22 декабря 2024

СӔ ЛӔГДЗИЙНАДӔ – ӔНОСТӔМӔ ЦИТГИЙНАГ!..

17.02.2022 | 16:54

БИЧИЛТИ Алетæ, Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонг

Кӕд ӕма ӕртиндӕс ӕма инсӕй анзи рацудӕй, Афганистани тугъд Советон Цӕдесӕн ку  фӕцӕй, ӕма советон ӕфсӕддон хӕйттӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр еци бӕстӕй ку ракодтонцӕ, уӕддӕр еци тугъди цидӕриддӕр хабӕрттӕ баст ӕнцӕ, етӕ нӕ дзиллӕн абони дӕр ма зӕрдристаг ӕнцӕ. Хъонцгӕнгӕй имисӕн, Афганистани зӕнхӕбӕл е ‘фсӕддон ихӕс ӕнхӕст кӕнгӕй ка фӕммард ӕй, нӕ еци ӕдзард фӕсевӕди. Сӕ цӕргӕ-цӕрӕнбӕнтти имисуйнаг ӕй еци тугъд, архайгӕ си кӕмӕн рауадӕй ӕма си цардӕгасӕй ка исӕздахтӕй, уонӕн.

«Кабулӕй ци хуӕдтӕхӕги ратахтӕн, е Минводти аэропорти ку ‘рбадтӕй, уӕд ӕз ӕма мӕ хӕццӕ Иристонӕй ка адтӕй, еци лӕхъуӕнтӕ нӕ уӕргутӕбӕл ӕрурдуг кодтан нӕхе ӕма нӕ райгурӕн зӕнхӕн зӕрдиагӕй нихъхъури кодтан… Кӕмӕдӕр е, ка ‘й зонуй, ӕнахур фӕккӕсдзӕнӕй, фал махӕн ба е уӕд адтӕй нӕ зӕрдираййи «цъӕхъал». Еци усмӕ ни ӕцӕгӕйдӕр баруагӕс ӕй, тугъд нин кӕдӕй-уӕдӕй ке фӕцӕй, къуругӕнӕг топпадазгъд ке нӕбал игъосдзинан, худуггӕнӕг тӕфи гъезӕмарӕй ке фӕййервазтан, не ‘мбӕлттӕй ӕдзард ке некебал кӕндзӕнӕй… Уӕд ни кадӕр, ӕнгъӕлдӕн, уотӕ загъта: «Хуӕрзбон, Афган!.. Мах цардӕгас ан!..»

Уотӕ имисуй алагираг Баскати Батраз, Афганистани тугъдӕй куд ӕрбаздахтӕй, уой. Гъо, фидиуӕзӕгбӕл цардӕгасӕй исӕмбӕлгӕй, Батраз ӕма е ‘мбал «афгайнӕгти» бон адтӕй, ци бӕсти син тохгӕ рауадӕй, уомӕн хуӕрзбон зӕгъун. Фал уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн ба, ӕвӕдзи, нӕййес, ӕма еци тугъдӕй бустӕги исуӕгъдӕ ‘нцӕ – сӕ зӕрдитӕй ӕй лӕдӕрунцӕ, сӕ цӕргӕ-цӕрӕнбӕнтти сӕ хӕццӕ ке уодзӕнӕй, еудадзуг ке имисдзӕнӕнцӕ, еци хъазауати бӕнттӕ, сӕ ӕдзард тугъдон ӕмбӕлтти…

«…Кӕд дӕсгай ӕнзтӕ рацудӕй, еци тугъд кӕдӕй ниссабур ӕй уӕдӕй, уӕддӕр ма, куд фӕззӕгъунцӕ, абони дӕр уоми ан… Сауӕнгӕ нур дӕр ма ахид фесхъеун мӕ медфуни… Мӕ гъостӕбӕл рауайунцӕ хуӕдтӕхгути, танкити гур-гур, фӕдти ӕскъот…»

Уотӕ зӕгъуй ӕфсӕддон-интернационалист, афгайнаг тугъди архайӕг Малити Морати фурт Олег. Ӕма, ӕвӕдзи, айдагъ Олег нӕй уӕхӕн уавӕри. Еци тугъди ка архайдта ӕма цардӕгасӕй ӕ райгурӕн къӕсӕрбӕл ка исӕмбалдӕй, етӕ, ку зӕгъӕн, еци уӕззау хъиамӕти бӕнттӕ некӕд феронх кӕндзӕнӕнцӕ.

Фал син уӕддӕр еци тугъд ӕ хъазауати разӕй бал фиццагидӕр иссӕй, цард ӕма мӕлӕти ‘хсӕн хъӕбӕр нарӕг къахнадбӕл ранӕхстӕр уогӕй, лӕгдзийнадӕ бавдесун дӕр ӕма фӕййервӕзун дӕр кӕми гъудӕй, уӕхӕн догӕ.

Уой туххӕй Малити Олег уотӕ зӕгъуй:

– Знаги хӕццӕ нӕ комкоммӕ тохун дӕр куд нӕ багъӕуидӕ. Фал устур бӕлах ба е адтӕй, ӕма нин ахид уотӕ комкоммӕ, лӕгӕй-лӕгмӕ тох кӕнун нӕ рауайидӕ, фулдӕр хӕттити нӕ моджахедтӕ нӕ фӕсонтӕмӕ къумтӕй ӕхстонцӕ, цубурдзурдӕй, фулдӕр «партизанти» хузи тухтонцӕ нӕ хӕццӕ. Гъулӕггагӕн, ме ’мбӕлттӕй беретӕ фӕммард ӕнцӕ. Нур дӕр ма мӕ цӕститӕбӕл уайунцӕ сӕ рохс сорӕттӕ. Рохсаг уӕнтӕ. Ӕвӕдзи, мӕн ба Цитгин Уасгерги гъӕуай кодта.

Олеги хузӕн Уасгерги бӕргӕ берети багъӕуай кодта, фал сӕ тугъдон ӕмбӕлттӕй кӕмӕдӕрти еци амонд не ’рхаудтӕй. Еци тугъди финддӕс минемӕй фулдӕр советон ӕфсӕддони фӕммард ӕнцӕ, ӕбӕрӕгӕй дӕр си дзӕвгарӕ фесавдӕй. Нур дӕр ма сӕмӕ сӕ хеуӕнттӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ…

Куд зонӕн, уотемӕй 1979 анзи Советон Цӕдеси разамунд, Афганистани Демократон Республики АДР уӕди разамунди курдиадӕбӕл исарази ӕй, цӕмӕй син фӕййагъаз кӕнонцӕ бӕсти гъӕугӕ ӕгъдау ӕрфедар кӕнуни гъуддаги. Фараст анземӕй фулдӕр етӕ фӕттухтонцӕ душманти нихмӕ, уӕдта АДР-и алливарс политикон уавӕр исхузӕнон кӕнуни гъуддаг сӕхемӕ ка райста, еци паддзахӕдти ‘хсӕн 1988 анзи апърели ци Женеваг бадзубандигонд федаргонд ӕрцудӕй, уой домӕнтӕмӕ гӕсгӕ гъӕуама советон ӕфсӕдти ракодтайуонцӕ Афганистанӕй. Советон Цӕдес ӕхемӕ райста е ’фсӕдти къуар уордигӕй фараст мӕйемӕ ракӕнуни ихӕс. Ӕма уой ӕнхӕст кӕнун райдӕдта 1988 анзи 15 майи ӕма ‘й ӕнхӕстгонд фӕцӕй 1989 анзи 15 февралмӕ.

Кӕд ӕма еци гъуддагбӕл еумӕйагӕй бадзубанди кодтонцӕ, уӕди уӕнгӕ нихмӕлӕууӕг кадӕриддӕр адтӕй, етӕ ӕмвӕндӕй, уӕддӕр кедӕрти ба хъӕбӕр нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй еци гъуддаг, гъома, советон ӕфсӕдтӕ Афганистанӕй ракӕнун, ӕнӕхӕлхъойӕй райевгъудайдӕ. Еци хилкъахгутӕ цидӕр ардауӕн миутӕ ракодтонцӕ ӕма душманти исӕрра кодтонцӕ, сӕхемӕ ӕздӕхӕг советон ӕфсӕдти нихмӕ сӕ фӕккодтонцӕ. Ӕма махонтӕ ци нӕдтӕбӕл рацудӕнцӕ, уомити ӕсхъӕтӕг душмантӕ ӕгъатир тугъд исаразтонцӕ.

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма  советон ӕфсӕддонтӕ Афганистанӕй ракӕнуни фӕсте ма уоми  байзадӕнцӕ, душмантӕмӕ уацари ка бахаудтӕй, еци советон ӕфсӕддонтӕ. Етӕ ци бацӕнцӕ ӕма сӕ карнӕ куд рауадӕй, е абони дӕр ӕнхӕстӕй бӕрӕггонд нӕма ӕрцудӕй. Берӕ цидӕр цӕйдӕрти фудӕй. Фиццагидӕр, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ, ӕма  Афганистанӕй советон ӕфсӕдтӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд ССР Цӕдес раздӕри хузӕн ӕнгом нӕбал адтӕй. Фӕстӕдӕр ба бустӕги исӕмӕнтъери ӕй бӕстӕ. Ӕма мӕстӕй сӕ хъурмӕ ка адтӕй, еци тугъдӕфхуӕрд «афгайнӕгтӕ» иронхуати райзадӕнцӕ ӕхсӕнадӕй дӕр ӕма уӕдиккон хецауадӕй дӕр. Е куд ӕнӕраст гъуддаг адтӕй, уобӕл фӕстӕдӕр бӕсти разамунд бӕргӕ басастӕй.

Афганистани зӕнхӕбӕл тугъди Цӕгат Иристонӕй дӕр архайдтонцӕ беретӕ, се ’хсӕн адтӕй силгоймӕгтӕ дӕр, уотемӕй ӕдеугурӕй ӕхсӕзинсӕй адӕймаги.

– Мӕ хӕццӕ се ’фсӕддон ихӕс ӕнхӕст кодтонцӕ Дигори районӕй Хъарати Виталий, Мӕрзойти Дзамболат, Алагири районӕй Кӕсӕбити Хъазбег, Ирӕфи районӕй Тауасити Артур ӕма Бабочити Батраз, – зӕгъуй Малити Олег. – Мадта мӕн размӕ дӕр, мӕн фӕсте дӕр Афганистани сӕ интернационалон ихӕс ӕнхӕст кодтонцӕ нӕхе ӕфсӕддонтӕ Ирӕфи районӕй: Цӕукъати Маирбек, ӕнсувӕртӕ Мудойти Тимур ӕма Алик, Увжихъоти Астан, Бичилти Алан, Таухъазахти Авдан, Темирати Давид, Тауасити Артур, Гегкити Батраз, Хъулчити Марат, Елойти Димӕ, Мӕхӕмӕтти Рамазан, Сихъоти Ӕхсарӕ, Бузарти Ӕфсатий, Тадети Олег, Митдзити Марат ӕма ӕндӕртӕ. Гъулӕггагӕн, Лескени гъӕуккаг Дашити Азамат ба фӕммард ӕй.

Хъӕбӕр зин зӕгъӕн ӕй, еци тугъдмӕ рандӕ уогӕй, не ’мзӕнхонтӕй ӕхсӕрдӕс ӕма дууинсӕй цардӕгасӕй сӕ фидиуӕзӕгбӕл ке нӕбал исӕмбалдӕнцӕ, е. Беретӕ ба си исӕздахтӕнцӕ уӕззау цӕфти хӕццӕ, сӕйгитӕй, ӕригонӕй инвалидтӕ иссӕнцӕ, ӕма си кадӕртӕ сӕ цӕфтӕ ӕма незти фудӕй цардгъӕуагӕй бацудӕнцӕ се ‘носон дуйнемӕ.

Абони нӕ республики цӕруй Афганистани тугъди 793 ветерани ӕма, еци тугъди ка фӕммард ӕй, еци тугъдонтӕ-интернационалистти 91 бийнонти. Уони ӕхсӕн ес  инвалидтӕ ӕма сӕйгитӕ дӕр. Ӕма, етӕ гъӕуама ӕнӕ ‘ргъудийӕй ма изайуонцӕ. Уой фӕдбӕл бӕлвурд дзубанди рауадӕй, нӕ республики Сӕргълӕууӕг  Сергей Меняйлойӕн ӕрӕги сӕрмагондӕй ци фембӕлд адтӕй «Афганистани ветеранти Уӕрӕсейаг Цӕдес»-и цӕгатиристойнаг регионалон организаций разамонӕг Пхалӕггати Сергейи, республикон организаци «Афганистани инвалидти Цӕдес»-и разамонӕг Джаджити Виталийи хӕццӕ, уоми. Бӕлвурдӕй си ци унаффӕгонд ӕрцудӕй, уой туххӕй уин рӕхги радзордзинан. Абони ба  нӕ фӕндуй  сӕрмагондӕй райарфӕ кӕнун Афганистани тугъди ветерантӕн: “Нӕ зӕрдӕ уин зӕгъуй  федар ӕнӕнездзийнадӕ, амонд, уӕ уарзон бийнонти хӕццӕ фӕрнӕй цӕретӕ. Берӕ ӕнзти дӕргъи ма нӕ кӕстӕртӕн нифси мӕсугтӕ, зундамонгутӕ уотӕ!..”

Уӕдта ма федарӕй уой зӕгъуйнаг ан, ӕма Афганистани тугъди архайгути хъазауат ӕма лӕгдзийнӕдтӕ нӕ  дзиллитӕй иронх некӕд уодзӕнӕнцӕ…