03 декабря 2024

«ДÆ ЗÆРИНДЗУРДИ РОХС – НÆ РАЗВÆНДАГ РОХСГÆНÆГ»

12.08.2022 | 17:15

Галеуæрдигæй къари уинетæ Бæзити бийнонти, Олгайæн æ мадæ, æ хуæртæ æма æнсувæрти. Разæй бадунцæ (рахесæрдигæй галеуæрдæмæ): Таймораз, бийнонти мадæ Бæзити-Тауитти Мисирæт, Сатана, Батраз; лæуунцæ (рахесæрдигæй галеуæрдæмæ): Валоди, Олга, Созур, Валентинæ, Мурат.

Аци кадгин силгоймаг, Будайти-Бæзити Олга Хамæзай кизги цардвæндагбæл ку рагъуди кæнæн, уæд ин æнæмæнгæ  аргъ искæнæн ес нæртон силгоймаги менеугутæ æнхæстæй æвдесæг бæрцæбарæнтæй.

Æ дзубанди – бæлвурд, æ байамунд – лæмбунæг, е ‘гъдау – фæнзуйнаг. Олга кæд берæ зиндзийнæдтæ бавзурста æ царди, уæддæр æ зæруай бонмæ байзадæй игъæлдзæг, циргъзунд, æвæлмаст адæймагæй. Райгурдæй 1928 анзи Мæхчески райони Задæлески гъæуи рæстуодæй фæллойнæгæнæг бийнонти ‘хсæн.

Ахур кæнуни карæмæ ку рабайлæгъ æй, уæд райдайæни бацудæй Задæлески скъоламæ, уой фæсте ба Мæхчески æнæнхæст астæуккаг скъоламæ, дæсæймаг кълас ба фæцæй Дигорай 2-аг астæуккаг скъолай.

Олгай цардвæндаги туххæй куд нæ æримисæн, хуæрзæригонæй ин цæйбæрцæбæл зиндзийнæдтæ  æвзаргæ рауадæй, уой дæр. Нæ Фидибæстæмæ 1941 анзи 22 июни немуцаг-фашистон æрдонгтæ гадзирахатæй ку ‘рбалæбурдтонцæ, уæд цъамар знаги нихмæ тохмæ иннæ дзилли хæццæ рандæнцæ Олгайæн æ фидæ æма е ‘нсувæртæ дæр. Гъæутæ, зæгъун гъæуй, хъæбæр ракунæг æнцæ нæлгоймæгтæй, æма еугур гъуддæгутæ дæр, уæлдайдæр ба колхозти æнхæстгæнуйнаг куститæ æнæгъæнæйдæр ранцадæнцæ силгоймæгти æма, тугъдмæ сæ карæ кенæ сæ æнæнездзийнадæмæ гæсгæ цæун кæмæн не ‘нгъизтæй, еци нæлгоймæгтæбæл. Се ‘мрæнгъæ ба ма æрлæудтæнцæ сабийтæ дæр – уонæй адтæй Олга дæр. Æхсæвæ-бон не ‘взаргæй, архайдтонцæ  колхози еугур гъуддæгути дæр, уæлдайдæр ба – будурти, цæмæй си тиллæг, куд гæнæн æма амал адтæй, уотæ фулдæр æмбурдгонд цудайдæ.

Немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ Цæгат Иристони кæцидæр рауæнтæ рæстæгмæ ку байахæстонцæ, уæд сувæллæнттæн ахури равгæ нæ адтæй. Фал знаг ардигæй сурд ку ‘рцудæй, уæд Олгайæн дæр фæцæй равгæ æ ахури гъуддаг кæронмæ рахъæртун кæнунæн.

Будайти-Бæзити Олга (астæуæй), æ хуæрæ Хъодзасти-Бæзити Валентинæ æма æ фурт Олеги кизгæ Кристини хæццæ. 2021 анзи 20 мартъий.

Бæзити кизгæ æрдзæй рахаста цардмæ æрвонг цæстæй кæсуни уагæ. Фæллойнæ æма ахур адтæнцæ æ царди сæйрагдæр нисантæ. Æнтæстгинæй архайдта æхсæнадон кустити дæр, уæлдайдæр ба фæскомцæдесон гъуддæгути. Æ рæстæги каст фæцæй фæскомцæдеси Цæгат Иристони обкоми  сæрмагонд  семинари. Æма ‘й уой фæсте косунмæ рарвистонцæ уæди Мæхчески райони фæскомцæдесон комитетмæ. Æ ихæстæмæ цийфæнди цæстæй некæд кастæй. Фæсевæди алли кари минæвæртти хæццæ  дæр зæрдиагæй æма кæрæдзей лæдæргæ дзубанди кæнунмæ арæхстæй, сæ зундирахасти æма уодиконди менеугутæ син лæмбунæг зонгæй. Разæнгард сæ кодта царди рæстаг зунд æма æхсæнади размæ кæдзосзæрдæ унбæл.

Æ сæрихецау Будайти Дриси фурт  Хангерий  цæрунгъæуагæй æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уæд е ‘ртæ бæдолей хæццæ Олга æрцардæй Горæтгæрон райони Курттати гъæуи. Куста поселок Дачныйи санаторон скъола-интернати.

Карнæ ин æ размæ ци цæлхдортæ æрæвардта, уони сæрти хизтæй уæззау зунд æма бонзонгæй. Æ кæстæрти исаразта царди рæсугъд нæдтæбæл. Арфиаг адтæй æ цæуæти цæуæти уозæлдæй, æ берæ хеуæнттæ æма къабæзти рæвдудæй, сæ рохс цæстингас æма лæггæдтæй.

Дессаги хуарз æма æнхæстæй зудта нæ адæми уодварни гъæздугдзийнæдтæ. Фидтæлти царди æгъдæуттæ, сæ зундирахаст  цийнæфсæст цæмæй адтæй, еци хабæрттæ, таурæхътæ, кадæнгитæ, æмбесæндтæ, бацеу-бацеутæ ку дзоридæ, уæд имæ ка игъосидæ, уæд, зæгъун æнгъезуй, еци адæмæн уоййасæбæл æхцæуæндзийнадæ исаразидæ, раст цума, изæдти æма идаугути арфæ сæбæл исæмбæлидæ. Уомæ гæсгæ алкæддæр хъæбæр арфиагæй байзаиуонцæ  Олгай дзубандийæй.

Бæзити Инали фурт Хамæза, Олгай фидæ.

Мадта æ райдзаст хæдзари  ба рæдау фусун исуидæ нæ республики дзиллон хабæрхæссæг фæрæзнити косгутæн, ахургæндтæн, финсгутæн æма е ‘мкоймæгтæн. Æ таурæхътæ, кадæнгитæ, авдæни зартæ, æмбесæндтæ, фидтæлтиккон царди хабæрттæ бакæсæн адтæй газеттæ «Дигорæ», «Дигори хабæртти», журналтæ «Ирæф» æма «Мах дуг»-и, адæмон исфæлдистади уадзимисти хецæн æма еумæйаг æмбурдгæндти, нæ фидтæлти æносон хæзна – «Нарти кадæнгитæ» (дигорон варианти) киунуги, ахургæнæг Хæллати Ази арæзт киунугæ «Уорс уæриккæ дин æрбауон»-и медесбæл дæр ирдæй зиннуй Олгай цардвæлтæрд зунди фарнæ.

Зундгонд журналисттæ, нæ республики культури æскъуæлхт косгутæ Туати Алинæ æма Сосранти Жанни равдиститæ «Фидтæлти уæзæг» æма «Устур Фидибæстон тугъди сувæллæнттæ»-йи дæр Олга цалдæр хатти архайдта. Æ ездон æма медесгун  дзубандийæй деси æфтудта, куд хестæрти, уотæ кæстæрти дæр.

Æ карни надбæл Олга адтæй æ хеуæнтти æма æ къабæзти алли фæлтæрти æнгомгæнæг,  раст зундбæл хуæст унбæл сæ ка разæнгард  кодта, уæхæн фарнæ æма  æгъдаухæссæг, ауодагæ хестæр. Æ райгурæн гъæу Задæлески Бæзити хестæртæй сæ муггаги равзурди туххæй ци берæ хабæрттæ фегъуста, уони ба бамбурд кодта æма сæ хецæн киунугæй рауагъта газет «Мæздæггаг федеуæг»-и уацхæссæг, Уæрæсей Федераций журналистти Цæдеси иуонг Бæзити-Аликкати Лариси агъазæй.

Иристони фæрнгун хестæр Будайти-Бæзити Олгай царди надбæл лæмбунæг нæ цæстæ ку радарæн, уæд нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун,  æма Хуцауæй ибæл аци зæнхæбæл ци ихæстæ æвæрд адтæй, уони æ адæми, муггаги, хеуæнтти размæ ке исæнхæст кодта рæсугъдæй. Æма ибæл кæд 94-анздзудæй хуæрзæрæги æ уæлзæнхон царди хор ранигъулдæй, уæддæр уæлæбæл æнцæ æма уодзæнæнцæ æ зунд æма æ царди берæ хуарзæнхитæ, æма ни федарæй  æруагæс кæнуй сæ хуæрзауодунæй нин агъаз кæндзæнæнцæ нæ уодварни ирæзтæн… Æма  соми кæнгæй зæгъæн: «Дæ зæриндзурди рохс нин нæ цардвæндаг рохсгæнæг уодзæнæй…»

ГАСАНТИ Валери.

Уæрæсей Федераций финсгутæ æма журналистти Цæдести иуонг, Цæгат Иристони Хъамбердиати Мисости номбæл республикон литературон премий лауреат, газет «Рæстдзинад»-и уацхæссæг Гасанти Валери Будайти-Бæзити Олгай туххæй ниффинста æмдзæвгæ, æма уой дæр абони мухур кæнæн.

 

ЗÆРИНДЗЫРД ОЛГА

Цы арфæ ракæнон æз не Стыр Хуыцауæн…

Задæлескы хъæуæн – мæ хуыздæр фæндиаг:

Фæзынд дунемæ нæ цардфæлтæрд Олга,

Фыдæлты рагдугмæ нын скодта фæндаг.

Йæ разæй, о алкæд йæ æгъдау куы цæуы,

Йæ таурæгътæй Ирыл куы фæтагъди сой!

Иæ æмбисæндтæй нæ уый цардмæ куы хоны,

Фæзæгъы рæвдаугæ нын: – Цард у фæллой,

Цард йын йæ размæ цы цæлхдуртæ ‘вæрдта,

Уыдоны сæрты сæрыстырæй хызт.

Йæ фарны дыргъдоны булæмæргъ зары,

Йæ таурæгътæ, ‘мдзæвгæтæ аив сты фыст.

Нæ уарзон, нæ ахсджиаг, нæ куырыхон Хистæр,

Дæ ныстуан, дæ зæриндзырд кæнæм æххæст.

Дæ  кæстæрты хæрзтæй ды дугтæ цæрдзæнæ,

Дæ хур-зонды рухс нын æрттивдзæн æнус.

20.03.2022