НӔ ӔДЗӔСТУАРЗОНТИ ФУДДӔРАГӔН СӔРӔНДЗИЙНАДӔ РАВДИСТОНЦӔ
Венгрий сӕйраг сахар Будапешти ӕрӕги райевгъудӕй Европи чемпионат уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй. Уӕрӕсей командӕн си архайуни барӕ, гъулӕггагӕн, лӕвӕрд не ‘рцудӕй – Украини ци цаутӕ цӕуй, уони рӕуонӕй. Фал не ‘мзӕнхон богӕлттӕ уӕддӕр ӕхсӕземӕй архайдзӕнӕнцӕ – ӕндӕр паддзахӕдти командити иуонгтӕ уогӕй. Ӕма бабӕй фескъуӕлхтӕнцӕ, сӕ сӕрӕндзийнадӕй барохс кодтонцӕ Иристони спортуарзгути зӕрдитӕ.
Хъӕбӕр сӕрӕнӕй ӕхе равдиста Уӕрӕсе ӕма Советон Цӕдеси ӕскъуӕлхт тренер Дедегкати Хъазбеги гъомбӕлгӕнӕг Салхъазанти Таймураз. 74 кг уӕнгӕ уӕзи хуӕцгӕй, Таймураз ӕнӕкъулумпийӕй рамулдта цуппар нихмӕлӕууӕгей ӕма кӕронбӕттӕни фембалдӕй Италий номӕй хуӕцӕг, дуйней раздӕри чемпион Франк Чамизой хӕццӕ.
Сӕ фембӕлд рауадӕй хъӕбӕр хъазауатон. Тохи райдайӕни Франк Чамизойӕн бантӕстӕй Александрӕй фондз балли рамолун. Сӕ фембӕлди хигъд 5:0 Чамизой пайдайӕн уогӕй, Таймураз равдиста агъазиау турнундзийнадӕ уӕлахезмӕ, ӕма ин бантӕстӕй хигъд 5:5 искӕнун. Цӕмӕй рамола, уой туххӕй ма Таймурази, ӕнӕмӕнгӕ, гъудӕй тӕккӕ минкъийдӕр 1 балл рамолун, ӕма ин е бантӕстӕй, сӕ фембӕлди кӕронмӕ ма 7 секунди ку байзадӕй, уӕд.
Салхъазанти Таймураз Европи чемпион иссӕй, Словакий номӕй хуӕцгӕй.
Сугъзӕрийнӕ майдан рамолунмӕ хӕстӕг адтӕй Уӕрӕсей ӕскъуӕлхт тренер Тибилти Цезӕри гъомбӕлгӕнӕг Байцати Владислав дӕр.
Е чемпионати архайдта Венгрий номӕй. Владислав 97 кг уӕнгӕ уӕзи фӕууӕлахез ӕй цуппар нихмӕлӕууӕгебӕл, фал кӕронбӕттӕни еуминкъий фӕкъкъулумпи ӕй, Азербайджани минӕвар Магомедхан Магомедови хӕццӕ хуӕцгӕй, ӕма байахӕста 2-аг бунат.
Аци уӕзи ма 3-аг бунатмӕ рацудӕй Дедегкати Хъазбег ӕма Олисати Дзамболати гъомбӕлгӕнуйнаг Цӕкулати Батӕрбег. Е дӕр чемпионати архайдта Словакий номӕй.