27 декабря 2024

ГРИПП ӔМА ӔНДӔР ХУӔЦГӔ НЕЗТӔЙ БАГЪӔУАЙ КӔНУНИ МАДЗӔЛТТӔ

21.01.2022 | 09:42

Рагӕй ӕй зундгонд: нез не ‘руадзун ӕ исдзӕбӕх кӕнунӕй ӕй ӕнцондӕр. Аци загъд, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, хауй грипп ӕма карз вирусон хуӕцгӕ незтӕмӕ (ОРВИ). Сӕ профилактики мадзӕлттӕ ‘нцӕ аллихузон.

Сӕйун неке фӕндуй, уавӕр уӕлдай тӕссагдӕр исуй, нез фӕстеугутӕ ку расайуй, уӕд. Уой лӕдӕргӕй ӕма гъуддаг уой уӕнгӕ не ‘руадзунбӕл архайгӕй, адӕм сӕ гъос хъӕбӕрдӕр дарунцӕ незтӕ профилактики мадзӕлттӕмӕ.

Грипп ӕма ОРВИ-йӕй багъӕуай кӕнунӕн ес цалдӕр хузи, ӕма си тӕккӕ хуӕздӕр багъӕуай кӕндзӕнӕй вакцинаци. Прививкӕ искӕнуни фӕсте адӕймагӕн гриппӕй тӕссаг нӕбал уодзӕнӕй, уӕлдайдӕр, алли анз ӕй ку кӕна, уӕд. Иннетӕй уӕлдай вакцинаци искӕнун, фиццагидӕр, гъӕуй, эпидемий рӕстӕг сӕйун ӕгириддӕр кӕмӕн не ‘нгъезуй, уӕхӕн адӕми. Фарста вазуггин ӕй нури рӕстӕг: нӕуӕг коронавируси хуӕцгӕ нез нурма кӕнуй парахат, ӕма уомӕй багъӕуай кӕнунӕн дӕр вакцинацийӕй хуӕздӕр мадзал нӕййес. Сӕ дууей нихмӕ дӕр прививкӕ конд ку не ‘рцӕуа, уотемӕй адӕймагбӕл сӕ дууӕ дӕр бафтудӕнцӕ, зӕгъгӕ, уӕд уӕхӕн уавӕрӕй сӕйги фӕййервӕзун кӕнун фӕууй хъӕбӕр зин гъуддаг.

Грипп ӕма ОРВИ-йӕ фӕссӕйгӕ унӕй уӕлдай тӕссагдӕр ӕй, ӕхсӕз анзей уӕнгӕ кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн сувӕллӕнттӕн, ӕ кари ка бацудӕй, 60 анземӕй уӕлӕмӕ кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн адӕмӕн, ести нез кӕмӕ ес ӕма си еудадзугдӕр ӕхе ка дзӕбӕх кӕнуй, е ‘нӕнездзийнадӕ лӕмӕгъ кӕмӕн ӕй, уӕхӕн адӕмӕн, медицинон косгутӕн, скъоладзаутӕн, студенттӕн, ӕфсӕддонтӕн. Уӕлдай багъӕуайкӕнуйнагдӕр гриппӕй ӕнцӕ ӕнгъӕлдзау силгоймӕгтӕ.

Грипп бацӕфсуй, сӕйгӕ адӕймагӕн салам дӕтгӕй, ӕ къох ку райсӕн, уотемӕй: сӕйгӕ нӕ фарсмӕ ку ‘рӕхснирса кенӕ ку хуфа, уӕд; гриппӕй тӕссаг ӕй хе гигиени домӕнтӕбӕл устурзӕрдӕ ка ‘й, уомӕн дӕр.

Нези инфекци ци адӕймагмӕ бахъӕрта, уомӕй ӕ алливарс адӕмӕн тӕссаг ӕй ӕ фӕссӕйгӕ уни фиццаг ӕртӕ-цуппар боней дӕргъи. Минкъий сувӕллӕнттӕй ба нез бацӕфсунӕй тӕссаг фӕууй сӕ фӕссӕйгӕ уни фиццаг авд-дӕс бони.

Вирустӕбӕл хъӕбӕр ахедуй алфамбулай ӕрдзӕ. Адӕймаги бауӕри ку нӕ уонцӕ, уӕд берӕ нӕ цӕрунцӕ (дууӕ сахаттемӕй аст сахаттей уӕнгӕ). Гриппи вирусӕн ӕ марӕг ӕй бӕрзонд тӕвдӕ (75-100 градуси), уӕдта ма бактерити нихмӕ бауӕргъӕдтӕ (спъирт, щелочь) кӕми ес, уӕхӕн медицинон фӕрӕзнитӕ.

Берӕ незтӕн се ‘фсон ӕй цъумур къохтӕ. Эпидемий рӕстӕги къохтӕ ӕхснун гъӕуй ахиддӕр, уӕлдайдӕр, сӕйгӕн ӕ къох райсуни фӕсте, къохӕн ӕнӕесгӕ ку нӕ уа, уӕд. Ма ‘вналетӕ къохтӕй уӕ цӕсгонмӕ, уӕ фий кенӕ уӕ билтӕмӕ.

Уӕхуӕдтӕ кӕд нӕ арӕхсетӕ, уӕд уин дохтир байамонӕд, фий донӕй ӕхснун куд гъӕуй, уой. Хумӕтӕг дони бӕсти цӕхгун дон ку уа, уӕдта никки хуӕздӕр (дони еу литрбӕл никкӕнун гъӕуй еу цайцумӕн уедуги дзаг цӕнхӕ). Фиййи ниттадзун ке гъӕуй, сӕрмагонд уӕхӕн цӕхгун фӕрӕзнитӕ цӕттӕй уӕйӕ кӕнунцӕ аптекити дӕр.

Эпидемий рӕстӕги цӕсгонбӕл дарун гъӕуй маскӕ, уой хӕццӕ ‘й гъӕуама дара ӕнӕнез адӕймаг нӕ, фал сӕйгӕ ӕхуӕдӕг.

Вирустӕ уарзунцӕ, гъар кӕми уа, ӕма ругӕ кӕми ес, уӕхӕн рауӕн, уомӕ гӕсгӕ цӕрӕн бунат ахиддӕр гъӕуй уомӕлӕфснайд кӕнун ӕма къӕрӕзгитӕ ахиддӕр игон кӕнун.

Еугур уони ӕнхӕст кӕнун ӕй ӕнцон, ӕма, кӕд хумӕтӕг ӕнцӕ, уӕддӕр уӕ эпидемий рӕстӕг гриппӕй багъӕуай кӕндзӕнӕнцӕ.

Хуӕцгӕ незтӕй уӕхе гъӕуай кӕнетӕ ӕма ӕнӕнез уотӕ.

 

Медицинон профилактики республикон центр