26 декабря 2024

АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..

14.09.2022 | 17:07

КУСТ ДÆР ÆМА АДÆЙМАГ ДÆР КÆРÆДЗЕЙ АККАГ КУ УОНЦÆ…

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн фæдзæхст: «Косун ке фæндуй, е аккаг куст иссердзæнæй!..» Загъдæй бæргæ рæсугъд æй, фал адæймагæн алкæд нæ бантæсуй, кæмæ фæббæлуй, уæхæн кустбæл фæххуæст ун. Еуæй-еуетæ æгуст кæд некæд фæуунцæ, уæддæр си зæрдрохс ба нæ фæуунцæ, æндæр цæмæдæр фенгъæлмæ кæсунцæ. Уæлдайдæр ба æригонæй сæхецæн циуавæрдæр куститæ, нисантæ фæккæнунцæ. Æма, цума, уæддæр циуавæр дæсниæдтæ уæлдай бæлдтагдæр æнцæ 18-22-анздзуд уæрæсейæгтæн? Уæхæн фарста дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг æртасгутæ еци кари фæсевæдæй кæмæ равардтонцæ, уони дзуæппитæ еумæйагæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй):

 

Дессагæн, аци ранимади сæ кой дæр нæййес, нæ цардиуаги нæ еугурей дæр æнæмæнгæ ка багъæуй, зæгъæн, гъæдикустгæнæг, сантехник, хуйæг æма æндæр уæхæн хумæтæг дæсниæдтæ. Е дæр ма дин нæ нурикон æхсæнади гъомбæладон къабази зулундзийнадæ – аккаг кадæ нæбал кæнæн, хъæбæр æхсицгонæй гъæуама кæбæл ауодæн, еци хумæтæг косæг адæймагæн.