28 апреля 2024

ÆДАС УНБÆЛ РАГАЦАУ АРХАЙУН ГЪÆУЙ

08.07.2022 | 17:48

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлойи разамундæй адтæй алликъуæреуон хецауадон аппаратон æмбурд. Республики  аллибони царди фарстатæбæл лæмбунæг дзубанди кæми рауадæй, еци фембæлди архайæг адтæнцæ республики министрадтæ æма ведомствити разамонгутæ, уæдта хецауади федералон оргæнти регионалон хайæдтæ æма муниципалитетти минæвæрттæ.

Фæстаг къуæрей Цæгат Иристони ци сахуарунтæ адтæй æма уони фудæй берæ рауæнти ци зин уавæртæ исæвзурдæй, уой туххæй æмбурди фегъосун кодта республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег. Æ дзубандимæ гæсгæ, сæрмагонд службити минæвæрттæ Ногир æма Михайловскийи гъæути ‘хсæн Терки цæугæдони билгæрæнттæ фæффедардæр кодтонцæ æма ин æ бун ракæдзос кодтонцæ. Уой фæрци цæрæн бунæттæн тæссаг нæбал æй донивулдтити тасæй. Томай-фурти дзубандимæ гæсгæ, хæстæгдæр  рæстæг амунд æма æндæр рауæнти идарддæр æнхæстгонд цæудзæнæнцæ цæугæдæнтти билгæрæнттæ федардæргæнæн куститæ. Зæгъæн, æ республики æрдзон фæрæзнитæ æма экологий министради специалисттæ нуртæккæ косунцæ Дигори райони цæугæдæнттæбæл. Фæстæдæр еци куститæ æнхæстгонд  цæудзæнæнцæ Алагири æма Горæтгæрон районти дæр.

Исæвзургæ уавæр фæххуæздæр кæнунбæл дзоргæй, Сергей Меняйло профилон ведомстви разамундæн байхæс кодта, цæмæй бацæттæ кæна донивулдтитæй æдасдзийнади сæрмагонд пълан:

– Цæугæдæнтти билгæрæнттæ федардæр кæнун æма син сæ бунтæ ракæдзос кæнунæй райдайгæй, еци пълани æнæмæнгæ гъæуама бæлвурдгонд æрцæуонцæ донивулдтити знаггадæ минкъийдæр кæнуни берæвæрсуг мадзæлттæ. Æнæнгъæлæги уавæрти федералон министради регионалон управлени уæхæн программæ гъæуама цубурдæр æмгъудтæмæ исараза. Уой фæсте ба ‘й бавдесун гъæудзæнæй федералон ведомствитæмæ.

Республики разамонæг Дзæуæгигъæуи администраций бæрнон косгутæн бауайдзæф кодта, сахуарунти рæстæг сахари еуæй-еу гъæунгтæ донивулдтити буни ке фæуунцæ, уой фæдбæл:

– Сахуарунти рæстæг сахари берæ гъæунгти хуæдтолгитæ æма адæмæн рацæуæн ке нæбал фæууй, е нæ еугуремæн дæр зундгонд æй. Сахари гъæунгти дондзæуæнти уавæрмæ, æвæдзи, советон доги æнзтæй фæстæмæ кæсгæ дæр некебал кодта. Уотемæй ба уавæр уæхæн æй, æма цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, артаг æма энергетики министрадæ дæр æма Дзæуæгигъæуи бунæттон хеунаффæйади администраци дæр еци фарстатæмæ æвæстеуатæй лæмбунæг æргом раздахонцæ.

Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис ба æмбурди фегъосун кодта, Санкт-Петербурги дуйнеуон экономикон форуми инвестицион компанитæ æма æндæр структурити хæццæ нæ республикæ ци бардзурдтæ бафинста, уони æнхæст кæнуни туххæй ци унаффитæ хаст цæуй, уой.

Куд зонæн, уотемæй еци форуми рæстæг Цæгат Иристони делегаций иуонгтæ æмгустади бардзурдтæ бафинстонцæ Уæрæсей промышленниктæ æма амалгъонти Цæдести, Уæрæсей Федераций инновацион кластертæ æма технопаркти Ассоциаций, акционерон æхсæнадæ «Æфснайæн банк» æма æндæр компанити минæвæртти хæццæ. Дзанай-фурт куд загъта, уотемæй цуппар бардзурди царди рауадзуни фæдбæл архайди фæткæ нуриуæнгæ федаргонд æрцудæй, дууæ бардзурди æнхæст кæнунбæл ба лæмбунæгдæр дзубанди рауайдзæнæй.

Уæхæн архайд хуарзбæл банимайгæй, Сергей Меняйло профилон ведомствити разамонгутæн байхæс кодта, цæмæй фарстамæ уа фиццаградон цæстдард.