23 ноября 2024

НÆ ДЗИЛЛÆН УАРЗОН ХЕСТÆР АДТÆЙ…

12.08.2022 | 16:13

Нæ рагфидтæлти дессаги медесгин фæдзæхститæ æма æгъдæуттæ цæмæй нæ адæми еу фæлтæрæй иннемæ цардгъонæй хъæртонцæ, еци ахсгиагæй-ахсгиагдæр гъуддаг фиццагидæр хестæртæй аразгæ æй. Æма еци ихæс æнхæст кæнунбæл уодуæлдайæй ка архайуй, уонæй ба боз æма сæрустур куд гъæуама нæ уонцæ нæ дзиллæ.

Уæхæн арфиаг хестæрæй адæм базудтонцæ Задæлески гъæуæй рацæуæг, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг фæскъилдуни фæллойни ветеран, фæскомцæдесон æзмæлди æновуд архайæг, муггаг æма хеуæнттæн уарзон хестæр, уозæлагæ мадæ æма фæлмæн нана Будайти-Бæзити Олгай дæр.

Гъулæггагæн, абони не ‘хсæн нæбал æй – хуæрзæрæги банæхстæр æй е ‘носон дуйнемæ… Рохсаг уæд… Мах ба абони æ номерæнæн мухур кæнæн Гасанти Валерий финст уац (5-аг фарсбæл).