26 декабря 2024

УÆЛАХЕЗИ БОНÆН – ЦИТГИЙНАГДÆР ÆГЪДÆУТТÆ!..

22.04.2022 | 15:34

Республики организацион комитет «Уæлахез»-и æмбурди архайгутæ æрдзубанди кодтонцæ Цитгин Уæлахези 77-аг бæрæгбон исбæрæг кæнунæн нисангонд мадзæлттæбæл
æма сæ аккаг хузи исæнхæст кæнуни фæдбæл.
Устур Фидибæстон тугъди Уæлахези Бон Уæрæсей цæрæг алли бийнонтæн дæр æй, устур нисанеуæг кæмæн ес, уæхæн æнæферонхгæнгæ бон, нæ фидтæлти æнæмæлгæ бæгъатæрдзийнадæ æвдесæг, нæ Райгурæн бæсти намусгин анзфинстити агъазиауæй-агъазиаудæр цау.
Зæгъун гъæуй уой дæр, æма нæ аци цитгин бæрæгбон уæлдай вазуггиндæр уавæрти бæрæггонд ке цæудзæнæй уомæ гæсгæ ба æ ахедундзийнадæ зингæ бæрзонддæр кæнуй.

Ахедгæдæр ба фиццагидæр уомæ гæсгæ кæнуй, æма Уæрæсе нуртæккæ Донбасси ци сæрмагонд æфсæддон операци аразуй Донецки æма Лугански хуæдбарæ республики сабурцæрæг дзилли украинаг неонацистти фудвæндæй арæзт гъезæмарæдзийнæдтæй сæ фæййервæзун кæнуни нисанеуæгæй, уой нæ Фидибæсти еугур дзиллæ дæр еузæрдиуонæй нимайунцæ æнæмæнгæ гъæугæ гъуддагбæл..
Еци операций архайунцæ 58-аг æфсади æфсæддонтæ дæр. Уой фæдбæл Сергей Меняйло уотæ загъта:
– Гермайнаг фашизмбæл æма уой хъозæнттæбæл инсæйæймаг æноси нæ адæми ци фæлтæртæ фæууæлахез æнцæ, еци намусгин тугъдонти кæстæр фæлтæртæ ба нуртæккæ хъазауатонæй тох кæнунцæ, æ сау марг нæуæгæй дуйнебæл рахæлеу кæнунмæ ка багъавта, еци украинаг нацизми нихмæ.
Уой нимайгæй, Уæлахези бæрæгбон цитгинæй исбæрæг кæнунмæ нæхе гъæуама бацæттæ кæнæн уæлдай бæрнондæрæй!..
Æма куд баханхæ кодта, уотемæй уæлдай фулдæр æма лæмбунæгдæр æргом æздахун гъæудзæнæй нæ ветерантæмæ, уонæн социалон агъаздзийнæдти мадзæлттæ дæр æнхæстгонд
куд æрцæуонцæ, афойнадæбæл æма æнæкъулумпийæй сæмæ куд бахъæртонцæ, уомæ. Æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг æй кæстæрти ‘хсæн патриотон гъомбæлади мадзæлттæ фулдæр æма парахатдæрæй кæнуни гъуддаг дæр.
Дзæуæгигъæуи æма республики еугур районти дæр ци циртдзæвæнтæ ес, уонæбæл 9 майи размæ цалдæр боней дæргъи æвæрдзæнæнцæ деденгутæ, арæзт цæудзæнæнцæ информацион æма рохсадон проекттæ, равдиститæ, социалон æма культурон акцитæ, æндæр аллихузон имисæн æма зæрдæбæлдарæн мадзæлттæ. Барбашови фæзи байгон уодзæнæй нæуæг баннер.
Зундгонд куд æй, уотемæй коронавируси хуæцгæ нези фудæй фæстаг дууæ анзей дæргъи Æхсæндуйнеуон акци «Æнæмæлгæ полк» арæзт цудæй онлайн хузи. Аци анз ба е цæудзæнæй,
раздæри æнзти куд адтæй, уотæ, æма бабæй Уæрæсей еугур рауæнти, уой хæццæ Цæгат Иристони дæр, мингай адæймæгутæ хæсдзæнæнцæ сæ тогвæллад хестæрти къартæ. Аци анз ма
тугъдонтæ æма тугъди ветеранти къартæбæл бафтуйдзæнæй, Уæлахезмæ устур æвæрæн ка бахаста, тугъди рæстæг фæскъилдуни уодуæлдайæй хъиамæт кæнгæй, уони къартæ дæр.
Фарæ куд адтæй, уотæ аци хатт дæр арæзт æрцæудзæнæй акци «Сæ цæсгæнттæмæ син бакæсæ…» Республики цæргутæн аци нæуæгдзийнадæ сæ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй,
сауæнгæ ма деси æфтудта, Цæгат Иристонмæ ци иуазгутæ исæмбалдæй, уони дæр. Æцæг аци хатт еци арфиаг гъуддаг æнæмæнгæ гъæуама рахъæрта никки фулдæр тугъдонтæбæл, уомæ гæсгæ ба, Цæгат Иристонæй Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохмæ ка рандæй, уонæн сæ къартæ фæууиндзинан, нæ сахартæ æма гъæути гъæунгти, надгæрæнтти æма ма æндæр рауæнти ци баннертæ æвæрд æрцæудзæнæй, уонæбæл.
Æмбурди кæронбæттæни Сергей Меняйло сæрмагондæй бафæдзахста:
– Уæлахези Бон махæн нæ еугуремæн дæр æй нæ бæрæгбæнттæн сæ кадгиндæр, æма ибæл гъæуама исæмбæлæн хуæрзцæттæй, исцитгин æй кæнæн тæккæ федауцæдæрæй.
Æма еци фæдзæхст ба хауй махæй алкæмæ дæр, алкедæр ни ихæсгин æй уой тæккæ зæрдиагдæрæй æма бæрнонæй исæнхæст кæнунæй.