27 декабря 2024

ЦЪИФКАЛӔН ДАН-ДУНТӔН —РӔСТДЗИЙНАДӔЙ НИХКЪУӔРД!..

10.06.2022 | 17:29

Нуртæкки æхсæнадæмон уавæр хопъали уæнгæ ‘й хъæбæр сагъæссаг, цæмæйдæрти тæссаг фæззиндтитæй. Уонæй беретæ ба комкоммæ арæзт цæунцæ Уæрæсей нихмæ, уой экономикон æма социалон-политикон гъомусадæ æрнидæн кæнуни нисанеуæгæй. Е дин аллихузон санкцитæ æма æндæр фудвæндитæ, кæцитæй нæмæ æвзедунцæ дуйней кæцидæр æдзæстуарзон паддзахæдтæ. Уой хæццæ ба нæ бæсти нихмæ иситинг кодтонцæ информацион тугъд. Æма нæ багъудæй еци фудмадзалæн карз нихкъуæрд раттунмæ исарæхсун. Кутемæй æма цæй фæрци? Гъе уобæл цудæй дзубанди, æрæги Дзæуæгигъæуи сæрмагонд наукон-практикон конференций. Аци мадзал арæзт æрцудæй Цæгат Иристони паддзахадон университет æма нæ республики национ политики æма æндагон бастдзийнæдти министради хъæппæресæй.

Пятигорски паддзахадон университети профессор, политикон наукити доктор, наукон-ахурадон центри разамонæг Майя Аствацурова си искодта доклад «Уæрæсей национ æдасдзийнадæн информацион æвзедæнтæ: лухкæнуйнаг фарстатæ æма сæ ралух кæнуни гæнæнтæ». Æ радзубандий е уотæ баханхæ кодта:

– Нуртæккæ дуйней, фиццагидæр ба Уæрæсей алфамбулай политикон уавæр цæйбæрцæбæл вазуггин æй, уомæ гæсгæ махæй алкæмæн дæр æ ихæс æй, æнæбундор, уæлдайдæр ба кæрæй-кæронмæ дæр цъифкалæн ка ‘й, уæхæн «хабæрттæ» нæмæ цæмæй парахатгонд ма цæуонцæ, уой туххæй тухгин, ахедгæ мадзæлттæ аразун. Уомæ гæсгæ ба гъæуама æруагæсдæргæнæн хабæрттæ фулдæр хъæртун кæнæн дзиллæмæ, нæ рæстдзийнадæбæл сæ гъæуама æууæндун кæнæн информацион æгъдауæй æнхæст æрмæгутæй.

Еузагъдæй: æхсæнади сæризунди гъæуама федаргонд цæуа æ рæстадæй пайдахæссæг хабар. Уомæ гæсгæ зæрдæбæл æрбалæууй еу рагон цау.

Цæветтонгæ, рагонбердзейнаг зунди лæг Сократмæ, дан, еу лæг æрбацудæй æма ин загъта:

– Дæ хæлæрттæй ке фегъустон, еу уæхæн хабар дин мæ бон æй радзорун…

– Еуминкъий багæдзæ кæнæ. Ци хабар мин радзоруйнаг дæ, уой бал раздæр ниффæлсодзун гъæуй. Уой туххæй ес æртæ фæлсодзæни. Фиццаг хуннуй – рæстдзийнадæ. Зæгъай мин, федарæй ди æруагæс кæнуй, ци мин радзоруйнаг дæ, е раст ке ‘й, е?

– Не ‘руагæс кæнуй, – дзуапп равардта лæг. – Æз дæр æй æндæр кæмæйдæр фегъустон.

– Мадта, нур ба – дуккаг фæлсодзæн: ци мин радзоруйнаг дæ, е хуарз хабар æй æви лæгъуз?

– Æргом дзоргæй, хъæбæр лæгъуз хабар.

– Ес ма æртиккаг фæлсодзæн: ести пайда æй дæ радзоруйнаг æви нæ?

– Æвæдзи нæй, – дзуапп равардта лæг.

– Мадта уæд, растдæр ка нæй, хуарз дæр ка нæй, пайда дæр кæмæй неци ес, еци хабар мæн цæмæн гъæуй?..

Мах дæр, нæ нуриккон уæрæсейаг æхсæнадон цардарæзти гъæуама арæхсæн, раст ка нæй, лæгъузхæссæг ка ‘й æма зæранæй уæлдай кæмæй неци пайда ес, уæхæн таустæбæл хъоди кæнунмæ.

Уой фæдбæл дæр Майя Аствацурова уотæ загъта:

– Паддзахадæ берæ мадзæлттæ аразуй аци гъуддаги – сæрмагонд закъонтæ федаргонд цæунцæ, фæсарæйнаг зæранхæссæг сайттæ æма аккаунттæ æхгæд цæунцæ. Æфхуæрунцæ, аци фейктæ ка уадзуй, уонæй берети. Гъулæггагæн, сæ фæззинд бауорамунæн ахедгæ равгитæ нерæнгæ нæма ес.

Уомæ гæсгæ ба еунæг мадзал – официалон æма рæстаг информацийæй син карз нихкъуæрд дæттун, сæ мæнгæдзийнадæ син æргом кæнун.

Не ‘знæгтæ уогæ ба сæ фурмæстæлгъадæй цитæ ба нæ æримисунцæ. Зæгъæн, рапарахат кодтонцæ уæхæн мæнгæттæ, гъома, æфсæддон операций рæстæг Донбассмæ Уæрæсей регионтæй ци гуманитарон агъаз æрвист цæуй, уой фæдбæл – уоми, дан, æхсири къоппити рæмодзæн æрмæг ниввæрунцæ, ка ‘й райсуй, уой къохи фехæлуй, зæгъгæ, уæхæн хабар нихъхъуæдат кодтонцæ. Куд ес баууæндæн уобæл, æма Донбасси цæргутæн сæ цардиуаги еугур гъуддæгутæй рæстуодæй ка агъаз кæнуй, етæ уæхæн æверхъаудзийнадæ исараздзæнæнцæ?!.

Еума бæлах ба ма е æй, æма æдзæсгон миутæ аразуни «æскъуæлхунцæ» айдагъ фæсарæйнаг хабархæсгутæ нæ, фал син, гъулæггагæн, нæ «æмбæстонти» æхсæн ци хъозæнттæ разиннуй, етæ дæр. Уогæ еци данкъати æмбæстонтæ исхонун не ‘нгъезуй – етæ нæ фæсарæйнаг знæгтæй знагдæртæ ‘нцæ.

Æма нæ республики мухур æма дзиллон коммуникацити Комитети сæрдари хуæдæййевæг Гæбæлати Мæдинæн æ радзубандий сæр адтæй, информацион тугъдтитæ терроризм æма æнæбухсондзийнадæ ке игурун кæнунцæ, уобæл:

– Нæ паддзахадæн знаггадæ æрхæссунмæ ка гъавуй, еци фæсарæйнаг каналтæн лæггадæгæнæг журналисттæ, Уæрæсей регионтæмæ рагулф кæнгæй, исхъæртунцæ сауæнгæ мах республикæмæ дæр. Æмбæлунцæ адæми хæццæ æма ци фегъосунцæ, уомæй ба испайда кæнунцæ, сæхе фудвæндитæн син куд гъæугæдæр фæууй, уотæ.

Еу уæхæн «журналист» фегъосун кодта, гъома, дан, æрхонкæйаг инсæй лæхъуæни фæммард æнцæ Украини æма сæ уоми æнсувæрон цирти байвардтонцæ. Æцæгæй ба дууæ æдзард æфсæддони исластонцæ станицæмæ.

Æдзæсгондзийнадæ аразæг зиангин, зæрдрист бийнонтæн дæр нæ тæрегъæд кæнуй, æма уæд уой адæймагбæл банимайæн куд ес?..

Хабар æцæгæй куд адтæй, уой ба конференций архайгутæ базудтонцæ, журналист Плити Хетæги бацæттæгонд сюжетмæ ку бакастæнцæ, уæд.

Адæмти ‘хсæн буцæудзийнадæ исæвзурун кæнун, кæрæдзебæл сæ исардаун, е æй аци диверсантти – æндæр сæ нецихузи исхонæн ес, – ихæслæвæрд.

Æма уомæ гæсгæ мах ихæслæвæрд ба уæхæн æй – нæ еугур равгитæ æма гæнæнтæй дæр уобæл байархайун, етæ цæмæ гъавунцæ, ци знаггæдтæ нин исаразуйнаг æнцæ, е син куд нæ бантæса. Гъæуй нæ гъæддухæй фæллæуун, нæ зунди курухондзийнадæ æма нæ уодиконди хъаурæ бавдесун.

Гъæуама нæхе, нæ Фидибæсти пайдайæн сагъæс кæнæн, нæ рæстдзийнади сæрбæлтау тохи кадæр зæрдихудт кæндзæнæй, уомæ æгириддæр нæ ракæсæ-бакæсæ кæнгæй. Уой фæдбæл дæр уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан еу дессаг таурæхъ.

Еу зæронд лæг, дан, æ биццеуи хæццæ надбæл фæццæунцæ. Адтæй сæмæ айдагъдæр еу минкъий хæрæг. Кезугай ибæл рабадиуонцæ, мадта ци адтайдæ. Æма фидæ хæрæгбæл куд исбадтæй, фурт ба сæ фæсте куд цудæй, уотемæй сæбæл ка ‘мбалдæй, етæ билæскъелтæ кодтонцæ:

– Аци зæронд хæрнæгъ æ мæрдтæмæ надбæл дзой-дзой кæнуй, уæддæр ма фуригъоли хузæн сабийи гъезæмарæй маруй!..

Лæг еци дзубанди ку фегъуста, уæд хæрæги рагъæй æрхизтæй æма, биццеуи нæ фæндадтæй, уæддæр æй хæрæгбæл исбадун кодта. Адæм ба къус-къус кæнун байдæдтонцæ:

– Кæсайтæ аци къæсибадæгмæ, хæрæги рагъмæ исхизтæй, мæгур зæронд лæг ба фестæгæй буруй!

Биццеу фурæфсæрмийæй расурх æй æма æ фиди æ фарсмæ исбадун кодта. Адæм никки хъæбæрдæр истингун æнцæ:

– Дууæ устур хайуани еу минкъийбæл сæ пурхæ калунцæ!..

Ци киндæуа? Фидæ æма фурт рахизтæнцæ æма хæрæги фæсте фестæгæй фæрраст æнцæ. Ка сæбæл æмбæлуй, етæ билæскъелтæгæнгæ сæ дзурд гæлдзунцæ:

– Дууæ хæрæги æртиккагбæл ауæрдунцæ, æдули сæртæ!..

Уæд фидæ æ фуртæн зæгъта:

– Фæууидтай, мæ хъæболæ? Адæм еугурæйдæр аразийæй байзайуонцæ, уомæн гæнæн нæййес. Тæккæ райдайæни ци фæткæбæл ниххуæстан, уомæ нæуæгæй раздæхæн. Атæ ба цийфæнди дæр дзорæнтæ – се ‘гъдау уæхæн æй.

Æмбесонд гурумухъгомау æй, фал – зунди хуасæ. Нæ раст гъуддаги рæстдзийнадæбæл æууæндгæй, еске дзæнгæдатæмæ цæмæн гъæуама игъосæн?!. Нæ гъуддæгутæ нин нæ бæсти етæ райараздзæнæнцæ? Кунæг!..

Нæ абони дзубанди æй нæ нихмæ информацион тугъд исаразгути туххæй, æма ма уин кæронбæттæни уæ зæрдæбæл æрлæуун кæнæн номдзуд Александр Пушкини зундгонд æмдзæвгæ.