21 декабря 2024

РÆСТДЗИЙНАДÆ ДЗИЛЛÆМÆ ÆЦÆГ АЙЙЕВАДÆ ХЪÆРТУН КÆНУЙ…

08.07.2022 | 10:35

Абони фæсарæнти политиктæй нæ нихмæ ка дзоруй, сæ дзилли си æнæхай ка кæнуй, етæ сæ еци фудзунд миутæй ци знаггадæ аразунцæ дуйнеуон культури райрæзтæн, уой лæдæрунцæ æви нæ, уобæл нæ дзордзинан. Сæйрагдæр е æй, æма еци бæстити цæргутæ зундгиндæр разиндтæнцæ æма æхцæуæнæй æмбæлунцæ нæ аййевади минæвæрттæбæл, сæ исфæлдистади хæццæ зæрдæхцæуæнæй зонгæ кæнунцæ.

Уомæн æвдесæн – Европи иристойнаг культури Бонти рæстæг Нидерландти номдзуд хузæгæнæг Ван Гоги музейи æрæги 29 июни байгон æй Цæгат æма Хонсар Иристони æртæ æма инсæй хузæгæнæгей равдист.

– Равдист уоййасæбæл хъæбæр зæрдæмæдзæугæ ‘й æригон аййевадæуарзгутæн, – зæгъуй æхсæнадæмон æнæкоммерцион ассоциаций «Ренессанс»-и сæрдар Пухати Радион. – Еуемæй, хъæбæр дестæ кæнунцæ, нæ хузæгæнгути куститæ цæйбæрцæбæл бæрзонд æнхæстгонд æнцæ профессионалон æгъдауæй, иннемæй ба си цæмæдесаг æй е дæр, æма уæхæн берæ искурдиадæгин хузæгæнгутæ ‘нцæ еу, бæрцæй минкъий адæмихæттити минæвæрттæ… Равдистмæ æрбацæугутæ куд фæззæгъунцæ, уотемæй Уæрæсей Хонсари туххæй сæ зонундзийнæдтæ бустæги фендæрхузон æнцæ хуæздæрæрдæмæ. Берæ цæбæлдæрти нæ лæмбунæг æма цæстуарзонæй фæффæрсунцæ, æма син мах дæр фæххабæрттæ кæнæн нæ адæмти æма сæ аййевади туххæй.

Равдист рацæудзæнæй 5 августи уæнгæ.