21 декабря 2024

НӔ АДӔМИ КИНДЗӔХСӔВӔР ФЕДАУЙ Ӕ АЛӔМӔТИ РӔСУГЪДДЗИЙНАДӔЙ…

30.09.2022 | 21:47

Сентябри Грознай цудæй «Цæцæйнаг национ-традицион киндзæхсæвæри бæрæгбон «Ловзар». Е арæзт æрцудæй, нæ бæсти цæрæг адæмихæттити материалон ка нæй, еци культури хæзнатæ, Уæрæсе Хонсари æма Цæгат Кавкази цæрæг адæмти ‘хсæн лимæн рахастдзийнæдтæ æма бийнонти табуйаг хæзнатæ багъæуай кæнуни нисани хæццæ.

Бæрæгбони архайдтонцæ адæмон кафт æма зари фольклорон ансамбльтæ æма æрмдæснитæ Адыгейи, Мæхъæли, Дагестани, Цæцæни республикитæй æма Краснодари крайæй. Ци вокалон композицитæ æма театралон равдиститæ бацæттæ кодтонцæ, етæ сæйрагдæр баст адтæнцæ киндзæхсæвæри æгъдæутти хæццæ.

Нæ республикæй си архайдта Паддзахадон филармоний зартæгæнгути къуар. Етæ бæрæгбони равдистонцæ «Хизесæн»-и æгъдау. Киндзхунд æма кизгæрвисти зартæй ба ракодтонцæ «Алай зар», «Нанай зар» æма «Киндзхонти зар».

Сæ равдисти кæронбæттæни ракодтонцæ «Хонгæ кафт».

Годжицати Изольди æрмадзи æрмдæснитæ ба бæрæгбони архайгутæ æма иуазгутæн бацæттæ кодтонцæ Цæгат Кавкази цæрæг адæмти традицион бæрæгбæнтти уæледарæси равдист.

Бæрæгбони архайгутæн сæ курдиадæ равдесуни фадуат адтæй Цæцæни Республики Национ музейи, Шарой гъæуи историон-архитектурон комплекси.

Грознай Национ библиотеки ба ци цæлхæмбурд арæзт æрцудæй, уоми фольклористтæ æма этногрæфтæ бæлвурд дзубанди кодтонцæ Цæгат Кавкази цæрæг адæмихæттитæн сæ киндзæхсæвæрти æгъдау æма æ фæткæвæрдбæл.

Нæ республикæй си ци исфæлдистадон къуæрттæ архайдта, уони сæргъи лæудтæй культури министри хуæдæййевæг Хъусати Зæлинæ. Е бæрæгбонмæ бацæттæ кодта доклад «Ирон киндзæхсæвæри æгъдæутти сосæг хецæндзийнæдтæ». Лæмбунæг си æрдзурдта ирон киндзхунд æма кизгæрвисти æгъдæутти медес æма сæ нисанбæл. Æ зонадон кусти ци медесгун дæнцæнтæ æрхаста, уонæй балæдæрæн адтæй, алли кæмттæ æма гъæути киндзхунд æма кизгæрвисти æгъдауи ци хецæндзийнæдтæ адтæй æма сæ фæрци бийнонтæ кæнуни уагæ нæ фидтæлтæмæ ци хузи æнхæстгонд цудæй, еци менеугутæ.

– Бæрæгбони балæдæрæн æма базонæн адтæй, алли адæмихатт дæр сæ фидтæлти культури уодварни хæзнатæ куд хуæдхузæй гъæуай кæнунцæ æма сæ кæстæртæмæ сæ фиццагон хузи раттунбæл куд архайунцæ. Сæ кæфтитæ, зартæ æма театралон равдистити разиндтæй сæ меддуйне æма зундирахаст, сæ ездондзийнадæ æма гъудикæнуйнадæ.

Нæ республики Паддзахадон филармоний зартæгæнгути къуар си ци адæмон зартæ ракодта, уонæй ба фестивали алли архайæг дæр банкъардта, нæ фидтæлти æгъдау æма уаги рæсугъддзийнадæ нæ адæмæй алкедæр æ зæрдæ æма уоди ке хæссуй, уæдта ‘й æ кæстæртæмæ дæр аккаг хузи раттунбæл ке архайуй, – загъта Зæлинæ.

– Фестивали архайæг къуæртти исфæлдистадон гæнæнтæ æма сæ цæттæдзийнади хæццæ базонгæ уни нисани хæццæ нæ хæццæ бæрæгбонмæ рандæй нæ республики адæмон исфæлдистади Хæдзари директор, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий культури æскъуæлхт косæг Лалити Хъазбег.

Бæрæгбон арæзт æрцудæй Уæрæсей Федераций культури Министради гранти фæрæзнитæй. Проект царди рауадзунбæл байархайдтонцæ Уæрæсей Федераций æма Цæцæни Республики культури Министрадтæ æма Уæрæсей Федераций адæмон исфæлдистади Хæдзарæ.