ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Ӕфсӕддон хуӕрӕндонӕмӕ цалдӕр лӕги рӕфтад кӕнунмӕ бацудӕнцӕ, Диамбег дӕр сӕ хӕццӕ, уотемӕй. Кӕстӕреуӕггӕнӕг, хуӕрзуиндӕ силгоймаг син уотӕ зӕгъуй:
– Хуӕруйнаг уадзӕн айдагъдӕр ӕфсӕддон службӕгӕнгутӕн!..
– Ӕз афицер дӕн, – загъта нӕлгоймӕгтӕй еу.
– Ӕз дӕр, – загъта иннӕ.
– Хуарз, сумах афицертӕ фӕууотӕ, – загъта силгоймаг ӕма Диамбегмӕ райамонгӕй, рафарста, фал уин айӕ ба ка ’й?
Диамбег ӕмраст ислӕудтӕй, е ’нгулдзити кӕрӕнттӕ ӕ тӕнуадолӕмӕ фӕнних кодта ӕма гъӕрӕй загъта:
– Сын полка!..
Силгоймаг ӕнӕбаригомау байдзулдӕй ӕма имӕ дзоруй:
– Исбадӕ мадта «сын полка» ӕма дӕуӕн дӕр хуӕруйнаг рахӕссӕн!..
Аци хабар цӕмӕдессаг уомӕн ӕй, ӕма нӕ абониккон цардарӕзти гъе уӕхӕн фӕткӕ исфедар ӕй, ӕма еци «сын полка»-й хузӕнттӕ, ӕгириддӕр сӕ неци барӕ уогӕй, ӕрбадтӕнцӕ нӕ еугурадӕмон фингитӕн сӕ тӕккӕ фӕрнӕйдзагдӕрти сӕргъи. Уой дӕр уомӕн, ӕма сӕ ниййергутӕ кенӕ сӕ хуӕрзгӕнгутӕ хецаудзийнади тӕккӕ баргъондӕр бунӕтти ке бадунцӕ, уой фӕрци. Еци фингити бӕркад ке хъиамӕтти фӕрци ‘й, уони ба уордигӕй фӕххайгин уни нӕ, фал уордӕмӕ уотид хӕстӕг бацӕуни барӕ дӕр нӕййес. Гъе уотемӕй Уӕрӕсе фестадӕй айдагъдӕр еци «сын полка»-ти хинцӕг ӕма рӕвдауӕг.
Виктор ОНОПКО, футболӕй Уӕрӕсей еугонд команди тренер – футболисттӕй ка кӕми рарветдзӕнӕй ӕ фӕлладуадзӕн рӕстӕг, уой туххӕй: «Кадӕр, гъӕдӕмӕ рандӕ уодзӕнӕй, кадӕр – хуӕнхтӕмӕ, кадӕр ба – тайгамӕ дууӕ-ӕртӕ боней ӕмгъудӕй…»
Футболисттӕй ка кӕми бауолӕфдзӕнӕй, е си алкӕмӕн ӕхе барӕ ’й. Фал бӕлах е ӕй, ӕма футболон фӕзи гъазти рӕстӕги дӕр, хъазмуз сӕ нихмӕлӕугути колдуари фӕммедӕг кӕнунбӕл ӕмхузонӕй архайуонцӕ, е нӕ, фал фӕйнердӕмитӕ ниуунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ си неци уайуй. Ӕгӕрон ӕхцатӕ есунмӕ ӕгӕрдӕр ма арӕхсунцӕ.
Николай АРЕФЬЕВ, Паддзахадон Думи депутат: «Махмӕ цийфӕнди реформӕ дӕр уӕхӕн рауайуй, ӕма зӕгъун фенгъезуй, уӕртӕ кинонивӕ «Киндзӕхсӕвӕр Малиновки» райгъуст хатдзӕги хузӕн: «Бӕлвурд ӕй, дзӕрмӕстъигъд бабӕй кӕндзӕнӕнцӕ…»
Еци кинониви уомӕй уӕлдай ма берӕ циргъзунд зӕгъдтитӕ ес, кӕцитӕй зӕгъун ӕнгъезуй нури реформити туххӕй: «Бац, бац, бац – ӕма еувӕрсти…» кенӕ «Хецаудзийнадӕ ӕййивд нӕбал цӕудзӕнӕй…»
Сергей МАРКОВ, политолог: «Президенти рази гъӕуама ӕгириддӕр ма уа электрон гаджеттӕ, уомӕн ӕма етӕ фӕсарӕйнаг корпорацити фӕрци ‘нцӕ хорнигулӕйнаг сӕрмагонд службити цӕстдарди…»
– Кӕд уотӕ ’й, уӕд уӕмӕ уотӕ нӕ кӕсуй, цума, «гаджет» ӕма «гадзирахат» еу бундорӕй рантӕстӕнцӕ? Ӕма президенти рӕбунӕй гаджеттӕ рандӕгӕнӕн ес, фал, фӕсарӕйнаг корпорацити мулкитӕй хайгин ка ’й, ӕгӕрон мулкитӕ хорнигулӕн ӕма ӕндӕр паддзахӕдти кӕмӕн ӕнцӕ, уонӕй ӕ алливарс ка бамбурд ӕй, уонӕн ба ци кӕнгӕ ’й? Ка зӕгъдзӕнӕй, ӕма етӕ исонибони президентбӕл дӕр ӕма Фидибӕстӕбӕл дӕр гадзирахаттӕй нӕ рацӕудзӕнӕнцӕ?