27 декабря 2024

УОЛӔФГӔ БА – БЕРЛИНИ

12.08.2022 | 09:13

Кæрон. Райдайæн 24–26, 28-аг номерти.

Иван РОСЛЫЙ (1902-1980) Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-лейтенант

Гъе уотæ 6 ноябри фиццаг æмбеси рауадæй, Гизæли рæбунмæ ци немуцаг-фашистон æфсæддон хæйттæ байервазтæнцæ, уонæбæл æртухсуни тугъд. Уæдæй фæстæмæ знагæн æ тухстагдæр мæтæ иссæй Орджоникидзе байсун нæ, фал, ци амал æма гæнæн ес, уомæй тагъддæр æвудæй райервæзун.

Алагирæй Орджоникидземæ надбæл, Майрæмадаги цæгатварс Суаргом гъæуайгæнгутæ устур цийни хæццæ исæмбалдæнцæ, капитан Диордица кæмæн командæ кодта, 10-аг гвардион фестæг бригади еци 1-аг батальонбæл. Григорий Ивани фурт гъæумæ бацудæй æ батальони разæй æма болкъон Ворожищеви базонгæ кодта уавæри хæццæ. Е ба адтæй хъæбæр вазуггин. Ардæмæ бахаудтæнцæ æвзаргæ гитлерон æфсæдтæ, етæ еугур хъауритæй архайдтонцæ сæхецæн нигулæнмæ над ракъæрт кæнунбæл. Еци фадуат знагæн нæ раттуни туххæй болкъон Бушеви гвардионти æма Ворожищеви къуари денгизонти равдесун гъудæй устур лæгдзийнадæ.

Уотæ рауадæй, æма тæккæ карздæр тугъдтитæ æрцудæнцæ 7 ноябри боницъæхти, Цитгин Октябри социалистон революций 25-аг анзи бон. Не ‘фсæддонтæ сæ хъауритæбæл нæ аурстонцæ, къæппæги ка бахаудтæй, еци гитлеронти ниппурхæ кæнунбæл.

Уой размæ фюрер уотæ кæмæн дзурдта, уæхемæ кæсетæ, сæ революцион бæрæгбони урус, ка ‘й зонуй, тухгин размæмпурст исаразонцæ, зæгъгæ, еци гитлеронтæ ба еугур мадзæлттæй дæр архайдтонцæ цаутæ сæхе пайдайæн иннердæмæ разелунбæл. Фашистти авиаци дзæвгарæ бомбитæ æрæгъзалдта 10-аг гвардион бригади тохæн бунæттæбæл, æхсун райдæдта артиллери. Сахаттæй минкъийдæр  нæ «фæххумæ кодтонцæ» Бушеви бригади бунæттæ. Уой фæсте Дæллаг Санибай размæ рампурстонцæ знаги 60 танки æма фестæг æфсад бронетраспортертæбæл.

Уæдæй фæстæмæ фондз суткей дæргъи мах æнæбанцайгæй тох кодтан, къæппæгæй райервæзунбæл ка архайдта, еци немуцаг æфсæдти хæццæ. Еци тугъди алли цау дæр æй Кавказбæл тохи историмæ бахæссуни аккаг, куд æнæбасæтгæ лæгдзийнади æма тугъдон æскъуæлхтдзийнади æвдесæн.

Мæнæ цалдæр дæнцæни. 370,3 бæрзæндæбæл адтæй сержант Дмитрий Остапенкой танкæхсæн тохæнгарз. Æхсæвæ дæр æма бонæй дæр ка нæ сабур кодта, еци тохи бæгъатæр сержант ниппурхæ кодта æртиндæс танки, уой туххæй райста Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Уомæ хæстæг уæхæн тохæнгарзи хæццæ риндзæбæл бадтæй е ‘нсувæр Иван Остапенко, е дæр фехалдта 7 тугъдон хуæдтолги. Æ бæгъатæрдзийнадæ бæрæггонд æрцудæй Ленини орденæй.

Дзæуæгигъæуи дзиллæ цийнæгæнгæй æмбалдæнцæ Цæгат Иристони зæнхæй немуцаг-фашистон æрбалæборгути ниддæрæнгæнæг советон æфсæддонтæбæл.

Муггагмæ æхе искадгин кодта гвардий лейтенант Гилеви 3-аг пулеметон ротæ. 16 танкей хæццæ знаги фестæг æфсад 604,6 бæрзæнди хонсар фæхстæбæл ку исхилдæй, уæд райгъустæй роти командири гъæр: «Еу ампъез дæр фæстæмæ нæ! Мæлæт фашистон хъилмайæн!»

Æма искарз æй пулеметон роти тугъд махæй берæ фулдæр æма тухгиндæр знаги хæццæ.  Гвардионтæ сæ уодбæл нæ аурстонцæ. Гранаттæ æма содзгæ тæнгъæдгин æвгитæй етæ иссугътонцæ цуппар немуцаг танки. Дæсгай фашисттæ мæрдтæй байзадæнцæ фæхстæбæл.

Хъæбæр фескъуæлхтæнцæ роти командир гвардий лейтенант Дмитрий Александри фурт Гилев, взводти командиртæ кæстæр лейтенанттæ И.П. Глиняной æма В.П. Дудинский, гвардионтæ сержант И.И. Петухов, салдат К.П. Кузьменко, сержанттæ В.Т. Тимофеев, А.Г. Тарасов, В.П. Знаменский, салдат И.В. Денисенко æма æндæртæ. Бæгъатæр тох фæккодтонцæ 3-аг пулеметон роти дууæ æма инсæй тугъдони. Етæ фæммард æнцæ карз тохи, фал знаги бæрзæндæмæ не ‘суагътонцæ.

Роти командири хуæдæййевæг политрук Иван Гаврили фурт Витченко адæми æскъуæлхдзийнадæмæ разæнгард кодта айдагъ æхседгæ загъдæй нæ, фал æхе бæгъатæрдзийнадæй дæр. Пистолетæй Витченко фæууæлгоммæ кодта гитлерони, уæдта ин фелваста æ автомат æма ма си ниццагъта авд фашисти. Уæдмæ нигъгъос æй нæ пулеметтæй еу, æма Иван Гаврили фурт раййивта пулеметчики, æхста, цалинмæ знаг ледзæги нæ фæцæй, уæдмæ.

Тугъд кодта карзæй-карздæр. Багъæуидæ тагъд-тагъдæй унаффæ рахæссун. Уотæ адтæй, зæгъæн, 7 ноябри. Нигулæнмæ ратонунбæл фæлтæргай, гитлеронтæ тугъдмæ багæлстонцæ сæйраг тухтæ. Тугъд бахъæрттæй æ тæккæ карзмæ. Æма дин 10-аг гвардион фестæг бригади командир болкъон Бушев телефонæй ку æрбадзоридæ, мæ фæлгæсæн бунатæй, дан, Дæллаг Санибай нигулæнварс уинун, бригадæмæ нимпурсунвæндæ ка кæнуй, знаги уæхæн берæ тухтæ. Æз зудтон, Бушевæн æнцон ке нæй, уой æма мæмæ æрцудæй фæййагъаз ин кæнуни фæндæ.

Раст нæмæ уой тæккæ размæ агъазмæ фæззиндтæй Советон Цæдеси Бæгъатæр капитан Д.Л. Маргулиси танкæхсæг артиллерий полк. Маргулиси хæццæ æз зонгæ адтæй Маннергейми тæлмæбæл тугъди дзаманæй. Æз æвæстеуатæй полк рарвистон Бушевмæ. Æма сахатти фæсте 10-аг гвардион бригадæбæл бафтудæй инсæй танкæхсæг дзармадзани.

Фал етæ фагæ нæ адтæнцæ знаги тухтæ фæстæмæ гæлдзунмæ.

– Цæбæл сагъæс кæнис, комкор? – рафарста мæ гвардион минометон хæйтти оперативон къуари хецау, артиллерий инæлар-майор М.И. Дегтярев.

Михаил Ивани фурти хæццæ æз зонгæ адтæн уомæй размæ. Зудтон, гъæуама фæлгæсæн бунати фæззинна, тугъд æ тæккæ карзи ку исуа, уæд. Аци хатт инæлар еунæгæй не ‘рбацудæй? Æ фæсте лæудтæнцæ дууæ æригон дæлболкъони 49-аг гвардион минометон полкти командиртæ Иван Алексейи фурт Сухошвили æма Евгений Ивани фурт Карелин.

Æфсæдти Цæгатаг къуарæн ка агъаз кодта, еци гвардион минометон хæйтти оперативон къуари уæд адтæнцæ 8-аг, 44-аг, 49-аг, 50-аг полктæ. Мæ бæрни ба адтæнцæ айдагъдæр дууæ дивизиони. Дегтяреви мæ рази ку рауидтон, уæд имæ мæхе бахадтон  æвæстеуатæй Дæллаг Санибай нигулæн фарсмæ агъаз бадæттуни туххæй. 20 минуттей фæсте берæ фашисттæ кæми æрæмбурд æнцæ, Дæллаг Санибай еци хай фæцæй реактивон минити бун.

Уомæй минкъий фæстæдæр ба тугъдмæ нæуæг тухтæ багæлдзгæй, нæуæгæй размæ рампурста 10-аг гвардион корпус. Гизæли искæсæйнаг кæрон байахæсгæй, е знагбæл рахуæстæй нигулæнæрдæмæ – Бушеви бригадæ ин æ над кæми æрæхгæдта, уордæмæ. Гизæли 1-аг немуцаг танкон æфсади хуæздæр хæйттæ ке ахæстонцæ, еци зæнхæ кодта минкъийæй-минкъийдæр. Уомæ гæсгæ зин рахатæн нæй, 49-аг æма 50-аг гвардион минометти æхст знагæн цæйбæрцæ бæлæхтæ æрхастайдæ, е.

Сахар Орджоникидзе байсун æма фæстагмæ Кавкази æрфитæмæ над ракъæрт кæнуни фæндæ искæнгæй ба гитлеронтæн, Мæздæги куд адтæй, уотæ сæ сæйрагдæр нифс адтæнцæ танкитæ. Фал бабæй аци хатт дæр сæ гъолæ сах нæ рабадтæй.

Цæгат Иристон уæлахезонæй байахæссунмæ ка гъавта, еци немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ ами уацайраги æгадæ бунати равзурдæнцæ…

Мах Гизæли ку тухтан, уæд уотæ ахид нæма дзурдтонцæ «Артиллери – тугъди Хуцау». Еци раст æма циргъзунд загъд уæлдай хъæбæрдæр рахæлеу æй, немуц Сталингради бунмæ дæрæнгонд ку ‘рцудæнцæ, уой фæсте. Фал уомæй размæ дæр фестæг æфсади командиртæ хуарз зудтонцæ, не ‘фсадæн артиллери ци ‘й, уой.

Мæхе зæрдæмæ дæр артиллери æма артиллеристтæ уæлдай хъæбæрдæр цæун байдæдтонцæ 40-аг æнзти райдайæни, артиллерий агъазæй Маннергейми тæлмæ ку батудтан, уæд. Никки фулдæр сæ уарзун байдæдтон Фидибæсти тугъди рæстæг.

Коммунистон партий æвæлмæцгæ организаторон архайди фæрци 1942 анзи фæззæгæй фæстæмæ не ‘фсæдтæ фулдæрæй-фулдæр есун райдæдтонцæ техникæ, уой хæццæ артиллери дæр. Мах фронти уой балæдæрдтан сауæнгæ сентябри, Мæздæгæй хонсарæрдæмæдæр тугъдтити, уоми нæ бон адтæй знаги фондзинсæй танкей нихмæ фондзинсæй дзармадзани æрæвæрун.

Уæлдай хъæбæрдæр зæрдæбæл лæууй, Терки бæрзæндти цæгатаг фæхстæбæл нæ артиллери æма знаги танкити ‘хсæн æртæ сахаттей бæрцæ ци тох рауадæй, е, 40 тугъдон хуæдтолгемæй фулдæр си ку фæгъгъудæй, уæд фашистти 3-аг танкон дивизи фæстæмæ рахуæстæй. Еци тугъди сæхе æмбесонди бæгъатæрæй равдистонцæ 98-аг гвардион артиллерион полк, 62-аг денгизон фестæг бригади дууæ дивизиони, 47-аг танкæхсæн артиллерион дивизион, 68-аг æма 69-аг уæззау полктæ. Артиллеристтæ адтæнцæ хъæбæр æнæфæккеугæ æма архæстгин. Уомæ гæсгæ си еске гъолон æвдист ракæнун зин æй. Фал мин уæддæр æнæ зæгъæн нæййес дивизионти командиртæ майор Фролови, капитан Токареви, батарейи командиртæ Темкини, Томилини, Люсицыни, Хотулеви, Керцмани нæмттæ, етæ æма се ‘фсæддонтæ тох кодтонцæ уæлдай æхсаргиндæрæй.

Сæйраг уæзæ æхебæл æругъта 98-аг гвардион артиллерион полк. Раздæр сæбæл сæхе æруагътонцæ хуæдтæхгутæ, уæдта сæмæ сæ них исаразтонцæ танкитæ. Авиаци нин минкъий зиантæ нæ бакодта. Фал ка фæгъгъудæй, дзармадзанти еци командирти æма гъавгути раййвтонцæ се ‘мбæлттæ. Цæф комбат хестæр лейтенант Евгений Иосифи фурт Темкин æрлæудтæй дзармадзани уæлгъос, гъавæги бунати. Æма уомæй нифс баугъта еугур батарейи дæр. Знаги хæццæ бæгъатæр тох кодтонцæ взводи командир лейтенант Мухамешин, сержанттæ Курчилин æма Куркашвили, бастдзийнади хайади командир, сержант Корсаков, æсгаргутæ сержант Пузырьков æма салдат Есаянц.

Гитлеронти 13-аг танкон дивизи 2 ноябри 34-аг фестæг бригади цæг ку ратудта æма Гизæлмæ ку искарз æй, уæд бабæй 98-аг гвардион артиллерион полкки æфсæддонтæ раздæри хузæн фескъуæлхтæнцæ.

Мæнæ мин ци радзурдта еци полккæй тугъди фæсте дæлболкъон Лившиц:

– Знаги 13-аг танкон дивизий хуæдфæсте цудæнцæ 23-аг танкон дивизий 50 тугъдон хуæдтолги. Æрхонкæй комкоммæ етæ цæхгæрмæ фæззилдæнцæ цæгатæрдæмæ, æнæнгъæлæги цæфæй станицæ байсуни фæнди хæццæ. Цæй цæттæ æма цæй æндæр – еци-еу æмпурст бакодтонцæ.

Гвардионтæ сæ хæстæг æрбауагътонцæ, уæдта сæбæл æвеппайди нигъзалдтонцæ. Знаги танкисттæ уой æнгъæл нæ адтæнцæ, фал фæстæмæ нæ раздахтæнцæ: будурти дууердæмæ кæнгæй, сахаттæй фулдæр æхстонцæ мах батарейи ‘рдæмæ. Æма уæд, дзармадзантæмæ хæстæгдæр уæн, зæгъгæ, фæлгæсæн бунатæй æрбалигъдæнцæ 1-аг батарейи командир хестæр лейтенант Темин æма батарейи политрук Детинич. Уотæ бакодтонцæ батарейти командиртæ Томилин, Черный æма полкки командир майор Михаил Архипи фурт Павленко æхуæдæг дæр.

Фашисттæ ба равзурстонцæ нимпурсунбæл, фал син си неци рауадæй. Дæс тугъдон хуæдтолгей бæрцæ си ку фæгъгъудæй, уæд фæрраст æнцæ батарейи рахес фарсæрдæмæ, фал сæмæ ами хуарз æрлæвардтонцæ, еци полкки капитан Петр Дмитрийи фурт Гончаренкой 2-аг дивизиони артиллеристтæ. 12 дзармадзанемæй сæбæл зинг никкалдтонцæ. Никкидæр ма цалдæр тугъдон хуæдтолгей хъуæцæ ку искалдæй, уæд гитлеронтæ фæстæмæ раздахтæнцæ Нæуæг Санибамæ. 2-аг дивизиони æфсæддонтæ æма командиртæ равдистонцæ 1-аг æма 3-аг дивизионти хузæн устур бæгъатæрдзийнадæ. Уæлдай хъæбæрдæр ба фескъуæлхтæнцæ сержант Барним æма гъавæг Тарлаковский. Сæ дзармадзанæй етæ ниппурхæ кодтонцæ дууæ танки. Дууемæн дæр лæвæрд æрцудæй Сурх Турусай ордентæ.

Полкки командири хуæдæййевæг майор Константин Ивани фурт Сафонов байархайдта уобæл, цæмæй хуæздæр артиллеристти æскъуæлхтдзийнадæ базононцæ полкки еугур тугъдонтæ дæр. Е сæ кодта тохмæ никки разæнгарддæр.

Æрхонкæ байсунмæ æма 9-аг æфсади къилдунмæ рацæунмæ ка гъавта, еци гитлеронти фæстæмæ рагæлдзгæй, 98-аг гвардион артиллерион полк бахастонцæ капитан Маграни 52-аг дивизиони минометчиктæ. Етæ уотæ дæсни æхстонцæ, æма знаги фестæг æфсад такитæмæ хæстæг нæ баугътонцæ. Сæхе мæгурауæй  нæ равдистонцæ капитан Волчанскийи 47-аг танкæхсæг дивизиони артиллеристтæ дæр. Етæ сæ бæгъатæрдзийнадæй сæхе базонун кодтонцæ сауæнгæ сентябри, Мæздæги бунмæ тохи.

Уæлдæр æз кодтон Престинскийи кой. Е командæ кæмæн кодта, еци 337-аг танкæхсæг артиллерион дивизиони адтæй болкъон Ворожищеви къуари. Дивизиони тох кодтонцæ Севастополи билгæрон гъæуайкæнуйнади училищей курсанттæ æма адтæй фронти еци хаййи гъæуайкæнуйнади астæуккаг цæгиндзæ. Уæлдай хъæбæрдæр ка фескъуæлхтæй, уонæй адтæнцæ сержант Александр Собкой, Владимир Иванови, Василий Леснихи, Алексей Денисюки æма Георгий Абакумови дзармадзантæй æхсгутæ.

Майрæмадаги скъолай æ дзармадзан исаразгæй, Денисюк æма е ‘мбæлттæн райдайæни сæ гъуддаг лæгъуз нæ цудæй. Сæ къохи бафтудæй дууæ танки ниппурхæ кæнун. Фал син немуцæгтæ базудтонцæ сæ бунат æма сæбæл ехуарæгау никкалдтонцæ дзармадзантæй. Фæммард æй Петр Каргин. Фал дзармадзан нæ нигъгъос æй, е ‘мбали бунати æрлæудтæй Виктор Воронов. Фашисттæн скъола иссодзун ку бантæстæй, уæд Денисюк æма е ‘мбæлтти багъудæй дзармадзан синхаг дзæхæрадонæмæ базелун. Ами фæммард æй æфсæддон Иван Липчанский. Æ бунат ин байахæста Николай Зверховский.

Уомæй минкъийдæр æверхъау тугъд нæ байеудагъ æй синхаг батареий дæр. Æнæгъæнæй ма си байзадæй дууæ дзармадзани, уæдта – еунæг. Фал батарейи командир лейтенант Б.А. Рак, дууæ цæфи фæууогæй, разамунд лæвардта артиллеристтæн, багъæуаги сахатти ба æхуæдæг æрлæууидæ гъавæги бунати.

Кавказбæл тохи туххæй литератури Мæздæгмæ æма Орджоникидземæ бацæуæнтæ хонунцæ «мæлæти дæлвæзтæ» ами немуци салдæттæй, афицертæ æма техникæй минкъий нæ никкалдæй. Æма еци гъуддаги хъæбæр фескъуæлхтæй нæ артиллери.

Артиллерийæн гъæугæ аргъ искæнгæй, мæн æгириддæр нæ фæндуй Орджоникидзей бунмæ тугъдтити тохæнгæрзти иннæ хузти ахедундзийнадæ минкъийдæрæй равдесун. Знаг уорæд, къæппæгмæ тард æма дæрæнгонд æрцудæй еумæйаг хъауритæй. Уæлахезмæ сæ хай бахастонцæ айдагъ артиллеристтæ нæ, фал танкисттæ, фестæг æфсæддонтæ, сапертæ… Минкъий нæ бакодта авиаци дæр, а агъаз адтæй бонæй-бонмæ ахедгæдæр.

Кавкази советон æфсæдти уæлахези хабар уайтæкки базудта еугур бæстæ дæр. Совинформбюрой игъосункæнуйнаги загъд адтæй: «Фæстаг сахат.

Владикавкази (гор. Орджоникидзе) бунмæ немуцаг-фашистон æфсæдти къуарæн цæф.

Владикавкази (гор. Орджоникидзе) бунмæ берæ бæнтти тугъдтити немуц дæрæнгонд æрцудæнцæ.

Еци тугъдтити мах æфсæдтæ ниддæрæн кодтонцæ 13-аг танкон дивизи, полк «Бранденбург», 45-аг велобатальон, 7-аг саперти батальон, 525-аг танкæхсæг дивизион, 1-аг немуцаг хуæнхон-фестæг дивизий батальон æма 36-аг батальон. Устур зиантæ æрцудæй 23-аг немуцаг танкон дивизионбæл, 2-аг румынаг хуæнхон-фестæг дивизи æма знаги æндæр хæйттæбæл.

Мах æфсæдтæ байстонцæ 140 немуцаг танки, 7 бронемашини, 70 аллихузон дзармадзани, 95 миномети, 84 пулемети, 2350 автомашини, 183 мотоцикли, 1 миллион гилдземæй фулдæр, тугъдон æрмæги 2 скълади, хуаллаги скълад æма æндæр трофейтæ.

Тугъди будури немуц ниууагътонцæ мардæй 5000 салдат æма афицеремæй фулдæр».

Совинформбюрой еци игъосункæнуйнаг газети мухургонд æрцудæй 20 ноябри, радиойæй ба ‘й бакастæнцæ 19 ноябри. Æз еци дууæ боней кой æнæгъæуаги нæ кæнун.

19 ноябри райдæдта советон æфсæдти тухгин нимпурст Сталингради бунмæ, адтæй ин хъæбæр устур ахедундзийнадæ тугъди еугур хъисмæти дæр. Æма кæд Орджоникидзей бунмæ мах æнтæстдзийнадæ æ бæрцæмæ гæсгæ уотæ агъазиау нæ адтæй, уæддæр адтæй фронти хуарз æййивддзийнæдти фарни уацхæссæг. Уорссæр Кавказæй Волги билгæрæнттæмæ еци зæрдрохси хабар ку райгъустæй, уæд нæуæг тухтæ бауагъта, знаги хæццæ историон тохмæ ка цудæй, уони иуæнгти.

Знаги 13-аг танкон дивизий хæццæ мæнæн æма ме ‘мбæлттæн хецæн «дзубанди» адтæй. Алли рæстæги ибæл æмбалдан  тæккæ минкъийдæр æртæ хатти.

Мæ зæрдæбæл ма лæууй, фиццаг хатт фембалдан 1941-аг анзи 5 октябри Устур Такмани рази (Запорожьей облæст). Уæд Клейсти танкон къуар рацудæй Хонсайраг фронти къилдунмæ, архайдта не ‘фсæдтæбæл æртухсунмæ æма сæ ниппурхæ кæнунбæл. Еци бон 13-аг танкон дивизий 30 тугъдон хуæдтолги æнæнгъæлæги нимпурстонцæ надбæл цæуæг 4-аг фестæг дивизимæ. Уæд ин æз командæ кодтон. Фестæг æфсæдти хæццæ ка цудæй, еци артиллеристтæ нæ фæттарстæнцæ æма танкитæ ледзæги фæккодтонцæ. Махæн неци уоййасæбæл зиантæ искодтонцæ, сæхецæй фæгъгъудæй 7 танки, уотемæй сæ сæр сæ кой иссæй, нæбал сæ бахъор кодтонцæ.

Дуккаг фембæлд адтæй 1942-аг анзи 29 июли. Уæд гитлеронти 1-аг танкон æфсад размæ æмпурста Ростовæй хонсар-искæсæнæрдæмæ, нур дæр бабæй Хонсайраг фронти къилдунмæ æ них исаразта. Аци хатт 13-аг танкон æфсад æнæгъæнæй нимпурста, нурма  тохæн бунæттæ ка байахæста, еци 4-аг фестæг дивизимæ. Æма нæ дивизи нифсгунæй бацудæй тугъди. Знаг тугъди будури ниууагъта 30 танки.

Æма мæнæ 2 ноябри мах нæуæгæй исæмбалдан еци дивизибæл. Е æ зæрдæ дардта сахар Орджоникидзе байахæссунбæл, уой фæсте ба 9-аг æфсади фæскъилдунти разелунбæл. Фал еци фæндæй неци рауадæй. 13-аг танкон дивизи æхуæдæг бахаудтæй къæппæги æма дæрæнгонд æрцудæй.

Корпуси политхайади хецау болкъон Базилевскийи хæццæ мах зилдан будуртæбæл æма кастан æрæгиау тугъдтити зæрдресæн æвдесæнтæмæ.  Пурхæй байзадæй хъæбæр берæ немуцаг тугъдон техникæ, хъæбæр берæ адтæй знаги мæрдти нимæдзæ.

Гитлер æма е ‘рдонгтæ райдæдтонцæ сæ сæлхæр миути «тиллæг» æфснайун Советон Цæдеси нихмæ тугъд райдайгæй, етæ сæ зæрдæ дардтонцæ, нæ берæнацион паддзахадæ тæккæ фиццаг зин фæлтæрæнтæн дæр нæ бафæраздзæнæй æма ниххæлæццаг уодзæнæй, уобæл. Дæс æма дууинсæй наций минæвæрттæй фулдæр кæми цæруй, еци Кавказ байахæссуни пълани бундори дæр уæхæн зæрдæдарæн лæудтæй.

Фал знаг фæррæдудæй. Нæ бæсти иннæ рауæнти хузæн Кавкази зæнхæбæл дæр гитлерон лæборгутæн адæм равдистонцæ сæ æнæуинондзийнадæ. Фашисттæ ке байахæстонцæ, уомити исæвзургæ партизанти къуæртти сосæгкустгæнæг организацити нифсгунæй знаги нихмæ æдæрсгæ тох кодтонцæ уруссæгтæ, украинæгтæ, белоруссæгтæ, гурдзиæгтæ, сомехæгтæ, ирæнттæ, иннæ нацити минæвæрттæ.

Æма фронти уавæр цæйбæрцæ тæссагдæр кодта, уоййасæ фулдæр кодта советон адæми агъаз Сурх Æфсадæн.

Суаргоммæ бацæуæнти Майрæмадаг дæс бонемæй фулдæри дæргъи бæгъатæрæй гъæуай кодтонцæ 34-аг хецæн фестæг бригади денгизонтæ. Æма сæмæ тугъди тæккæ тæссагдæр сахатти агъазмæ фæззиндтæнцæ бунæттон цæргутæ. Еци бæнтти тугъдонтæн агъаз кодтонцæ Майрæмадаги сауæнгæ уæхæн зæронд цæргутæ, куд сæданздзуд Базрати Тасолтан, цуппаринсæйанздзуд Бæдтиати Никъала æма æндæртæ.

Мах æвдесæн разиндтан советон адæми æхседгæ патриотизмæн, фронтæн цæмæйдæриддæр сæ бон адтæй, уомæй фæййагъаз кæнунмæ цæттæдзийнадæй. Тугъди пеллон арт Орджоникидземæ куд хæстæгдæр кодта, уотæ сахари аразун райдæдтонцæ адæмон ополченити къуæрттæ, æ цæргутæ рацудæнцæ гъæуайкæнуйнадон фæрæзнитæ аразунмæ, аразтонцæ партизанти къуæрттæ. Ирон кизгуттæ хебæраги цудæнцæ снайперти скъолатæмæ.

Адæми æмбесонди патриотон разæнгарддзийнадæ арæхстгинæй аразта сахари партион организаци. Мæнæ ци унаффæ рахаста Орджоникидзей партион активи æмбурд: «Ци уавæр исæвзурдæй, уой хинцгæй, партион активи æмбурд унаффæ кæнуй:

Сахар Орджоникидзей еугур коммунисттæ æма фæскомцæдесонтæ нимад уæнтæ сахар гъæуай кæнунмæ седдонтæбæл.

Сахар гъæуай кæнунмæ конд æрцæуæнтæ, æ бон тохæндзаумау хæссун кæмæн æй, Орджоникидзей еугур еци фæллойнæгæнгутæ дæр.

Æвæстеуатæй арæзт æрцæуæнтæ адæмон ополчений къуæрттæ коммунисттæ æма си фæскомцæдесонтæ тæккæ ахсгиагдæр архайæг куд уонцæ, уотемæй.

Ополченецти ‘хсæн арæзт цæуæнтæ тугъдон ахуртæ»

Коммунистон партибæл æнæкæрон еузæрдиуондзийнадæ, Райгурæн бæстæмæ æхседгæ уарзондзийнадæ æма знагмæ æмбохгæ æнæуинондзийнадæ – уæхæн æнкъарæнтæ адтæй фашистти нихмæ тохи Сурх Æфсадæн ка агъаз кодта, Кавкази еци фæллойнæгæнгутæмæ. Æма уомæн устур ахедундзийнадæ адтæй знаги ниппурхæ кæнуни гъуддаги.

Орджоникидзей бунмæ ка тох кодта, ами советон уодигъæдæ кæронмæ ка равдиста, етæ еци дзамани гъуди дæр нæ кодтонцæ уобæл, æма архайæг ке ‘нцæ Грознай æма Бакуй нефти бунæттæмæ балæгæрдунбæл, Фæскавказмæ байервæзунбæл, знаги фæстаг æнæсæрфат фæлварæнтæ фæссик кæнунбæл тохи…

Сталингради тугъди райдайæнæй æма уоми Сурх Æфсади фæууæлахезæй фæстæмæ Устур Фидибæстон тугъди тохи будурти сæрмæ радумтонцæ æндæр думгитæ.