26 декабря 2024

ӔВӔНДОНӔЙ НЕКӔЦИ ГЪУДДАГ РӔСТМӔ КӔНУЙ!..

28.05.2022 | 14:22

Номдзуд ахургонд, филологон наукити доктор, профессор ЦАГЪАТИ Анастасия Дзаболай кизгæ (1919-2009)устур æвæрæн бахаста нæ адæмон исфæлдистадæ æмбурд æма парахат кæнуни гъуддагмæ. Нæ адæми царди хабæрттæй дæр – æцæг цаутæй, таурæхътæй, аргъæуттæй æма æндæр фольклорон æрмæгæй – ци æрæмбурд кодта, уонæй кæцидæрти амæй размæ дæр мухур кодтан нæ газети. Абони ба уæ зонгæ кæнæн, кæддæр Терки галеуварс гъæути æма Мæздæги райони ци æрмæг æрæмбурд кодта, уонæй цалдæрей хæццæ.

 

КА СИ АДТӔЙ ЕЗДОНДӔР?

Кизгæ æма биццеу кæрæдзей хъæбæр берæ уарзтонцæ. Биццеу кизгæбæл дзурдта æма ин æй е ‘нсувæртæ нæ лæвардтонцæ. Биццеу æй базудта, сæ хуæри ин ке нæ лæвардтонцæ, уой.

Кизгæ кæцæйдæр æрбацудæй, биццеу ба гъæуæй фæцæйцудæй æма дууæ тагебæл исæмбалдæнцæ. Неке ес дуйнебæл сæ дууемæй уæлдай. Æма имæ лæхъуæн дзоруй, æз, дан, уой базудтон, де ‘нсувæртæ дæ ке нæ дæттунцæ мæнæн. Фал дæ нæ рауадздзæнæн, цалинмæ мæ ци фæндуй, уони дин бакæнон, уæдмæ.

Нур кизгæ райдæдта дзорун: мæнæ зæнхæбæл лæууæн æма дин еци зæнхæй ард хуæрун, зæнхон адæймаги бауæри игъæстæ нæ фæууодзæнæн дæ разæй, æма мæ мæ надбæл рауадзæ. Биццеу раздахтæй æма рандæ ‘й сæхемæ. Кизгæ дæр рандæ ‘й. Сæхемæ ку ниццудæй кизгæ, уæд ибæл кæцæйдæр фæцæй дзорæг æма ‘й равардтонцæ уомæн.

Æхсæвæ сæхе барæ ку бацæнцæ, уæд лæхъуæн дзоруй: адæмæй мæ ци барæ адтæй, е мæ къохи бафтудæй æма мæ рази дæхе æруадзæ. Кизгæ имæ дзоруй, æз не ‘рхусдзæнæн дæ фарсмæ.

– Цæмæннæ?

– Æз цæун еци лæхъуæнмæ, æма мин æхсæвæбонмæ ци ‘й фæндуй, уой кæнуй. Æз уомæн уобæл ард бахуардтон.

Лæхъуæн хуссæнбæл æрбадтæй æма сагъæсти бафтудæй, уæдта имæ дзоруй, гъома, цо.

Таги ци лæхъуæни хæццæ исеу æй, кизгæ уомæ рандæ ‘й æма ин æ къæразгæ бахуаста. Е цирагъ иссугъта, дуар байгон кодта æма имæ бацудæй кизгæ.

– Ци агорис ами? – фæрсуй æй лæхъуæн.

– Æз æма ду таги рази цæбæл бадзубанди кодтан, уой æнхæст кæнунмæ иссудтæн. Нур мæнæн лæг ес, фал мæ дзурд нæ сайун.

– Еунæг Хуцау дæхецæй боз, æгайтима дæмæ мæ къох нæ бахъæрдтæй, мæ къабазæ мæ лух кæнун багъудайдæ.

Лæхъуæн æ кири дуар райгон кодта. Сугъзæрийнæ къохдарæн си исиста. Кизги къохбæл æй бакодта æма загъта:

– Абонæй фæстæмæ ду дæ мæнæн мæ мадæй райгургæ хуæрæ. Æхуæдæг уæрдун исефтигъта æма кизги нилласта, ке адтæй, уомæн.

Еци æртемæй ездондæр ке рахонæн?

 

ӔРТӔ ЦАУӔЙНОНИ

Кæрæдзей агурдтонцæ æртæ зундгонд цауæйнони. Лæгий-фурт, Гъуцъунати Габиц æма кæсгон цауæйнон. Еууæхæни Сау гъæди кæрæдзебæл исæмбалдæнцæ. Базудтонцæ кæрæдзей. Еу къуæре еумæ фæцæнцæ. Уæдта кæрæдзей фарстонцæ, цауæйнонтæ ан, æма ни фæндарастдæр ка фæцæй, е зæгъæд. Фиццаг барæ равардтонцæ кæсгонæн. Е загъта:

– Геуæргобай мет рауардта æма сæлаурдзауæн ракæнон зæгъгæ, рандæ дæн. Еу устур пъура бæласæмæ исхъæрттæн æма дин дуйне сæлаури фæдтæ. Кæсун æма дин си еу сурх дæллагхъур сæлаур æ сæр радардта. Фехстон æй. Дуккаг фат райефтигътон, æма бабæй дин уæлæ кæсуй сæлаур уордигæй. Фехстон бабæй æй. Цалинмæ бабæй фат ефтигътон, уæдмæ бабæй дин уæлæ сæлаур кæсуй. Уотемæй еу æма инсæй æхсти фæккодтон. Уæдта мæмæ топпихуасæ нæбал адтæй. Уæд фæрæт фелвастон. Даргъ гъæдæ ибæл расагътон. Пъура калунбæл исхуæстæн. Хор ма минкъий адтæй, уотемæй æй калд фæдтæн æма си еу æма инсæй сæлаури марди райстон. Еу дæр си нæ фæдздзæгъæл æй ме ‘хститæй, уæхæн фæндараст фæдтæн еци бон.

Уæд райдæдта Габиц дзорун:

– Фæззæги еу дагъæмæ дæс æма æртинсæй дзæбодури батардтон цæутæ. Еу рауæнæй идарддæр сæмæ бацæуæн некæцæй адтæй. Æз уобæлти бацудтæн. Фондз æма инсæй дзæбодури си ку æргæлстон, уæд сæ рауагътон. Мæхуæдæг гъæумæ æрцудтæн. Адæмæн фегъосун кодтон æма еци сирди мæрдтæ æрхастан. Гъе уæдæй фæндарастдæр некæд фæдтæн.

Уæд Лæгий-фурт загъта:

– Æз дæр Геуæргобай, Мизурæй Сухони къахирмæ рацудтæн сагтæ марунмæ. Хор куддæр искастæй, уомæй сехуари уæнгæ финддæс саги рамардтон. Сæ хурфидзаумæуттæ син ракалдтон. Хор ма минкъий кастæй, уотæ Сухонæй Байрагон æрдозæмæ ‘рхизтæн. Æрдози астæу бæхти æргъау. Ци уа зæгъгæ дес кодтон, ци уа аци бæхти æргъау? Æрбадтæн уолæфунмæ, уотæ дин финддæс бæхи кафгæ рацæунцæ. Уонæн сæ сæргъти къудуртæ сæ уæле. Æхтæнгтæ фиди нæрдæй нæбал зиннунцæ. Æз син мæ дзæкъолæй цæнхæ исистон. Никкодтон æй æма ибæл бæхтæ æрбамбурд æнцæ. Æз субулдзæ бæхъæ истухтон æма уомæй бæхтæ кæрæдзебæл исбастон. Исæвардтон мæ сирди мæрдтæ бæхтæбæл. Устур Мизурмæ мæ исластонцæ, æма сæ уоми адæмæн байурстон. Гъе уæдæй фæндарастдæр æз некæд фæдтæн. Уæд дигорон æма кæсгон цауæйнонтæ загътонцæ Лæгий-фуртæн: – Рамулдтай нæ ду, Лæгий-фурт.

Черчести Болай фурт Батрази дзубандитæй финст 1965 анзи 10 июни, Црауи.

 

ГӔЛӔБАТИ АМИНӔТ

(Æцæг хабар)

1904 анзи махбæл æрцудæй уæхæн хабар, Гæлæбати Тæтæрхъан æма Нинæ цардæнцæ хонхи Дзиуаригъæуи. Мæ хуæрæ Аминæт ку райрæзтæй, уæд ибæл Дулати Мисирбийи фурт Хъаур дзурдта, Лæцигъæуккаг. Кизгæн æхе нæ фæндадтæй. Æз ба, е ‘нсувæр, уæд минкъий биццеу адтæн. Еу бон фиййау адтæн. Ку ‘рцудтæн, уæд арти фарсмæ бабадтæн. Кæсун, æма нæ хæдзари дуйней лæгтæ. Нæ мади фæрсун:

– Атæ ци ‘нцæ?..

Æма мин уотæ зæгъуй:

– Дæ тæккæ билтæн дин еу хæфт фæккæндзæнæн, е ба дин ци ‘нцæ!

Уæд нигъгъос дæн. Аминæт ба Цгъойти Тæпсихъой кизгæ Фаткай хæццæ ‘рбацудæй æма уотæ зæгъуй:

– Бахатир кæнетæ, хуарз адæм, ме ‘рбацуд раст нæй, фал мæнæ уе ‘хсæн мæ фиди ку бафæрсинæ, е мæ фæндуй…

Æма райдæдта дзорун:

– Тæтæрхъан, атæ дин ка ‘нцæ?

– Дæу дæттун, дæу, æма етæ ‘нцæ.

– Цæмæн мæ дæттис, цæмæй ми бафæлладтæ, уой мин зæгъæ.

– Хуарз хæдзарæ ‘нцæ, гъæздуг хæдзарæ ‘нцæ, берæ зæнхитæ сæмæ ес, æма дæ гъе уомæн дæттун. Бæззунцæ нин хæстæгæн.

– Ду мæ кæмæн дæттис, ду, е мæн мæ царди медæгæ некæми гъæуй. Фал мадæ æма фидæ кæми айтæ, уомæ гæсгæ уæ дзурдæн аргъ искæнæн ес. Уæ еунæг биццеуи ку дæттайтæ, уæддæр гъæуама уæ коммæ кæса. Фал дин дæ иуазгути рази федарæй зæгъун: æз дæ къохи ку нæбал уон, уæд ду мæнæн хецау ке нæбал дæ, уой. Уой дин федарæй зæгъун.

Нур федаугутæй еуетæ зæгъунцæ, айæ кæнгæ гъуддаг нæй, айæ хайир гъуддаг нæ уодзæнæй. Фал си уæхæнттæ фæффулдæр æй, уотæ ка дзурдта, зæгъгæ, дан, силгоймаг уæхæн дзубандитæ берæ фæккæнуй.

Е адтæй фæззæги, раст Геуæргобай. Кизги æвæндонæй равардтонцæ, тухлæвæрд. Нæуæгбонтæ ку ралæудтæнцæ, уæд рацудæнцæ скъæфунмæ сæ курд кизгæмæ. Кизгæ куд æвæндонæй лæвæрд адтæй, уомæ гæсгæ сæмæ Цопанатæй Тугъан уæхæн мæнгæттæ хабар бахаста: Дулатæ, будури Хъахъхъæдорæй Гæлæбати биццеутæ ‘рбацудæнцæ æма уин уæ курд кизги хонунцæ. Нур етæ ба Хонхи Хъахъхъæдормæ уосгор æрбацудæнцæ æма уордæмæ рандæ ‘нцæ.

Дулатæ рацудæнцæ Лæцæй фараст бæхгинемæй æма Дзобелати Мæхæмæти æдзæрæг хæдзари æрфусун кодтонцæ. Сæ бæхтæ бабастонцæ. Мæхæмæт ба уæд Дзиуаригъæумæ ралигъдæй будурмæ.

Аминæтæн æ къохбæлхуæцæг Дулати Микъо æууæнкæй иссудæй, мæнæ нæ хуæри фæууинунмæ рацудæнцæ, зæгъгæ. Исбоц сæ кодтонцæ нæ бийнонтæ. Хуæруйнаг син æрæвардтонцæ. Фæббадтæнцæ.

Мадæ æма фидæ ниххустæнцæ. Етæ сæбæл дуæрттæ исæхгæдтонцæ. Синхæгтæбæл дæр ма исæхгæдтонцæ дуæрттæ. Æма сæ курд кизги тухæй рахастонцæ. Кизгæ ку исгъæр кодта, уæд сæ куй æрæййафта æма сæ ниппурхæ кодта. Кизгæ райервазтæй. Синх рафæдес æнцæ, æма кизгæ Цопанати Елбиздихъой къохмæ бахаудтæй. Æма е Аминæти багъæуай кæнуни бæсти загъта:

– Мæнæ ‘й, Дулатæ, кизгæ æма ‘й хонетæ!

Фæлластонцæ кизги тухæй.

Еци хабар ку райгъустæй, уæд не ‘рвадтæлти биццеутæ æрцудæнцæ Хъахъхъæдорæй, уосгор кæми адтæнцæ, уордигæй, æма æнæгъæнæ комбæстæ исæзмалдæй.

Адæм се ‘хсæн бацудæнцæ æма сæ басабур кодтонцæ. Мæгури фарс ма ка фæууй! Адæм сæ басабур кодтонцæ. Бафедудтонцæ Дулати хæццæ. Дулатæй ирæд райстонцæ хумтæ, галтæ æма гъоцитæ, уæдта бæх. Е адтæй Нæуæгбонти. Нæуæгбонтæй сæмæ Уацеллатæмæ фæццардæй. Уацеллати æз мæ фиди хæццæ адтæн кувддони æма изæрæй ку ‘раздахтан, уæд нæ дуармæ бæх баст. Мæ фидæ мæ фæрсуй:

– Биццеу, е цæй бæх æй?

Æма ин зæгъун:

– Ци ин зонун æз дæр ардигæй уордæмæ?

Ку ‘рхъæрттан, уæд бæхи хецау рацудæй æма зæгъуй:

– Тæтæрхъан, ма фæттæрсæ, фал Аминæт æхебæл топп ниццавта. Æма дæу агоруй.

Зæронд лæгæн æ хурдзинтæ æ къохæй æрхаудтæнцæ.

Уоми зæронд лæгтæ рамбурд æнцæ: Цопанати Гио, Чъерджиати Гио, Цопанати Бæппу, Чъерджиати Балито æма цæунбæл фæцæнцæ. Цæунбæл ку фæцæнцæ, уæд æз дæр нæбал ниллæудтæн, рандæ дæн сæ хæццæ.

Æгасæй ма ‘й баййафтан, æма мæн бакодтонцæ æ размæ. Бацудтæн имæ æз æма мæгур мæн æ хъури никкодта æма дзоруй: – Гæгка кæми ‘й? (Мах нæ фиди уотæ худтан.)

Æма имæ дзорун:

– Далæ дуармæ ‘й.

Уæдта имæ бацудæй нæ фидæ. Бацудæй имæ, æма Аминæт бахудтæй æма уотæ зæгъуй:

– Куд æй, Гæгка, æз мæ загъдæн хецау дæн æви нæ? Ме ‘схæссæг фидæ, мæ адзал нæ уогæй, дæ зундæй мæрдтæмæ цæун. Æлгъетгæ дæ нæ кæнун, фал мæ тæрегъæдæй цард иссерæ!

Уобæл рацох æй. Ирæди ин ци хумæ райстонцæ, уоми мæнæуæ конд адтæй. Уой никкарстонцæ æма ‘й уоми байвардтонцæ. Лæг дæр æ фæсте къуæре дæр нæбал фæццардæй, Дулати лæг. Рамардæй…

Гæлæбати Тæтæрхъани фурт Гасайи дзубандитæй финст Майрæмадаги 1965 анзи 24 июни. Гасай райгурдæй 1892 анзи.