27 декабря 2024

АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..

29.10.2022 | 14:11

ÆМБАЗУРГИН МÆРГЪТÆ ЕУ АРФÆГОНД РАУÆНМÆ ФÆТТÆХУНЦÆ!..

Советон доги фæскомцæдеси ахедундзийнадæ кæстæрти гъомбæлади гъуддаги цæйбæрцæбæл агъазиау адтæй, уой нур дæр ма зæрдиагæй ахидæй-ахиддæр æримисунцæ. Æма хъæбæр бахъонц кæнунцæ, цæйбæрцæбæл æдули миуæ адтæй, уой фехалун. Уой, æвæдзи, лæдæрунцæ хецаудзийнади медæгæ дæр – хумæтæги нæ архайунцæ фæскомцæдеси хузæн гъомусгин еугонд исаразунбæл, фал… Æхсæнадон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ, абони ма нæ гъæуй фæскомцæдеси хузæн фæсевæдон еугонд, зæгъгæ, уæрæсейæгтæй ке бафарстонцæ, уони дзуæппитæ еумæйагæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй).

* * *

Уæрæсейæгтæн сæ фулдæр – 79% – æнцæ фæскомцæдеси хузæн фæсевæдон еугонд исаразуни фарс. Раст зæгъгæй, хестæр фæлтæрти гъудимæ гæсгæ гъæуама арæзт æрцæуа, фæсевæди идеологон гъомбæладæбæл архайунæй комкоммæ ихæсгин ка уа, уæхæн еугонд. Æ рæстæги ФЕЛКЦ-и архайд растбæл нимайунцæ, æ рæнгъити ка адтæй, уонæн сæ 82%, ка си нæ адтæй, уонæн ба сæ 60%. Уой размæ социологтæ куд исбæлвурд кодтонцæ, уотемæй дзурдтæ «ФЕЛКЦ» æма «фæскомцæдес» нæ бæсти цæргутæн зæрдæхцæуæн æнцæ, уомæн æма син баст æнцæ сæ æригондзийнади, хуæрзвæткæ æма хуæрзуаги, арæзтæдтæ æма арæзтадон къуæртти, патриотизм, хæлардзийнадæ æма æмзунд-æнгомдзийнади, уæдта хуæрзæгъдау æма рæстзæрдæдзийнади хæццæ.

* * *

Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Æмбазургин мæргътæ еу арфæгонд рауæнмæ фæттæхунцæ!..» Æма советон доги нæ фæсевæди æмбазургин кодта фæскомцæдес, уой рæнгъити уогæй æмзунд-æмвæндæй æскъуæлхтæнцæ сæ арфиаг гъуддæгутæй. Æма нæ абони дæр гъе уæхæн фæсевæдон еугонд гъæуй, кæци исуидæ нæ кæстæртæн зæрдтагон.