03 декабря 2024

КАРЗ ТОХИ ЦӔХӔРИ

28.02.2022 | 17:28

Цӕгат Иристони зӕнхӕмӕ рӕстӕгмӕ ӕрбайервӕзӕг немуцаг-фашистон ӕрдонгти нихмӕ тугъдтити архайӕг Иосиф Качанов, ӕфсӕддон политикон кустгӕнӕг,  иссеридӕ равгӕ бонуг финсунӕн: исӕносон си кодта еци рӕстӕги карз тугъдтити цаутӕ, нӕ намусгин тугъдонтӕй берети, сӕ лӕгдзийнӕдти ӕвдесӕнтӕ. Еци бонугӕй абони идарддӕр ци хецӕн хӕйттӕ мухур кӕнӕн, уонӕн сӕ райдайӕн ба кӕсетӕ нӕ газети раздӕри номери.

11 ноябрь. Фӕсӕмбесӕхсӕвӕ гилеронтӕ нӕ ротӕбӕл ралӕудтӕнцӕ минометтӕй. Уотӕ ку нӕ фӕккӕнунцӕ ӕхсӕвигон… Карташов фӕстӕмӕ бафунӕй ӕй, ӕз ӕма Волков – нӕбал.

Сӕумӕй фиццаг ирд адтӕй, фал уӕдмӕ фӕззиндтӕй цъӕх мегъӕ. Сӕ авиаций архайд син гъигӕ даруй. Сӕ иннӕ ӕфсад ба никки сабурдӕр ӕй Гизӕл ӕма Санибай фӕсте. Айдагъдӕр Фиййагдони билӕбӕл федар ӕнцӕ. Уонӕмӕ ма ӕй Дзиуаригъӕу дӕр. Ниффедӕрттӕ кодтонцӕ Рассвет. Гъӕуама нӕ уордӕмӕ рарветонцӕ нӕ хецауадӕ.

Рӕфтади фӕсте ӕрбахастонцӕ почтӕ. Газети фиццаг фарсбӕл – И.В. Сталини доклад Цитгин Октябри социалистон революций 25 анзей туххӕй. Ӕвӕстеуатӕй ӕй кӕсун роти ӕмбурди. Нифс! Разӕнгарддзийнадӕ! Ӕнӕмӕнгӕ фӕууӕлахез уодзинан цъамар фашисттӕбӕл.

12 ноябрь. Фӕттӕ фагӕ нӕййес. Куст дӕр нӕййес: фашисттӕ нӕ бурсунцӕ Майрӕмадагмӕ.

Ӕмдзӕрийнӕ ан автоматчикти хӕццӕ. Ӕхсаргин адӕм. Етӕ нӕ равардтонцӕ Майрӕмадаг, багъӕуай кодтонцӕ Сиуари ком.

13 ноябрь. Фӕдздзурдта нӕмӕ комбат Руднев. Ци уа? Ӕндӕр рауӕнмӕ? Хуӕрзеуӕг Дзиуаригъӕуи тугъдтити туххӕй? Рараст дӕн Сиуари коммӕ, уоми ӕй командӕгӕнӕн бунат. Руднев мин, бригади политхайадӕмӕ дӕ кӕнунцӕ, зӕгъгӕ, бакой кодта.

14 ноябрь. Фӕссехуар. Политхайадӕ. Кошкин нуртӕккӕ ами нӕй. Ӕ бӕсти ӕй батальони комиссар Ахонин, рацӕргӕ лӕг. Сумгаитӕй ардӕмӕ зонӕн кӕрӕдзей. Орден мин раттуни туххӕй дӕр мӕ е бавдесун кодта.

15 ноябрь. Гизӕл. Устур ирон гъӕу. Немуци си хъӕбӕр ниддӕрӕн кодтонцӕ махонтӕ. Трофейтӕ – берӕ. Гъӕу ӕй пурхӕ. Фашисттӕ си фӕцӕнцӕ айдагъдӕр ӕртӕ бони. Фембӕлд политхайади хецау Александр Семени фуртмӕ. Ӕстаун бригади бӕгъатӕрти. Рафаэль Хуцишвили, роти парторг, Майрӕмадаги тугъди ӕ фӕсте рахудта денгизонти, автоматӕй ӕрфӕлдахта дӕс гитлеронемӕй фулдӕр, уотемӕй фӕммард ӕй… Сомехаг Оганезов… Дууӕ бонемӕ ӕ дзармадзанӕй исрӕмугъта ӕма басугъта 21 немуцаг танки.

16 ноябрь. Снарядтӕ, минитӕ ихӕлунцӕ Къардонӕй Фиййагдони ӕхсӕн будури. Ротӕ Ӕрхонкӕй рараст ӕй сӕумӕй цуппар сахаттебӕл, фал еу рауӕн ӕрлӕудтан – бакӕсун гъӕуй бонмӕ…

Фиййагдони – махуӕнттӕ, Рассвети – немуц. Устур федӕрттӕ си исаразтонцӕ; танкитӕ «ванюшитӕ», цалдӕр артбатарейи, дӕсемӕй фулдӕр – уӕззау пулеметтӕ, гӕрзефтонг адӕм – хӕрх. Нӕ цалдӕр нимпурстемӕй неци рауадӕй. Ӕма бабӕй цӕттӕ кӕнӕн нӕуӕг нимпурст. Немуц ӕй цума зонгӕ бакодтонцӕ – ӕрра ӕхст кӕнунцӕ гъӕу. Уӕд мах сӕумӕй нӕбал, фал ниццавтан бони ӕмбеси. Раздӕр рауагътан нӕ артиллери, минометтӕ, «катюшитӕ». Знаг нигъгъос ӕй. Фӕццӕуй нӕ пехотӕ. Немуц хъӕбӕр ӕхсунцӕ, уӕлдайдӕр пулеметтӕй… Дууӕ нимпурсти ма адтӕй уой фӕсте, уӕддӕр нин аци бон фашистти Рассветӕй фӕссорун нӕ бантӕстӕй.

21 ноябрь. Гизӕйлӕгтӕй еуетӕ ӕздӕхунцӕ сӕ ихӕлд хӕдзӕрттӕмӕ, иннетӕ ба ести мортӕ сӕ хӕццӕ райсунцӕ ӕма бабӕй рандӕунцӕ коммӕ.

Мах ӕрӕнцадан Томайти Ивани хӕдзари. Ами цӕруй е ’нсувӕри биццеу Эльбрус. Е тугъди адтӕй фиццаг бонӕй фӕстӕмӕ, Харькови ’рдигӕй, сахар Змиеви бунмӕ фӕццӕф ӕй, гъосӕй хуарз нӕбал игъосуй. Еци рауӕн тухтӕн ӕз дӕр а уалдзӕги, мӕнӕн дӕр си минӕй мӕ къах фӕццӕф ӕй. Эльбруси хӕццӕ фӕххӕлар ан. Нерӕнгӕ ма цӕуй къулух, госпитӕлӕй куд рацудӕй, уотӕ.

Пеци арт бандзарста, кӕмити хусдзинан, уони нин байамудта, мӕнӕн – ӕд гобан хуссӕн.

Изӕрӕй нӕмӕ ӕрбацудӕй Иван Александри фурт. Борзакъӕ зӕронд лӕг. Ӕ хӕццӕ ӕ кизгӕ Любӕ, ӕ хуӕрӕ Серафин ӕма ма сӕ хӕстӕгутӕй дууӕ – Надя ӕма Мӕдинӕ. Серафинбӕл цӕудзӕнӕй дууинсӕй анземӕ хӕстӕг, ӕй идӕдзӕ, ӕ хӕдзарӕ ин немуц басугътонцӕ, ӕ гъог ин байстонцӕ. Е ’ртӕ сувӕллони адтӕнцӕ гъӕди римӕхст иннӕ адӕми хӕццӕ ӕма имӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ. Мӕдинӕ адтӕй хуӕрзӕригон, кондгин кизгӕ. Е дӕр – киндзицуд, рацардӕй ӕртӕ мӕйи, ӕ лӕги ин тугъдмӕ ракодтонцӕ, неци хабар ма си райста.

Ӕнӕгъӕнӕ бон Эльбрус дамбацайӕй мӕргътӕ цагъта ӕма ӕфсӕддонтӕ каркфицӕн кодтонцӕ. Иссирдта арахъ ӕма изӕрӕй фӕдздзурдта мӕнмӕ, Лютыймӕ ӕма Карташовмӕ. Мах еци уӕззау тугъдтити фӕсте арӕхсгӕ дӕр нӕбал кодтан уӕхӕн ӕгъдауи фингӕбӕл бадунмӕ, нӕ зӕрдӕ ниррохс ӕй, уӕхӕн хуарз адӕми – ирӕнтти «къохмӕ» бахаугӕй. Хумӕтӕги ирон бийнонтӕ нӕ рӕвдудтонцӕ ӕма нӕмӕ уотӕ кастӕй, цума нин нӕ гъезӕмӕрттӕ хинцуй ӕнӕгъӕнӕ Райгурӕн бӕстӕ.

Берӕ фӕббадтан. Нури уӕнгӕ ӕз ирӕнтти хӕццӕ некӕд исӕмбалдтӕн. Хъӕбӕр ездон адӕм ӕнцӕ, хуарз зӕрди хецау. Устур патриоттӕ. Иристойнаг тугъдонтӕ бӕгъатӕрӕй тох кӕнунцӕ Уӕрӕсей, Украини, сахартӕ Мӕску, Ленинград, Воронеж ӕма Сталингради алфамбулайти. Се ’скъуӕлхтдзийнӕдти хабӕрттӕ син игъосун ахидӕй-ахиддӕр.

Эльбруси хӕццӕ ӕнсувӕрти хузӕн иссан. Ӕ кой ин ракодтон Овсеневӕн дӕр. Бахудтон ӕй Томайтӕмӕ. Мӕ цъухӕй нецима исхаудтӕй, фал мӕ Эльбрус балӕдӕрдтӕй: мӕн фӕндуй, цӕмӕй комиссарӕн фингӕ ӕрӕвӕра. Ӕма, ӕцӕгӕйдӕр, уайтӕккидӕр фингӕ рарӕвдзӕ ’й.

Томайтӕмӕ ӕрбауайуй еу уруссаг уосӕ – Валентинӕ, Волоколамскӕй. Эвакуаций ӕй ӕ минкъий кизги хӕццӕ. Ӕ лӕг ӕй тугъди, неци бӕрӕг си ес. Ирӕнттӕй хъӕбӕр боз ӕй е дӕр.

22, 23 ноябрь. Хуӕздӕр базонгӕ ан ирӕнтти фӕнзуйнаг ӕгъдӕутти хӕццӕ.

24 ноябрь. Зӕрдӕхцӕуӕн хабӕрттӕ игъусуй Сталингради фронтӕй: знаг цӕгуати бахаудтӕй. Базуртӕ нӕбӕл базадӕй, аразӕн митингтӕ, игъусуй нӕ тугъдонти, сержантти, афицерти нифсгун гъӕлӕс. Ард хуӕрунцӕ: дувӕр, ӕртивӕр хъаурӕй цӕвдзӕнӕнцӕ Кавказмӕ ӕрбалӕборӕг знаги!..

25 ноябрь. Люби фидӕ Томайти Иван исахур ӕй ӕ иуазгутӕбӕл. Хъӕбӕр хуарз лӕг ӕй. Сӕ еугур бийнонтӕ дӕр уотӕ. Зӕрдибунӕй ауодунцӕ советон ӕфсӕддонтӕбӕл. Къӕсӕрӕй бахезӕ, уомӕй уӕлдай ба дин сӕ фӕстаг комидзаг дӕр ратдзӕнӕнцӕ.

Изӕрӕй – политкосгути ӕмбурд Кошкинмӕ Сталингради цаути фӕдбӕл. Зӕрдрохс, хуарз гъуддӕгутӕ!

26 ноябрь. Зӕронд комиссар Овсеневи ӕййевунцӕ корпуси резервмӕ. Фӕндадтӕй нӕ зӕрдибунӕй радзубанди кӕнун, нифс мӕ адтӕй Эльбрусӕй, ӕма ’й бахудтон уордӕмӕ. Игъӕлдзӕгӕй бабӕй нӕбӕл исӕмбалдӕй. Радзурдта нин, гъӕуи адӕм еугурӕйдӕр гъӕди ку адтӕнцӕ, уӕд е еунӕгӕй куд байзадӕй гъӕуи немуци рӕстӕги, уати куд бафунӕй ӕй, уӕдта «катюшити» нӕрунмӕ хӕрдмӕ куд фесхъиудтӕй ӕма ӕ тӕрних цӕгиндзӕбӕл куд ниццавта, уони.

Овсенев рандӕй, ӕз ӕма Эльбрус нӕ зудтан, ескӕд ма ибӕл исӕмбӕлдзинан, уой.

Фӕууидтон Кошкини. Устур уарзон лӕг мин ӕй Александр Семени фурт. Ӕууӕндуй мӕбӕл. Загъта мин, исон бригади хӕйттӕ Рассветмӕ нимпурсдзӕнӕнцӕ. Рагъуди кодтон: «Нур цалӕймаг хатт? Аци атакӕ ку фӕррӕстмӕ уайдӕ…»

27 ноябрь. Ӕхсӕвӕ-бонмӕ ӕзмалдӕнцӕ, сӕ бунӕттӕ ахӕстонцӕ техниктӕ, адӕм. Нур – артиллерий ӕмгуппитӕ. 30 минуттей дӕргъи ӕмгупп кодтонцӕ дзармадзантӕ, уӕдта арвбӕл фӕззиндтӕнцӕ нӕ бомбӕгъзалгутӕ ӕма штурмовиктӕ. Рассветӕй сӕ немуци зениткитӕ ӕхстонцӕ, фал неци… Уалинмӕ исистадӕнцӕ тохӕг ӕфсӕддон хӕйттӕ. Тухгин нимпурст. Аци хатт дӕр бабӕй ниффедар ӕй знаг, нӕ райстан Рассвет.

28 ноябрь. Уӕлдӕр хецауадӕ нин балӕдӕрун кодтонцӕ: аци нимпурститӕн ес устур нисанеуӕг. Уадзӕ, ӕма гитлеронтӕн ма уа ардигӕй Сталинградмӕ, цӕгуати син ка бахаудтӕй, еци ӕфсӕдтӕн агъаз багӕлдзун. Уадзӕ, ӕма уинонцӕ, не ’фсади тухӕ Кавказаг фронти ке нӕ кеуй.

Бантӕстӕй гъӕугӕрон цалдӕр хӕдзари байсун. Фал бабӕй раздахтан нӕ раздӕри позицитӕмӕ.

Зӕрдрохс уацтӕ цӕуй Сталингради фронтӕй.

29 ноябрь. Фашисттӕ уӕззау дзармадзантӕй ӕхсунцӕ Ӕрхонкӕ. Политхайади азгъунсти къӕрӕзгитӕ ӕрӕгъзалдӕнцӕ. Карташов адтӕй Гизӕли, хуарз ӕй фӕууидта Эльбрус, ӕ хӕццӕ ин ниввардта арахъи авгӕ.

Адтӕн акъоппити. Ӕфсӕддонтӕ ӕлгъетунцӕ артиллеристти, атаки размӕ немуци федӕрттӕ ниппурхӕ кӕнун сӕ къохи ке не ’фтуйуй, уой туххӕй. Цӕуй уӕхӕн дзубанди дӕр: нӕ дзармадзантӕ ку ’скосунцӕ, уӕд немуц сӕ тохӕн бунӕттӕй фӕстӕрдӕмӕ раледзунцӕ ӕд пулеметтӕ, рагацау ци цӕуӕнтӕ искъахтонцӕ, уобӕлти, уӕдта бабӕй – нӕ атаки хуӕд размӕ – фӕстӕмӕ ӕрбадунцӕ сӕ федӕртти.

Минӕхсӕг роти фӕууидтон Волкови, Ермолаеви, Ефимови, Комарови, Алахвердяни, Мнацаканови. Кадӕртӕ сӕ бийнонтӕй райстонцӕ финстӕгутӕ. Анищенко ӕма Плакса ӕнцӕ мӕтъӕл – сӕ райгурӕн гъӕутӕ син байахӕстонцӕ немуц.

Лӕхъуӕнти хӕццӕ бахуардтон къӕбӕр. Ирон бийнонти хӕццӕ исхӕлар ӕнцӕ а гъӕуи дӕр, ӕма син хунтӕ хастонцӕ.

1 декабрь. Зумӕги фиццаг бон. Цӕгат Иристони мах хузӕн уазал нӕй. Изӕрӕй ӕрӕмбурд ан политхайади. Кӕнун мӕ нӕуӕг куст – гӕгъӕдитӕ финсун ӕфсади политхайадӕмӕ.

Афицертӕн равардтонцӕ нӕуӕг цинтӕ: Кошкин – дӕлболкъон, Ахонин – майор, Фрейдман, Устиловский ӕма Хлесов – хестӕр политруктӕ ӕма капитантӕ, ӕз ӕма Дребеденев ба – хестӕр лейтенанттӕ.

2 декабрь. 34-аг сӕрмагонд ӕхсӕг батальони ракодтонцӕ тугъдӕй ӕма ’й равардтонцӕ корпуси командири резервмӕ. Айдагъдӕр артдивизион ниууагътонцӕ.

Устур ирон гъӕу Ногир. Агорун корпуси газети косгути. Уоми нӕ разиндтӕнцӕ, фал фӕууидтон Овсеневи. Майори цин райста ӕма ӕй игъӕлдзӕг.

3 декабрь. Политхайади хецау мин равардта ихӕс – бригади анзфинстӕн ӕрмӕг ӕмбурд кӕнун ӕма мин, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕхцӕуӕн ӕй. Хуарз зонун бригади ӕскъуӕлхт гъуддӕгутӕ Дзиуаригъӕуи, Майрӕмадаги ӕма Сиуари коми, немуци ниддӕрӕн Гизӕли ӕма Дӕллаг Санибай… Уӕлдай дессагдӕр тох кӕнунцӕ Березови автоматчикти къуар.

4 декабрь. Ӕрхонки цӕрун еу минкъий уати политхайади хузесӕг Сергейи хӕццӕ. Стъол, хуссӕн. Сергей изӕрӕй ниххуссуй, ӕмбесӕхсӕви ӕй райгъал кӕнун ӕ хузесӕги куститӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ, ӕма сауӕнгӕ бонмӕ хуссӕн мӕн фӕууй.

Артиллеристти дивизиони командир Гриценко, ӕ хуӕдӕййевӕг политикон гъуддӕгути – Наумов. Сӕ дууӕ дӕр – уорс кӕрцити дзиуарӕвӕрд гӕрзти хӕццӕ. Бӕхтӕ сӕмӕ. Гриценко ӕ адӕмӕн зӕрдтагон ӕй, Наумов – мастдарагӕ, бостӕгӕнагӕ. Гъӕститӕ ибӕл ахид цӕуй политхайадӕмӕ.

Ӕхсӕг Оганезов бӕгъатӕрӕй тох кодта Дзиуаригъӕуи тугъдтити, ӕрлӕуун кодта знаги дӕс танкемӕй фулдӕр. Базонгӕ дӕн взводи командир хуӕрзконд лейтенант Григоряни хӕццӕ.

5 декабрь. Нӕ авиаци Конституций бони дӕрӕн кӕнуй немуци федӕрттӕ ӕма сӕ фӕскъилдум Фиййагдони рази.

6, 7 декабрь. Ирд, гъар бӕнттӕ. Зиннунцӕ райдзаст хуӕнхтӕ. Аци дзенети хузӕн бӕсти бабӕй цӕмӕй амондгун цард ралӕууа, уой туххӕй ардигӕй фӕссорун гъӕуй цъамар гитлеронти.

– Кавказ уарзон ӕй алли советон адӕймагӕн дӕр,– зӕгъуй Александр Семени фурт.

Фронт фӕссабур ӕй.

8 декабрь. Ӕрхонки цӕрунцӕ уруссӕгтӕ, хъазахъӕгтӕ. Ӕрбунӕттон ӕнцӕ XVI ӕноси кӕрони, иссӕнцӕ Уӕрӕсей паддзахади ӕнцойнӕ. Октябри революций фӕсте фӕззиндтӕй сурх хъазахъӕгтӕ – советон хецауади фарсхуӕцӕг. Абони ӕрхонкаг нӕлгоймӕгтӕ, ефстӕгутӕй фӕстӕмӕ, ӕнцӕ фронти.

Политхайади хӕдзари цӕруй ӕригон хъазахъаг силгоймаг ӕд сувӕллон. Ӕ лӕгӕй неци хабар ес, Поляйӕн ами хӕдзарӕ нӕййес, ӕхе бакъолӕ кӕнуй хеуӕнттӕмӕ. Ӕрбауайуй имӕ е ’мхуӕрифурт, киндздзон кизгӕ Клавӕ. Игъӕлдзӕг адӕймаг ӕй, киндзи ӕрцӕун дӕр ӕй, ӕвӕдзи, фӕндуй, уосгортӕ ба – фронти.

9 декабрь. Кошкин мӕ рарвиста 2-аг ӕма 3-аг батальонтӕмӕ – тугъдонти цардиуаги ма культурон уавӕртӕ базонунмӕ. Адӕм резерви ӕнцӕ нерӕнгӕ ма, фал кӕдфӕндидӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ес бардзурдмӕ. Моралон-политикон ӕгъдауӕй дӕр федар ӕнцӕ адӕм. Еци гъуддагбӕл хуарз косунцӕ батальони политруктӕ Рисман ӕма Кучеренко. Мах дӕр архайӕн Кошкини разамундӕй, ахид фӕууӕн тохӕн бунӕтти, адӕми хӕццӕ.

Хуӕлци уавӕр иснивӕбӕл ӕй. Цӕунцӕ лӕвӕрттӕ дӕр Фӕскавкази республикитӕй, Астӕуккаг Азийӕй. Хуарз зӕрдӕлхӕнӕн ӕнцӕ цъиндатӕ, къохмӕрзӕнтӕ, хуӕруйнаг, киунугутӕ ӕма нӕуӕгдзаути финстӕгутӕ. Етӕ ба ӕнцӕ адӕм ӕма ӕфсади еудзийнади бӕрӕггӕнӕн.

Кошкин зӕрдрохсӕй байгъуста мӕ дзубандимӕ, уӕдта загъта:

– Рассвети рази берӕ нӕбал фӕууодзинан. Цӕун гъӕуй размӕ.

10 декабрь. Нӕуӕг дислокаци – Гизӕл. 4-аг батальон Ӕрхонкӕмӕ ӕрбацудӕй фӕсӕхсӕвӕр. Уомӕ федаргонд дӕн ӕз. Фиййагдонӕй цӕйбӕрцӕ ӕрбацудӕнцӕ, еу уойбӕрцӕ ба ма – Гизӕлмӕ. Фӕлладуадзунӕн рӕстӕг нӕййес. Сӕумӕй ӕхсӕз сахаттебӕл бахъӕрдтан нӕ нисангонд бунатмӕ.

Ме ’ргом исаразтон Томайтӕмӕ. Эльбрус мӕ хуайунмӕ райгъал ӕй. Ниццийнӕ кодта. Арахъмӕ фӕццурд ӕй. Мӕн ба бауолӕфунӕй уӕлдай неци гъудӕй. Ӕ дӕлфӕдтӕмӕ мӕхе ӕруагътон.

11 декабрь. Ӕнсувӕри хузӕн бабӕй нӕ исбоц кодта Эльбрус Карташови хӕццӕ. Хинцуй нӕ: арахъ, къудурфунх фуси фид, цӕхгунтӕ, къеретӕ. Е ӕгӕр ӕй, зӕгъгӕ, загътон Эльбрусӕн. «Ирон адӕммӕ иуазӕг кадгин ӕй», – дзуапп равардта фусун.

12 декабрь. Хӕдзарккаги хузӕн дӕн Томайтӕмӕ. Ме ’систадмӕ – сехуар цӕттӕ, рӕфтад – бийнонти хӕццӕ еумӕ. Ӕхсӕвӕр хуӕрунмӕ дӕр нӕ цӕун ӕфсӕддон хаймӕ. Аци бон мӕ служби кустӕгтӕ ами кодтон. Любӕ бадтӕй мӕ фарсмӕ, кастӕй киунугӕ. Фӕййахур мӕбӕл ӕй.

13 декабрь. Райдзаст бабӕй ӕй арв. Нӕ сӕрти ратахтӕй дууӕ «мессери». Сӕ фӕсте «юнкерстӕ» ма фӕззиннонцӕ?.. Гизӕли ӕрӕмбурд ӕнцӕ нӕ резервтӕ, нимпурсти агъоммӕ куд фӕууй, уотӕ, ӕма сӕмӕ ку фӕззинна бомбитӕ ӕркалуни фӕндӕ.

Рӕфтӕй нӕмӕ ӕрбахъӕрттӕй бардзурд: нӕуӕгӕй Ӕрхонкӕмӕ. Уолӕфӕн рӕстӕг фӕцӕй. Изӕрӕй нӕ рандӕуни размӕ бауадтӕн Томайтӕмӕ. Ка ’й зонуй, кӕд ма фӕууиндзинан кӕрӕдзей?..

15 декабрь. Ирд сӕуми хъӕбӕрдӕр райгъустӕй «катюшити» ӕмгупп. Е адтӕй гитлеронтӕбӕл артдзӕгъдӕнӕн ӕ радайӕн. Ӕхсунцӕ дзармадзантӕ, батальони минометтӕ. Ахид куд фӕууй, уотӕ бабӕй кӕцӕйдӕр рацудӕй мегъӕ, нӕбал зиндтӕнцӕ нисантӕ. Е хъӕбӕр къулумпи кодта нимпурст, уӕддӕр нӕбал ниллӕудтӕнцӕ батальонтӕ, сӕхе рагӕлстонцӕ размӕ дони сӕрти, гитлеронти раззаг акъоппитӕмӕ фӕххӕстӕгдӕр ӕнцӕ ӕма бампурстонцӕ размӕ «ура!», зӕгъгӕ. Бампурстонцӕ Рассветмӕ, кӕройнаг хӕдзӕрттӕ байстонцӕ. Идарддӕр нӕбал бантӕстӕй. Бригади командир болкъон Ворожищев бардзурд равардта байахӕст бунӕтти ӕрфедар уни туххӕй.

Уӕззау мегътӕ ӕрӕхгӕдтонцӕ арв. Ӕртухстӕй нӕбӕл уазал фудӕхсӕвӕ.

16 декабрь. Бонӕрдӕмӕ цума минкъий фӕррайдзастдӕр ӕй. Искарз ӕй дзармадзанти гъӕр. Гитлеронтӕ сӕ фурмӕстӕй ӕхстонцӕ, сӕ нӕмгути рӕстдзӕфбӕл нӕ архайгӕй. Махонтӕ син хуарз дзуапп лӕвардтонцӕ. Бон ниттар ӕй. Ӕнгъӕл адтан – уодзӕнӕй контратакӕ. Фал нӕ адтӕй. Махонтӕ дӕр идарддӕр нӕбал бампурстонцӕ.

Мини ӕсхъеуӕггагӕй фӕммард ӕй взводи командир, бӕгъатӕр Григорян. Изӕрӕй адтӕн политхайади Кошкинмӕ. Базонгӕ дӕн ӕфсади политхайади хецауи хуӕдӕййевӕг Петрашини хӕццӕ.

17 декабрь. Тохӕн бунат дууердӕгӕй дӕр – сабур. Ескӕд еу гӕрах фӕккӕнунцӕ немуц. Мегъӕ зӕнхӕбӕл ниббадтӕй. Уомӕл уазал бауӕри хезуй. Фиййагдони билгӕрон байвардтан Григоряни. Ард бахуардтонцӕ ӕ маст райсуни туххӕй Гриценко, Наумов ӕма иннӕ артиллеристтӕ. Дууӕ дзурди загътон ӕз дӕр.

18 декабрь. Цулухътӕ мӕбӕл нӕбал ес. Бригади скълӕдти дӕр, мӕнӕн ка бӕззуй, уӕхӕнӕй неци ес. Мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕй: айфиццаг Гизӕли Томайтӕмӕ фӕууидтон хуарз цулухъти гъостӕ… Эльбрус мин сӕ равардта, бахудта мӕ цъулухътӕгӕнӕгмӕ.

Ӕхсӕвӕр хуардтон Эльбрусетӕмӕ. Любӕ зелӕнтӕ кодта. Тагъд ардигӕй раййевдзинан, зӕгъгӕ, ин загътон. Ниммӕтъӕл ӕй. Уӕдта загъта:

– Мӕ зӕрдӕ мӕмӕ уотӕ дзоруй: дӕуӕн неци уодзӕнӕй.

Равардта мин къохти къохмӕрзӕн, рӕсугъд, духийӕй пурфгонд. Мӕ реуи дзиппи ӕй ниввардтон партбилети хӕццӕ. Ку цудтӕн, уӕд мин загъта:

– Финсӕ, Василь. (Цӕмӕдӕр гӕсгӕ мӕбӕл Эльбрус уӕхӕн ном ниввардта). Ӕнгъӕлмӕ кӕсдзинан.

19, 20 декабрь. Нигъгъос ӕй тугъди будур. Кошкини дзурдӕй агъаз кӕнун Адрияновӕн партион ӕма фӕскомцӕдесон билеттӕ финсунмӕ.

21 декабрь. Гъунтъуз бӕнттӕ хӕссунцӕ Цӕгат Иристони. Сӕлфуй. Ӕзини хузӕн косун Адриянови хӕццӕ. Рассвети тугъди ка фескъуӕлхтӕй, уонӕй берети райстон партимӕ.

22 декабрь. Нӕуӕг цау: ӕзинӕ немуц сӕ позицитӕй исистадӕнцӕ Рассвет ӕма Дзиуаригъӕуи, не ’фсад ку бацудӕй, уӕд син нӕ адтӕй тухгин нихмӕлӕууӕг. Ӕз федаргонд ци 3-аг батальонмӕ дӕн, е дӕр соруй гитлеронти, райдард ӕй, ӕма ’й гъӕуама ӕййафон. Мадта хуӕрзбон, Любӕ, хуӕрзбон, Эльбрус, хуӕрзбон хъазахъаг силгоймаг Поля, фӕстаг рӕстӕг Ӕрхонки кӕмӕ цардтӕн, е!.. Хуарз адӕмӕй фӕххецӕн ун зин ӕй, фал тугъдон гъуддаг!

Рараст дӕн. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ мӕ бафӕндадтӕй Рассвети рази бунӕттӕ, немуци траншейитӕ фӕууинун. Тегътӕбӕл – берӕ пулеметӕй ӕхсӕнтӕ. Ӕрлӕудтӕн еу пулеметӕй ӕхсӕндони рази. 18-20 метри ӕндӕдӕр хурӕбӕл – махонтӕй цалдӕр марди. Денгизон курсанттӕбӕл адтӕй пехоти дарӕстӕ, айдагъдӕр сӕ еу – бушлати. Ӕ къохи фехсунӕрвонг танкцӕвӕн гранат, уотемӕй ниссалдӕй. Мӕ тог фунхтӕй, агурдта мастесун.

23 декабрь. 3-аг батальони баййафтон ӕхсӕвӕ Нӕуӕггъӕуи рази. Комбат Чугунов мин загъта: немуц гъӕуӕй ледзун райдӕдтонцӕ, батальон сӕ атаки размӕ цӕвуй дзармадзантӕ ӕма минометтӕй. Сӕумӕй ӕхсӕз сахаттебӕл бригади командир Ворожищеви бардзурдӕй батальон нимпурста Нӕуӕггъӕумӕ ӕма ’й байста.

24 декабрь. Фиццаг фембӕлдтитӕ цӕргути хӕццӕ. Исигъӕлдзӕг ӕнцӕ, еуӕй-еуетӕ фурцийнӕй кӕунцӕ. Дзорунцӕ, фашисттӕ патриотти куд мардтонцӕ, уой. Бригади ӕфсӕддонтӕ ард бахуардтонцӕ, фашисттӕй сӕ маст ке райсдзӕнӕнцӕ, уой туххӕй.

25 декабрь. Дигора – устур гъӕу ӕй, райони центр. Цӕргутӕ си нур хъӕбӕр минкъий ес. Цӕмӕн, зӕгъгӕ, бафарстон еу рӕсугъд кизги (лӕудтӕй сӕ колдуари рази ӕма кастӕй не ’фсӕддонти цудмӕ). Дигорӕнтти нӕ бафӕндадтӕй оккупантти ӕфсойни буни ун. Фӕллигъдӕнцӕ хуӕнхтӕмӕ, гъӕдӕмӕ, цӕмӕй тох кӕнонцӕ. Ка байзадӕй, уонӕн ба партион ӕма советон оргӕнтӕй фӕдзӕхст адтӕй сосӕг куст кӕнун. Нур ледзӕг адӕм игъӕлдзӕгӕй ӕздӕхунцӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ, сӕ дзаумӕуттӕ ласунцӕ гъоцитӕ ӕма хӕргутӕбӕл.

Гитлеронтӕ уӕззау дзармадзантӕй ӕхсунцӕ Дигора. Сӕхе ӕрфедар кӕнунмӕ гъавунцӕ Чикола ӕма Секери. Бригади ӕсгарӕг ротӕ сӕ баййафта, истухтӕй сӕ хӕццӕ.

26 декабрь. Дигорай фӕууидтон политхайади хецау А.С. Кошкини. Растбӕл ци нимадтон, уой ин загътон 3-аг батальони туххӕй. Александр Семени фурт ба мин радзурдта иннӕ батальони туххӕй. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй етӕ еугурӕй дӕр Чугуновӕй раздӕр бахъӕрттӕнцӕ нисангонд бунӕттӕмӕ. Хъӕбӕрдӕр фескъуӕлхтӕй Александр Сикач. 1-аг батальони командир ку иссӕй, уӕд размӕмпурсӕн тугъдтити ӕхе равдиста зундгин, бӕгъатӕр ӕма хъӕппӕресгин разамонӕгӕй. Агъазиау цӕфтӕ никкодта немуцӕн Дигорай, ӕрахӕста син сӕ обоз ӕма сӕ хуӕцӕнгӕрзти фулдӕр хай…

27 декабрь. Гитлеронтӕ сӕ гъӕддаг миутӕ ами дӕр кодтонцӕ, мӕнӕ Украини кенӕ иннӕ рауӕнти куд кодтонцӕ, уотӕ: патриотти маргӕ, нӕ байаурстонцӕ нӕуӕгдзаутӕ ӕма зӕронд адӕмбӕл дӕр.

30 декабрь. Нӕ батальонтӕ размӕ гъӕйттӕй ӕмпурсунцӕ. Ирӕф райзадӕй нӕ фӕсте.

31 декабрь. Нӕуӕг анзбӕл ӕмбӕлӕн Дигорай. Ӕрбацудӕй нӕмӕ Алексей Клыков, ӕ фӕсте ба Яков Устиловский, ӕ реуи цӕф бӕститӕ. Ӕмбесӕхсӕви нӕ ниуазӕнтӕ исистан бӕрзонд оккупанттӕбӕл фӕууӕлахези туххӕй. Ниуазтан Сомехӕй ӕрвист сӕнӕ.

1 январь, 1943 анз. Карз бӕнтти фӕсте арв байгон ӕй. Кӕсуй хор. Бригади батальонтӕ ӕнсӕндунцӕ знаги. Цӕгат Иристон искӕдзос ӕй оккупанттӕй. Не ’фсад ӕмпурсуй Кӕсӕг-Балхъари республики зӕнхӕмӕ.