26 декабря 2024

НÆ ÆНОСОН ХЪОНЦ, НÆ ДОДОЙЙАГ ЗÆРДРИСТ…

05.08.2022 | 10:16

Æстдæс анзей размæ Беслæни æрцудæй, æнæгъæнæ дуйней дзиллити зæрдитæ дæр кæмæй фæрристæнцæ æма нин абони дæр ма додоййаг ка ‘й еци фудракæндæ – аци сахари фиццаг скъоламæ балæбурдтонцæ лæгмартæ æма сæ æверхъаудзийнади фудæй си бастъалдæнцæ сувæллæнттæ, сæ ниййергутæ, хеуæнттæ æма ахургæнгутæ… Æвудæй си ци берæ адæм фæммард æнцæ, уони рохс нæмттæ ни иронх некæд уодзæнæнцæ… Æма бабæй сæ имисдзинан хъонцгæнæн бæнтти – сентябри райдайæни. Куд алли анз, уотæ нæ республики, уæлдайдæр ба Рахесфарси разамунд цæттæ кæнунцæ номерæн æма хъонцгæнæн мадзæлттæ.

Зæгъæн, куд унаффæгонд æрцудæй, уотемæй, Цæгат Кавкази хуæнхон-металлургон институти тургъи терроризми амæттæгтæн ци циртдзæвæн ес, е æвæрд æрцæудзæнæй «Изæдти сахар»-и уæлмæрдти.

Базелуйнаг æнцæ циртдзæвæнтæ æма циртити дорин хæйттæ, циртдзæвæн «Гъиги бæласæ» дæр. Мемориалмæ бахезæни искæнун гъæуй нæуæг асфальт.

Уæлмæрдтæмæ цæстдарæг Сæбанти Азæмæт куд загъта, уотемæй бавналдтонцæ медæмæ бацæуæн арки цалцæгмæ. Еугур иннæ куститæ ба кæндзæнæнцæ иннæ анз.

Номерæн бонтæмæ цæттæ кæнгæй, ихæлд скъолай бæстихаймæ ци нæдтæ цæуй, уони бахузæнон кæндзæнæнцæ, тургъи нæуæг къелатæ исæвæрдзæнæнцæ, спортивон зал бафснайдзæнæнцæ.