21 декабря 2024

ИРИСТОНИ ДЕНГИЗОН НАМУС

29.07.2022 | 14:40

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Цæгат Иристони зæнхæбæл ка фæммард æй, уони номерæнæн Дзæуæгигъæуæй Æрхонки ‘хсæн æвæрд æй аци циртдзæвæн.

Уæрæсей дзиллæ алли анз дæр июли фæстаг хуцаубони цитгинæй исбæрæг кæнунцæ нæ бæсти Тугъдон-денгизон флоти Бон. Бæрæг æй кæнунцæ зæрдæхцæуæнæй, боз æма си сæрустур æнцæ, нæ Фидибæсти сæребарæ æма хуæдбари сæрбæлтау, æ рантæстæй ба нури уæнгæ агъазиауæй-агъазиаудæрæй ке æскъуæлхтæй æма нерæнгæ дæр æскъуæлхуй, уой туххæй.

Фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд цæунцæ æма, федарæй ни æруагæс кæнуй, идарддæр цæудзæнæнцæ Уæрæсей денгизонти бæгъатæрдзийнади туххæй таурæхътæ. Фидибæстаг флот исгъомбæл кодта берæ искурдиадæгин денгизон æфсади раздзæугутæ, зæгъæн, Теодор Головин, Григорий Свиридов, Федор Ушаков, Михаил Лазарев, Павел Нахимов, Степан Макаров æма æндæртæ.

Советон Цæдеси Тугъдон-денгизон флот е ‘нæбасæтгæ тухгиндзийнадæ уæлдай агъазиауæй бавдиста Устур Фидибæстон тугъди рæстæг. Немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ карз тохи нæ денгизонтæ равдистонцæ дзиллон бæгъатæрдзийнадæ æма æхсардзийнадæ. Советон денгизонтæ цифуддæр знаги дæрæн кодтонцæ айдагъ денгизти нæ, фал ма сауæнгæ сор зæнхæбæл дæр. Немуцаг-фашистон æфсæддонтæ кæд ескæмæй тарстæнцæ, уæд нæ денгизон фестæгæфсæддонтæй – сæ уодесæг си уидтонцæ, уомæн æма сæ нихмæ æрлæуун сæ бон нæ адтæй, уоййасæбæл тухгин æма уодуæлдайæй архайдтонцæ сурхæфсæддонтæ.

Сæ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй 600 денгизоней бæрцæ иссæнцæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæ (авд денгизони аци кадгин ном райстонцæ дууæ хатти), 350 минæй фулдæр хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ ордентæ æма майдантæй, 238 науи æма флоти æфсæддон хаййемæн равардтонцæ ордентæ, 78 ба исаккаг кодтонцæ гвардиони ном.

Нæ Фидибæстæ алкæддæр хъæбæр цитгинæй уæлдай боц кодта æ Тугъдон-денгизон флот. Уомæн æвдесæн æй е дæр, æма ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиум æ Указæй 1980 анзи 1 октябри иснисан  кодта сæрмагонд бæрæгбон, кæци уæдæй ардæмæ бæрæггонд цæуй алли анз дæр июли фæстаг хуцаубони. Аци анз еци бæрæгбон бæрæгонд æрцудæй 25 июли куд æнæгъæнæ Уæрæсей, уотæ Цæгат Иристони дæр. Уомæн æма нæ республики минæвæрттæ дæр уæрæсейаг Флоти рæнгъити берæ агъазиау лæгдзийнæдтæй фескъуæлхтæнцæ.

Юрий Бунимович

Гагити Александр

Уæлдайдæр ба Устур Фидибæстон тугъди рæстæг. Иристойнæгтæ уæд уæлдай устурдæр æскъуæлхтдзийнæдтæ ке равдистонцæ, уой туххæй Советон Цæдеси Бæгъатæри цитгин ном лæвæрд æрцудæй денгизон разамонгутæ Къесати Астан æма Коцти Константинæн, денгизон тæхгутæ Юрий Бунимович, Гагити Александр, Илья Котов, Аркадий Селютин, Григорий Пасынков, Цоколати Геннадийæн (уой туххæй æрмæг кæсетæ 5-аг фарсбæл).

Тугъдон-денгизон флоти рæнгъити фæууогæй си фæлтæрддзийнадæ ка райста, етæ сабур, æнæфсæддон царди дæр уæлдай лæгигъæдгундæр фæуунцæ. Зæгъæн, Хугати Шобинай фурт Хазби тугъди рæстæг знаги нихмæ тох кодта 154-аг хецæн денгизон бригади уогæй Сталингради фронти. 1943 анзи уæззау цæф фæцæй æма ин тугъди архайуни равгæ нæбал адтæй. Æ фидиуæзæгмæ исæздæхгæй куста бæрнон партион æма æндæр бунæтти, иссæй искурдиадæгин гъæууонхæдзарадон разамонæг, Мæздæги райони разамунд лæвардта цалдæр колхоземæн. Е ‘нтæстгин кусти туххæй ин лæвæрд æрцудæй Социалистон Фæллойни Бæгъатæри ном. Æ ном лæвæрд æрцудæй гъæунгтæн Мæздæги æма гъæу Веселойи.

Къесати Астан

Илья Котов

Тугъди дзамани дзæуæгигъæуккаг лæхъуæн капитан-лейтенант Павел Кузьмин Балтиаг флоти службæ кодта донибунтицæуæг Щ-408 науи командирæй. Денгизонтæ «Щука» ке схудтонцæ, еци Щ-408 1943 анзи майи Кронштадти науæлæууæнæй тугъдон ихæслæвæрд æнхæст кæнунмæ рандæй. Минити сæрти рахезгæй, советон науæ маяк Вайндвомæ хæстæг итигъд денгизмæ рацудæй. Знаги наутæ æма хуæдтæхгутæ Щ-408 иссирдтонцæ, æма ’й сорун райдæдтонцæ. Æртæ суткей дæргъи советон науæн дони бунæй уæлæмæ иссæуни фадуат нæ адтæй. Науи электрон тухæ æма кислороди æвæрæнтæ ку фæцæнцæ, æма си адæмæн сæ бон уолæфун ку нæбал адтæй, уæд «Щука» дони уæлцъарæмæ иссудæй. Фашисттæ æнгъæл адтæнцæ, æма син советон денгизонтæ сæхе раттунмæ гъавунцæ, фал науи флагштокбæл уорси бæсти фæззиндтæй советон Тугъдон-денгизон туруса. Нæ денгизонти æма фашистти ‘хсæн карз тох байеудагъ æй. Кузьмини науæн бантæстæй знаги дууæ катери фæддæлдон кæнун, фал цалдæр фашистон торпеди кæбæл исæмбалдæй, еци Щ-408 дæр æд экипаж дони буни фæцæй. Тугъдон науи таурæхъон æскъуæлхтдзийнади кадæн Петербурги гъæунгтæй еу хæссуй Павел Кузьмини ном.

Коцти Константин

Григорий Пасынков

Дуккаг къæпхæни капитан Хуадонти Сулейман тугъди архайун байдæдта 1941 анзи 22 июни. Намусгин æрдæгсакъадах Ханкой-Гангути денгизонтæ, æверхъау тугъдтити бацæугæй, фондз мæйей дæргъи знагæн хастонцæ агъазиау зиантæ, устур агъаз бакодтонцæ æртухсти бахауæг Ленинградæн. Æригон денгизон лейтенант Хуадони-фурт уæд адтæй взводи, фæстæдæр ба денгизон-зенитон артиллерий батарейи командир. Архайдта Ленинград багъæуай кæнуни, Прибалтикæ æма Польшæ иссæребарæ кæнуни тугъдтити. Хуадони-фурти батарейæ æргæлста 18 фашистон хуæдтæхæги.

Устур Фидибæстон тугъди фиццаг бæнттæй Балтики арви фашистти нихмæ карз тох кодта иристойнаг тæхæг-кунæггæнæг Зæлети Бариси фурт Юрий. 1941 анзи 24 августи фашистон хуæдтæхгути къуар фæззиндтæй нæхеуонти аэродроми сæрмæ. Сæ нихмæ фиццаг истахтæй Зæлети Юрий. Дууæ минуттей дæргъи еунæгæй тухтæй инсæй фашистон «Мессершмидт»-и хæццæ. Искъуæргæй æргæлста еуей, иннети бауорæдта, цалинмæ нæ кунæггæнгутæ не ’стахтæнцæ, уæдмæ. Юрий фæммард æй бæгъатæрæй, æ ихæс кæронмæ исæнхæст кæнгæй.

Аркадий Селютин

ГОКЪИНАТИ Виктор

Иристойнаг денгизонтæй цалдæремæй иссæнцæ æнтæстгин денгизон разамонгутæ. Сæ еугуремæй раздæр (1972 анзи 23 декабри) контрадмирали цин райста Цæллагти Константини фурт Пантелей. Устур Фидибæстон тугъди рæстæг дæр зингæ фескъуæлхтæй – денгизон фестæгæфсæддонти рæнгъити знаги хæццæ фиццаг хатт истухтæй Мæскумæ хæстæг уæззау тугъдтити. 1942 анзи капитан-лейтенант Цæллаги-фурт архайдта Мæздæгмæ, Æргинарæгмæ æма Дзæуæгигъæумæ хæстæг тугъдтити, немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй сæребарæ кодта Цæгат Кавказ, Украинæ, Румыни æма Болгари.

Фæстæдæр номдзуд денгизонтæ иссæнцæ иристойнæгтæй цалдæр. Зæгъæн, Гокъинати Виктор Александри фурт дæр 1983 анзи иссæй контр-адмирал, æ рæстæги командæ кодта уæззау хуæдтæхгутæхæссæг крейсер «Минск»-æн, фæстæдæр ба адтæй Тугъдон-денгизон флоти Уæлдæр сæрмагонд афицерон къурсити хецауи фиццаг хуæдæййевæг, 1993 анзи ба рацудæй æфсæддон службæй.

Нæ иннæ æмзæнхон Сергей Ивани фурт Меняйло дæр фескъуæлхтæй куд искурдиадæгин денгизон архайæг – 2005 анзи иссæй контр-адмирал, 2007 анзи ба вице-адмирал, æ рæстæги адтæй Сауденгизон флоти командæгæнæги хуæдæййевæг, 2011 анзи ба рацудæй запасмæ æма куста паддзахадон хецаудзийнади бæрнон бунæтти, абони ба æй Цæгат Иристони Сæргълæууæг. Нæ Фидибæсти тугъдон-Денгизон Флоти гъомусади райрæзтмæ абони дæр уæлдай устур æргом æздæхт цæуй. Нæ бæсти Президент В.Путин уой фæдбæл уотæ загъта:

Цæллагти Пантелей

Сергей МЕНЯЙЛО

– Уæрæсе хъæбæр цубур рæстæгмæ æхе аккаг бунат ниййахæста дуйней раздзæуæгдæр денгизон паддзахæдти нимæдзи, рацудæй агъазиауæй-агъизиаудæр над Петри хумæтæги бæлæгъæй ба форди итигъдади тухгин наути æма ракетон адæмон дæлдонцæуæг крейсерти уæнгæ, исефтонг æй идарди æма хæстæги архайди хуæрзахедгæ денгизон авиацийæй, билгæрæнттæ гъæуайгæнæн æууæнккаг комплекстæй, дуйней нерæнгæ ка нæма ес, уæхæн нæуæгæй-нæуæгдæр гæрзефтонг системитæй, кæцити фæххуæздæр кæнунбæл нуртæккæ еудадзуг æма æнтæстгинæй архайæн…

Нæ абони радзубандий ба сæ бæрæгбони фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнæн Тугъдон-Денгизон Флоти ветерантæн, уæдта си абони е ‘фсæддон ихæстæ ка æнхæст кæнуй, еци денгизонтæн. Æнтæстгин æма зæрдирай уотæ!

 

Æрмæг мухурмæ

бацæттæ кодта

ГÆТИЙТИ Светланæ.