23 ноября 2024

УАДЗÆ ÆМА СÆ КÆСТÆРТÆ ЗОНОНЦÆ, ФÆНЗОНЦÆ СÆ!..

29.09.2020 | 19:57

ХАЙМАНТИ Венерæ, ахуради æма фæллойни ветеран.

Дигоргоми гъæутæн сæ рæсугъддæр æма устурдæртæй еу æй Стур Дигорæ. Нури доги си кæд уоййасæбæл берæ бийнонтæ нæбал цæруй, уæддæр си  раги ба  цардæнцæ берæ муггæгтæ. Уонæй æнцæ Хаймантæ дæр.  Хайманти  Куцук æма Зæлийæн (Малиуонæн) адтæй цуппар фурти: Налдо, Уруси, Анзор æма Дзаге, уæдта ма дууæ кизги. Хайманти Уруси æма Фæкъуйæн (Чихтисонæн) ба адтæй æртæ фурти: Дрис, Сергей æма Саих. Адæми ’хсæн цардæнцæ хæларæй æма уарзонæй. Кустонцæ æма гъомбæл кодтонцæ сæ цæуæти, уони хуарздзийнадæбæл ауодгæй, бæлдтæнцæ син сæ райдзастдæр исонибонмæ.

Царди ба уомæй хуæздæр æма амондгундæр ма ци ес, дæ цæуæт раст надбæл ку ниллæууонцæ, уæд. Уруси æма Фæкъуйæн сæ хестæр фурт Дрис райгурдæй 1895 анзи Стур Дигори. Адтæй æвзугъд, зундгин, цардбæллон. Куд æнæгъæнæ Уæрæсей, уотæ Цæгат Иристони дæр фæллойнæгæнæг адæм еузæрдиуонæй Советон хецаудзийнади сæрбæлтау тохи ку бацудæнцæ,  уæд Хайманти æвддæсанздзуд лæхъуæн дæр æрлæудтæй нæуæг цардарæзтбæл тохгæнæг сурх партизанти рæнгъити.

Уæдмæ райдæдта граждайнаг тугъд уорсгвардионти нихмæ. Карз тох цудæй Киристонгъæуи (нури сахар Дигора) æма æ алфамбулайти. Æма еци карз тохи рæстæг,1919 анзи Дрис бæгъатæрæй фæммард æй хъазахъæгти къохæй. Байвардтонцæ ’й æ райгурæн гъæу Стур Дигори. Абони дæр ма æ цирт æд циртдзæвæн æй дзæбæх уавæри зæронд уæлмæрдти, зелунцæ имæ е ’нсувæри кæстæртæ, алли анз дæр æй бафснайунцæ. Гъулæггагæн, æхецæн неке байзадæй, уомæн æма æ киндздзаг Етдзати Аннæ курдуати байзадæй. Сурх-Дигори устур гъæунгтæй еу хæссуй Дриси ном. Искодтонцæ ибæл кади зар дæр. Уой зæрдтагон рæнгъитæй райгъусуй, мæ мадæ æма мин мæ дууæ æнсувæри багъæуай кæнетæ, зæгъгæ, æ фæстаг фæдзæхст…

Уруси æма Фæкъуй дуккаг фурт Сергей дæр райгурдæй Стур Дигори, 1905 анзи. Сергей дæр хъазауатонæй тох кодта нæуæг, социалистон гъæууон хæдзаради арæзтбæл. Колхозтæ аразун ку райдæдтонцæ, уæд Сергей æвзурст æрцудæй Стур Дигори колхози фиццаг сæрдарæй. Хуæнхбæсти цæрæг адæм будурмæ ледзун ку райдæдтонцæ, уæд Хаймантæ дæр рацудæнцæ æма æрцардæнцæ Сурх-Дигори. Нæуæг æрледзæг адæм дæр æмхузонæй исæвзурстонцæ Хайманти Сергейи Гетъоти Хадзеумари номбæл колхози сæрдарæй, куста ма гъæусовети сæрдарæй дæр.

ХАЙМАНТИ Уруси фурттæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Сергей, Дрис æма Саих

Уæдмæ райдæдта Устур Фидибæстон тугъд æма Сергей барвæндонæй 1941 анзи фиццæгти хæццæ рандæй нæ Райгурæн бæстæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнунмæ. Æ фæсте ниууагъта еу иннемæй минкъийдæр æхсæз сувæллони. Знаги нихмæ тохи карз уавæрти дæр куд нæ бæлдтайдæ уони фæууинунмæ, куд нæ бæлдтайдæ уони райдзастдæр исонибонмæ, фал… Нæбал ин бантæстæй уони фæууинун, нæ базудта, куд исгъомбæл æнцæ, ци бацæнцæ, куд рауадæнцæ сæ карни хабæрттæ, уой… Райгурæн бæсти сæребарæ æма хуæдбарæдзийнади сæрбæлтау иснивонд кодта æ цард… Цифуддæр знаги нихмæ хъазауатонæй тох кæнгæй, бæгъатæрæй фæммард æй 1942 анзи Севастополи тугъдтити. Мах, Сергейи цæуæт, ку рагъомбæл ан, уæд дууæ хатти адтан Севастополи, бабæрæг кæнианæ, нæ фидæн е ’носон бунат ка иссæй, еци рауæн, уордигæй исласианæ сикъит æ райгурæн зæнхæмæ…

Сергейи цардæмбал Дарицкамæ дессаги фæразундзийнадæ, хъаурæ æма нифс разиндтæй, æ цæуæт уотæ исгъомбæл кодта, æма беретæн иссæнцæ дæнцæ, ка си ци гъуддаги архайдта, уоми сæхе æвдистонцæ хуæрзæгъдауæй æма арæхстгинæй, адæм си арфиаг адтæнцæ, уотемæй.

Уруси æма Фæкъуй æртиккаг фурт  Саих дæр Стур Дигори райгурдæй, 1910 анзи. Ахур кодта скъолай, адтæй æхсæнадон гъуддæгути разæнгардæй архайæг, фæскомцæдесонти раздзæуæг. Ахур кодта Мæскуй, фæцæй каст Политсовети къурситæ дæр. 1935 – 1938 æнзти адтæй Сурх Æфсади рæгъити. Уордигæй исæздæхгæй, 1939 анзи æвзурст æрцудæй Фæснæли райæнхæсткоми сæрдарæй. Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд Саих, кæд фронтмæ æрветунæй сæрмагонд унаффæмæ гæсгæ (уруссагау «бронь» хундтæй) уæгъдæгонд адтæй, уæддæр фиццæгти хæццæ барвæндонæй рандæй тугъдмæ. Тох кодта 571-аг æхсæг полкки рæнгъити. Архайдтонцæ Цæгат Иристони, Кæсæг-Балхъари, Стъараполи æма Краснодари зæнхæбæл тугъдтити. Хестæр лейтенант Хайманти Саих бæгъатæрæй фæммард æй, Славянск-на-Кубани, еци рауæни тугъди. Еци карз тохи е ’мбæлтти знаги нихмæ комкоммæ рампурсунмæ исразæнгард кодта æма æхуæдæг сæ разæй, уотемæй фæммард æй… Байвардтонцæ ’й, советон æфсæдтæ знагæй ке исуæгъдæ кодтонцæ, еци райони. Æнсувæрон циртдзæвæнбæл финст ес: «Политрук Хайманов Саих Урусиевич пал смертью храбрых 12 марта 1943 года. Краснодарский край, Славянский район, поселок Прорвенский». Мах, е ’нсувæри цæуæт, æй бабæрæг кодтан еци рауæн, нæхе дигорон æгъдаумæ гæсгæ ин æримистан æ рохс ном, рохсаг ин загътан… Æ циртдзæвæни къарæ ин исистан… Æхецæн еунæг биццеу адтæй, гъулæггагæн, раги рамардæй.


ХАЙМАНТИ Анзори фурттæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Мухари, Петр æма Константин

Урусий æнсувæр Анзорæн адтæй æртæ фурти: Мухари, Къостан æма Петр. Хестæр фурт Мухари райгурдæй 1900 анзи Стур Дигори. Куста Мæхчески райони (уæди рæстæги адтæй уæхæн район дæр, уой фæсте æй байеу кодтонцæ Ирæфи райони хæццæ) райфæлхасади сæргълæууæгæй. Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд Мухари дæр иннæ адæми хæццæ 1941 анзи рандæй нæ бæстæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнунмæ…

Хестæр лейтенант Хайманти Мухари 138-аг æхсæг дивизий архайæг, рамардæй 1944 анзи 14 ноябри. Байзадæй ин æхсæз сувæллони, абони ма си цардæгас æй еунæг кизгæ.

Анзори дуккаг фурт, Къостан дæр Стур Дигори райгурдæй, 1908 анзи. Иссæй ахургонд специалист, куста фонси дохтирæй. Е дæр æмгъæуккаг тугъдонти хæццæ рандæй тугъдмæ, цифуддæр знагæй нæ бæстæ багъæуай кæнунмæ… Æма е дæр тугъди будурæй нæбал исæздахтæй – старшина Хайманти Анзори фурт Къостан фæммард æй 1944 анзи 9 октябри. Байвардтонцæ ’й Чехий, Смолник, зæгъгæ, гъæуи æнсувæрон цирти. Адтæй ин кизгæ æма биццеу, фал си, гъулæггагæн, цардæгас некебал æй, рохсаг уæнтæ.

Анзори æртиккаг фурт, Петр, дæр райгурдæй Стур Дигори 1912 анзи. Адтæй ахургонд, куста ахургæнæгæй. Е дæр æригонæй рандæй тугъдмæ нæ бæстæ тогмондаг знагæй багъæуай кæнунмæ… Æма æбæрæгæй фесавдæй 1942 анзи феврали карз тугъдтити рæстæг… Æ фæсте неке байзадæй, уомæн æма бийнонтæ исаразунмæ нæ рахъæрттæй.


Хайманти Уруси æма Анзори æнсувæр Дзагейæн адтæй дууæ фурти: Хъæрæсе æма Батæрбег. Сæ дууæ дæр сæ карæмæ гæсгæ тугъди нæ адтæнцæ. Хайманти Хъæрсейæн адтæй дууæ фурти: Геуæрги æма Харитон (фæсномугæй æй худтонцæ Бецо).  Геуæрги райгурдæй 1923 анзи. Хуарз ахур кодта скъолай. Финста æмдзæвгитæ, радзурдтæ, очерктæ. Æхсæрдæсанздзудæй иссæй республики æма райони газетти активон уацхæссæг.

Сурх-Дигори астæуккаг скъола каст ку фæцæй, уæд бацудæй Дзæуæгигъæуи педагогон институтмæ, ахур кодта филологон факультети. Фиццаг къурс каст ку фæцæй, уæд сæ хæдзари æгудзæг уавæртæмæ гæсгæ раййивта фæсаууонмæ ахур кæнунмæ. Райдæдта ахургæнæгæй косун Сурх-Дигори астæуккаг скъолай уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæгæй. Адтæй имæ аййевадон æма публицистон уадзимистæ финсунмæ устур ацъагъуæ, æхецæн берæ исфæлдистадон гъуддæгутæ бæргæ нисан кодта, æма ин уонæй берæ цидæртæ исаразун нæ бантæстæй.

Æ мадæ хъæбæр сæйгæ адтæй æма ин е балигъстæ кодта, цæмæй цардæмбали гъуддаг бакодтайдæ. Байгъуста æ мадæ æма æ фидæмæ, бийнонти гъуддаг бакодта… Фал ин æ цардæмбали хæццæ еумæ цæргæ рауадæй æдеугурæй еунæг мæйæ – райдæдта Устур Фидибæстон тугъд æма лæг рандæй тугъдмæ.

Геуæрги фиццаг куста штаби финсæгæй, уой фæсте ба иссæй минометчикти взводи командир.

Æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй ин лæвæрд æрцудæй майдан «Кавказ багъæуай кæнуни туххæй». Уæдмæ бахаудтæй Прибалтикон фронти 15-аг дивизимæ. Иснисан æй кодтонцæ взводи сæргъи æсгарæгæй. Газет «Социалистическая Осетия»-йи 1943 анзи номертæй еуеми уотæ финст адтæй: «Георгий Хайманов из Сурх-Дигоры с товарищами в часть доставил (язык) и были награжден посмертно орденом Красной Звезды…»

ХАЙМАНТИ Хъæрæсей фурттæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Геуæрги æма Харитон.

Геуæргийæн, гъулæггагæн, хе цæуæтæй неке байзадæй, æма ин æ хабæрттæ гъуддаггæнæг нæ фæцæй. Æ финститæй бæргæ берæ байзадæй, хуарз финста. Етæ æнæгъæнæйдæр гъæуайгонд æма мухургонд ку æрцудайуонцæ, уæд, баруагæс уи уæд, бæлвурдæй рабæрæг адтайдæ, цæйбæрцæбæл искурдиадæгин адтæй, æма абони, ка ’й зонуй, нимад адтайдæ нæ номдзуддæр финсгутæй еуебæл. Фал, гъулæггагæн, ци æрцудæй, е æрцудæй – уотæ рауадæй, æма, Сурх-Дигори карз тугъдтитæ ку цудæй, уæд æ финститæ фесавдæнцæ. Ци ма си байзадæй, етæ ба лæвæрд æрцудæнцæ Хетæгкати Къостай номбæл ирон литератури музеймæ. Æ хузæ дæр æй финсгути Цæдеси иуонгти хæццæ. Хестæр лейтенант Хайманти Хъæрæсей фурт Геуæрги фесавдæй æбæрæгæй 1943 анзи.

Хъæрæсей дуккаг фурт Харитон райгурдæй 1926 анзи. Æригон биццеубæл æхсæрдæс анзи дæр нæма цудæй, уотемæй 1943 анзи рандæй тугъдмæ, ме ’нсувæртæ кæми ’нцæ, æз дæр гъæуама уоми уон, зæгъгæ. Æнсувæрти цæуæтæн адтæй сæ кæстæр, 1943 анзи куста сахар Дæллаг Тагили хуæцæнгæрзтæ аразæн заводи… Æбæрæгæй байзадæй тугъди будурти.

Æнсувæрти цæуæт еу тургъæй рандæнцæ авдемæй тугъди будурмæ. Еу иннемæй ахургонддæр æма лæгигъæдгундæр. Гъулæггагæн, авдемæй дæр нæбал исæмбалдæнцæ сæ фидиуæзæгбæл… Цуппаремæн ба си уоститæ дæр нæма адтæй, уосгор лæхъуæнтæн сæ фæсте неке байзадæй. Цæуæт кæмæн адтæй, уонæй дæр хестæртæ нæбал æнцæ æма сæ кой уомæн некæми игъусуй. Сергейæн ма ан æртемæй, Мухарийæн ба ма еу кизгæ.

Мах дæр син сæ хабарттæ коййæй фегъустан… Кæд сæ зонгæ дæр нæ кодтан, уингæ дæр сæ некæд фæккодтан, уæддæр си мах ан сæрбæрзонд. Мах хестæртæ дæр устур ахургæндтæ иссæнцæ, фал етæ дæр нæбал æнцæ. Сæ цæуæти цæуæтæй ма ка ес, етæ, еуемæй, гъæуама зононцæ сæ кадгин хестæрти, иннемæй ба, куд син бантæса уони аккаг байзайæггæгтæ ун, уони хузæн лæгигъæдгун ун, уони фæндон æнтæстгин куд уонцæ арфиаг гъуддæгутæй. Гъе уæд Хайманти уонæхсарæ, зундгин, ахургонд адæймæгути рохс нæмттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ дзилли зæрдити цæрдзæнæцæ, кæстæртæн ба уодзæнæнцæ зундамонæг æма разæнгардгæнæг дæнцæ.

Цæгат Иристон немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни рæстæг Сурх-Дигори алфамбулай тугъдтити ка фæммард æй, еци советон тугъдонтæн номерæнæн циртдзæвæн æвæрд æй гъæуи бæрæгастæу.

 

УÆЛАХИЗЫ БОН

                      Давид ТУХМАНОВЫ музыкæ

                      Владимир ХАРИТОНОВЫ ныхæстæ

Стыр Уæлахиз, о куыд дард нæм уыд, куыд тынг,

Раст, цыма, фæнычы бамынæг и зынг.

Сыгъд фæндæгтыл размæ, размæ уыд нæ каст, –

Кодтам ацы бон уæхски-уæхскæй æввахс.

 

Базард:

Ацы Стыр Уæлахиз, –

Топпыхосы рыг.

Уаз бæрæгбон,

Къæмисæнтыл – урс бындзыг.

Ацы уаз цин, –

Ризы цæстыхаутыл сыг.

Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз!

 ‘Хсæвæй-бонæй сыгъд мартенты риуы арт,

Фыдыбæстæн не ‘сси иу æрцъынд фадат.

‘Хсæвæй-бонæй карз тох амадтам ныфсхаст, –

Кодтам ацы бон уæхски-уæхскæй æввахс.

 

Базард

Ацы Стыр Уæлахиз, –

Топпыхосы рыг.

Уаз бæрæгбон,

Къæмисæнтыл – урс бындзыг.

Ацы уаз цин, –

Ризы цæстыхаутыл сыг.

Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз!

 Байрай, гыцци, не ‘ппæт не ‘рцыдыстæм мах…

‘Ртæхдзаст нæууыл ма бæгъæввадæй ыстæх!

‘Рдæг Европæ, зæххы ‘мбис – нæ къахæй барст,

Кодтам ацы бон уæхски-уæхскæй æввахс.

 

Базард

Ацы Стыр Уæлахиз, –
Топпыхосы рыг.
Уаз бæрæгбон,
Къæмисæнтыл – урс бындзыг.
Ацы уаз цин, –
Ризы цæстыхаутыл сыг.
Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз!

 
Ацы Стыр Уæлахиз, –
Топпыхосы рыг.
Уаз бæрæгбон,
Къæмисæнтыл – урс бындзыг.
Ацы уаз цин, –
Ризы цæстыхаутыл сыг.
Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз!

ТАР ÆХСÆВ

Никитæ БОГОСЛОВСКИЙЫ музыкæ

              Владимир АГАТОВЫ ныхæстæ

А хсæв у тар,
судзы-арауы нæмгуыты хситт,
Телтыл ниуы, ныууынæргъы уад,
арвыл стъалытæ стъæлынц.

А тар æхсæв,
зонын, уарзон, нæ дын ис æрцъынд,
Авдæн узгæйæ руагътай дæ сæр,
цæссыг куатæйы мбæхсыс.

Цас уарзын æз,
цас, дæ фæлмæн цæстытæн сæ арф,
Цас мæ фæнды
уыдон барæвдауын мæ былтæй.

Иппæры мах
ныр кæрæдзийæ а хсæвы тар,
Мæ сæрзилæджджын сау тыгъд быдыр
тауы не хсæн фыдфынтæ.

Дарын дæуыл
æз мæ зæрдæ, мæ зынаргъ лымæн,
Уыцы ныфс мæ куы хызта æхсæв
судзгæ-ниугæ нæмгуытæй.

Зæрдæ у рухс,
ме нцой сау тох нæ байсдзæн мæнæн,
Æмæ скъахдзæни райсом дæ уарзт
мæн адзалы дзæмбытæй.

Нæу уый тæссаг,
арæх ууыл æмбæлдыстæм мах,
Мæнæ ныр дæр
уый мæ сæрмæ сынтау куы зилы.

Авдæны цур
мæн куы мысыс, æхсæв дыл ныддаргъ,
Æмæ уый фæрцы, зонын, мæлæт
мæн нæ сисдзæни милмæ.

Уырыссаг æвзагæй  МАМУКЪАТЫ Хъазбеджы тæлмац