ИРОН КЪÆЛИНДАР 2026
ТЪÆНДЖЫ МÆЙ (ЯНВАРЬ)
Ногбон – 1 бон – цыппæрæмы
Цыппурс – 7 бон – æртыццæджы
Бынаты æхсæв – 6-7 бон, фæсизæр – æртыццæджы æхсæвы
Æртгæнæнтæ – 10 бон – сабаты райсомæй
Ногбоны æхсæв (зæронд нымадæй) – 13 бон – изæрæй райсоммæ
Ногбон (зæронд нымадæй) – 14 бон – æртыццæджы
Бадæнтæ – 18 бон, фæсизæр – изæрæй райсоммæ
Донæскъæфæнтæ – 19 бон – къуырисæры сæумæрайсомæй
Фацбадæн – 25 бон – хуыцаубоны
ÆРТХЪИРÆНЫ МÆЙ (ФЕВРАЛЬ)
Нафы бон – 1 бон – хуыцаубоны
Комахсæн (галæргæвдæн хуыцаубон) – 15 бон – хуыцаубоны
Фыды комбæттæны къуыри – 16-22 февралы
Урсы къуыри (цæрвкъахæн) – 23 февралæй мартъимæ
ТÆРГÆЙТТЫ МÆЙ (МАРТЪИ)
Стыр комбæттæн – 1 бон – хуыцаубоны
Комдарæны райдайæн – 2 бон – къуырисæры
Аларды – 2 бон – къуырисæры
Хор-хоры бон
(Рæмонбон) – 17 бон – дыццæджы
Рагон ирон Ногбон – 21 бон – сабаты
Лауызгæнæнтæ – 21 бон – сабаты æхсæвы
Чындзыты донмæгæнæн бон – 22 бон – хуыцаубоны
Тутыр – 23 бон – къуырисæры
Астæумархо – 26 бон – цыппæрæмы
ХУЫМГÆНÆНЫ МÆЙ (АПРЕЛЬ)
Къостайы мысæн бон – 1 бон – æртыццæджы
Зазхæссæн – 4 бон – сабаты
Къутугæнæнтæ – 5 бон – хуыцаубоны
Куадзæн – 12 бон – хуыцаубоны
Мæрдты куадзæн – 13 бон – къуырисæры
Хæдзарвæндаджы бон – 15 бон – æртыццæджы
Таранджелос – 16 бон – цыппæрæмы
Урсы дзуар – 19 бон – хуыцаубоны
ЗÆРДÆВÆРÆНЫ МÆЙ (МАЙ)
Касутæ – 5 бон – дыццæджы
Суаны Уасджеорджи – 6 бон – æртыццæджы
Уæлахизы бон – 9 бон – сабаты
Ирон æвзаджы бæрæгбон – 15 бон – майрæмбоны
Зæлдæвæрæн – 28 бон – цыппæрæмы
Æртæ иууоны – Саниба – Троица – 31 бон – хуыцаубоны
ХУРХÆТÆНЫ МÆЙ (ИЮНЬ)
Кæрдæгхæссæн – 7 бон – хуыцаубоны
Уæлæмæсыджы Уастырджи æмæ
Мады-Майрæм – 8 бон – къуырисæры
Ломисы Уастырджи – 10 бон – æртыццæджы
Реком – 13 бон – сабаты
Дауджытæ – 14 бон – хуыцаубоны
Дзывгъисы Уастырджи – 16 бон – дыццæджы
Фæлвæра – 21 бон – хуыцаубоны
Цыргъобау – 21 бон – хуыцаубоны
Уацилла – 22 бон – къуырисæры
Ныхасы Уастырджи – 28 бон – хуыцаубоны
СУСÆНЫ МÆЙ (ИЮЛЬ)
Хетæджы Уастырджи – 5 бон – хуыцаубоны
Дзири-дзуар – 5 бон – хуыцаубоны
Гæлиаты Авд дзуары – 5 бон – хуыцаубоны
Кæхцгæнæнтæ – 12 бон – хуыцаубоны
Фырыдзуар – 13 бон – къуырисæры
Хохы Уастырджи – 15 бон – æртыццæджы
Фæроны дзуар – 18 бон – сабаты
Хуыцауы дзуар – 19 бон – хуыцаубоны
Цыргъы дзуар – 21 бон – дыццæджы
Бызы Сау барæг – 21 бон – дыццæджы
Атынæг – 26 бон – хуыцаубоны
Къобы Уастырджи – 26 бон – хуыцаубоны
Цыргъисæн – 26 бон – хуыцаубоны
МАЙРÆМЫ МÆЙ (АВГУСТ)
Задæлесчы Нана – 1 бон – сабаты
Беслæны Уастырджи – 2 бон – хуыцаубоны
Дурджын бæрзонды Уастырджи – 9 бон – хуыцаубоны
Ног дзуар – 9 бон – хуыцаубоны
Майрæмы куадзæн – 28 бон – майрæмбоны
Ирыхъæуы дзуæрттæ – 30 бон – хуыцаубоны
РУХÆНЫ МÆЙ (СЕНТЯБРЬ)
Беслæн. Номарæн бонтæ – 1-3 бонтæ –
Нары дзуар – 2 бон – æртыццæджы
Фæззæджы Аларды – 7 бон – къуырисæры
Фæззæджы Тутыр – 14 бон – къуырисæры
Мыкалгабыр – 17 бон – цыппæрæмы
КÆФТЫ МÆЙ (ОКТЯБРЬ)
Дзылаты Уастырджи – 4 бон – хуыцаубоны
Ичъына – 11 бон – хуыцаубоны
Дыгургомы Уастырджи – 11 бон – хуыцаубоны
Джеры Уастырджи – 11 бон – хуыцаубоны
Къостайы райгуырæн бон – 15 бон – цыппæрæмы
Хоры сæры куывдтæ – 25 бон – хуыцаубоны
ЧЫНДЗÆХСÆВТЫ МÆЙ (НОЯБРЬ)
Уастырджимæ кувæн галæргæвдæн хуыцаубон – 15 бон – хуыцаубоны
Уастырджимæ кувæн æхсæв – 16 бон – дыццæгæхсæв
Уастырджимæ кувæн къуыри – 16-22 бонтæ –
Уастырджийыл хи фæдзæхсæн – 22 бон – хуыцаубоны
Уастырджийы фæндарастгæнæн æхсæв – 23 бон – дыццæгæхсæв
ЦЫППУРСЫ МÆЙ (ДЕКАБРЬ)
Ныккола – 6 бон – хуыцаубоны
Цыппурс (ног нымадæй) – 25 бон – майрæмбоны
Ногбоны æхсæв (ног нымадæй) – 31 бон – цыппæрæмы изæрæй
Къæлиндар скодта ЦГЪОЙТЫ Хазби