23 ноября 2024

«ЕЦИ ТУГЪДОНТÆ МАХÆН ÆЦÆГ БÆГЪАТÆРТÆ ÆНЦÆ!..»

07.05.2022 | 14:51

Лугански æма Донецки Адæмон Республикити сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй не ‘мзæнхон æфсæддонтæй бæгъатæрæй ка фæммард æй, уонæй Уæрæсей Президент Владимир Путини Указæй сæ бæгъатæрдзийнадæ æма уодуæлдайдзийнади туххæй Лæгдзийнади ордентæ кæмæн исаккаг кодтонцæ, уони хеуæнтти хæццæ Мæздæги, Кирови æма рахесфарси районти фембалдæй нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æ радзубандий загъта:

– Хъæбæр зæрдристæй, хъонцгæнгæй тæфирфæс кæнун нæ еци æдзард бæгъатæрти бийнонтæн еугуремæн дæр. Махæн етæ ‘нцæ æма æностæмæ дæр уодзæнæнцæ æцæг бæгъатæртæ… Етæ, сæ цард иснивонд кæнгæй, кæрæй-кæронмæ исæнхæст кодтонцæ сæ размæ æвæрд ихæс – Устур Фидибæстон тугъди рæстæг нæ фидтæлтæ куд фескъуæлхтæнцæ, раст гъе уотæ – нæ Райгурæн бæсти сæребарæ æма хуæдбарæдзийнадæ багъæуай кодтонцæ, уой хæццæ ба ма дуйней агъазиаудæр хай фæййервæзун кодтонцæ нацистон еминæй. Абони ке имисæн, еци лæхъуæнтæ дæр кæрæй-кæронмæ исæнхæст кодтонцæ се ‘фсæддон ихæс.

Куд уинæн, уотемæй абони бабæй кæмидæрти кадæртæ архайунцæ нацизм райгас кæнунбæл. Уомæн ба неци хузи ес уæн. Æма абони ци лæхъуæнти имисæн, уонæн барæгонд æрцудæй еци хъилма искунæг кæнун æма се ‘фсæддон ихæс намусгинæй кæрæй-кæронмæ исæнхæст кодтонцæ, сауæнгæ ма сæ цард иснивонд кæнгæй. Сумах, сæ хеуæнттæ, гъæуама си сæрустур уайтæ, мах ба алцидæр араздзинан, цæмæй сæ рохс нæмттæ иронх ма уонцæ нæ дзиллæй. Етæ махæн, нæ адæмæн, æнцæ æцæг бæгъатæртæ…

Сергей Меняйло ма зæрдæ байвардта уомæй дæр, æма æхемæ райсдзæнæй æдзард тугъдонти бийнонти цардиуаги фарстатæ аразуни гъуддаг дæр. Фæллойнæ æма социалон ирæзти министрадæн бафæдзахста, цæмæй уæхæн бийнонтæн искæнонцæ сæрмагонд паспорттæ, цидæриддæр фарстатæ сæмæ æвзура, етæ афойнадæбæл æма гъæугæ хузи æнхæстæй лухгонд куд цæуонцæ.

 

***

Бæгъатæрдзийнадæ æма уодуæлдайдзийнадæ ке бавдистонцæ, уой туххæй Уæрæсей Президент Владимир Путини Указæй Лæгдзийнади орденæй хуарзæнхæгонд (фæсмæрдæ) æрцудæнцæ:

– рæнгъон Дубоделов Вадим Андрейи фурт. Орден равардтонцæ æ мадæ Герус Светланæ Николайи кизгæмæ;

– ефрейтор Лукожев Беслан Багаудинович. Орден равардтонцæ æ фидæмæ Лукожев Багаудин Аздиновичмæ;

– кæстæр сержант Гулати Маусури фурт Маирбекæн. Орден равардтонцæ æ хæстæг Гобети Агматкирей кизгæ Иринæмæ;

– хестæр сержант Ибрагимов Осмæн Берслани фурт. Орден равардтонцæ æ уосæ, Ибрагимова Айшат Исмаили кизгæмæ;

– сержант Коваленко Александр Василийи фурт. Орден равардтонцæ æ мадæ Давыденко Ольгæ Александри кизгæмæ;

– рæнгъон Казарян Акоп Сейранович. Орден равардтонцæ æ мадæ, Айрапетян Маринæ Каджиковнæмæ;

– хестæр лейтенант Ковалев Игорь Николайи фурт. Орден равардтонцæ æ мадæ Ковалева Иринæ Николайи кизгæмæ;

– кæстæр сержант Милдзихти Руслани фурт Эдуард. Орден равардтонцæ æ уосæ Милдзихти Заирæ Кими кизгæмæ.

– ефрейтор Мисиккати Хъазбеги фурт Чермен. Орден равардтонцæ е ‘нсувæр Мисиккати Хъазбеги фурт Тотразмæ.

***

Уомæй цалдæр боней раздæр ба Сергей Меняйло фембалдæй не ‘мзæнхон æдзард тугъдонтæй Донбасси сæрмагонд æфсæддон операций ка фæммард æй æма Лæгдзийнади орден аккагонд (фæсмæрдæ) кæмæн æрцудæй, уони хеуæнтти хæццæ.

Уой туххæй ма нæ газети финстан, абони ба мухур кæнæн еци æдзард бæгъатæрти номхигъд;

– старшина Скоков Михаил Михаили фурт, орден равардтонцæ æ фурт Никитæмæ;

– ефрейтор Ковальчук Олег Сергейи фурт, орден равардтонцæ æ фидæ Сергей Михаили фуртмæ;

– хестæр сержант Харебати Тамазий фурт Алан, орден равардтонцæ æ фидæ Тамази Николайи фуртмæ;

– рæнгъон Леонов Игорь Александри фурт, орден равардтонцæ æ мадæ Иринæ Виктори кизгæмæ;

– ефрейтор Мæргъити Феликси фурт Артур, орден равардтонцæ æ бийнойнаг Виктория Виктори кизгæмæ;

– сержант Железнов Александр Вячеслави фурт. Орден равардтонцæ æ кизгæ Екатеринæмæ;

– сержант Кочити Мæирбеги фурт Эльбрус. Орден равардтонцæ æ мадæ Мананæ Робинзони кизгæмæ;

– хестæр прапорщик Суслов Сергей Сергейи фурт, орден равардтонцæ æ бийнойнаг Иринæ Юрийи кизгæмæ;

– сержант Бахъати Николайи фурт Андрей. Орден равардтонцæ æ бийнойнаг Джиоти Алинæ Александри кизгæмæ;

– рæнгъон Шахин Джабир-Оглы Ахмедов. Орден равардтонцæ æ фидæ Джабир Векилхаммæ;

– сержант Гагулати Виталийи фурт Геуæрги. Орден равардтонцæ æ фидæ Виталий Юрийи фуртмæ.

***

Æрæги ба нæ республики Сæргълæууæг Горæтгæрони æма Алагири районти фембалдæй Донецки æма Лугански республикити Уæрæсей Федераци ци сæрмагонд æфсæддон операци аразуй, уой рæстæги се ‘фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй ка фæммард æй æма сæ бæгъатæрдзийнади туххæй Лæгдзийнади орденæй хуарзæнхæгонд ка ‘рцудæй, уони хеуæнтти хæццæ. Зæрдхъурмæй син ратæфирфæс кодта, зæрдитæ син байвардта, нæ æдзард бæгъатæрти рохс нæмттæ нæ дзиллæй иронх ке некæд уодзæнæнцæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ ке имисдзæнæнцæ æма сæ цитгин ке кæндзæнæнцæ, уомæй.

Се ‘фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй бæгъатæрдзийнадæ, æхсардзийнадæ æма уодуæлдайдзийнадæ ке бавдистонцæ, уой туххæй Лæгдзийнади орденæй (фæсмæрдæ) хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ.

– рæнгъон Бурати Нодари фурт Фидар. Орден лæвæрд æрцудæй æ седзæргæс уосæ Тедети Натальямæ;

– капитан Висяч Сергей Александри фурт. Орден лæвæрд æрцудæй æ уосæ Галинæ Висячмæ;

– сержант Хъæцмæзти фурт Хъазбеги Артур. Орден лæвæрд æрцудæй æ мадæ Елойти Розæмæ;

– ефрейтор Тедети Энвери фурт Гермæн. Орден лæвæрд æрцудæй е ‘нсувæр Тедети Азаматмæ;

– сержант Хурити Платони фурт Рустам. Орден лæвæрд æрцудæй æ уосæ Гурцъити Алинæмæ;

– капитан Дзантиати Аслан. Орден лæвæрд æрцудæй æ мадæ Гъæргинти Зæлинæмæ;

– кæстæр сержант Доййати Эльбрус. Орден лæвæрд æрцудæй æ мадæ Хаматканти Мæдинæтмæ.

Сергей Меняйло ма еци фембæлдти рæстæг федарæй зæрдæ байвардта уомæй дæр, æма нæ æдзард бæгъатæр тугъдонти хеуæнттæ иронх ке нæ уодзæнæнцæ, багъæуаги син хецаудзийнади ‘рдигæй агъазгонд ке цæудзæнæй.