03 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..

12.08.2022 | 16:10

Еу гъæуккаг лæг Гукъун, дан, исмедæг æй колхози будури, нартихуар си радавуни зæрдтæй. Уотемæй æй баййафта хъалагъур æма гъæр-фæдесæй байдзаг æй. Гукъун ин зæгъуй:

– Мæнæ дин туман æма райагъаз кæнæ дæхуæдæг!..

Гъе дин гъе!.. Кой дæр æй мабал искæнæ!..

«Айæ, хуаси цъинабæл ке бабастонцæ, уæхæн куй ку æй!..» – рагъуди кодта Гукъун, уæдта ин сосæггай туман æ дзиппи фæтътъунста.

Уæдмæ сæ размæ æрбахъæрттæй колхози сæрдар дæр:

– Ами ци косис? – еци тингунæй фæрсуй Гукъуни.

– Ци косун, ци?.. Мæнæ мин дæ хъалагъур еу голлагæ нартихуарæй байдзаг кодта… Æма ми байагурдта гæртан – туман…

– Мæнгæ зæгъæгæн – атæ æма уотæ!.. – æлгъетуй хъалагъур. – Еу къапекк дæр ку нæййес мæ дзиппи!..

Хъалагъур æ дзиппитæ исхатта æма… Сурх-сурхид туман си исхаудтæй. Сæрдари цæсгон, раст цума ‘й пуруса басугъта, уой хузæн ниссурх æй фурмæстæй:

– Дæ бæх раттæ Гукъунмæ!.. Æма мин дæхе уинун дæр мабал фæккæнæ!..

Хъалагъур бæхæй æрхизтæй. Гукъун ба исхизтæй саргъи бæхмæ. Æма голлагæ дæр бæхбæл исхаста сæхемæ…

***

Æма нури доги дæр уæхæн Гукъунтæ минкъий ку нæ ‘нцæ!.. Хецаудзийнади, кенæ пайдабæл фæххуæст уни фадуæттæ кæми ес, уæхæн бунæттæмæ бæлгути ‘хсæн. Нецæбæл байауæрддзæнæнцæ, ка си фæббадуй, уони фудкойтæ æма дам-думти фæрци фæссорун кæнунцæ… Уæлдайдæр ба сæ æдзæсгондзийнадæ рабæрæг уй аллихузон æвзурстити рæстæг.

Петр ТОЛСТОЙ, Паддзахадон Думи сæрдари хуæдæййевæг: «Уæрæсе æй  Европи тæккæ устурдæр паддзахадæ æма, баруагæс уи уæд, нæ хæццæ хуарз рахастдзийнæдтæ аразунмæ гъавгутæ рæхги æгæр берæ дæр ма уодзæнæй…»

Ка й зонуй, е хуарз уодзæнæй – æцæг уæд, æма уæхæн рахастдзийнæдтæ арæзт ку цæуонцæ айдагъдæр еци фæсарæйнаг гъавгути пайдайæн нæ, фал, фиццагидæр Уæрæсей хуарзæн. Некæмæй неци ихæсгин ан, хе сæрустурдзийнадæ нин гъæуама алцæмæйдæр сæйрагдæр уа. Уæдта – нæ бонгинтæ фæсарæнти ци мулкитæ æфснайунцæ, уони æнæгъæнæй дæр гъæуама нæхемæ фæстæмæ æрбаздахæн, цæмæй «косонцæ» нæ Фидибæсти хуæрзарæстдзийнадæн. Айдагъдæр гъе уæд  уодзинан дуйней кадгин цæстиварди…

 

Вячеслав КОСТИКОВ, публицист: «Адæми фулдæрæй-фулдæр мæстæй маруй, нури Уæрæсей æхе «æвзаргæ хай»-бæл ка нимайуй, уони хедарундзийнадæ æма царди æгъдау…»

Æма куд нæ тингун кæнонцæ, кæд æма еуети, адæмон есбонадæбæл æдзæсгонæй ка фæххæлæф кодта, уонæн сæ фурхъалæй сæ цард «еудадзугон бæрæгбон æй», хумæтæг адæми царди уавæртæ ба æгудзæгæй-æгудзæгдæр кæнунцæ. Æгудзæг адæймаг ба мæстгунгæнагæ, дан, æй…

 

Нинæ ОСТАНИНА, Паддзахадон Думи депутат – чиновникти  хуæдтолгитæ «Ладæ»-ти исбадун кæнуни туххæй Уæрæсей финансти министр А. Силуанови фæнди фæдбæл: «Уой куддæр фæууинон, æма Силуанов æма е ‘мдзогæнгутæ исбадтæнцæ Ладæ»-ти æма си æрбацудæнцæ Паддзахадон Думи размæ, уæд æз дæр мæ БМВ-æй бахездзæнæн уæхæн хуæдтолгæмæ…»

Силуанов æма е ‘мдзæуинттæ, ка ‘й зонуй, сæхецæн базин кæндзæнæнцæ æма Паддахадон Думæмæ бацæудзæнæнцæ «Ладæ»-ти. Фал алли бон ба… Нæ ‘й зонетæ, хецауеуæггæнгутæ дæр сæхе саугини хузæн ке дарунцæ: «Æз куд зæгъон, уотæ кæнетæ, æз куд кæнун, уомæй ба мæ ма фæнзетæ…»