27 декабря 2024

ХУАСТӔ БАЛХӔНУНИ РАВГӔ УОДЗӔНӔЙ АМБУЛАТОРИТИ

21.01.2022 | 09:45

Уӕрӕсей Федераций фармацевтон архайди туххӕй закъонӕвӕрунадӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ хаст ӕрцудӕй ӕййивддзийнадӕ хуастӕ ӕма сӕйгӕн гъӕугӕ ӕндӕр медицинон фӕрӕзнитӕ уӕйӕ кӕнуни туххӕй лицензи дӕттуни фӕтки туххӕй. Нурӕй фӕстӕмӕ, афтектӕ кӕми нӕййес, еци амбулаторитӕ ӕма фельдшерон-акушерон пунктти косгутӕн барӕ уодзӕнӕй хуастӕ уӕйӕ кӕнунӕн (куд зонӕн, уотемӕй нури уӕнгӕ уӕхӕн куст кӕнуни барӕ лӕвӕрд адтӕй айдагъдӕр профессионалон фармацевттӕн).

Федералон Хецауадӕ ци уагӕвӕрд исфедар кодта, уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн фармацевтон лицензи райсуни туххӕй медицинон организаци ӕ курдиади гъӕуама бӕлвурд фӕббӕрӕг кӕна, хуастӕ ӕма сӕйгӕн ӕндӕр гъӕугӕ медицинон фӕрӕзнитӕ ӕфснайдӕй дарунӕн ӕма уӕйӕ кӕнунӕн еугур гъӕугӕ фадуӕттӕ дӕр ке исаразта, уой.

Адӕмӕн медицинон ӕма фармацевтон лӕггӕдтӕ кӕнуни гъуддаги нӕуӕгдзийнӕдтӕбӕл дзоргӕй, Цӕгат Иристони ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министри хуӕдӕййевӕг Томайти Тамарӕ куд балӕдӕрун кодта, уотемӕй гъӕууон медицинон косӕндӕнтти уӕхӕн фармацевтон архайд уодзӕнӕй сӕрмагонд паддзахадон организаций бӕрни:

– Хӕстӕгдӕр рӕстӕг бӕрӕггонд ӕрцӕудзӕнӕй еци организаци. Рагацау исбӕлвурд кӕндзинан гъӕугӕ хуастӕ ӕма ӕндӕр медицинон фӕрӕзнити минкъийдӕр номхигъдтӕ ӕма бӕрцитӕ. Уой фӕсте сӕ ӕрветун райдайдзинан амбулаторитӕ ӕма фельдшерон-акушерон пункттӕмӕ. Уоми сӕ медиктӕ комкоммӕ уӕйӕ кӕндзӕнӕнцӕ адӕмӕн. Аци фарстабӕл республики Сӕргълӕууӕги амунддзийнадӕмӕ гӕсгӕ рагацау райдӕдтан косун. Куд нисангонд цӕуй, уотемӕй мӕйи кӕронмӕ гъӕууон амбулаторити хуастӕ фӕззиндзӕнӕнцӕ.