26 декабря 2024

КАВКАЗБӔЛ ТУГЪДИ ЗНАГ БӔРЗӔЙСАСТ ФӔЦӔЙ…

22.07.2022 | 14:27

Аци мæйи цуппаринсæйгай æнзтæ æнхæст кæнуй Устур Фидибæстон тугъди ахсгиагдæр цаутæй дууебæл – 1942 анзи 17 июли райдæдта Сталингради тох (дууæ фæлтæремæй: 1942 анзи 17 июлæй 18 ноябри уæнгæ цудæй гъæуайгæнæн, 1942 анзи 19 ноябрæй 1943 анзи 2 феврали уæнгæ ба размæмпурсæн операцитæ). Еци анз 25 июли ба райдæдта Кавказбæл тох (е дæр дууæ фæлтæремæй: 1942 анзи 25 июлæй 31 декабри уæнгæ – гъæуайгæнæн, 1943 анзи 1 январæй 9 октябри уæнгæ ба размæмпурсæн операцитæ). Аци дууæ тугъдон цауи кæрæдзей хæццæ æнгон баст адтæнцæ. Зундгонд куд æй, уотемæй немуцаг-фашистон æрдонгтæ сæ бицъинæг æскъудтонцæ, цæмæй Кавказ æнæгъæнæйдæр сæ дæлбарæ бацайдæ, Фæскавкази æрдзон хæзнатæбæл фæххуæст адтайуонцæ. Æма уой туххæй нæдæр тугъдон фæрæзнитæй, нæдæр сæ тугъдонтæй нецæбæл аурстонцæ. Фал сæ фудвæндитæй фæффудевгед æнцæ. Сурх Æфсад син уæхæн тухгин нихкъуæрд равардта æма фæлледзæги æнцæ Цæгат Кавказæй. Уомæн агъазгæнæг фæцæй немуцаг-фашистон æрдонгтæн Сталингради рæбун тугъдтити ци бæрзæйсæттæн цæфтæ никкодтонцæ, е дæр.

Кавкази Сурх Æфсадæн ци уæлахез бантæстæй, е хуæрзæрдæмæ фæббæрæг æй, Сталингради тугъди дæр знаги æфсæдти ниддæрæн кæнуни гъуддагбæл.

Кавказбæл тугъд æма си Сурх Æфсади фæууæлахези ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау иссæй, уомæн берæ æвдесæнтæ æрхæссун æнгъезуй. Уонæй еу æй е дæр, æма ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указæй 1944 анзи 1 майи сæрмагондæй нисангонд æрцудæй майдан «Кавказ багъæуай кæнуни туххæй», æма ‘й исаккаг кодтонцæ æхсæзсæдæ мин адæймагемæй фулдæремæн. Берæ æфсæддон хæйттæ æма еугæндтитæн лæвæрд æрцудæй цитгин нæмттæ Анапæйаг, Кубайнаг, Новороссийскаг, Тамаскаг, Темрюкаг…

Кавказбæл тохи бæлвурддæрæй ба Цæгат Иристони зæнхæбæл ци тугъдтитæ цудæй, уой туххæй æрмæгутæ, куд нури уæнгæ, уотæ идарддæр дæр мухур кæндзинан нæ газети. Æма уæ абони идарддæр зонгæ кæнæн Кавкази тохи рæстæг номдзуд æфсæддон разамонгутæй еу, Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-лейтенант Иван Рослыйи имисуйнæгти хæццæ (5-аг фарсбæл).