22 декабря 2024

ЦАРД АЙДÆНИ ХУЗÆН ÆЙ – АЛЦИДÆР СИ, ÆЦÆГÆЙ КУД ÆЙ, УОТЕМÆЙ ЗИННУЙ

21.10.2020 | 15:30

Еу рагонкитайаг æмбесонди уотæ загъд ес: «Адæймагæн æ æрдзæ æ культурæбæл ку фæттухгиндæр уа, уæд си рауайдзæнæй гъæддаг. Культурæ адæймаги æрдзæбæл ку фæттухгиндæр уа, уæд си рауайдзæнæй æрдæгахургонд. Адæймагæн æ æрдзæ æма æ культурæ æмдзæрийнæ ку исунцæ, уæдта си рауайуй фæрнгун лæг…»

Аци æмбесонд абони уомæ гæсгæ æримистан, æма раст гъеуæхæн фæрнгун адæймагæй нæ Иристони дзиллæн зундгонд æй ЦГЪОЙТИ Федори фурт Хазби дæр. Зундгонд публицист, финсæг, газет «Рæстдзинад»-и косгутæн сæ курухон хестæр, мадта нæ газет «Дигорæн» дæр рагæйдæр е ’мдзæуин æма зæрдхæлар агъазгæнæг. Хазбийбæл æрæги, еума хатт æй зæгъæн, исæнхæст æй цуппаринсæй анзи. Еци æнзтæн сæ бæрци кой нæ кæндзинан. Фал уой зæгъуйнаг ан, æма ин æ еци æнзти бæрзондæй æ царвæндагмæ ку ракæсай, уæд си бæлвурдæй разиндзæнæй, æ курухондзийнадæ, æ уоди кæдзосдзийнадæ, æ уарзон Иристонæн æма æ адæмæн хуарздзийнæдти бацæунмæ æ еудадзуг цæттæдзийнади æнæдузæрдуг æвдесæндартæ.

 

ДÆ ДЗУРДÆН КАДÆ УÆД ЕС, ÆМА ИН Æ УÆЗÆ ХÆССУН ДÆХЕ БОН ДÆР КУ УА…

Мæнæ уæлдæр ци æмбесонди кой ракодтон, уой дæр хумæтæги не ’римистон. Цгъой-фурти кадæриддæр зонуй, етæ мæ хæццæ исарази уодзæнæнцæ: æ цард-цæрæнбонти æвæллайгæй кæнуй æ рохситауæн куст, архайуй цæмæй ни алли адæймагæн дæр æ æрдзæ æма æ культурæ æмдзæрийнæ исуонцæ æма нæмæ фæрнгун лæгтæ фулдæр уонцæ. Етæ нæмæ куд фулдæр уонцæ, уотæ царди хабæрттæ дæр хиццагдæр уодзæнæнцæ, фулдæр нин æнтæстдзæнæй нæ царди фæрнугадæ фæбберекетгундæр кæнуни гъуддаги.

Уомæ гæсгæ Хазбийи туххæй, еуемæй, æнцон финсæн æй, иннемæй ба – зиндæр æй. Æнцон уомæн æй, æма ци радзорай, е ес. Зиндæр ба уомæн, æма æгæр берæ ’нцæ – айдагъ сæ бæрцæй нæ, фал сæ агъазиаудзийнадæй дæр, цийфæнди рагъæвзарæ сæ ку фæккæнай, уæддæр еу уаци фæзуати нæ бацæудзæнæнцæ… Фал уæддæр, нæ фадуæттæ æма гæнæнтæ куд амонунцæ, уомæ гæсгæ нæ зæгъуйнæгтæ зæгъдзинан.

Дзурди хæццæ ка архайуй æма уой фæрци æ гъудитæ æма æ уоди кæдзос монцтæ адæми размæ ка хæссуй, уой хуарз ку зонай, уæд уомæн æ зæгъдтитæ æма финститæ æнæ рабаргæ нæ фæууодзæнæ, уомæн æхецæн ба æ уодиконд, æхе цардон гъуддæгутæ циуавæр æнцæ, уони хæццæ. Уомæ гæсгæ æз дæр абони райсдзæнæн Хазбийи финститæй еуцалдæр æма сæ исæмтæразæ кæндзæнæн æ карни хабæртти хæццæ.

 

ЦГЪОЙТИ Хазби æма ДАУРАТИ Дамир. Иристони разагъди дууæ лæги – иcфæлдистади дæр æнтæстгинæй архайгутæ, æнæуой царди ба кæрæдзебæл еузæрдиуонæй æновуд æрдхуæрдтæ.

ÆЗИНÆЙ БЕРÆ АРАЗГÆ ’Й АБОНИ

Мæ абони радзубандийæн Хазбийи финстити ’хсæн ке равзурстон, уонæй еу æй новеллæ «Æзинæ». Уотæ си финсуй:

«Цард ес æзини æма исони æхсæн. Æзини бон фун фæууинæгау. Ци ма си байзайуй зæрди? Фулдæр маст æма æрхуни тæлмитæ. Зæрди дон ци гъуддаги рацæуа, уæхæн æхцæуæн уодрæвдауæн цау адæймагбæл æстæнмæ æрцæуй, иннæ æхцæуæндзийнæдтæ цума нæ адтæнцæ, уоййау æрбайронх унцæ. Уæлдайдæр ба, айдагъ хуæрдæ æма ниуæзти хæццæ баст ка фæууй, еци хабæрттæ.

Æзинæ ци адтæй? «Æзинæ ци бахуардтон, е дæр ми феронх æй»,– ахид фегъосæн. Æзинæ ци æй? Æзинæ адтæй æви нæ? Царди, зæрди, зунди фæд ку нæ ниууадза, уæд аци фарстайæн ка ратдзæнæй дзуапп?

Æзини бон нæбал ес, æрбатар æй, некæдбал уодзæнæй, рæстæг æй бахарз кодта. Уæхæн адтæй æ хъисмæт. Фæццардæй æй  Дун-дуйне, Дуйне, Зæнхæ, алли уодгоймаг æма зайæгой дæр. Æзинæ кадæр мæлгæ ракодта, кадæр ба – игургæ. Кадæр фæххуæрд æй, кадæр ба молгæ ракодта. Кадæр састи бунати байзадæй, кадæр ба уæлахез фæцæй. Кæмæндæр æ гъуддаг нæ фæррæстмæ ’й, кадæр ба фескъуæлхтæй.

Æзини цийнæ абони æзини хузæн нæбал ахедуй, æзини рист æзини хузæн нæбал ресуй, æзини æнтæст абони æзини бæрцæ нæбал æй. Фал æзинæй берæ аразгæ ’й абони…»

Раст æй баханхæ кодта Хазби – алли адæймагæн дæр æ царди абони хабæрттæ æзини гъуддæгутæй нæ исирæзтæнцæ?!

Цгъойти Хазби райгурдæй 1940 анзи 10 октябри. 1959 анзи æнтæстгинæй каст фæцæй Алагири райони Нæуæггъæуи астæуккаг скъола. Уой фæсте æртæ анзи бакуста Цæликки-фурти номбæл колхози æма завод «Электроцинк»-и хумæтæг косæгæй. 1962 анзи Хазби ахур кæнунмæ бацудæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл педагогон институтмæ (нуртæккæ университет) филологон факультетмæ. 1963 анзи имæ фæдздзурдтонцæ Æфсади рæнгъитæмæ æма уоми кадæ æма радæй бафиста æ граждайнаг ихæс. Служби фæсте æ ахур раизолдæр кодта æма ’й æнтæстгинæй каст фæцæй 1970 анзи. Уæд косун райдæдта газет «Рæстдзинад»-и редакций æма си косуй абони уæнгæ. Уой дæр бæрнон бунæтти: литературон косæгæй, бæрнон секретари хуæдæййевæгæй, бæрнон секретарæй, сæйраг редактори хуæдæййевæгæй, абони ба æй шеф-редактор.

Хазбийи аккаг арфи дзурдтæ зин иссерæн æй. Уомæн æрдзæ айдагъ журналисти æма финсæги агъазиау искурдиадæ нæ равардта, фал ма ин балæвар кодта, ирон лæгмæ хуæздæр нæртон менеугутæй ци гъæуама уа, уони: лæгдзийнадæ æма рæстдзийнадæ. Еци агъазиау хуарз менеугутæ ирд æма бæлвурдæй бæрæг дарунцæ æ берæвæрсуг исфæлдистадæбæл дæр.

ЦГЪОЙТИ Хазби дзубанди кæнуй æ исфæлдистади фæдбæл арæзт мадзали.

Цгъой-фурт æй, нæ маддæлон æвзаги, нæ национ аййевадон литературæ райрæзун кæнуни гъуддагбæл, нæ адæмон гъæздуг исфæлдистадон бунтæ багъæуай кæнунбæл æвæллайгæй ка хъиамæт кæнуй, нæ фарнæ агъазиаудæр дæр уа, зæгъгæ, уодуæлдайæй ка архайуй, еци лæгтæй еу. Газет «Рæстдзинад»-æн арфиаг лæггадæ кæнуй æртинсæй анзей дæргъи. Адæм ин æ публицистикон-зонадон киунугутæ, æ цæмæдессаг æрмæгутæ алкæддæр фæккæсунцæ зæрдиагæй.

Куд зонетæ, уотемæй 1964 анзи нисангонд æрцудæй Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон преми. Æма уæдæй абони уæнгæ еци устур хуæрзеуæги аккаг берæ æцæгæйдæр æскъуæлхт адæймæгутæ иссæнцæ – Абайти Васо, Мамсурати Дæбе, Николай Тихонов, Тæбæхсаути Бало, Жорж Дюмезиль æма иннетæ.

Æма еци номдзуд лæгти æмрæнгъæ, куд еци премий лауреат, уотæ абони нимад цæуй, Цгъойти Хазби – уой дæр зæгъун гъæуй æма еци кадгин ном Иристони журналисттæй фиццагидæр уомæн исаккаг кодтонцæ. Аккаг ба ин æй искодтонцæ æ киунугæ «Арви дуар»-и туххæй. Аци киунугæн устур аргъ искодтонцæ нæ литертурæртасгутæ, æвзаги дæснитæ, этнографтæ, историктæ, урух над иссирдта киунугæкæсæг дзиллити зæрдити.

 

Иристони кæд еске рæсугъд æма рæстуодæй аразуй бийнонти фарнæ, уæд уони фиццæгтæй æнцæ ЦГЪОЙТИ Хазби æма æ цардæмбал Луизæ (ХЪОРОТИ Григорийи кизгæ).

ДÆ УОДВАРНИ ФАРНÆЙ ДÆТТÆ АДÆМÆН – ФÆУУНÆЙ ИН МА ТÆРСÆ!..

Цгъойти Хазби æхуæдæг æхе царди фæткæ куд аразуй, уомæн æвдесæн æ иннæ новеллæ «Абони».

«…Цард ес æзинæ æма исони æхсæн. Гъома, цард ес аци бони бони. Аци бон ци цæуй, уой уинис æма лæдæрис. Ду дæ царди архайгутæй еу. Аразæг æви ихалæг? Есæг æви æфтауæг?

Аци бон баст æй исони хæццæ. Æзини рæдуд дæ аци бон гъигæ даруй. Æзини æнтæст дæ размæ æсхуайуй. Æзини уарзт дæбæл базуртæ садзуй. Аци бон дæ цард рæвдауй, æви æфхуæруй, уæддæр си цæрис, дæ гъигæн, дæ зинтæн бухсис. Бухсис син исон хуæздæр уодзæнæй æнгъæлдзауæй. Дæ фæндитæ, дæ гъудитæ æнцæ исони хæццæ баст, æма дæ уобæл æууæндун кæнуй, нифсгундæр, цæрæццагдæр дæ кæнуй.

Аци бон баст æй исони хæццæ. Аци бон дин ци нæ бантæстæй, уой гъавис исонмæ. Аци бони хæрзтæй æвæрис, фæстауæрцæ кæнис исонмæ. Рахуæрунæй бангъæлмæ кæсун – хуæздæр, æма дæхе æнгъæлмæ кæсун кæнис. Дæхе рæвдауис сæумæй. Уомæ æнгъæлмæ кæсгæй дæбæл аци бон æ зинти хæццæ æнцондæрæй цæуй. Фал аци бон куд æма ци фæццæрай, е – дæхе. Исон ци уодзæнæй, куд уодзæнæй, уой неке зонуй.

Аци бон уотæ фæццæрæ, цума дæ фæстаг бон æй: ци косис, уой – лæмбунæг, ци дзорис, уой – зæрдæй, маке тæрегъæди бацо, æнæгъæуаги маке бафхуæрæ, дæ зунд, дæ зæрди гъар дæттæ адæмæн. Фæуунæй син ма тæрсæ!..»

Цгъойти Хазби ци финсуй æма адæми размæ ци зæгъуйнæгтæ рахæссуй, уонæбæл бæлвурддæрæй нæ дзордзæнæн – аргъгæнæг син адæм уæнтæ, уомæн æма сæ уонæн финсуй, уонæмæ ковуй æ зæрди сагъæстæй. Еунæг уой зæгъуйнаг дæн, æма адæми зæрдæмæ хъæбæр фæццудæнцæ æма устур зæрдиагæй кæсунцæ Хазбийи финст киунугутæ, берæ аллихузон уацтæ. Уони хæццæ æнцæ: «Дæ зæрдæ де ’вдисæн», «Аланы хæлæрттæ», «Цæвæг марæджы не ’взæрста», «Ирон æмбисонды хабæрттæ», «Фыдæлты мæсыг», «Мæ зæгъинæгтæ», «Æгъдау – царды мидис», «Де ’гъдау – нæ гакк», «Дихтæ, дихтæ – æдыхтæ»… Тагъд ба ма сæбæл, æруагæс ни кæнуй, гъæуама бафтуйа нæуæг киунугутæ.

Хазбийи берæвæрсуг исфæлдистадæбæл берæ аллихузон мухурон фæрæзнити финстонцæ Джусойти Нафи, Цибирти Людвиг, Дзасохти Музафер, Тигити Юрий, Тезиати Батрадз, Тъехти Тамерлан æма æндæр дзурддзæугæ финсгутæ æма публицисттæ, ахургæндтæ.

Уотæ мæмæ кæсуй, цума нæ фæррæдуйдзæнæн, Хазбийи финст киунугутæ устур агъаз æнцæ нæ цардиуагæ хуæздæр кæна бæл ка тухсуй, уæлдайдæр ба нæ фæсевæдæн, зæгъгæ, ку зæгъон, уæд. Уомæн æма си ес дессаги гъæздуг æрмæг нæ рагфидтæлти цард æма зæрдиуагæ балæдæрунæн, нæ маддæлон æвзаг, нæ фидтæлтиккон æгъдæуттæ хуæздæр базонунæн. Æ киунугутæ æма «Рæстдзинад»-и сæрмагондæй ци фарс «Æлутон» цæттæ кæнуй, уони æрмæгутæ автор райсуй, нæ рагфидтæлти царди æцæг хабæрттæ бундоронæй исбæлвурд кæнгæй, æма зæрдæмæ дæр хъæбæрдæр уомæн гъарунцæ. Сæ фæрци нæбæл хуæрзауодæн кæнунцæ нæ фидтæлтæ сæ курухондзийнадæй, сæ цард, сæ намус, сæ дуйне лæдæрундзийнадæй, сæ фарнæ нæмæ ирдæй æма бæлвурдæй хъæртуй.

Рæстзæрдæй æма уодуæлдайæй дзиллæн пайдахæссæг гъуддæгутæ ка араза, уомæй гъæуама боз уæн, аккаг аргъгонд дæр ин гъæуама æнæмæнгæ цæуа.

Æма Цгъойти Хазбийæн æ берæ арфиаг хъиамæттæн дæр аккаг аргъгонд цæуй, – ку зæгъæн, иссæй Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон премий лауреат, исаккаг ин кодтонцæ Уæрæсей Федераций æма Цæгат Иристони культури æскъуæлхт косæги цитгин ном, Уæрæсей Федераций финсгути æма журналистти Цæдести иуонг, Хонсар Иристони æскъуæлхт журналист, Колити Аксой æма Æмбалти Цоцкой номбæл премити лауреат, хуарзæнхæгонд æрцудæй майдан «Иристони намусæн»-æй æма «Уæрæсей мухури 300 анзи» кадæн юбилейон реубæлдаргæ нисанæй.

Еци хуæрзеугутæ еугурæйдæр кæд хъæбæр кадгин æнцæ, уæддæр ин тæккæ цитгиндæр, тæккæ нимади-нимаддæр хуæрзеуæг ба æнцæ æ тумугъ бийнонтæ. Хуцау ин уæхæн хуарз ракодта æма ’й фæххайгин кодта бийнонти амондæй, иссæй хуарз бийнонти хестæр. Æ цардæмбал Луизи (Хъороти Григорийи кизгæ) хæццæ син ес æртæ хъæболи, уони цикорай фæрдуги хузæн цæрæццаг кæстæртæ.

Хазби кæддæриддæр архайуй æ фæрнгун бийнонти кади мæсуг фæууæлдæр кæнунбæл. Хъæбæр бæллуй уомæ, цæмæй æ кæстæрти æма уони цæуæти исонибон уа райдзастæй-райдзастдæр. Гъе уой уин Хазби æма Луизæ, мах Хуцауæй корæн æма уин æй æ цæстæ бауарзæд.

 

Къари (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): поэт ХОДИ Камал, ЦГЪОЙТИ Хазби, КОЛИТИ-СÆЛБИТИ Иринæ (Дзæуæгигъæуи 13-аг скъолай директор), поэт æма публицист КЪАДЗАТИ Станислав.

ИСОНИ ХУАРЗМÆ БÆЛЛÆН, ÆМА НИН ФÆРРÆСТМÆ УÆД!..

Нæ радзубандий кæронбæттæн дæр мæ фæндуй Хазбийи новеллитæй еуемæй райдайун. Хуннуй «Исон», æма си уотæ зæгъуй:

«Цард æй æзини æма исони æхсæн. Æма уæд исон ба ци ’й. Исонбæл фæлмæ бадуй, исон ци уодзæнæй, уой неке зонуй. Цийфæнди фæндитæ æма тæрхæнттæ кæнæн, уæддæр си исон ци рауайдзæнæй, сæ кæци хай исæнхæст уодзæнæй, æви си æгириддæр неци исæнхæст уодзæнæй, уой неке зонуй. Исони æнтæстдзийнадæ аразгæ ’й аци бонæй, фулдæр ба – исонæй.

Исон ди феронх уодзæнæй æзинæй берæ цидæртæ. Мæрдиронх сæбæл бафтаудзæнæй исон. Иронх дин кæнун кæндзæнæй аци бони фæццарди рæстæг. Исон æгъатир æй рæстæгау. Исон аци бони æрлæуун нæ уадзуй, æсхуайуй æй размæ, соруй æй цардæй, цæмæй ин æ бунат байахæсса. Исон кæмæндæр æ мæлæти афонæ ’й, кæмæндæр ба æ райгурæн бон æй. Исон кедæр дæлдæр кæндзæнæй, кедæр ба æ уæлнихти бæрзонд исесдзæнæй. Исон кæмæйдæр гъолау гъаздзæнæй, кедæр ба мадау рæвдаудзæнæй. Кæмæндæр æ ходуйнаги гакк раргом кæндзæнæй, кæбæлдæр ба фарнæ бафтуйдзæнæй.

Исонибонмæ фæндитæ æма гъудити уæзи буни цæуæн. Уогæ, исон уодзæнæй, уой ка зонуй, ку уа, уæдта куд уодзæнæй… Фал уæддæр исон æй нæ бæлдæ, не ’скаст, не ’нгъæлдзау.

Нæ хуарз хестæр, нæ хъазар æмкосæг, Хазби! Исонибони туххæй ци гъудитæ зæгъис, уонæмæ гæсгæ ба махмæ уотæ кæсуй, æма дæу хузæн рохсзæрдæ æма цæстуарзон адæймагæн æ исонибон дæр гъæуама райдзаст уа, арфиаг гъуддæгутæй никки бæркадгиндæр, уомæн æма си цæмæ æнгъæлмæ кæсис, етæ еугурæйдæр нæ Иристони хуарзæн, нæ адæми фарнæн гъуддæгутæ ’нцæ. Æма дæ бæлдитæ æнæгъæнæй дæр гъæуама æнæмæнгæй исæнхæст уонцæ. Уой хæццæ ба ма дин нæ зæрдæ зæгъуй, берæ æнзти дæргъи ма дæ уарзон адæми хæццæ, дæ дзæбæх бийнонти, дæ синхбæсти хæццæ, дæ берæ æмбæлтти хæццæ рæсугъд райгурæн бæнттæ куд фæббæрæг кæнай, æма ма нин берæ зæрдæрайдзастгæнæн уадзимистæ, киунугутæ куд балæвар кæнай, уой дин нæ Дуйнескæнæг Еунæг Кадгин Хуцау исаккаг кæнæд.

Иристони рæсугъддæр рауæнтæбæл æмкосгути хæццæ балций.

Хазби, цард ци ’й адæймагæн, уой хъæбæр хуарз ке лæдæрис æма ин уомæ гæсгæ ба аккаг аргъ ке кæнис æма си аккагæй цæрунбæл æвæллайгæй ке архайис, е бæрæг æй дæ финститæ æма дæ зæнхон гъуддæгутæй. Мæнæ дæ новеллитæй еуеми куд зæгъис царди туххæй:

Цард, куд адгин дæ æма куд маст дæ! Куд æхцæуæн дæ æма куд карз дæ! Куд хуарз дæ æма куд æнадæ дæ! Ци дæ æргъуди кодта, ка дæ равардта адæймагæн? Уæдта цæмæн? Гъезæмарæн?! Фудтохæнтæн? Карди комбæл цæунæн? Мæлунæн?

Цард тох æй! Æдзохдæр ни тохмæ цæттæ ун домуй. Дæхе ма æрлæмæгъ кæнæ. Æнгъæлмæ кæсæ фуддæрмæ! Дæ зæрди фæдбæл ма рацо, ма имæ нийгъосæ, æ коммæ ин ма бакæсæ! Æрдуни хузæн – ивæзт, дæ зинтæй – ервæзт. Æма ма си уæд цæргæ ба кæд кæндзинан?

Цард, цæмæн гъæуис, зæгъай? Фудæвзарæнæн, фудмиуæн?! Адæймаги донмæ тæрис æма ’й фæстæмæ æнæ донæй æздахис. Ухстбæл æй бакæнис æма ’й фудтохæнтæмæ фезонæгау дарис. Æруолæфун æй нæ уадзис. Куройни хузæн æй инсис æма инсис, хуæрис ин е ’нæнездзийнадæ, æ тухæ, æ зунд. Æнсæндис ин е ’нкъарæнтæ, æ бæллецтæ. Ниууадзæ нæ уой бæсти.

Цард, цæйбæрцæ дæ æма ци дæ! Цæстифæнникъулди хузæн – цубур, зæрди цæфау – ресагæ.

Цард, ци хузæн дæ, цæхуæн?! Зæрдæ дæбæл ходуй, зунд дæбæл тæрхон кæнуй. Фал æндæр уагæбæл ку уайсæ, уæд уотæ адгин нæ уайсæ! Дæхемæ нæ не ’лвасисæ. Нæ дæ лæдæрианæ, нæ дæ уарзианæ. Нæ сагъæстæ, нæ бæллецтæ дæбæл нæ бæттианæ. Æнæбазур, æнæтæлмæн уаййанæ. Зундæй дæр, хъаурæй æма фæразонæйдæр цауддæр уаййанæ. Куд адгин дæ, куд! Дæ адæ, дæ уозæлд цæбæл ес баййевæн? Уодтавс, зæрдирай нæ кæнис. Кæнæн цæрæццаг, æма иронх кæнунцæ дæ зинтæ».

Адгин дин æй, Хазби, цард æма си адгинæй берæ æнзти дæргъи фæццæрæ дæ бийнонти, дæ хеуæнтти, æмгæрттæ æма зонгити хæццæ! Е махæн, ка дæ зонуй æма ке рæстзæрдæ цæстиварди дæ, уонæн дæр æхцæуæн уодзæнæй!

 

Республикон газет «Дигори» редакций коллективи номæй

САКЪИТИ Эльбрус.

 

Редакцийæй.

ЦГЪОЙТИ Хазбийи уацтæй кæцидæрти  хæццæ, нæ хъазар газеткæсгутæ, сумах дæр зонгæ уодзинайтæ, уомæн æма  рæстæгæй-рæстæгмæ мухургонд цудæнцæ газет «Дигори» фæрстæбæл æма сæ, æнгъæл ан, уæ зæрдæбæл бадардтайайтæ. Абони дæр ин мухур кæнæн æ уацтæй еу.

 

ЦГЪОЙТИ Хазби æ киунугутæй еуемæн равардта дессаги медесгун ном – «Фиддæлти мæсуг». Уоми бамбурд кодта нæ адæми  берæ аллихузон таурæхътæ, æмбесæндтæ, историон æвдесæндартæ, игъæлдзæг хабæрттæ… Уони ’хсæн ес мæнæ ауæхæн таурæхъ дæр.

Цæветтонгæ, еу лæхъуæн исфæндæ кодта балций фæццæун. Æма æ ранæхстæри размæ æ мади бафарста:

– Фæндаггагæн мæ хæццæ ци райсон?

– Дæ фиди ном, дæ фиди фарнæ, – адтæй мади дзуапп.

Æма лæхъуæн дæр æ фиди ном, æ фиди фарни хæццæ рафæндараст æй æ балций. Берæ рауæнтæмæ бафтудæй, æма ибæл алкæми дæр исæмбæлиуонцæ æхцæуæнæй, зæрдиагæй æй исиуазæг кæниуонцæ…

Аци таурæхъ уобæл дзорæг æй, æма хестæрти намус æма кæстæрти гъомус æнцæ цардæн æ размæцуди хъаурæ, æма етæ æнгомæй ку исæмдзæрийнæ унцæ, цард дæр уæд ирæзуй æнтæстгинæй.

Гъе уобæл æй Цгъойти Хазбийæн æ дзубанди, мæнæ  абони ци уац мухур кæнæн, уоми.

 

Цоты цот зæнджы магъз сты, – дзырдтой нæ фыдæлтæ. Уыдон цинæй, уыдон рæвдауынæй не ‘фсæдынц сæ дадатæ æмæ нанатæ. Рагæй-æрæгмæ ирон адæмы царды фылдæр иудзинад уыд ныййарджытæ æмæ цоты æхсæн нæ, фæлæ стыр фыдтæ æмæ стыр мадтæн сæ цоты цотимæ. Рæзгæ фæлтæр хъомыл кодтой уыдон цæстдардæй, сæ зонд æмæ фæлтæрддзинадыл. Хи мад æмæ фыдæй фылдæр хатт уыдысты иппæрд. Уымæн æмæ ныййарджыты иуæй æрвылбоны уæззау куыстæй не ‘вдæлд сæ цотмæ, иннæмæй хъомылады хистæрты фæлтæрддзинады хъомыс йæхионтæ кодта. Афтæмæй сабитæ фылдæр рæстæг уыдысты семæ, сæ аудындзинады æмæ узæлды хъарммæ сæ рæз хастой. Хистæрты фарн æмæ æгъдæуттæ, ирон адæм цыдæриддæр йæ царды хорзæй бамбырд кодта, уыдон бонæй-бонмæ, куыд рæзтысты, афтæ æнæзынгæ истой сæ дадатæ æмæ нанатæй, иу фæлтæры цардфæлтæрддзинад цыд дыккагмæ нæ, фæлæ æртыккагмæ. Хуымæтæджы ирон ныхасы нæ баззад уый зæронд лæджы фырт у, зæгъгæ. Афтæ фæзæгъынц адæмимæ цæрынмæ, адæмимæ цæрынмæ,æгъдæуттæм, кувынмæ хорз чи фæарæхсы, уымæй. Уый та фылдæр хатт вæййы, йæ дадаимæ чи схъомыл, ахæм лæппу. Фенаг æмæ фехъусаг зонаг у. Æмæ чи цы æгъдау зоны, уый кæны. Гъе, уымæ гæсгæ тæхудиаг уыд æмæ у, йæ нана æмæ дадайы зонд æмæ рæвдыдæй хайджын чи у, уый.

Æхсызгон та куыд нæ вæййы, зæронд лæджы кæнæ усы сабиимæ зæрдæйæ-зæрдæмæ иронау ныхæстæ кæнгæ куы фенæм, уæд уый. Царды æгъатыр цыд йæ удыкондыл цалхау кæмæн атылд, йæ рис æмæ цин ын чи бавзæрста, уый æмæ æнæфыст гæххæтты сыфау сыгъдæг, æнæхин, æнæлаз, æвæлтæрд саби иумæ ныхас кæнынц. Уæлæнгай æркæсгæйæ, – лыстæг хъуыддæгтыл, арфдæр асгаргæйæ та – ахсджиаг фарстатыл, царды философийыл. Куырыхон зонд æмæ уддзæфау сонт хъуыдытæ иу нучы уадзгæйæ, рæстдзинадыл æхцон быцæу кæнгæйæ, кæд æмæ кæм фæфидар вæййынц, кæрæдзийæн фæндаг кæд радтынц, уый зын зæгъæн у. Уыцы ныхасы кæстæры зондахаст кæны фидардæр, уæндондæр, хистæр та – удыхъæдæй, зæрдæйæ æрыгондæр, ирддæр, кæны цæрæццагдæр; рæстæг ыл цы фæлм сæвæрдта, уый тайы сабыргай.

Фæлтæрты ахæм бастдзинад æрдзон у. Æмæ йæ цы адæмыхæттытæ фесæфтой, уыдонæн сæ гуырæн уидæгтимæ сæ иудзинад аскъуыд, æмæ сæ национ хуыз сæфы, æгъуыз кæнынц. Уый æвзæрæрдæм ахады адæмы удыхъæдыл, йæ æнкъарæнтыл, искæй рис, æхсæнадон цардмæ йæм гуырын кæны куыдфæндыйы зондахаст, нал æм фæхъары æгъдау, æфсарм, хæстæгдзинад, йæ мидкультурæ дымгæмæдарды хуызæн свæййы. Ацы фарстамæ се ‘ргом хуымæтæджы тынг не здахынц зындгонддæр фысджытæ. Уымæн æвдисæн Ч.Айтматовы уацау «Белый пароход» æмæ нæхи Нафийы уацау «Зæронд цуанон». Уыдоны сæйраг архайджытæ сты зæронд дадатæ æмæ æнахъом лæппутæ, цардмæ кæсынц иу цæстæнгасæй, сты æмзонд, сæ адæмы таурæгъон историйыл, æгъдæуттыл, æрдз æмæ адæймаджы удыхъæды сыгъдæгдзинадыл, иудзинадыл – иузæрдион. Æмæ уыцы хорз миниуджыты сæрыл иумæ тохы сæ удæй арт цæгъдынц астæуккаг фæлтæры гуырмыхъ æмæ æнæзонд митæ ма æруадзыныл.

Фæлтæрты æхсæн иудзинадæй фæцудыдтой ирон адæм дæр. Æндзыг æмæ рацарæзты рæстæджы нæ рæзгæ фæлтæр фæиппæрд сты сæ дадатæ æмæ нанатæй – сæ фыдæлты фарнæй. Уый уæлдай тынгдæр зыны, сæ фылдæр хай иронау дзурынмæ æмæ фыссынмæ кæй нæ арæхсы, нæ адæмы монон æмæ удварны культурæ, æгъдæуттæ кæй нæ зоны, уымæй. Сывæллоны йæ мады дзидзийæ куыд баиртасай, уыйау сæ фæхауæццаг кодтой сæ фыдæлты фарнæй, сæ мадæлон æвзагæй. Нæдæр сæхи æвзаг зонынц, нæдæр уырыссаг æвзаг рæстмæ базыдтой. Уыцы аипп сраст кæнынмæ фæстаг азты æргом здæхт æрцыд, фæлæ халынæй аразын зындæр у. Стæй, хъыгагæн, аразгæ дæр фылдæр ныхæстæй кæнæм, мадзæлттæ æмæ фæрæзты номхыгъд та гæххæттыл фыстæй зайынц.

ФÆЛТÆРТЫ ФИДАР БАСТДЗИНАД – ЦАРДЫ ТЫХ

Абоны рæзгæ ирон фæлтæр, кæй зæгъын æй хъæуы, амондджындæр сты сæ ныййарджытæй: сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнын райдыдтой сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты, сæрмагонд равдыстытæ, бакастытæ сын ис телеуынынад æмæ радиойы, ифтонггонд цæуынц чингуытæ æмæ цæстуынгæ æрмæгæй, æмхиц сæ кæнынц сæ фыдæлты историмæ, æхсæнады сæ мадæлон æвзагыл дзургæйæ сын ничиуал бауайдзæф кæндзæн. Фылдæр æргом сæм аздæхтой карджын адæм. Фæлæ сæ ныййарджытæ кæддæр сæ мадæлон æвзагæй кæй фæиппæрд сты, кæй сын æй смамм кодтой, уый абон ацы фæлтæрæн дæр у къуырцдзæвæн. Уымæн æмæ ныййарджытæ иуæй æвзаг нæ зонынц, иннæмæй йæм уыцы фыдбоны зондахастæй нæма ссæрибар сты, аккаг аргъ ын нæ кæнынц. Æмæ дзы чидæртæ сты ирон æвзагмæ сæ цоты тырнындзинады ныхмæ, иннæтæ та йæ, кæй нæ зонынц, уый аххосæй хæдзары, бинонты æхсæн семæ нæ дзурынц иронау. Æмæ рæзгæ фæлтæры ныхасы хъæд у кæнгæ, чиныджы æвзагæй арæзт – ирон æвзагæн не ‘нкъарынц йæ тых, йæ æхцон змæлд æмæ гæнæнтæ. Уым стыр аххос хауы сæ дадатæ æмæ нанатæм. Ахæм уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц, сæ тыхтыл кæй нал æууæндынц, сæхи æбæрнон кæй скодтой, фидæны фæлтæрты раз сæ хæс кæй нал хатынц, уый тыххæй! Сæ цот уыдонмæ нæ, фæлæ уыдон сæ цотмæ хъусæг кæй систы, æвзæрæй æвзæр зæгъынмæ ныфс сæм кæй нал ис, уый тыххæй!

Раздæрау та рæзгæ фæлтæры хъомылад сæ къухтæм куы райсиккой, фылдæр рæстæг семæ куы æрвитиккой, сæ удты фарн сын сæ зæрдæтæм куы ныуулæфиккой, семæ цъæррæмыхст уырыссаг æвзагыл дзурыны бæсты сæ ирон аив дзырды хæзнадонмæ сæ фæдыл куы акæниккой, Нарты кадджытæ, адæмон бирæвæрсыг сфæлдыстад иумæ куы базмæлын кæниккой, уæд та ирон æвзаг йæ гаччы сбадид. Нæ мадæлон æвзагыл дзурын нын нæ цæстмæ куы дардтой, мæрдырох ыл куы æфтыдтой, уыцы азты хистæрты æмæ кæстæрты æхсæн цы афтид быдыр, лæмæгъ цæг фæзынд, уый дæр уæд кæд тау суадзид, фæфидардæр уаид, æмæ къуырцдзæвæны уæддæр нæ уаид.

Абоны æрыгон ныййарджытæй бирæтæ нæ фехъуыстой се стыр мадæлтæ æмæ фыдæлты зондамынд, аргъæуттæ æмæ таурæгътæ. Уымæн æмæ кæрæдзийæ барæй иппæрд уыдысты. Хистæрты хъомылады фæрæзтыл, сæ цардфæлтæрддзинад æмæ зондыл къахæй ахæцыдыстæм. Кæстæртæ «фæзондджындæр» сты, айк карчы ахуыр кæнын райдыдта, æмæ карк дæр æгомыг кæнын райдыдта. Уый фыдраконд уыд, æмæ йæ фыдæй иу фæлтæр йæ равзæрды гуырæнтæй, ратæдзæнтæй фæиппæрд. Уый æвзæрырдæм тынг фæзынд йæ хъомыладыл. Уыцы фæлтæр æй бирæтæ рæстмæ нæ зонынц ирон æгъдæуттæ, хистæрты æмæ кæстæрты, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн хæрзуагон ахастдзинæдтæ, ирон æфсарм сæм нæ хъары. Уый аххосæй сты ронбæгъд, æнæчетар, куыдфæндыйы зондахастыл хæст, хиуарзон. Чындз æфсинимæ, сиахс йæ каистимæ нал фидауы, се ‘хсæн цы фарн ис, уый сæрты ахизын сæм диссаг нæ кæсы, наркоман, фæрасыг уæвын, ахæстонмæ бахауын, хистæры, сылгоймаджы раз æнæуаг дзыхæй дзурын, сырды митæ кæнын сæм худинаг нал у. Уымæн æмæ ирон царды æгъдæуттæй фæхицæн сты æмæ дзуапдæттæг никæй цур сты. Нæ сæм фæхæццæ Нарты кадджыты тæваг. Уыдоны ирдæй æвдыст цæуынц нæ фыдæлты цард бирæ фæзминаг миниуджытæ. Сæууайы кадæджы чындзы лæггады тыххæй кадæггæнæг зæгъы: «Сатанайы чызг Сæууайы мад æмæ фыды (чындзы сæм куы æрцыд, уæд) Ноггæнæн суадоны цынадта, æмæ сног сты». Кæй зæгъын æй хъæуы, ныры чындзытæн Ноггæнæн суадон агургæ æмæ нæ ‘ссаргæ у, фæлæ Сатанайы чызгау йе ‘фсин æмæ хицауы йæ зæрдæхæлардзинад æмæ лæггадæй чи фæногдæр кæны, ахæмтæ бирæ ис Ирыстоны. Чындзы æгъдæуттæ, хистæртыл йæ аудындзинад, сæ зæрдæтæ де ‘взыгъд, де ‘рыгондзинадæй хуры тынтау бахъарм кæнын у зæрæдтæн Ноггæнæн суадон.

Уæдæ цы хъомыладон, зондамынды, сыгъдæг удыхъæды фæрæзтæ, дæнцæгтæ æмæ фæсномыг койтæ ис иннæ кадджыты та! Райсæм ма «Нарты æмбырд, кæнæ нарт чи хуыздæрыл куыд дзырдтой». Æрмæст йæ райдайæн дæр у ирон адæймаджы удварны кодекс, нæ фæсивæд царды кæуыл хъуамæ æнцой кæной, фыдæлты ахæм æнусон фæдзæхст-ныстуан. Бакæсæм-ма йæ:

Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бандæнтыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.

– Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинад йеддæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой.

Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр.

– Адæм хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардыл уæд хъуысти Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой; ацы рæстæджы хуызæн сæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæгъдау фырнозтæй се ‘фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се ‘хсар куы нæ састой.

Афтæ загъта дыккаг хистæр.

– Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой; сылгоймаджы тыххæй йæ цæсгом куы ничи сафта.

Уый радзырдта æртыккаг хистæр.

Ахæм у адæмон педагогикæ. Æмæ æвæрд ис фæлтæрдты иудзинады. Хистæрæй кæстæрмæ асинтыл хизæг æнусон фидиуæг, зæрдæты рухс, ныфс, хæлардзинады æнкъарæнтæ уадзæг, царды зындзинæдтыл нæ уæлахиз кæнæг.

Хистæры куырыхондзинадæн стыр аргъ уымæн кæнынц ирон адæм. Уымæн фæзæгъынц: хистæр æгъдауæй фидауы, цард та – йæ зонд æмæ кæстæры хъару, æфсармæй. Фæстаг рæстæг фæцудыдтой нæ хистæртæ дæр. Царды ахсджиаг фарстатæй сæхи иуварс ласын байдыдтой, æнцад æмæ æфсæст цард сæ йæ фæдыл сайы. Айрох сæ вæййы, нæ таурæгъон фыдæлтæ нартæн сæ дзыхы ныхасы курдиат кæй уыд, гуыбыныл мард кæй нæ уыдысты, уый. Нæ фæлмæнтæдзураг æмæ рæвдауæг дадатæ æмæ нанатæ, хъæуты уынгты тигътыл бадынмæ, æнæфсон куывдтæ æмæ æртыгай чъиритæй кувынмæ, горæтты паркты æмæ хæдзæртты кæртыты къамтæй æмæ доминойæ хъазынмæ, уæ низтæм хъусынмæ сымах не ‘вдæлы. Ирон адæмы фидæны фæлтæрты раз уыл стыр хæс æвæрд ис – уæ цоты цотмæ адæттут нæ фыдæлты фарн. Уе ‘ргом сæм аздахут. Уыдон уын уæ низтæ фæсурдзысты, цардамонд уыл бафтаудзысты. Сæхæдæг та фæхайджын уыдзысты уæ зонд æмæ фæлтæрддзинадæй. Сымахæй кæй базоной, цы фехъусой, уый æнустæм баззайдзæн сæ зæрдæты, сымахимæ цард сæм кæсдзæн рæсугъд фынау, ныфс сын уыдзыстут æмæ уæ мысдзысты æдзухдæр, уæлдайдæр та – сæ зын сахаты мæнæ афтæ:

 

Иудадзыг мæ сагъæстæ – мæ хæстыл

Нал мæ сайы хъазынмæ нæ уынг.

Царды уæз æрæнцади мæ уæхскыл:

Бон – изæрмæ бафæллайын тынг.

 

О, мæ Нана, ракæн-ма мын аргъау,

Раздæрау мæ адджын фынтыл бафтау.

Кæд мæ зынтæ атæхиккой маргъау,

Цард та фестид зарæг æмæ аргъау.

 

Уæ бынат уын куы бацахсой, уæдмæ сæхицæн фæзындзæн цоты цот, æмæ уæ фарн ахиздзæн уыдонмæ дæр. Афтæмæй нæ сæфы фæлтæрты иудзинад, нæ мæлы адæймаджы удварн, йæ намыс, æнусты сæрты хизы иу фæлтæрæй иннæмæ. Хъыгагæн, Ирыстоны уыцы хъуыддаг иу рæстæджы кæй фæцудыдта, уый аххосæй бирæтæ нал арынц сæ ратæдзæнтæ, сæ фыдæлты равзæрды уидæгтæ. Сæ фыдæлты ранымад сын аскъуыйы цыппæрæм, кæнæ фæндзæм фæлтæрыл. Хи зонын алкæй хæс дæр у. Уæд адæймаг иуæй удыхъæдæй хъæздыгдæр вæййы, иннæмæй та йыл йæ хæсы раз фылдæр æфсарм ис, йæ фыдæлты номæй аргъуц кæнгæйæ йæ сæрмæ никуы æрхæсдзæн æгаддзинад.

Фæлтæрты иудзинад æрдзæй лæвæрд у, æрдзы ныхмæ чи цæуы, уый та йæхицæн у фыдбылыз, йæхи сафæг.