ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…
Номдзуд сирийаг финсæг Абуль-Фараджай финст алæмæттаг хабæрттæй еуеми дзубанди цæуй зундилæг Бузурджмихри туххæй. Уой ахæстдонæмæ ку фæммедæг кодтонцæ, уæд æй е ’мбæлттæ бафарстонцæ:
– Де ’намонддзийнади рæстæг дæхецæн нифситæ цæмæй æвæрис?
Е син загъта:
– Цуппар разагъдей фæрци. Фиццагидæр, мæхецæн фæззæгъун: алцидæр бæлвурдгонд æй карнæй æма уомæй фæттиллефгæнæн нæййес. Дуккагæй ба, мæхецæн фæззæгъун: еугæр еци фудæбæнттæй фæййервæзунæн мæ бон неци æй, уæд син фæразун гъæуй. Æртиккагæй ба, мæхецæн фæззæгъун: уомæн дæр уæн адтæй, æма уомæй никки тæссагдæр бахаудтайнæ. Цуппæрæймагæй ба, мæхецæн фæззæгъун: ка ’й зонуй, аци бæлахæй фæййервæзуни равгæ æрбахæстæг æй, æз ба ’й нæма зонун…
* * *
Мах, Уæрæсей хумæтæг дзиллæ дæр еци лæги уавæри ан. Ци фудвадуæттæй гъезæмарæ кæнæн, уони нин ка исаразта, етæ сæхуæдтæ бонгинæй-бонгиндæр цард кæнунцæ, махæн ба сæ фæливд дзубандитæй зæрдитæ æвæрунцæ, гъома, бабухсетæ, гъуддæгутæ сæ кеми æрцæудзæнæнцæ. Фал нæ уавæртæ ма ескæд фæххуæздæр уодзæнæнцæ, уой зонгæ дæр нæ кæнæн, уæдта ни е æруагæс дæр нæбал кæнуй…
Михаил ДЕЛЯГИН, Паддзахадон Думи депутат: «Дæс æма инсæй анзей дæргъи чиновникти еу фæлтæр æййевуй инней, айдагъдæр еци-еу гъуддагæй архайгæй – давунæй. Сæ зингæ-зингæдæр хай расагъæс кæнунмæ дæр нæ гъавта уобæл, æма комкоммæ ихæсгин æнцæ æндæр хузи архайунæй…»
* * *
Æма ’й нуриуæнгæ нæ балæдæрдтайтæ, хецаудзийнади бунæттæмæ æма депутаттæ исунмæ ка фæттундзуй, уонæн сæ сагъæс айдагъдæр уобæл фæууй, цæмæй еугурадæмон гонтæй тæлæт кæнунæн фулдæр равгитæ уа… Æма паддзахади медæгæ закъонтæ дæр сæхецæн пайдахæссæги хузи райаразунцæ…
Александр ПРОХАНОВ, финсæг: «Æхсаргин уæрæсейаг æфсадæн абони нæ фагæ кæнуй æфсæддонтæ, æфсæддон гарзфæлуст æма балхонтæ…»
* * *
Нæ бæсти Гъæуайкæнуйнади министради къабæзти ци аллихузон гъæндзийнæдтæ исберæ ’нцæ, етæ бæргæ зундгонд адтæнцæ, фал сæбæл æргомæй дзорун цидæр закъонмæ гæсгæ нæ уагътонцæ. Нур уавæр бустæги сагъæссаг ке иссæй, æвæдзи, уомæ гæсгæ уæхæн равгæ фæззиндтæй. Уотæ æнгъæлæн ес, е фæззиндтæй уæлдæр хецаудзийнади аразийæй – дзиллон хабархæссæг фæрæзнити ци уайдзæфгæнæг æрмæгутæ зиннун байдæдта, уони фæдбæл Уæрæсей Президенти пресс-секретарь Д. Песков дæр хумæтæги нæ загъта, гъома, е æй «кустадон процесси хай».
Аннæ ШАФРАН, теле- æма радиоамонæг: «Афонæ ’й хуæрзæгъдау исæвæрун ахуради дæр, культури дæр…»
* * *
Фиццагидæр бал, æвæдзи, хуæрзæгъдау исæвæрун гъæуй, еци къабæзтæн разамунд ка дæттуй, уони зундирахасти. Кæд си уомæй неци уайуй, уæдта сæ раййевун гъæуй, гъуддæгутæ нæ паддзахади æма не ’хсæнади пайдайæн хуæрзгæнæгæй ка архайдзæнæй, уонæй. Уотæ ба бакæнун гъæуй æнæдзебæлæй – цалинмæ ма нин равгитæ ес нæ ахурадæ æма культурæ сæ абониккон æдзæллаг уавæртæй ракæнунæн…