ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..
«НÆУÆГ БОН» – ФИЦЦАГ ЗÆРБАТУГ
«Нæуæг бон», – уотæ исхудтонцæ, алли бон æма, æхе бæлвурд фæткæмæ гæсгæ ка цæуй, мухури уæхæн фæрæзнитæ парахатгæнæг паддзахадон сæрмагонд базарадон хизæ. Æрæги, Советон мухури бони, байгон æй фиццаг киоск. Проектбæл бакуста Республикæ Цæгат Иристон-Аланий мухури æма дзиллон коммуникацити Комитет. Базарадон хизæ «Ног бон»-æн æ кустмæ цæстдарæг уодзæнæй киунугæуадзæн рауагъдадæ «Ир».
– Проекти сæйраг нисан æй, нæ республики цæргути домæнтæ æнхæстгæнгæй, хуæрзвадуат административон-экономикон уавæртæ исаразун, гъæугæ информаци æнæкъулумпийæй райсунæн, Уæрæсей еумæйаг информацион тугъдадæ багъæуай кæнунæн æма фæгъгъомусгиндæр кæнун. Аци унаффæ рахаста нæ бæсти Президент Владимир Путин, – æ раздзубандий фæббæрæг кодта комитети сæрдар Фидарати Юрий.
Фидари-фурт куд фегъосун кодта, уотемæй киосктæ уодзæнæнцæ дууæ хузи сæ арæзтадæмæ гæсгæ. Аци анз ма байгон кæндзæнæнцæ никкидæр цуппар объекти. Æдеугурæй ба сæ нимæдзæ уодзæнæй дууæсæдемæй фулдæр. Æрбунæттон уодзæнæнцæ республики алли районти.
Газеттæ, журналтæ, киунугутæ, сувенирон продукци æма финсæн хабæрттæ си балхæнæн уодзæнæй асландæр аргъæй. Адæми уодæнцондзийнадæн си рафинсæн уодзæнæй республикон æма районти газеттæ, уæдта журналтæ дæр.
Кадгин мадзалмæ æрбамбурд æнцæ берæ адæм. Сурх лентæ ралух кодтонцæ Фидарати Юрий æма рауагъдадæ «Ир»-и директор Кокайти Сослан.
Нурæй фæстæмæ «Мæскуй гъæунги, 1-аг автовагзалмæ хæстæг, балхæнæн уодзæнæй нæуæг газеттæ æма журналтæ. Киоск косдзæнæй сæумæ 8 сахаттемæй изæри 6 сахаттей уæнгæ.
ГУГКАТИ Жаннæ