ЦӔРУНЦӔ ӔМА ИРӔЗУНЦӔ ЕУМӔЙАГӔЙ!..
Адæмон исфæлдистадæ æма аййев литературæ – хуæрзуагон æмдзæуинтæ
Аци анз нимад цæуй Уæрæсей адæмти уодварнон бундайрадæ багъæуай кæнуни Анзбæл, æма уомæ гæсгæ ба раст уодзæнæй нæ адæмон исфæлдистади туххæй аллихузон æрмæгутæ ахиддæр мухур кæнун. Уогæ еци ихæс нури уæнгæ дæр æнхæст кодтан, æма ни идарддæр дæр иронх нæ уодзæнæй. Абони ба уæ зонгæ кæнæн нæ номдзуд финсæг Хъазбегти Хъазбеги финст æрмæги хæццæ. Мухургонд æрцудæй журнал «Мах дуг»-и 1962 анзи 2-аг номери.
Алли адæмихаттæн дæр æ цъухæйдзоргæ исфæлдистадæ райгурдæй рагон, недзаманон доги. Е федар кодта, разилдæй æма æ къабæзтæ фæйнердæмæ уагъта æхсæнади царди арæзтадон ирæзти хæццæ. Фольклор æ жанртæмæ гæсгæ æй аллихузон æма гъæздуг: аргъæуттæ, кадæнгитæ, зартæ, æмбесæндтæ, бацеу-бацеутæ æма æндæртæ.
Фæллойни бундорбæл ка райгурдæй æма къласон тохи ка исирæзтæй, еци адæмон исфæлдистади историон, æхсæнадон æма гъомбæладон ахедундзийнадæ æй агъазиау æма ахсгиаг. Уой туххæй номдзуд аййевадæртасæг æма фольклорист Поль Лафарг æ киунугæ «Культури историй очерктæ»-йи 53 фарсбæл финста: «Зар, кæмифæнди дæр ка райгурдæй æма цъухæй лæвæрд ка цæуй… е адæмæн æй сæ зæрдиуагæ æргомгæнæг, сæ зонундзийнæдти, сæ дини, сæ философий энциклопеди, сæ национ истори кæми æвдесунцæ, уæхæн хæзна».
Зар, адæмон исфæлдистади иннæ хузтæй уæлдай, арæзт æрцæуй айдагъдæр зарунæн бæлвурд мелоди æма музыки хæццæ. Уомæ гæсгæ уайтæкки рапарахат уй урух дзилли ‘хсæн.
Адæмон зартæ ахид исунцæ национ сæребарæдзийнадæ æма революцион тохи зартæ, фæллойнæгæнæг адæми зундирахасти райгъал кæнунцæ къласон хелæдæрундзийнадæ, исистун сæ кæнунцæ революцион тохмæ.
Адæмон исфæлдистадæн устур аргъ кодта В.И. Ленин, е уарзта фæллойнæгæнæг адæми ‘хсæн ун æма уони аргъæуттæ, зартæ, æмбесæндтæ æма циргъ дзубандитæмæ игъосун. Еци гъæздуг медæггойни В.И. Ленин хуарз лæдæрдтæй адæми оптимизм, сæ бæллецтæ æма нифс исонибони рохс цардмæ, æнæбасæтгæ агъазиау хъаурæбæл æууæндундзийнадæ.
Уой туххæй академик Бонч-Бруевич æ имисуйнæгти финсуй: «В.И. Ленин лæмбунæгæй кастæй «Смоленски этнографион æмбурдгонд» æма бæрæг кодта, ци æрмæг си мухургонд æрцудæй, уой агъазиау ахедундзийнадæ.
Еууæхæни дзубанди ку рауадæй цъухæйдзоргæ адæмон исфæлдистади туххæй, уæд Владимир Ильич ракурдта, цæмæй ин раттонцæ æркæсунмæ зартæ, былинитæ æма аргъæутти цалдæр æмбурдгонди. Æ курдиадæ æнхæстгонд æрцудæй. «Ци дессаги æрмæг æй, – загъта е. – Аци æрмæгмæ гæсгæ ниффинсæн ес æмбесонди æртасæн куститæ адæми бæллецтæ æма æнгъæлдзаути туххæй… Адæмон исфæлдистадæ æй, æнæмæнгæ ка гъæуй æма æ ахедундзийнадæ устур кæмæн æй нæ доги адæми психологи исахур кæнунæн, уæхæн…»
Ирон адæмæн сæ недзаманон фидтæлтæй байзадæй гъæздуг æма жанртæмæ гæсгæ аллихузон ка ‘й, уæхæн фольклор. Еци кадæнгитæ, таурæхътæ, аргъæуттæ æма зартæмæ гæсгæ исбæрæггæнæн ес, ирон адæм рагон рæстæгæй Октябри социалистон нæдтæбæл фæццудæнцæ, ци берæ фудæбæнттæ æма ци гъезæмæрттæ фæууидтонцæ, уони. Еци гъæздуг æрмæг бæрæг кæнуй ирон фæллойнæгæнæг адæми æнæфæккеугæ тухæ се ‘знæгти нихмæ, къласон тохи уавæр сæ историон нæдтæбæл, сæ оптимизм, се ‘гъдæутти æма сæ эстетики æмбохундзийнади хъаурæ, сæ агъазиау æцæг бундоргун фантази, се ‘взаги æма сæ аййевадон мадзæлтти гъæздугдзийнадæ.
Фал ирон адæмон исфæлдистади æрмæгмæ ес берæ æмхузондзийнæдтæ, Цæгат Кавкази рагæй ка цæруй, еци адæмти фольклори хæццæ. Аци гъуддаг æваст æма еу рауæн нæ исæвзурдæй. Цæгат Кавкази ци хуæнхон адæмтæ æрæнцадæй, етæ рацудæнцæ æмхузон æхсæнадон-экономикон формацитæбæл. Уомæ гæсгæ сæ фольклор æй кæрæдземæ хæстæг.
Ирон адæмон исфæлдистадæн æ тæккæ гъæздугдæр хузтæй еу æй Нарти эпос. Нæййес ирон адæмæй уæхæн, æма еци кадæнгитæ ка нæ зонуй, ка нæ уарзуй, сæрустур си ка нæй. Гъе уомæ гæсгæ сæмæ хъæбæр рагæй дарун байдæдтонцæ сæ гъос Уæрæсей æма дуйней номдзуд ахургæндтæ. Æмбурд кæнун, финсун æма сæ наукон æгъдауæй ахур кæнун райдæдтонцæ сауæнгæ 1830 æнзтæй фæстæмæ, фал æцæгæй, бундоронæй куст æрцудæнцæ айдагъдæр Октябри социалистон революций фæсте, советон хецаудзийнади рæстæги.
Нарти эпос айдагъ ирон адæммæ нæй, еци кадæнгитæ æнцæ Кавкази цæрæг æндæр адæмтæмæ дæр. Етæ дæр сæ еу фæлтæрæй иннемæ дæттунцæ цъухæй-цъухмæ æма сæ гъæуай кæнунцæ феронх кæнунæй, нимайунцæ сæ сæ аййевади æма культури гъæздугдзийнадæбæл. Цалдæр азнзей разæй кæсгон адæм, нарти кадæнгитæй сæмæ ци æрмæг адтæй, уой рауагътонцæ хецæн киунугæй. Нарти эпосæй берæ кадæнгитæ ес адыгейæгтæмæ, балхъайрæгтæмæ, мæхъæлмæ, цæцæнмæ, абхазмæ æма Кавкази иннæ цæрæг адæмтæмæ дæр.
Еци адæмтæй алке дæр æ кадæнгити бауагъта æхе национ уод, æхе философи, байвардта си æхе историон цаутæ, æхе æгъдæуттæ æма æхе аййевадон дæсниадæ. Алли адæммæ дæр нарти эпосæй ци ес, е еци адæмæн æй æхе спецификон зундирахаст æвдесæг. Адæмон исфæлдистади уæхæн фæззиндтитæ æма уавæри туххæй номдзуд уруссаг критик æма æхсæнадон архайæг В.Г. Белинский уотæ финста: «Адæмон поэзи æй айдæнæ, æма уоми æвдист цæунцæ еци адæми цард, æ характерон фæззиндтитæ æма муггагон царди нисантæ». Æма идарддæр: «Алли адæмæн дæр æ поэзи хæссуй æхе уодрахасти гепп».
Кавкази рагæй нурмæ синхонæй ци адæмтæ цардæй æма цæруй, уонæн сæ экономикæ æма культури тæвагæ æнæ фæббæрæг уæвгæ нæ адтæй кæрæдзебæл. Уордигæй февзурдæнцæ нарти кадæнгити æнгæсдзийнæдтæ дæр.
Райсæн ирон æма кæсгон адæмти нарти кадæнгитæ. Иронау-нарти Батраз Хæмици фурт, кæсгонау – нарти Батрез Хымышы-фурт. Ацæ-Аше, Сатана-Сатаней (дууæ адæмемæ дæр æвдист цæуй уиндгун, æгъдаугин æма зундгин силгоймагæй, нарти адæми ‘хсæн устур кадæ æма æгъдау кæмæн ес, уæхæнæй). Созурухъо – Сосруко (аци ном æй кæсгон. Созур – ном, хъо-фурт, гъома, Созури фурт), Ацæмæз – Ашемез (дууæ адæмемæ дæр дæсни уадиндзæйцæгъдæг). Арæхцæу – Аракшу, Агундæ – Æкынде æма уотæ идарддæр.
Æмхузондзийнадæ ес ирон æма кæсгон нарти эпоси муггæгтæмæ дæр. Зæгъæн: иронау – Алæгатæ, кæсгонау – Алыг æма æндæртæ.
Иристони æма Кæсæги нарти кадæнгити топонимикон æгъдауæй дæр ес еухузондзийнæдтæ. Зæгъæн, Æргинарæги недзаманон мæсуг иронау хонæн Дзылат, кæсгон адæмон исфæлдистади ба – Жулат, Волгæ дууæ адæмемæ дæр хуннуй Идыл, Куырыпп – Куырыпп. Ес сæмæ æнæуой дæр берæ æмхузон дзурдтæ, ирон адæммæ сæнæ, кæсæгмæ сано (нарти адæми ниуæзтæ, ирæнттæмæ ба ‘й хонунцæ ронг), дамугъа (тавро), пилуан-пилиуан æма уотæ идарддæр.
Уæхæн æмхузондзийнæдтæ ес ирон адæми, Хъæрæсей, Балхъари, Абхази, Мæхъæли, Цæцæни æма Кавкази æндæр адæмти нарти кадæнгити ‘хсæн дæр. Æмхузондзийнæдтæ ес Кавкази адæмтæн сæ аргъæутти ‘хсæн дæр, зæгъæн, дагестайнаг аргъау «Денгизон бæх» хъæбæр æнгæс æй аргъау «Æртæ æнсувæрей» хæццæ, кенæ ирон аргъау «Силгоймаг æма кæфхъундар» æма цæцæйнаг аргъау «Гъиггаг силгоймаг æма кæфхъундар»-и ‘хсæн дæр…
Зæгъун гъæуй, Цæгат Кавкази адæмти музыкалон фольклори ‘хсæн дæр ке ес берæ æмхузондзийнæдтæ сæ мелодитæмæ гæсгæ дæр. Зæгъæн, кæсгон симди цагъд «Пшыхъаффæ» (æлдæртти кафт) хъæбæр æмхузон æй ирон «Ханти цагъд»-и хæццæ. Еци мелоди ес хъæрæсейаг æма балхъайраг адæмтæмæ дæр…
Дузæрдуггаг нæй, алли адæмæн дæр æ фольклор алли æгъдауæй дæр бундорæвæрæн ке адтæй, æ аййев литератури райгурунæн. Фæллойнæгæнгутæ сæ царди медæгæ мингай æнзти дæргъи æрæмбурд кодтонцæ лексикон гъæздугдзийнæдтæ, сæ аргъæутти, кадæнгити. Зарти исаразтонцæ тухгин æма æнхæст сорæттæ, се ‘мбесæндти байвардтонцæ сæ арф философи, сæ кадæнгитæн исаразтонцæ бæлвурд сюжеттæ æма композицитæ.
Устур уруссаг финсæг А.С. Пушкин хуарз лæдæрдтæй еци хъазар менеугутæ фольклори. Е, адæмон æмбесæндтæ æма, аргъæуттæмæ игъосгæй, сæрустурæй дзурдта: «Аргъау аргъау æй, фал не ‘взагæн уруссаг аргъауи ци урух фадуæттæ ес, уæхæн ин æндæр рауæн нæййес. Æма ци парахат æй, арфгъудигин, цæйбæрцæ зунд ес нæ алли æмбесонди дæр! Ци сугъзæрийнæ ‘й! Фал къохти не ‘фтуйуй, нæ! Ци дессаг æнцæ аци аргъæуттæ! Алке дæр си æй кадæнгæ!»
Адæмон исфæлдистадæн устур аргъ кодта номдзуд пролетарон финсæг А.М. Горький. Е советон паддзахади еугурцæдесон финсгути фиццаг съезди докладгæнгæй загъта: «Тæккæ арфдæр æма тæмæнтæ калгæ, аййевадон æгъдауæй æнхæстдæр хъайтарти типтæ исаразта фольклор, фæллойнæгæнæг адæми цъухæйдзоргæ исфæлдистадæ… Æз мæхе хатун хæлардзийнади унаффи хæццæ… Кавкази æма Астæуккаг Азий минæвæрттæмæ: æмбурд кæнетæ уæ фольклор, ахур ибæл кæнетæ уæхе, исфæлдистадон æгъдауæй ибæл косетæ. Е берæ æрмæг ратдзæнæй сумахæн дæр æма махæн дæр, нæ Цæдеси поэттæ æма прозаиктæн…»
Ирон адæми нарти эпос, Даредзанти кадæнгитæ, гъæздуг аргъæуттæ, кадæнгитæ, таурæхътæ, æмбесæндтæ, зартæ æма фольклори иннæ хузтæ, фæллойнæгæнæг адæми цагъар цард, Уæрæсей раззагдæр литературæ æма революцион-демократон идеити бундорбæл исирæзтæй номдзуд поэт-революционер, æхсæнадон-политикон архайæг Хетæгкати Леуани фурт Къоста.
Фольклор ахургæнгæй Къоста арфдæр балæдæрдтæй Иристони фæллойнæгæнæг адæми мæгур цард, еци фольклори медес ин никки хъæбæрдæр федар кодта æма æхсиста æ революцион-демократон зундирахаст.
Аргъæуттæмæ æма кадæнгитæмæ игъосгæй, Къоста дес кодта уони сюжетон æма композицион ирæзти дæснидзийнадæбæл, æ цæстити размæ фестиуонцæ сæ сæйраг архайгути хуæрзарæзт сорæттæ, æ зæрдæмæ хизтæнцæ æвзаги дæсни фæззелæнтæ æма ин гъæздугдæр кодтонцæ æ лексикæ.
Ирон кадæнгитæ, аргъæуттæ, æмбесæндтæ æма зартæ Къостай зæрдæ агайун байдæдтонцæ сауæнгæ æ сувæллони бонтæй фæстæмæ æма ку багъомбæл æй, уæд зелун байдæдта Иристонбæл æма игъуста дæсни фæндурдзæгъдгути кадæнгитæ æма зартæмæ.
Уой туххæй æрæдойнаг кадæнгæгæнæг Аксо æ имисуйнæгти Къостай туххæй финсуй, зæгъгæ, дан, Къоста Æрæдонмæ ку ‘рцæуидæ, уæд æнæбабæрæг кæнгæ нæ уидæ Нихæс æма балигъстæ кæнидæ, цæмæй ин ракодтайуонцæ ирон зартæ, кадæнгитæ æма таурæхътæ.
Къоста е ‘сфæлдистадон кусти адæмон таурæхътæ, кадæнгитæ, аргъæуттæ æма зартæй ке пайда кодта, уой æхуæдæг дæр дзурдта.
Къоста айдагъ игъосун нæ уарзта кадæнгитæ æма аргъæуттæмæ, фал сæ æмбурд дæр кодта. Е бæрæг æй æ дзиппидаргæ финсæн киунугæй дæр. Уæди рæстæги ирон музыкæбæл ка куста, еци композитортæ сæхе бахадтонцæ Къостамæ, ирон адæмон исфæлдистадæ хуарз ке зудта, уомæ гæсгæ, цæмæй син фæййагъаз кодтайдæ хуæздæр адæмон зартæ равзарунмæ, уонæн сæ мелоди раст рартасунмæ.