27 октября 2024

«НÆ МÆЛÆТДЗАГ НИХКЪУÆРДÆЙ ЗНАГ ФÆЛЛЕДЗÆГИ ÆЙ!..»

12.11.2022 | 11:37

Цуппаринсæй анзей размæ (1942 анзи 5-11 ноябри) дæрæнгонд æрцудæнцæ, Цæгат Иристони зæнхæмæ æрбайервæзгæй, Дзæуæгигъæубæл æртеголæ унмæ ка гъавта, еци немуцаг-фашистон æрбалæборгути æфсæддон хæйттæ.

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгутæн ку бантæстæй Цæгат Иристонмæ дæр æрбайервæзун, уæд ами байеудагъ æнцæ карзæй-карздæр тугъдтитæ. Уæлдайдæр ба – Дзæуæгигъæуи алфамбулай. Знаг гъавта нæ республики сæйраг сахар байахæссун, цæмæй ин ардигæй ба фæцайдæ равгæ Грознай æма Бакуй нефтдæттæн рауæнтæмæ бахъæртунæн. «Уомæн нецихузи уæн ес!..» – уæхæн ихæс æвæрд æрцудæй, Цæгат Иристони зæнхæбæл гермайнаг æрдонгти нихмæ тухæгæнæг Сурх Æфсади хæйттæн. Æма еци уæззауæй-уæззаудæр ихæс æнтæстгинæй æнхæстгонд æрцудæй – знаг 1942 анзи тард æрцудæй Цæгат Иристони зæнхæй, 1943 анзи ба си бустæгидæр уæгъдæгонд æрцудæй, Цæгат Кавкази ци еуæй-еу рауæнтæ рæстæгмæ байахæста, етæ дæр æнæгъæнæй.

Немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ Цæгат Иристони зæнхæбæл тугъдтити æма ами Сурх Æфсади историон уæлахези туххæй финст æрцудæй берæ киунугутæ, публицистон уацтæ. Уони ахедундзийнадæ агъазиау æй. Уæлдай ахсгиаг ба æнцæ, еци тугъдтити комкоммæ ка архайдта, уони æвдесæнтæ.

Уонæй мах дæр нæ газети рæстæгæй-рæстæгмæ пайда кæнæн. Абони ба мухур кæнæн, Цæгат Иристони зæнхæбæл тугъдтити архайæг тугъдонтæн 1965 анзи апърели республикон газетти журналистти хæццæ ци фембæлд арæзт æрцудæй, уоми ци дзубанди рауадæй, уой туххæй æрмæг (4-5-аг фæрстæбæл).