ÆРИГОН ÆФСАД» КÆСТÆРТÆН ЗÆРДТАГОН ÆЙ
11.12.2021 | 15:39
Дууӕсӕдӕ цӕгатиристойнаг скъоладзауемӕй фулдӕр ист ӕрцудӕнцӕ фӕсевӕдон ӕзмӕлд «Ӕригон ӕфсад»-и рӕнгъитӕмӕ. Уой фӕдбӕл арӕзт кадгин уавӕри етӕ расоми кодтонцӕ:
– Фидибӕстӕ ӕма ӕригон ӕфсадбӕл ӕновуд уодзинан. Ӕнӕхийнӕ, кӕдзосзӕрдӕ адӕ-
ймӕгутӕ ке уодзинан, уӕдта фӕккӕсуйнӕгтӕн агъаз ке кӕндзинан, уой туххӕй федарӕй дзурд дӕттӕн!…
Ӕригон ӕфсӕддонтӕн наукон ӕма исфӕлдистадон къуӕртти, уӕдта спортивон хайӕдти бацӕттӕ кодтонцӕ цалдӕр ахурадон программи.