27 декабря 2024

НÆ КÆСТÆРТÆ РÆСТВÆНДАГ ЦÆМÆЙ УОНЦÆ…

19.08.2022 | 15:41

Уæллагири коми рæсугъддæр æрдзон рауæнтæй еуеми æрбунат кодта сувæллæнтти реабилитацион центр «Тамиск». Æрæги ба си æ куст райдæдта барадæгъæуайкæнуйнадон-патриотон лагерь «Патриот-2022». Уой байгон кæнуни фæдбæл цитгин мадзали архайдтонцæ министрадтæ æма хецаудзийнади иннæ къабæзти минæвæрттæ, ветерантæ, æхсæнадон архайгутæ.

Аллианзон лагерь «Патриот» Цæгат Иристони медгъуддæгути министради фæндæй, уæдта нæ республики Сæргълæууæги, Хецауадæ æма царди зин уавæри бахауæг сувæллæнтти гъæуайкæнуйнади Фонди агъазæй арæзт цæуй 2017 анзæй фæстæмæ æма æнхæст кæнуй профилактикон ихæстæ – фæййархайунцæ си, фæррæдуйгæй царди тæссаг уавæрти ка бахаудтæй æма раст надбæл æрлæуунæн фæййагъаз кæнун кæмæн гъæуй, уæхæн сувæллæнттæ.

Аци анзи кезуй си æрæмбурд уодзæнæнцæ уæхæн сæдæ æнагъонемæй фулдæр. Ци рæстæг си уодзæнæнцæ, уомæн ес сæрмагонд арæзт программæ, кæцимæ хаст æрцудæнцæ медгъуддæгути министради дæлхайæдти косгути мастер-класстæ, ветеранти архайди хæццæ бæгъатæрдзийнади уроктæ, исфæлдистадон æма техникон къуæртти косгути хæццæ, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнадæ æма ахуради минæвæртти хæццæ, зундгонд спортсменти хæццæ фембæлдтитæ, физикон æма медицинон цæттæкæнуйнадæй, хуæнхон туризмæй ахурадæ, зæрдæбæлдарæн бунæттæмæ экскурситæ, уæдта æфсæддон-патриотон тематикæбæл видео-кинонивтæмæ бакаст.

Уомæй уæлдай, лагери фиццаг хатт байгон кæндзæнæнцæ уæлæнхасæн ахуради секцитæ (хузгин зменсæй аппликацитæ, бæстæзонунадæ, туризми бундортæ, шахмæттæ, уæдта раззаг компьютерон технологитæ рахатуни фæдбæл наукон-техникон æрмадзтæ). Æнагъонтæ цардиуаги социалон-пайдайаг хузти ке архайунцæ, уой фæрци сæ еугурвæрсуг ирæзтæн фадуæттæ арæзт æрцæунцæ, фæсевæдмæ пайдайаг фæллойнадон зонундзийнæдтæ фæззиннунцæ. Æнагъонти къуæрттæн разамунд дæтдзæнæнцæ фæсевæди гъуддæгути Комитети минæвæрттæ.