03 декабря 2024

АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..

29.04.2022 | 15:11

ТÆРСÆ МА ТÆРСÆ, УÆДДÆР ÆРЦÆУЙНАГ БА ÆРЦÆУДЗÆНÆЙ!..

Аци загъд нин нæ рагфидтæлтæй байзадæй. Æма, ка ‘й зонуй, уотæ уомæ гæсгæ гъуди кодтонцæ, цæмæй сæ царди зин æма тухст уавæртæн хъæбæрдæр бухстайуонцæ, уомæн æма уони
фæррæвдзæдæр кæнунбæл цийфæнди кæд архайдтонцæ, уæддæр син си уоййасæбæл неци уадæй.
Уæддæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ дзиллæ сæ ирисхъи берæ цæйдæрти фæдбæл тасдзийнадæй сæребарæ некæд адтæнцæ æма нерæнги дæр ма нæ ‘нцæ… Уомæ гæсгæ уæ зонгæ кæнæн, дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг агентадæ Левада– центри æртасгутæ æрæги уæрæсейæгти, фулдæр цæмæй тæрсетæ, зæгъгæ, ку бафарстонцæ, еци дзуæппити еумæйаг бæрæггæнæнти хæццæ (лæвæрд цæунцæ проценттæй).