26 декабря 2024

БИЛАОНТИ Батраз: «УӔ ИСФӔЛДИСТАДОН ФӔЛЛОЙНӔЙ НӔ ДЗИЛЛӔН ЗӔРДӔНЦОЙНӔ ХӔССЕТӔ ӔМА АРФӔГОНД УОТӔ!..»

21.01.2022 | 16:49

Уӕрӕсей мухури Бони фӕдбӕл нӕ республики Парламенти Кади гӕгъӕдитӕй бӕрӕггонд ӕрцудӕй республикон газет «Дигорӕ»-йи редакций косгути къуар. Еци бӕрзонд хуӕрзеуӕг Парламенти Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Билаонти Батраз кадгин уавӕри равардта Гибизти Регинӕн, Бичилти Алетӕн, Гӕтийти Светланӕн ӕма Джиоти Дианӕн (хузи – галеуӕрдигӕй рахесӕрдӕмӕ). Кади гӕгъӕди ма лӕвӕрд ӕрцудӕй Баликъоти Тотразӕн дӕр.

Билаонти Батраз ӕ арфи радзубандий куд баханхӕ кодта, уотемӕй редакций коллективи куст хъӕбӕр ахедгӕ ‘й, нӕ республики царди аллихузи хабӕрттӕ раст ӕма ӕнхӕстӕй ке ӕвдесуй, уомӕй. Аци газети редакций исфӕлдистадон косгутӕ сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ куд гъӕуй, уотӕ, фау ӕрхӕссӕн сӕмӕ нӕййес.

Уӕлдай ӕновуддӕрӕй ӕма ӕнтӕстгиндӕрӕй ба архайунцӕ сӕ сӕйрагдӕр ихӕс ӕнхӕст кӕнунбӕл – нӕ маддӕлон ӕвзаг багъӕуай кӕнун ӕма ӕ райрӕзти сӕрбӕлтау архайун, нӕ фидтӕлти фарнӕхӕссӕг ӕгъдӕуттӕ абониккон ӕзнӕт уавӕрти багъӕуай кӕнун, цӕмӕй сӕ нури ӕригон фӕлтӕртӕ хуӕздӕр зононцӕ ӕма син сӕ фарни фӕрци сӕ царди хабӕрттӕ федауцӕй аразонцӕ.

– Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин ӕй, сумах, газет «Дигорӕ»-йи редакций косгутӕ, уӕ исфӕлдистадон кустӕй нӕ дзиллӕн еудадзугдӕр зӕрдӕнцойнӕ ке хӕссетӕ, е, ӕма арфӕгонд уотӕ, –  загъта ма Билаонти Батраз.

Газет «Дигорӕ»-йи редакций коллектив дӕр хъӕбӕр бозӕй райарфӕ кодта Билаонти Батразӕн, уой номӕй ба Парламентӕн ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕма сӕрмагондӕй ӕ Сӕрдар Алексей Мачневӕн, сӕ кустӕн син уӕхӕн устур аргъгонд ке цӕуй, уой туххӕй.  Ӕма федарӕй зӕрдӕ байвардтонцӕ, идарддӕр дӕр гъӕугӕ уагӕбӕл ке араздзӕнӕнцӕ сӕ профессионалон архайд, фау ӕрхӕссун имӕ ке нӕ бауадздзӕнӕнцӕ, уомӕй.