НÆ ÆФСÆДДОНТÆ АЛЦÆМÆЙ ДÆР ЕФТОНГГОНД ÆНЦÆ!..
Цæгат Иристони Хецауадæ байархайдзæнæй, хайон фæдздзурдмæ гæсгæ Уæрæсей Гæрзефтонг рæнгъитæмæ ке ракодтонцæ, еци æфсæддонтæй æхе харзæй гъæугæ фæлуст æма гæрзтæ ка æлхæдта, уонæн компенсацитæ бафедунбæл. Уæхæн унаффæ хаст ке ‘рцудæй, уой туххæй нæ республики Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО радзурдта аппаратон æмбурди.
– Нæ фæсевæдæй беретæ сæхуæдтæ æлхæнунцæ уæледарæс æма къахидарæс, уæдта ма се ‘фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй сæ ка багъæудзæнæй, æндæр уæхæн дзаумæуттæ. Уой фæдбæл зæгъун гъæуй, æма син æнæмæнгæ гъæугæ ефтонгадæ паддзахадæ æнæгъæнæй дæр кæд дæттуй, уæддæр си еуæй-еуетæ архайунцæ сæхецæн, хуæрзвадуатгиндæр ка ‘й, уæхæн гæрзтæ исамал кæнунбæл. Нæ республикæй ци батальонтæ æрвист цæунцæ, уони мах исефтонг кæнæн еугур гъæугæдæр дзаумæуттæй. Æфсади рæнгъитæмæ кæмæ фæдздзурдтонцæ, уонæн гъæуайкæнуйнади Министрадæ ке дæттуй, е еу гъуддаг æй. Сæхе харзæй ма æфсæддонтæ ци уæлæнхасæнтæ æлхæнунцæ, е ба æндæр дзубандий аккаг хабар æй. Æма син сæ еци хæрзти компенсаци федуни фарста бæлвурд кæнун æнæмæнгæ гъæуй.
Цæгат Иристони Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Æгъузарти Мурат бæлвурдæй радзурдта нæ республики нури уавæрбæл. Куд баханхæ кодта, уотемæй фæдздзурди хæццæ баст мадзæлттæ арæзт цæунцæ бæлвурд фæткæмæ гæсгæ. Къуæрей дæргъи «Горячая линия», зæгъгæ, бастдзийнадæмæ хайон фæдздзурди фарстати фæдбæл æрбадзоргути бæрцæ иссæй 1557.
Республики цæргутæн арæзт цæуй консультативон агъаз дæр.
Сæрмагондæй каст æрцудæй уæрæсейаг-гурдзиаг арæнбæл уавæрмæ. Æгъузари-фурт куд фегъосун кодта, уотемæй евгъуд къуæрей дууердигæй дæр арæнбæл бахизтæй 17426 транспортон хузи æма 41 мин адæймаги. Еци нимæдзæ дууæ къуæрей размæ бæрæггæнæнти хæццæ рабаргæй берæ минкъийдæр æй. Нур Уæллаг Ларси пункти сæ кезумæ æнгъæлмæ кæсгæй лæуунцæ 1098 уæзласæн хуæдтолги.
Сергей Меняйло байхæс кодта, æфсадмæ кæмæ фæдздзурдтонцæ, уонæн сæ хæстæгутæн, регионалон разамунди Центри бундорбæл æфсæддон комиссарадти æма районти администрацити сæрмагонд колл-центртæ исаразун. Нæ республики Сæргълæууæг еума хатт байагурдта Цæгат Иристони хайон фæдздзурди мадзалмæ лæмбунæг æма бæрнондæр цæстæ дард куд цæуа, уæлдайдæр ба – æнæнгъæлæги ци рæдудтитæ уагъд æрцæуа, уони фæдбæл алли курдиадæ дæр лæмбунæгдæр равзарун æма исраст кæнунбæл архайун. Сергей Меняйло ма районти администрацити сæргълæугутæн карзæй бафæдзахста, цæмæй Нæуæг анзи æма иннæ бæрæгбæнттæ исаразуни размæ бундоронæй æркæсонцæ сæ бюджетти уавæрмæ æма уæлдай хæрзтæ ма ‘руадзонцæ. Æ загъд адтæй:
– Уæлдай хæрзтæ фæккунæгдæр кæнун гъæуй. Ниууадзун гъæуй айдагъдæр социалон блок – сувæллæнттæ æма цубуркъох бийнонтæн лæвæрттæ ракæнун æма рæвдауæндæнтти Нæуæг анзи фæдбæл бæрæгбæнтти мадзæлттæ исаразун. Фал фæмминкъийдæр кæнæн, уомæй уæлдай ци мадзæлттæ ес æма уоййасæбæл гъæугæ ка нæй, уони.
Аппаратон æмбурди дзубанди цудæй, нæуæг коронавируси инфекцийæй сæйгити нимæдзæ минкъийдæргæнгæ ке цæуй, уобæл дæр. Уотæ, евгъуд къуæрей Kovid-19 фæссæйги цауи 31,8 проценти фæмминкъийдæр æнцæ, сæйгæдæнттæмæ бахауни цаутæ ба – 40,3 проценти. Уой туххæй фегъосун кодта Цæгат Иристони Роспотребнадзори управлений разамонæг Тибилти Алан. Уомæй уæлдай нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради фæббæлвурддæр кодтонцæ, разæнгардæй арæзт ке цæунцæ диспансеризаций æма гриппи нихмæ прививкитæ кæнуни мадзæлттæ.
Æрмæг цæттæгонд æрцудæйЦæгат Иристони Сæргълæууæги æма Хецауди пресс-служби
игъосункæнуйнагмæ гæсгæ