ЦАРДИ АЙДӔНӔ

Каджати Вадими конд хузæ «Паддзахи бæрæгбон Аланий».
Дзæуæгигъæуи Национ киунугæдони æрæги байгон æй зундгонд хузæгæнæг Каджати Вадими нæуæгконд монументалон хузти равдист. Æдеугурæй æнцæ æхсæз æма еугонд æнцæ еу номæй – «Аланий паддзæхтæ». Æцæгæйдæр, æвдист си цæунцæ Аланий алли дзаманти фæтæгти сорæттæ – паддзахадæ Аланибæл X æноси фиццаг цуппæрæймаг хаййи рæстæг дзиуарæ бафтаугæй ба, Ос-Бæгъатæр, зæгъгæ, ке зонæн, еци паддзахи уæнгæ – е фæммард æй XVI æноси райдайæни. Фæууинæн си ес Каджай-фурти раздæриккон хузæ «Паддзахи бæрæгбон Аланий», кæций абони мухур кæнæн мах дæр.
Равдист бабæрæг кæнуй хъæбæр берæ адæм, сæ зæгъуйнæгтæ ниффинсунцæ сæрмагонд киунугæдони.
– Мæ бон федарæй æй уотæ баханхæ кæнун, æма Каджати Вадими равдист æй æцæг æскъуæлхтдзийнадæ, – зæгъуй нæ республики аййевæдти æскъуæлхт архайæг Гæздæнти Зарæ. – Е исаразта æма сæ равдесуни зæрдтæй нæмæ исласта дессаги агъазиау хузтæ. Уонæми тæлмæнгонд æрцудæй алайнаг паддзæхти тухгиндзийнадæ. Е хъæбæр вазуггин æма ахсгиаг куст æй. Æма æ исæнхæст кæнунмæ Вадим дессаги æнтæстгинæй исарæхстæй – бавдиста айдагъ æ бæрзонд профессионалон арæхстдзийнадæ нæ, фал ма недзаманти бундорон зонундзийнадæ. Æ кустити еугуреми дæр бæлвурдæй зиннуй нæ национ хуæдбундордзийнадæ.