕмӕ зиннун байдӕдта нӕ региони социалон-экономикон уавӕртӕбӕл.

Уогӕ раст фӕззӕгъунцӕ: «Фуд лӕг ӕма фуд рӕстӕг берӕ нӕ хӕссунцӕ!..» Ӕма нуртӕккӕ уавӕр хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевун байдӕдта… Еци хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййивддзийнӕдтӕй еу ӕй, Уӕрӕсей медбӕстон туризми райрӕзтмӕ фӕстаг ӕнзти фулдӕр ӕргом ӕздӕхт ке цӕуй ӕма уомӕн аллихузон агъазиау мадзӕлттӕ арӕзт ке цӕуй, е. Арӕзт ӕрцудӕй ӕма ӕнхӕстгонд цӕуй сӕрмагонд программӕ дӕр, хуннуй «Туризм ӕма иуазӕгуарзондзийнади индустри». Уоми ци нисантӕ бӕрӕггонд ӕнцӕ, уонӕбӕл куст цӕуй Цӕгат Иристони дӕр. Ӕма анзӕй-анзмӕ фулдӕр кӕнунцӕ, сӕ фӕллад уадзуни рӕстӕг зӕрдӕхцӕуӕнӕй рарветунӕн махмӕ ка рабалци кӕнуй, уони нимӕдзӕ. Ӕма е хумӕтӕги нӕй!.. Еуемӕй деси сӕ бафтауй нӕ алӕмӕти ӕрдзӕ: уорссӕр хуӕнхтӕ ӕма цӕхӕркалгӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ, ӕзнӕт цӕугӕдӕнттӕ ӕма кӕдзос уӕлдӕф, аллихузон бӕлӕстӕ ӕма ӕндӕр зайӕгойтӕй ирд фӕлуст кӕмттӕ… Иннемӕй ба, махмӕ фӕууогӕй нӕ иуазгутӕ ӕмцъухӕй фӕззӕгъунцӕ:

«ИРИСТОНӔН Ӕ ӔРДЗИ ДЕССАГӔЙ ДЕССАГДӔР БА – Ӕ АДӔМ…»

Гъе уӕхӕн загъд фегъустан Ростови цӕрӕг Максим Масаловӕй дӕр. Е ӕй инженер-программист. Аци лӕхъуӕн цалдӕр анзей размӕ фиццаг хатт исӕфтудӕй Иристонмӕ. Уӕдӕй нурмӕ ӕ зӕрдӕй нӕбал исцох ӕй аланти бӕстӕ – фадуат ин куддӕр фӕууй, уотӕ ӕ над ракӕнуй нӕ республикӕмӕ.

Уотӕ адтӕй аци фӕззӕг дӕр.

– Октябри райдайӕни ме ‘мбӕлтти хӕццӕ рабалци кодтан Иристонмӕ, – загъта Максим. – Исӕмбалдан нӕ хуарз ӕрдхуӕрдтӕбӕл, фӕззилдан еугур кӕмтти берӕ рауӕнтӕбӕл… Еумӕйаг унаффӕй ӕрфусун кодтан Дигоргоми рӕсугъддӕр бунӕттӕй еу – фӕлладуадзӕн комплекс «Арви къӕсӕр»-и. Ӕма нӕ унаффӕбӕл нӕ фӕффӕсмон кодтан – никки хуӕздӕр базудтан бунӕттон ӕрдзи дессагдзийнӕдтӕ ӕма хуӕдбундордзийнадӕ, уӕлдай хӕстӕгдӕр базонгӕ ан Иристони иуазӕгуарзагӕ адӕми хӕццӕ. Еци зӕрдхӕлар адӕмӕй еу – фӕлладуадзӕн комплекси администратор Азиати Альбинӕ. Хуарз хеуони хузӕн нӕбӕл бацийнӕ кодта, зӕрдиаг салам зӕгъгӕй, исӕмбӕлун нӕ кодта нӕ бунӕттӕбӕл. Уӕдта нин цубурӕй радзурдта туристон бази алливарс цӕмӕдессагдӕр бунӕтти туххӕй, байамудта нин куд хуӕздӕр ӕма ӕдасдӕрӕй сӕмӕ бацӕун ӕнгъезуй ӕма берӕ ӕндӕр хабӕрттӕ.

Максими дзубандимӕ гӕсгӕ, сӕ къуар цалинмӕ «Арви къӕсӕр»-и адтӕй, уӕдмӕ еудадзуг дӕр сӕхебӕл бавзурстонцӕ ами косгути зӕрдтагон уозӕлд. Ӕма айдагъ етӕ нӕ, фал иннӕ фӕлладуадзӕг адӕм дӕр боз адтӕнцӕ комплекси косгути лӕггадӕй. Уомӕ гӕсгӕ, ӕвӕдзи, раст уодзӕнӕй уони кусти туххӕй бӕлвурддӕрӕй радзорун. Аци турбази Азиати Альбинӕ косуй дууӕ анземӕй минкъий фулдӕр.

– Ардӕмӕ раздӕр ӕнзти мӕхуӕдӕг дӕр, куд фӕлладуадзӕг, уотӕ цудтӕн, – зӕгъуй Альбинӕ. – Рауӕн дӕр мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй, турбази косгути хӕццӕ дӕр балимӕн дӕн. Еузагъдӕй, хумӕтӕги мӕмӕ нӕ фӕззиндтӕй ами косуни фӕндӕ. Ӕма байархайдтон, цӕмӕй мин бантӕса ӕ исӕнхӕст кӕнун дӕр.

Ӕ царди нӕуӕг гъуддаг ӕнхӕст кӕнунмӕ бавналдта бӕрнонӕй, архайдта ӕма нур дӕр архайуй ӕ дӕсниади еугур фӕззелӕнтӕ лӕмбунӕгдӕр базонунбӕл. Ӕхецӕн ихӕсбӕл нимайуй, цӕмӕй Иристони иуазгутӕ нӕ алӕмӕти бӕстӕ хуӕздӕр базононцӕ ӕма ‘й бауарзонцӕ. Ӕма ин ӕнтӕсгӕ дӕр кӕнуй. Уӕлдай ӕхцӕуӕн ба ин е ӕй, ӕма фӕстаг рӕстӕг сӕмӕ зингӕ фулдӕр иуазгутӕ цӕун ке байдӕдта, зӕгъӕн, Цӕцӕнӕй, Дагестанӕй, Стъараполи крайӕй, Мӕску ӕма ӕндӕр регионтӕй.

– Нӕ коллектив, нӕ турбази генералон директор Хортити Ростислави разамундӕй, ӕмхузонӕй архайӕн, цӕмӕй ни нӕ иуазгутӕ аразийӕй байзайуонцӕ, «Арви къӕсӕр»-и ци рӕстӕг рарвистонцӕ, уомӕй, – сӕрустурӕй зӕгъуй Альбинӕ. – Нӕ сӕйрагдӕр нисан фӕууй, цӕмӕй бабӕй сӕ нӕуӕгӕй ӕрфӕндӕуа Иристонмӕ исӕздӕхун. Ӕма еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте нӕ раздӕри бӕлццӕнттӕ нӕуӕгӕй нӕ турбази ку ӕрфусун кӕнунцӕ, уӕд нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, разӕнгард нӕ кӕнуй никки хуӕздӕр косунмӕ.

… «Арви къӕсӕр»-и еци-еу рӕстӕг уолӕфунӕн фадуат ес 3000 адӕймагемӕн. Уӕлдай фулдӕр адӕм ба ардӕмӕ рабалци кӕнунцӕ зумӕги мӕйти, турбази алливарс фӕхстӕ мет ку ӕрӕмбӕрзуй, уӕд. Къахдзонӕгътӕбӕл гурунмӕ тулаваст ка ‘й, етӕ сӕ них исаразунцӕ турбазӕмӕ – къахдзонӕгътӕбӕл гурунӕн си ес хуарз фадуӕттӕ. Уӕхӕн рӕстӕг турбазӕмӕ аллибон дӕр ӕрбацӕуй мин адӕймагемӕ хӕстӕг. Уойбӕрцӕ адӕмӕн балӕггадӕ кӕнунӕн берӕ хъаурӕ ӕма арӕхстдзийнадӕ гъӕуй. Еци ихӕс ба ами косгутӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ разӕнгардӕй ӕма ӕнтӕстгинӕй.

Ӕхцӕуӕн ӕй, аци фӕлладуадзӕн кустуати коллектив уоййасӕбӕл зӕрдиагӕй фадуӕттӕ ке аразуй, цӕмӕй сӕмӕ иуазгутӕ сӕ рӕстӕг ӕхцӕуӕнӕй рарветонцӕ, уоййасӕбӕл ӕновудӕй ке архайуй, цӕмӕй нӕ ӕрдзи цӕмӕдесдзийнади хӕццӕ ма си баруагӕс уа, нӕ адӕм цӕйбӕрцӕбӕл рӕдау ӕма зӕрдхӕлар ӕй, е дӕр. Ӕма уой фӕдбӕл нин ке арфӕ кӕнунцӕ, е кӕд ӕхцӕуӕн ӕй, уӕддӕр никки хуӕздӕр ба уидӕ, еци хабӕрттӕ Уӕрӕсей еугур рауӕнти дӕр ӕма фӕсарӕнти дӕр игъустгонд ку уиуонцӕ. Ӕма уобӕл ба нӕхе дӕр архайун гъӕуй.

БӔЛЦЦОН КУ ӔРФЕСТӔГ УЙ, НӔУӔГ ЛИМӔНТӔ УӔД ИССЕРУЙ!..

Аци курухон загъд раст ке ‘й, е ни ӕруагӕс кӕнуй уомӕй дӕр, ӕма нӕмӕ иуазӕгуати ци бӕлццӕнттӕ фӕууй, етӕ сӕхемӕ ӕздӕхгӕй фӕззӕгъунцӕ: «Ӕнӕмӕнгӕ бабӕй уӕмӕ зиндзинан – уӕ фидиуӕзӕг махӕн дӕр хеуон иссӕй!..»

Ӕма уӕхӕн зӕрдихатти хӕццӕ ӕрмӕгутӕ парахатдӕрӕй ахиддӕр ку зинниуонцӕ, куд уӕрӕсейаг, уотӕ фӕсарӕйнаг дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити, уӕд бӕргӕ хуарз уидӕ. Уотӕ нӕ зӕгъӕн, ӕма уӕхӕн ӕрмӕгутӕ нӕ фӕууй уонӕми – фӕууй, фал ӕгӕр ӕстӕн. Уогӕ, ка си фӕззиннуй, етӕ фулдӕр хӕттити фӕуунцӕ цӕстуарзонӕй цӕттӕгонд. Сӕ еуей хӕццӕ уӕ базонгӕ кӕндзинан. Ӕ рӕстӕги ‘й газет «Аргументы и факты»-й ниммухур кодта зундгонд журналист Георгий Зотов. Ӕ уац ци гъудийӕй райдӕдта, уомӕ гӕсгӕ ин хъӕбӕр ӕнӕлӕдӕрд ӕй, Уӕрӕсей цӕргутӕй беретӕ сӕ фӕллад уадзунӕн фулдӕр хӕттити ке рабалци кӕнунцӕ, куд аллихузон фӕсарӕйнаг бӕститӕмӕ, уотӕ нӕ бӕстӕ нин абони бустӕги ӕнӕбунати се ‘знагбӕл кенӕ агрессорбӕл кӕми нимайунцӕ, сауӕнгӕ еци раздӕри советон республикитӕмӕ дӕр. Уотемӕй ба ами нӕхемӕ, Уӕрӕсей, зӕгъӕн, фӕлладуадзӕн рӕстӕг зӕрдифӕндон рарветунӕн равгитӕ цӕмӕй ӕнцӕ лӕгъуздӕр, берӕ рауӕни ба – никки хуӕздӕр. Зӕгъӕн – Цӕгат Кавкази. Зӕрдӕ си цӕмӕй барохс уа, уӕхӕнӕй си бӕлццон ци ба не ‘ссердзӕнӕй!.. Фезонгутӕ амӕй-айӕ хуӕздӕр фуси фидӕй, хуӕрзадӕ минералон дон, хӕдзари конд сӕнӕ, е ‘хсир нерӕнгӕ ма ӕ медӕгӕ кӕмӕн ӕй, уӕхӕн цихт ӕма ӕндӕр цӕмӕдессаг хуӕлцӕ… Хъазар дорӕнгӕс хуӕнхтӕ (еуӕй-еуети сӕртӕбӕл хормӕ ӕрттевунцӕ сӕ уорс метин ӕмбӕрзӕнтӕ), астӕуккаг ӕностӕй ка байзадӕй, уӕхӕн мӕсгутӕ – рагон гъӕути ‘хсӕнти, нӕудӕсӕймаг ӕноси белгиаг ӕма французӕгти арӕзт хуӕнхаг поселокти ихӕлддзӕгтӕ…

Лӕдӕрун ӕй, кадӕртӕ зӕгъдзӕнӕнцӕ: «Ӕма е Гурдзи ку ӕй!..» Уотӕ ка бангъӕла, е раст нӕ уодзӕнӕй. Цидӕриддӕр ранимадтон ӕма ма берӕ ӕндӕр дессагдзийнӕдтӕ ‘нцӕ Цӕгат Иристон, Уӕрӕсей хонсари минкъий республики, кӕци, нӕкӕси, ӕй Гурдзий хӕццӕ ӕмарӕн.

Уӕ зӕрдӕбӕл уин ӕрлӕуун кӕндзинан мӕнӕ ауӕхӕн нимӕцтӕ: кӕд ӕма 2018 анзи Гурдзимӕ балций бацудӕй еу миллион ӕма фондзсӕдӕ уӕрӕсейаг гражданини, уӕд Цӕгат Иристонмӕ ба – ӕдеугурӕй цалдӕр мин туристи. Е куд ӕй – гурдзиаг политиктӕ ӕзфӕрраздӕронӕй архайунцӕ сӕ бӕсти цӕрӕг дзилли уруссӕгтӕй тӕрсун кӕнунбӕл ӕма комкоммӕ нӕ бӕсти фудкой кӕнунбӕл, сӕ паддзахади зиндзийнӕдтӕй Уӕрӕсей фудгин кӕнунбӕл, мах, уӕрӕсейӕгтӕ, ба син сӕ туристон къабазӕн не ‘хцатӕй агъаз кӕнӕн?!..

 

НӔ БОН НӔХЕ РАВДЕСУН ЦӔМӔННӔ НӔЙ?..

Цӕгат Иристони ци фӕууидта ӕма ци базудта, уой фӕдбӕл Георгий Зотов ӕ финст ӕрмӕги ӕримиста мӕнӕ ауӕхӕн хабар:

– Дзӕуӕгигъӕуи фӕсевӕдон игъӕлдзӕг ӕма дзурдарӕхсти театри разамонӕг Плити Сослан мин радзурдта еу таурӕхъ. Мистӕ, дан, гъолон уруйӕн уотӕ бакой кодта: «Игъосис, айӕ циуавӕр хабар ӕй? Ду цӕрис, фадуатгун рауӕни, хуӕруйнаг дин ӕрбахӕссунцӕ, дон дин ӕййевунцӕ, мӕнӕн ба хъапхантӕ ӕвӕрунцӕ, маргӕй мӕмӕ гъавунцӕ». Ӕма ин гъолон уру уӕхӕн дзуапп равардта: «Игъосис, дӕхе ӕстаун нӕ зонис…» Уӕд махмӕ уӕхӕн зундирахаст цӕмӕннӕ ес, ӕма нӕ хуарз цӕмӕн арӕхсӕн федауцӕй бавдесун? Ацъагъуӕ гъӕуагӕ ан ӕви нӕ фурзийнади фудӕй? Аци фарста мӕмӕ фӕззиндтӕй, уӕрӕсейаг хумӕтӕг цӕргути лӕдӕрундзийнӕдтӕ нӕ республики туххӕй нерӕнгӕ дӕр ма баст цӕунцӕ, еу-дӕс ӕма инсӕй анзей размӕ си ци хабӕрттӕ адтӕй, уони хӕццӕ. Еци гъудимӕ гӕсгӕ, ами ӕдасӕй фезмӕлӕн нӕййес, хуӕнхти ӕма гъӕути цидӕр закъӕгинтӕ сӕ автоматти хӕццӕ зелунцӕ. Ду, Георгий, ардӕмӕ ку нӕхстӕр кодтай, уӕд дӕ, ӕвӕдзи, фарстонцӕ, цӕмӕн цӕуис Дзӕуӕгигъӕумӕ? Уоми хъӕбӕр тӕссаг ӕй! Фӕууидтай? Уотемӕй ба ‘й нур дӕхуӕдӕг ку уинис, Иристони цардиуагӕ ӕй сабур, ӕма мах туххӕй ӕведауцӕ дам-думтӕ ке кӕнунцӕ кадӕртӕ, е, ӕвӕдзи, нӕхе фуд дӕр ӕй. Ци нӕмӕ ес, уой хузӕнонӕй равдесун нӕ бон нӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба Уӕрӕсей иннӕ регионти уотӕ ӕнгъӕлунцӕ, ӕма нӕмӕ уавӕр ӕй уӕззау, тӕссаг.

Уотӕ ка гъуди кӕнуй, уонӕн мӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: Цӕгат Иристони уогӕй, ӕз мӕхуӕдӕг мӕхе цӕститӕй фӕууидтон, ӕцӕгӕй ами царди уавӕртӕ циуавӕр ӕнцӕ, уой. Ӕдас си ке ӕй, е бӕлвурдӕй-бӕлвурддӕр ӕй, дзубанди дӕр ибӕл нӕййес. Никки ба ма си царди уавӕртӕ дӕр зингӕ хиццагдӕр ӕнцӕ. Зӕгъӕн, мӕскуйаг ӕргъти хӕццӕ рабаргӕй, ами ӕргътӕ ‘нцӕ 2-2,5 минкъийдӕр. Гурдзимӕ цӕугӕй дӕ де ‘хца раййевун гъӕуй еци паддзахади ӕхцамӕ. Ами, Цӕгат Иристони ба дӕ бон ӕй алкӕмидӕр ӕма алцӕй туххӕй дӕр уӕрӕсейаг сомтӕй федун, берӕ рауӕнти ба банкти картитӕй дӕр. Дзӕуӕгигъӕуи ес, фӕлхасгӕнӕги сӕхердигӕй фӕккӕнуни зӕрдтӕй, кӕрӕдзей хӕццӕ ка ерис кӕнуй, уӕхӕн берӕ ресторантӕ – архайунцӕ иуазӕги хуӕздӕр исбоц кӕнунбӕл, аллихузон хуӕруйнӕгтӕ хуӕрзгъӕдӕдӕрӕй исцӕттӕ кӕнунбӕл. Ами бундорон адӕмихӕттитӕн сӕ хуӕруйнаг ӕй, дини ӕмбӕрцӕ ӕцӕг лӕдӕруйнадӕ.

Хатир уи корун, фал ӕй гъӕуама зӕгъон: кӕцифӕнди турист дӕр, абони уа ӕви исон, уӕддӕр бунӕттон цӕргути уодиконд еуцӕйбӕрцӕдӕр фехалуй. Ӕрцӕуӕггаг иуазӕгмӕ (уони уинӕн Сочи ӕма Хъирими) рахастдзийнадӕ исуй ӕхцайӕй барӕгау. Уой фӕууидтон Тбилисий, сахари астӕу хуӕрӕндӕнтти ӕма хуӕлцӕ уӕйӕгӕнӕн рауӕнти хуӕруйнаги хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕ фӕнниллӕгдӕр ӕй: мӕнӕ кафемӕ ӕрбацудӕнцӕ ирайнӕгтӕ кенӕ япойнӕгтӕ, етӕ гурдзиаг хуӕрӕндони гӕнӕнтӕ нӕ зонунцӕ. Зӕгъӕн, хачапурийӕй син зӕрдӕ байвӕрдзӕнӕнцӕ, фал син уой рӕуонӕй ӕндӕр цидӕр ку рахӕссонцӕ, уӕддӕр ӕй нӕ балӕдӕрдзӕнӕнцӕ, уомӕн ӕма ӕцӕг хачапури ци ӕй, уой нӕ зонунцӕ. Цӕгат Иристони ба ӕрбацӕуӕг иуазгутӕмӕ ес бустӕги ӕндӕр, лӕмбунӕг ӕма гъар рахастдзийнадӕ. Мадта ма еума дессаги хабар: хуӕнхаг гъӕути куддӕр еске дуар бахуайинӕ, ӕдонуг дӕн, зӕгъгӕ, уотӕ мӕмӕ уайтӕкки фӕдздзориуонцӕ, медӕмӕ рацо, зӕгъгӕ, мӕнӕ ами финги уӕлгъос ӕрбадӕ ӕма, ци нӕмӕ ес, уомӕй исахуадӕ.

Дзӕуӕгигъӕуи цӕргути ку бафӕрсинӕ, еци гъӕунгӕ ба кӕми ӕй, зӕгъгӕ, уӕд ниууадзиуонцӕ сӕ хабӕрттӕ, ӕма мӕ еци гъӕунгӕмӕ бахъӕртун кӕниуонцӕ. Еунӕг адӕймаги дӕр си нӕ фӕууидтон «Калашников»-и автомати хӕццӕ, кенӕ блокпости хӕццӕ. Ами тугъдон цаутӕ нӕ цӕуй 1992 анзи фӕззӕгӕй, ирон-мӕхъӕлон цаути фӕсте.


Ӕ финстӕги Георгий Зотов уой дӕр ӕримиста, Цӕгат Иристони уогӕй ин куд гъаст кодтонцӕ, гъома, гъулӕг куд нӕ фӕккӕсдзӕнӕй, Уӕрӕсей цӕргутӕ, уой дӕр еу бонмӕ мингай адӕймӕгутӕ Дзӕуӕгигъӕубӕл банӕхстӕр унцӕ гурдзиаг курорт Гудауримӕ, уоми хуӕнхон лыжитӕбӕл гурунмӕ. Фал си уотӕ ба неке бафӕрсдзӕнӕй, гъа-уай, ами Иристони ба еци ерхӕфсӕн гъуддагӕн гъӕугӕ уавӕртӕ ес ӕви нӕ. Уотемӕй ба си куд нӕййес. Зӕгъӕн, Цъӕй – алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст ефтонггонд ӕй, австриаг къанатти над си ес… Берӕ ‘й нӕбал гъӕуй, уӕдта гъӕуама байгон уа нуриккон хуӕнхон лыжитӕбӕл гурӕн курорт «Мамисон».

Нӕкӕси, Уӕрӕсей Хецауади Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Александр Новак ӕрӕги Цӕгат Иристони косӕг балций ку адтӕй, уӕд бабӕрӕг кодта аци арӕзтадӕ дӕр. Уой хӕццӕ баст фарстатӕбӕл фӕстӕдӕр бӕлвурдӕй ӕрдзубанди кодтонцӕ сӕрмагонд ӕмбурди.

Акционерон ӕхсӕнадӕ «Кавказ»-и генералон директор Хасан Тимижев куд радзурдта, уотемӕй «Мамисон»-и арӕзтади фиццаг гъуддӕгутӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ бавналдзӕнӕнцӕ 2022 анзи. Уой фӕсте, 2023-2024 ӕнзти искосдзӕнӕнцӕ хуӕнхон лыжитӕбӕл гурӕн нӕдтӕ – сӕ дӕргъӕ уодзӕнӕй 20 километри. Иуазгути 200 метрон бӕрзӕндӕмӕ ласдзӕнӕнцӕ рӕтӕн есӕнтӕ.

Александр Новак куд баханхӕ кодта, уотемӕй «Мамисон» баст ӕй Цӕгат Иристони идарддӕри социалон-экономикон ирӕзти хӕццӕ:

– Гъӕуама аразгутӕ, регионалон разамунд устур куст бакӕнонцӕ. Фиццаг дууӕ анзей дӕргъи гъӕуама инвесторти ӕргом раздахонцӕ проектмӕ. Нӕ республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой загъдмӕ гӕсгӕ курорти фӕззиндзӕнӕй 700 мин бунати кӕми уодзӕнӕй, уӕхӕн фусунуӕттӕ, ресторантӕ, тукӕнттӕ, транспортон инфраструктури объекттӕ, туристтӕн гъӕугӕ аллихузон лӕггӕдтӕ.

Ӕ радзубандий ма уотӕ загъта:

– Хуарз инвестор нӕмӕ ес «Мамисон»-ӕн, ӕ фӕлтӕрддзийнадӕ агъазиау ӕй, куста «Красная поляна»-йи ӕма ӕндӕр курортти арӕзтӕдти. Нуртӕккӕ цӕттӕ кӕнуй арӕзтади дуккаг хаййӕн гъӕугӕ документтӕ. Гъӕуама 2023-2024 ӕнзти фиццаг туристтӕбӕл исӕмбӕлӕн.

Фиццаг анз курорт есдзӕнӕй 100 мин адӕймаги, 2030 анзи ба 700 мин туристи.

Хасан Тимижеви дзубандимӕ гӕсгӕ, инвестортӕ бавналдзӕнӕнцӕ 1950 бунатемӕн фадуӕттӕ аразунмӕ. Нуртӕккӕ ма ӕртӕ инвестори цӕттӕ ‘нцӕ проекти архайунмӕ, сӕ фараст миллиард соми исхарз кӕнунмӕ цӕттӕ ‘нцӕ.


Цӕгат Иристонмӕ ӕрбацӕунмӕ ка гъавуй, уонӕн ами цӕмӕдессаг уодзӕнӕй еума рауӕн – Национ парк «Алани». Ӕй Дигоргоми. Уой бабӕрӕг кӕнгӕй, Георгий Зотов базонгӕ ‘й ами ци минкъий фусунуӕттӕ ес, уони хецау, Мӕздӕгӕй рацӕуӕг Сергей Селезневи хӕццӕ. Мӕскуйаг иуазӕг си хъӕбӕр фӕббоз ӕй. Уой туххӕй, уотӕ ниффинста:

– Хуӕнхти мӕ раласӕ-баласӕ кӕнуй. Уӕхӕн рӕсугъддзийнӕдтӕ ӕз некӕд фӕууидтон. Нӕдтӕ бустӕги хуарз нӕ ‘нцӕ, сӕ еуетӕ – пурхитӕ, фал си уӕхӕн хузтӕ раргом унцӕ ӕма дессаг. Ӕруагӕс дӕр ми нӕ кӕнуй, раст цума Уӕрӕсей нӕ дӕн, фал раст Италий, Швейцарий кенӕ Баварий.

– Ами, хуӕнхти, адтӕй цалдӕр паддзахади, астӕуккаг ӕности мӕсгутӕмӕ амонгӕй, – дзоруй Сергей. – Астӕуккаг ӕности адӕм аразтонцӕ мӕсгутӕ, цӕмӕй уайтӕкки иннетӕн фегъосун кӕнонцӕ знӕгти ӕрбампурсти туххӕй. Ӕхцӕуӕн мин ӕй, адӕм карантини фӕсте нӕуӕгӕй ардӕмӕ ке цӕунцӕ, е. Мах син бӕхтӕбӕл, нӕ хуӕдтолгӕ – «брунгильде»-бӕл цӕуни фӕткӕ амонӕн. Уотӕ ку рауайай, уӕд нӕ багъӕудзӕнӕй уӕлӕнхасӕн фусунуат аразун. Ардӕмӕ ке рацудтӕн, е мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй. Ӕ уӕлдӕф ци хъӕбӕр дессаг ӕй, ӕ дӕнттӕ, ӕрдзи рӕсугъддзийнӕдтӕ аргъауи хузӕн.

Цӕгат Иристони уогӕй ми комкоммӕ баруагӕс ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл ӕнӕбунати ӕнцӕ ардигон адӕми туххӕй ци ӕведауцӕ дам-думтӕ райгъусуй, етӕ. Кӕд ескӕми хуӕрзӕгъдау ӕма хебӕлхуӕцгӕ адӕм ес, уӕд ами. Иуазӕг сӕмӕ хъӕбӕр нимади ӕй, уӕлдайдӕр ба силгоймӕгтӕ ку уонцӕ, уӕд. Уомӕ гӕсгӕ куд нӕ балӕдӕрдтайнӕ Плити Сослани мӕстгун дзубанди:

– Уотитӕ ка дзоруй, ӕма иуазӕгуати нӕмӕ ӕрбацӕуӕг силгоймаг-туристкитӕмӕ Цӕгат Кавкази нӕлгоймӕгтӕ се ‘ргом ӕведауцӕ хузи ӕздахунцӕ, етӕ ӕгириддӕр раст нӕ ‘нцӕ. Уӕдта ма уотӕ дӕр зӕгъдзӕнӕн ӕма етӕ зундӕй киуд ӕнцӕ, кенӕ ба сӕхуӕдтӕ уӕхӕн гириззаг миутӕмӕ тулаваст ӕнцӕ. Махмӕ нӕлгоймаг ма хебӕлхуӕцгӕ ‘й, ка ‘й зонуй, иуазӕг силгоймагмӕ е ‘ргом ку раздаха, уӕддӕр хуӕрзӕгъдауӕй, ести имӕ ку исдзора, уӕддӕр зӕрдӕхцӕуӕн загъд. Ӕфхуӕрӕн миуӕ ка бавдеса, уомӕн ба, ӕ рази нӕлгоймагӕй-силгоймагӕй ка фӕууа, уонӕн ин ӕхе кадӕртӕ ӕнӕмӕнгӕ бафхуӕрдзӕнӕнцӕ.

Уомӕ гӕсгӕ ба, куд нӕхемӕ Уӕрӕсей федералон, уотӕ фӕсарӕйнаг дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити фулдӕр парахат кӕнун гъӕуй, ӕцӕгӕй уавӕр куд ӕй, уой туххӕй хабӕрттӕ, иуазӕгуати нӕмӕ ка адтӕй, уони цӕстингас. Уой фӕдбӕл нӕ абони дзубандий кӕронбӕттӕни ӕрхӕсдзинан еума дӕнцӕн.

«МӔ ЗӔРДӔ ИРИСТОНИ БАЙЗАДӔЙ»

Мӕскуй цӕрӕг Еленӕ Чернышкова Цӕгат Иристон фиццаг хатт бабӕрӕг кодта. Ӕма журналист Георгий Зотови хӕццӕ фембӕлгӕй, уотӕ радзурдта:

– Мӕ балци мин рахаста къуӕрей бӕрцӕ. Фусунтӕ – мӕ ирон лимӕнтӕ – байархайдтонцӕ, цӕмӕй цубур рӕстӕгмӕ фулдӕр фӕууинон республики рӕсугъддӕр бунӕттӕ, хуӕздӕр ин базонон ӕ адӕми… Ӕма Иристон, ӕ иуазӕгуарзагӕ ӕма зӕрдхӕлар адӕм мӕ уодӕн уотӕ адгин иссӕнцӕ, ӕма мӕ мӕ къах уордигӕй нӕбал хаста. Еци алӕмӕти бӕстӕ фӕууинуни фӕсте мӕ нӕдӕр денгизи билӕмӕ, нӕдӕр фӕсарӕйнаг курорттӕмӕ уоййасӕбӕл нӕбал фӕндуй  цӕун, – зӕгъуй Еленӕ.

Дзӕуӕгигъӕуи уогӕй, Георгий Зотов ци фӕууидта ӕма ӕ зӕрдӕбӕл хъӕбӕрдӕр ци бадардта, уонӕй еу адтӕй мӕнӕ ауӕхӕн цау дӕр:

– Сахари сӕрдигон кафей тургъи нӕмӕ хӕстӕг ци ӕригон кизгуттӕ-туристкитӕ бадтӕй, етӕ хъӕбӕр цӕмӕдесӕй дзубанди кодтонцӕ сӕ балций туххӕй. Еу си уотӕ ку зӕгъидӕ: «Игъосай, уой ӕнгъӕл нӕ адтӕн ӕма ауӕхӕн дессӕгтӕ фӕууиндзӕнӕн ами – раст цума фӕсарӕнти ан, уотӕ!..»

Еци хабар ӕримисгӕй, журналист раст исхатдзӕг кодта. Ӕ гъудимӕ гӕсгӕ дуйне базонун дӕр гъӕуй, фал бал фиццагидӕр ӕргом раздахун гъӕуй нӕхе бӕстӕмӕ: уӕхӕн аллихузон, уӕхӕн цӕмӕдессагмӕ.

Уомӕ гӕсгӕ ба ахсгиаг ӕй, еума хатт ӕй зӕгъӕн, цӕмӕй фулдӕр ӕма парахатдӕрӕй игъуса ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей дӕр ӕма фӕсарӕнти дӕр, Цӕгат Кавкази уӕхӕн косӕндӕнттӕй ка ес, уони кой. Уой фӕдбӕл адтӕй нӕ республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой дзубандий сӕрйагдӕр медес, ӕрӕги ин федералон дзиллон-хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕртти хӕццӕ ци фембӕлд адтӕй, уоми. Ӕ радзубандий уотӕ баханхӕ кодта:

– Цӕгат Кавкази республикитӕй алкедӕр ӕхердигонау рӕсугъд ӕй, алкӕмидӕр си цӕруй хуарз адӕм, дзӕбӕх ӕма цӕмӕдессаг ӕнцӕ сӕ фидтӕлтиккон ӕгъдӕуттӕ ӕма ӕ цардарӕзти фӕткитӕ. Ӕма сумах пресс-тури хузӕн мадзӕлттӕ ахсгиаг ӕнцӕ, цӕмӕй уе ‘рмӕгути цӕгаткавказаг республикити хуарздзийнӕдти туххӕй зӕрдтагонӕй финсайтӕ. Уомӕй сӕмӕ иннӕ рауӕнти цӕрӕг адӕмти ӕргом ӕздахетӕ, зӕрдӕмӕдзӕугӕ син сӕ кӕнетӕ. Фӕндуй мӕ, цӕмӕй нӕ республикӕмӕ айдагъ уацхӕсгути цӕстӕй ма ракӕсайтӕ, фал хумӕтӕг адӕми цӕстӕй. Уӕд фулдӕр хабӕрттӕ базондзийнатӕ. Абони нӕмӕ фулдӕр туристтӕ цӕун ке байдӕдта, е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма бӕлццӕнттӕн Иристон раздӕр куд адтӕй, уотӕ бабӕй цӕмӕдессагдӕр иссӕй. Цӕмӕй еци гъӕугӕ гъуддаг изолдӕр ирӕза, уомӕн ба ма никки хуӕздӕр фадуӕттӕ ӕнӕмӕнгӕ искӕндзинан…

Нӕ рагфидтӕлтӕй нин байзадӕй ауӕхӕн зундгин загъд: «Иуазӕг ку рандӕуй, фусунти уӕд фестауй!..» Ӕма ни ӕруагӕс кӕнуй, нӕ республики алцидӕр хузӕнонӕй арӕзт цӕудзӕнӕй, цӕмӕй ни нӕ иуазгутӕ боз уонцӕ, ка си кӕцӕй ӕрбацудӕй, уомити дӕр.

…Аци ӕрмӕг бакӕсгӕй, ка ‘й зонуй, еске уотӕ дӕр зӕгъдзӕнӕй, гъома, нури тӕссаг уавӕрти нӕбӕл кӕцӕйдӕрти ӕрбацӕугути цӕбӕл ӕмбурд кӕнуйнаг айтӕ, зӕгъгӕ. Уӕхӕн гъудий фӕдбӕл уой зӕгъуйнаг ан, ӕма дзубанди айдагъ абони туххӕй нӕ цӕуй. Кӕддӕр уа, уӕддӕр пандемийӕн кӕронгонд ӕрцӕудзӕнӕй, нӕ цардиуаги уавӕртӕ ӕрцӕудзӕнӕнцӕ сӕ кеми, ралӕудзӕнӕнцӕ нӕ кӕрӕдземӕ бабӕй ӕдасӕй иуазӕгуати цӕуни рӕстӕгутӕ дӕр. Ӕма сӕ гъӕугӕ хузи исиуазӕг кӕнунмӕ ба цӕттӕ ун гъӕуй, равгитӕ рагацау аразгӕй.