26 декабря 2024

«АДÆМÆН МЕДИЦИНОН АГЪАЗ ГЪÆУАМА ÆНАЙЙЕП УА!..»

27.10.2020 | 10:35

Евгъуд къуæрей нæ республики царди ци берæ аллихузон цаутæ æма хабæрттæ ’рцудæй, уонæн сæ еугурей туххæй радзоруни равгæ нин нæййес, фал си кæцидæрти туххæй ба цубурæй зæгъдзинан. Фиццагидæр ба, абони адæмæн уæлдай ахсгиагдæр æма сагъæссагдæр фарстати хæццæ си баст ка ’й, уони туххæй.

ÆНÆКЪУЛУМПИ КУСТÆН ЕУГУР РАВГИТÆ ДÆР ЕС

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Битарти Вячеслави разамундæй адтæй коронавируси инфекци парахатдæр кæнунæн гæрæнтæ æвæруни фарстати фæдбæл республикон штабæн ци радон æмбурд адтæй, уоми профилон ведомствити минæвæрттæ бæлвурдæй фегъосун кодтонцæ нури эпидемиологон уавæри туххæй, уæдта радзурдтонцæ, карз незæфтауæги нихмæ тохи фæдбæл фарстатæ куд лухгонд цæунцæ, уой.

Медицинон косæндæнтти разамонгути  дзуаппон радзубандитæмæ байгъосгæй, Битарти Вячеслав сæрмагондæй фæннисан кодта, цæмæй исæвзургæ уавæрти уæлдай ахсгиаг æй «тагъд медицинон агъази» служби архайд. Аци служби еугур 32 хуæдтолги дæр æхсæвæй-бонæй гъæуама уонцæ кусти медæги æма æнаййеп медицинон лæггæдтæ кæнонцæ республики цæргутæн.

Битари-фурт сæрмагонд æргом раздахта сæйгæдæнттæ æма поликлиникити æмархайди фарстамæ дæр. Зæгъæн, сæйгæдæнттæй ке рафинсунцæ, еци адæми туххæй бæрæггæнæнтæ æвæстеуатæй гъæуама æрвист цæуонцæ поликлиникитæмæ. Уотемæй гъæугæ дзæбæхгæнæн мадзæлттæ ахедгæ хузи арæзт цæудзæнæнцæ, амбулаторон медицинон цæстдардмæ ке раййивтонцæ, еци адæмæн. Битарти Вячеслав куд бафæдзахста, уотемæй хæдзари уавæрти æхе ка дзæбæх кæнуй, еци адæмæн хуастæ гъæуама дæттонцæ лæвар. Уой хæццæ ба ма загъта:

–  Сæйгæдæнттæй ке рафинстонцæ, æма нуртæккæ амбулаторон цæстдард кæмæ ес, еци адæми уавæрмæ гъæуама æздæхт цæуа фиццаградон æргом. Аци гъуддагмæ еудадзуг гъæуама кæсонцæ поликлиникитæ æма районти сæйгæдæнтти сæйраг дохтиртæ дæр. Республики цæргутæмæ медицинон агъаз гъæуама хъæрта афойнадæбæл, æ хæстæгдзийнадæмæ фаутæ гъæуама ма уа. Æмбурди куд хатдзæггонд æрцудæй, уотемæй зингæ фæххуæздæр æй, нуртæккæ поликлиникити бæрнæхсти ке бакодтонцæ, еци адæмæн медицинон лæггæдти æмвæзадæ. Уомæн зингæ фæййагъаз æй поликлиникитæн уæлæнхасæн транспорт радех кæнуни туххæй республики разамунди унаффæ. Сæрмагондæй ма Битари-фурт Дзæуæгигъæуи 1-аг, 4-аг æма 7-аг поликлиникити разамонгутæн баихæс кодта, цæмæй фæлладуадзæн бæнтти дæр медицинон лæггæдти мадзæлттæ минкъийдæр ма кæнонцæ.

ТÆССАГ УАВÆРИ ЛÆДÆРГÆДÆР УН ГЪÆУЙ!..

Коронавируси нæуæг «исæзмæлди» фудæй Цæгат Иристони ци эпидемиологон уавæр исæвзурдæй, е æхе куд æвдесуй æма æ нихмæ циуавæр мадзæлттæ арæзт цæуй, цæмæй цæфсгæ незæфтауæг ма рапарахат уа, уой фæдбæл дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ радон фембæлди рæстæг адтæй æ дзубанди нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Гогичати Тамерланæн.

Куд фегъосун кодта, уотемæй коронавирусæй сæйгити нимæдзæ бонæй-бонмæ фулдæрæй-фулдæр кæнуй. Куд загъта, уотемæй е уой фудæй æй, æма адæмæн сæ фулдæр зингæдæр хай æнæмæнгæ æнхæстгæнуйнаг санитарон домæнтæ гъæугæ хузи ке не ’нхæст кæнунцæ. Æхсæнадон автотранспорти, базарадон центрти æма æндæр дзиллон рауæнти «Роспотребнадзор»-и амундтитæ æнхæстгонд нæ цæунцæ.

–  Сæйгити нимæдзæ фулдæр кæнуй. Фæстаг сутки дæргъи Республикон тагъд агъази клиникон сæйгæдонæмæ агъазагор фæдздзурдтонцæ 220 адæймаги. Сæ еугуремæн дæр арæзт цæунцæ сæ незихатт исбæрæг кæнуни мадзæлттæ. Тагъд агъази службæ нуртæккæ косуй сæрмагонд зин уавæрти. Зæгъæн, Дзæуæгигъæуи æвæстеуатæй бонигон косунцæ тагъд агъази 32 хуæдтолги, æхсæвигон ма сæбæл цуппар хуæдтолги бафтауæн.

Бауæри тæвдæ кæмæ фæззиннуй, етæ уотæ гъуди кæнунцæ, æма сæ æнæмæнгæ рæугути хузæ (КТ) исесун гъæуй. Уомæ гæсгæ, еци аппараттæ кæми ’нцæ, уоми æвæллайгæй косунцæ дохтиртæ.

Абонæй фæстæмæ коронавирусæй сæйгити дзæбæх кæндзæнæй Республикон клиникон сæйгæдонæ дæр. Нури уæнгæ бал си фæззиндтæй фондз сæйги. Цæттæ кæнæн уæлæнхасæн хуссæн бунæттæ. Ес къулумпидзийнæдтæ дæр. Зæгъæн, нæ медицинон академий сæйгæдони æййивд цæуй медицинон ефтонггарз, уомæ гæсгæ уордæмæ сæйгити æрветун нерæнгæ нæ бон нæй. Фал архайæн, цæмæй си тагъддæр рæстæги еци нæуæг ефтонггарз æвæрд æрцæуа, æма æ куст идарддæр æнæкъулумпийæй кæна.

АДÆМ ДÆР СÆХЕ ГЪÆУАЙ КÆНУНÆЙ ИХÆСГИН ÆНЦÆ

–  Махæн нæ ихæс æй коронавирусæй сæйгитæй уæлдай, иннæ уæлдай æндæр незтæй сæйгити дæр дзæбæх кæнун, –  загъта Гогичати Тамерлан. –  Уонæмæ хаунцæ травматологи, онкологи æма иннæ æндæр незтæй сæйгитæ. Алкедæр сæ гъæуама афойнадæбæл медицинон агъаз еса. Уомæ гæсгæ цæргутæй корун, карантини мадзæлттæ тæссаг уавæри хæццæ баст ке ’нцæ, сæйгæдæнттæмæ медæмæ сæйгæфæрсæг цæуæн ке нæййес, уомæ лæдæргæ цæстæй кæсун. Еци фæткæ уой туххæй æй, æма адæми уотид рацо-бацо тæссаг æй, куд сæйгитæн сæхецæн, уотæ медицинон косгутæн дæр. Хъæбæр берæ медицинон косгутæ сæхуæдтæ фæссæйгæ ’нцæ коронавирусæй.

Уæрæсей Федераций транспорти министради агъазæй нæ республикæ медицинон хуастæй гъæуагæдзийнадæ не ’ййафуй, ес нæмæ алцидæр. Республики разамунд еудадзуг лæмбунæг æ цæстæ даруй эпидемиологон уавæрмæ, æнæдзебæлæй лухгонд цæунцæ еугур фарстатæ дæр.

Еу хатт ма зæгъдзæнæн: сæйгити нимæдзæ фулдæр кæнуй, фал нæ адæми зингæдæр хай сæхе æбæрнонæй æвдесунцæ, санитарон домæнтæ æнæмæнгæ æнхæст кæнун ке гъæуй, уомæ нæ игъосунцæ, æма уавæр, уалдзæги хæццæ рабаргæй, карздæр кæнуй. Хъæбæр берæ ’рцудæй зианти æгъдæутти архайгæй коронавирусæй ка фæссæйгæ ’й æма си ка рамардæй, уæхæн цаутæ дæр.

Фал уæддæр адæм сæ еугур тæссаг уавæр нæ лæдæрунцæ: пандемийи рæстæг нæ уадзæн нæ берæдзиллон кувдтитæ æма киндзæхсæвæртæ кæнун дæр, –  загъта министр.