21 декабря 2024

ФУДГÆНÆГÆН Æ ФУДМИУТИ ФУДÆНХÆ ÆХЕБÆЛ ÆРЦÆУЙ…

29.07.2022 | 14:18

Кæрон. Райдайæн 28-аг номери.

БАЛИКЪОТИ Тотраз, историон наукити доктор, профессор

Украини нуртæккæ ци цаутæ цæуй, уонæмæ гæсгæ мæ зæгъуйнæгти фиццаг хай (мухургонд æрцудæй нæ газети айразмæ номери) фæдтæн, дуккаг дуйнеуон тугъд ракъахгæй фашистон Германи ци фудирай исонибон цæттæ кодта Украинæн, уой фæдбæл дзубандийæй. Немуцаг нацизми сæйраг идеолог Йозеф Геббельс, сæ тогмондаг нисантæ дзоргæй, зæгъæн, Советон Цæдесмæ æрбалæборуни хуæдразмæ, 1941 анзи 16 июни æ бонуги æргомæй ниффинста: «Нур ба нæ бон исуодзæнæй еци гъæздуг бæсти хомаги гæнæнтæй æнхæстæй пайда кæнун… Мадта, размæ. Украини гъæздуг будуртæ нæ сæхемæ хонунцæ…»

Уой хæццæ ба сæмæ ардигон адæми сагъæс æгириддæр нæ адтæй – етæ сæ гъудæнцæ куд хумæтæг косгутæ уотæ – сæ фæндæ уотæ адтæй, гъома, саугустæн ес «дзиуиттæгтæ æма польшæгтæ, уæдта украинæгтæ æма уруссæгтæ. Ка нæ кома, уæдта ка нæ бæзза, уони ба маргæ…»

Уогæ Украинæн æ фудрæстæгутæ недзамантæй цæун байдæдтонцæ, искæнидæ ибæл уæхæн рæстæгутæ æма æцæгæлон рæстæгутæ æма æцæгæлон «унаффæгæнгути» фуд æ адæмæн æ карнæ исуидæ фудонхи кæрдзини хузæн. Номдзуд украинаг финсæг Микола Бажан кæддæр уотæ финста: «Зæрдрохсæй æма сабурæй хатун мæ украинаг историон карни киунуги сифтæ. Сабур æма уодæнцойни рæстæгути кой си берæ нæ фæууиндзæнæ. Фал си уой хигъди куд берæ ес адæми масти æма æфхуæрди туххæй, æ барти фæдбæл бæгъатæр тохи, æндæр бæсти лæборгутæ ин ци фидбилизтæ хастонцæ, уой туххæй…»

Микола Бажани гъудитæ хумæтæги нæ æримистан – ци загъта, етæ хаунцæ абониккон Украинæмæ дæр. Нуртæккæ хъæбæр тæссаг уавæри æй. Цитæ си цæуй, уой ни алкедæр уинуй æма зонуй – хецаудзийнадæмæ мондаг политиктæ æма цъеусæр националисттæ Америки Еугонд Штатти æма Хорнигулæни паддзахеуæггæнгути ардудæй ами кæддæри сабур æма зæрдæмæдзæугæ цардиуагæ ниххæлхъойтæ кодтонцæ, низманстонцæ си тугъд, хумæтæг адæм ба, неци фудгин уогæй, цæгъдуни кæнунцæ.

Уогæ евгъуд рæстæгутæмæ ку ‘ркæсæн уæд бæлвурдæй фæууиндзинан, Украинæн уæхæн фудæбæнттæ аразуни фæндитæ рагон æнцæ:

Зундгонд куд æй, уотемæй 1939 анзи 1-2 ноябри Хорнигулæн Украинæ байеу æй Хорискæсæн Украини хæццæ, æма куд еумæйаг республикæ, уотæ иссæнцæ еумæйагæй Советон Цæдеси хай.

Украинæй 1941 анзи майи æрвист æрцудæнцæ украинаг æма польшаг националистти бийнонтæ, æдеугурæй 11 мин адæймаги. Уомæй раздæр немуцæгтæй беретæ рандæнцæ Германимæ.

Немуц 1938 анзи декабри Праги исаразтонцæ «Украинское ведомство», æ сæргъи Н.Сушко. Уогæ унаффæ ба си уæддæр кодтонцæ фашисттæ.

Уæдмæ «базмалдæнцæ» аллихузон националистон еугæндтæ. Сæ архайди нисанеуæг ци адтæй, уомæн ирд æвдесæн æй мæнæ ауæхæн цау дæр: 1939 анзи уалдзæги рабæрæг æй Украинаг националистти организаций (ОУН) сæргълæууæг А.Мельники бастдзийнадæ фашистти хæццæ.

Тугъди хуæдразмæ гестапо æ зæрдæ хъæбæр дардта Е. Бандерæбæл, лæвардтонцæ ин æхца.  ОУН-и иуонгтæй 800 лæгемæй исаразтонцæ диверсион къуæрттæ «Нахтигаль» æма «Роланд», кæцитæ архайдтонцæ 1941 анзи июни Советон Цæдесмæ æрбалæбурди. Уæдмæ дæр сабур нæ адтæнцæ. 1941 анзи апърели исаразтонцæ 47 теракти, майи – 58 теракти, 1941 анзи 1-аг маймæ Украини адтæй бандитти къуæрттæ – 22, (105 адæймаги), 1 июни ба – 61 къуари, 307 адæймаги), 15 июни – 74 къуари (346 адæймаги).

Æцæгæй ци цæстингас дардтонцæ гермайнаг оккупанттæ украинæгтæмæ, е бæрæг æй сæ директивитæй дæр. Æрхæсдзинан дæнцæ 1942 анзи 22 июни унаффæй, кæцими финст адтæй: «Украинæгти гъæуй разамунд. Уонæн хуарз разамунд ку дæттай æма сæ раст ку аразай, уæд æнцæ хъæбæр коммæгæс косæг тухæ…»

Ку зæгъæн, гермайнаг нацистон разамунди зундирахаст адтæй: немуцæгтæй гъæуама саугуст маке кæна, уой туххæй ес дзиуиттæгтæ æма польшæгтæ, уæдта украинæгтæ æма уруссæгтæ…»

Германийæй уæлдай ма Румыни æма Польшæ дæр архайдтонцæ Украини зæнхитæй сæ хай ратонунбæл. Немуцæгти хæццæ Украини кодтонцæ пропагандæ Советон Цæдеси, уæлдайдæр ба Уæрæсей нихмæ, адæми ардудтонцæ аллихузи. Алцæмæйти тæрсун кодтонцæ украинæгти.

Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй ка рацудæй, етæ сæ фудмиуæ куд нæ лæдæрдтайуонцæ æма куд нæ тарстайуонцæ, уа нæ уа, уæддæр сæ уой туххæй дзуапп дæттун ке багъæудзæнæй, уомæй. Æма байдæдтонцæ уомæй фæййервæзуни мадзæлттæ амал кæнун. 1943 анзи 23 августи ОУН æ съезди рахаста унаффæ: Сурх Æфсад ке ‘рбахæстæг æй Украинæмæ, уомæ гæсгæ исаразун гъæуй æ нихмæ карз тох, аллихузи мадзæлттæй пайда кæнгæй. Сæ къуæртти райдæдтонцæ æмбурд кæнун «Украинаг истохæг æфсад» (УПА), знаггадæхæссæг рейдтæ кодтонцæ Волыни æма Полесье æма иннæ облæститæмæ.

Немуци нимадæй 1943 анзи фæззæгмæ УПА-й рæнгъити адтæй 40 мин адæймаги,     ОУНБ-й нимадæй ба – 100 мини. Еумæйаг командæгæнæг иссæй Р.Шухевич. Сæ сæйраг нисан ба адтæй советон партизанти нихмæ тох.

Украини зæнхæбæл рауайидæ буцæутæ украинæгтæ æма польшæгти ‘хсæн. Тæккæ æверхъаудæр искъобалæ (зундгонд æй куд «Волынская резня») рауадæй 1943 анзи июли. ОУН-УПА исаразтонцæ геноцид польшæгти нихмæ. Уæд украинаг нацистти къуæрттæ – польшаг историкти нимадмæ гæсгæ – ниццагътонцæ 130 мин адæймаги. Нур ба, 2022 анзи 11 июли, берæ мингай польшæгтæ рацудæнцæ митингтæмæ берæ сахарти, бустæги сæ бæсти сæйраг сахар Варшави гъæунгтæмæ еци æверхъау цау æримисун æма бахъонц кæнуни фæндæй.

Мадта польшаг къуæрттæ ба цагътонцæ украинæгти, истонцæ си  сæ маст. Уотемæй нур ба Польшæ Украини фарс æй, æма иннети хузæн Уæрæсей нихмæ е дæр аразуй санкцитæ, æндæр къулумпитæ, цæлхдортæ, æхецæн фулдæр зæран хæсгæй.

Зундгонд куд æй, уотемæй 1944 анзи июли кæронмæ Украинæ æнæгъæнæйдæр уæгъдæгонд æрцудæй немуцаг-фашистон оккупацийæй. Фал ма Хорнигулæн Украини ба политикон уавæр адтæй уæззау. Активонæй ма си архайдтонцæ ОУН æма УПА. Советон паддзахадæ берæ агъазиау мадзæлттæ аразта, цæмæй гъуддаг исрæвдзæ уа æма уоми цæрæг адæм сабур уавæрти сæ царди хабæрттæ æнхæст кæнонцæ, хъоргæнæг сæ ма уа. Уæддæр еци æнæмæнгæ исаразуйнаг гъуддаг исæнхæст кæнун 1944-1945 æнзти нæ бантæстæй æма радаргъ æй.

Закарпатий, кæци еугонд æрцудæй Украинæ æма Советон Цæдеси хæццæ, уруси нихмæ нæ дзурдтонцæ, фал знаги цæстæй кастæнцæ венгрийæгтæмæ, уомæн æма Австро-Венгрийаг империй доги (1918 анз), уæдта 1938-1944 æнзти етæ хецауеуæг кодтонцæ ами.

Рейх украинаг националистти къуæрттæй пайда кодта иннети нихмæ арæзт мадзæлтти. 1945 анзи рагуалдзæги сæ рарвистонцæ Словакий адæми исистад дæрæн кæнунмæ, уой фæсте ба Австрий æма Словений.

Украинæгтæй Советон Цæдеси фарс ка адтæй, уонæй айдагъ Сурх Æфсади рæнгъити немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ ка тох кодта, уони нимæдзæ адтæй 5,3 миллион адæймагемæй фулдæр, Советон Цæдеси нихмæ ка архайдта, етæ ба – æдеугурæй 250 мин адæймагей бæрцæ.

Украинаг националисттæ ниццагътонцæ 40 миней бæрцæ польшæгтæ. Сурх Æфсад Галицимæ бацæуни размæ УПА фæййарæхдæр кодта польшаг гъæутæмæ лæбурдтитæ. Сæ разамунд гъавта Сурх Æфсади командæкæнуйнади хæццæ уотæ бадзубанди кæнунмæ: «Ма нæ хъор кæнетæ польшæгти дæрæн кæнунмæ æма мах дæр не ‘вналдзинан сумах æфсæддонтæмæ…» Украинаг националистти фудмиутæ немуцæй æгъатирдæр адтæнцæ. Польшæгтæ Львов нимадтонцæ сæхе сахарбæл, æма син е дæр сæ мастбæл маст æфтудта. Хорнигулæн Украини берæ районти тæссаг адтæй гъæунгти цæун советон æфсæддонтæ æма бæрнон косгутæн. Националистти къуæрттæ ами фудмиутæ аразтонцæ  евгъуд æноси сауæнгæ 50-аг æнзти кæронмæ.

Ку зæгъæн, аллихузи къуæртти ка тугътæй фашистти фарс, етæ адтæнцæ æдеугурæй 250 миней бæрцæ. Гъулæггагæн, сæ рæстæги æнхæст кунæггонд не ‘рцудæнцæ, сæ уедæгтæ байзадæнцæ æма мæнæ нур иссугътонцæ се ‘знаггадæхæссæг талатæ. Уони байзайæггæгтæ, нуриккон неонацисттæ Хорнигулæн æма Америки Еугонд Штатти ардудæй æма сæ тогмондаг фидтæлти фæнзгæй сæ фудмиутæ аразунцæ, нæ ауæрдунцæ сæхе адæмбæл дæр, æ нихмæ тох кæнунцæ, цæгъдунцæ сабур цардмæ бæллæг дзилли… Европæ кæддæри хузæн бабæй, зæгъун æнгъезуй, æрлæудтæй устур тугъди тæрвази рази.

Рагфидтæлти зундамонæн загъд, уæдта цард æхуæдæг дæр æхе куд æвдесуй, уотемæй хæстæг синхони  хæццæ лимæн цæрун хуæздæр æй. Зæгъæн, 2018 анзи Украинæ æма Америки Еугонд Штатти астæу базаради бæрцæ адтæй 4 миллиард доллæрей, Уæрæсей хæццæ ба – 14,98 миллиард доллæри.

Аци рæстæг Уæрæсей нихмæ ци санкцитæ арæзт цæуй, етæ фулдæр зæран хæссунцæ сæ аразгутæн, еугуремæй фуддæр уавæри ба æй Украинæ.

Уæрæсей знæгтæмæ А.С. Пушкин кæддæр уотæ дзурдта: «Цæбæл хъæлæба кæнетæ? Цæмæ æвзедетæ Уæрæсемæ? Ци уæ низгули кодта? Ниууагътæ, неци ракæндзинайтæ…»

Мах тогæй æлхæд æрцудæй Европи сæребарæ, еугур дуйней сабурдзийнадæ. Фиццаг хатт æй нæ искъобалæ? Æви Уæрæсей нихмæ архайгутæй феронх æй недзамантæй ардæмæ бæлвурд хатдзæг: кадæриддæр цийфæндийæй дæр архайæд, уæддæр уæлахезон ба æнæмæнгæ Уæрæсе уодзæнæй!..