Недзаманти фæсномуг радзурдтæ (басня) ка финста, уонæн сæ номдзуддæр адтæй ЭЗОП. Абони уæ зонгæ кæнæн æ уадзимистæй цалдæрей хæццæ.
ДОМБАЙ ÆМА САГ
Домбай исæрра ’й. Саг имæ гъæди къохæй кастæй æма загъта: «Мæгур нæ бон! Æнæ æррайæй нин дуйней фудбæллæхтæ ка æвзарун кодта, е ма нин е ’ррай рæстæги ба цитæ уинун кæндзæнæй!»
Æмбесонд амонуй: паддзахади сæргъи хевæндæ æма галеу лæг ку ’рлæууй, уæд е адæмæн фидбилизи хуасæ æй.
ГАЛТÆ ÆМА СÆМÆН
Галтæ уæрдун ластонцæ, сæмæн ба хъис-хъис кодта. Галтæ разилдæнцæ æма ин загътонцæ: «Гъе, уæууæй, гъе! Уæрдун мах ласæн, нæтгæ ба ду кæнис?»
Æмбесонд уой амонуй, æма адæммæ дæр ес уæхæнттæ: еуетæ косгæ фæккæнунцæ, иннетæ ба сæхе фæлладхузæй февдесунцæ.
БЕРÆГЪ ÆМА ДÆРКЪÆ
Берæгъ еу хæдзари рæзти цудæй. Дæркъæ еци хæдзари сæрбæл лæудтæй æма берæгъи ралгъиста. Берæгъ ба ин уотæ бакодта: «Ду мæ не ’лгъетис, фал мæ дæ бунат æлгъетуй».
Æмбесонд амонуй: æ фадуат кæмæн фæууй, е хатгай æхецæй тухгиндæртæмæ дæр бандеуй.