27 декабря 2024

НУРИ РÆСТÆГИ ДОМÆНТÆМÆ ГÆСГÆ РÆВДЗÆДÆР КОСУН ГЪÆУЙ…

26.11.2022 | 17:36

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло Хецауади иуонгтæ æма муниципалиттети разамонгутæн ци алликъуæреон æмбурд исаразта, уоми дзубанди цудæй Цæгат Иристони абони цардарæзти æма æ идарддæри социалон-экономикон райрæзти нисанти хæццæ баст фарстатæбæл.

Æмбурди райдайæни æ радзубандий сæйрагдæр æргом раздахта, аллихузон вазуггин программитæ, ахсгиаг социалон объекттæ аразун æма цалцæг кæнуни куститæ сæ нисангонд æмгъудтæмæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ. Куд баханхæ кодта, уотемæй Уæрæсей Федераций Хецауади Сæрдар Михаил Мишустини унаффæй Цæгат Иристони идарддæри социалон-экономикон райрæзти мадзæлтти пъланмæ уæлæнхасæн хаст æрцудæнцæ Мæздæги æма Горæтгæрон районти æнæмæнгæгъæугæ 45 объекти. Уони арæзтадæ æма бундорон цалцæгæн федералон бюджетæй 2026 анзи уæнгæ уæлæнхасæн радех кæндзæнæнцæ 6 миллиард сомей бæрцæ. Уой фæдбæл Сергей Меняйло загъта:

– Ке зæгъун æй гъæуй, уæхæн унаффитæ æма уæлæнхасæн финансон фæрæзнитæ хуæздæр фадуæттæ ратдзæнæнцæ аци районти социалон æма коммуналон инфраструктури объектти идарддæри нивæбæладæн. Цæмæй еци нисантæ нисангонд æмгъудти арæзт æрцæуонцæ, уобæл усхъæфæсонтæй бакосун гъæуй еугур профилон ведомствитæ æма муниципалитетти дæр. Уой хæццæ, сæрмагонд æргом раздахун гъæуй, амунд пълантæмæ ци нæуæг объектти арæзтадæ бахастонцæ, уонæмæ. Аци гъуддаги районти разамонгутæ комкоммæ ихæсгин æнцæ, цæмæй рагагъоммæ иснисан кæнонцæ, еци объекттæ кæми æрбунæттон уодзæнæнцæ, уæхæн зæнхи хæйттæ. Хецауадæ æма республикон профилон ведомствитæ ба афойнадæбæл гъæуама бацæттæ кæнонцæ амунд объектти проектон-хæрзти документаци. Зæгъæн, аци анзи кæронмæ федералон ведомствитæмæ гъæуама бадæттæн 14 аллихузон объекти проектон-хæрзти документаци. Республики идарддæри социалон-экономикон райрæзти мадзæлтти пъланмæ уæлæнхасæн ци иннæ объекттæ хаст æрцудæй, уони арæзтади фæдбæл проектон документацибæл ба бакосун гъæудзæнæй иннæ анзи.

Горæтгæрон æма Мæздæги районти ирæзтбæл дзоргæй, æмбурди архайгутæ куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй 2026 анзи уæнгæ аци муниципалитетти гъæуама арæзт æрцæуонцæ физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекстæ, спортивон залтæ, гъазæн фæзтæ, культури Хæдзæрттæ, фельдшерон-акушерон пункттæ æма æндæр социалон-культурон косæндæнттæ. Уомæй уæлдай ма дууæ районеми дæр райараздзæнæнцæ донæфсесади системитæ.

Сергей Меняйло комкоммæ Цæгат Иристони Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Александр Реутовæн бафæдзахста, цæмæй исбæлвурд кæна, адæми еуæй-еу къуæрттæн льготон хуастæ куд лæвæрд цæунцæ, уой. Республики разамонæги дзубандимæ гæсгæ, цалдæр адæймаги рагъаст кодтонцæ, афтекти льготон хуастæ фагæ ке нæййес, уой туххæй.

– Æнæдзебæлæй «Росздрав-надзор»-и республикон управлений минæвæртти хæццæ еумæ лæмбунæг æркæсетæ, адæми льготон категоритæн афтекти хуастæ куд дæттунцæ, уомæ, – бафæдзахста республики разамонæг. – Льготон хуастæ дæттуни фæткæмæ кæд ести æййивддзийнæдтæ бахæссун гъæуа, уæд бæлвурд фæндæнттæ æрбадæттетæ.

Транспорт æма нæдти инфраструктури министр Солити Тариэл æмбурди куд фегъосун кодта, уотемæй æрæги республикæмæ исхъæрттæнцæ æхсæнадон транспорти нæуæг фæрæзнитæ – 13 уæрæсейаг æма 12 китайаг фирмити уагъд автобустæ. Нæуæг техникæ æлхæнунæй уæлдай ма идарддæр куст цæуй  транспортон хизæги идарддæри райрæзтбæл.

Еци архайд хуарзбæл банимайгæй, Сергей Меняйло Хецауади Сæрдари фиццаг хуæдæййевæг Æгъузарти Муратæн байхæс кодта, цæмæй хæстæгдæр рæстæг фарстамæ бардарæг еугур ведомствити минæвæрттæн дæр исараза сæрмагонд косæг æмбурд.  Уоми ба бабæстон кæнун гъæудзæнæй нуриуæнгæ арæзт гъуддæгути фæлтæрддзийнадæ, уæдта иснисан кæнун транспорти къабази идарддæри архайди нисантæ. Æ загъдмæ гæсгæ, фиццаги-фиццагидæр, бахузæнон кæнун гъæуй муниципалитеттæ æма регионти æхсæн транспортон бастдзийнади маршрутон хизæгтæ. Уой хæццæ ба, рæстæги домæнтæ æма нуриккон уавæртæмæ гæсгæ æййивддзийнæдтæ гъæуама хаст æрцæуа еугур нормативон-барадон акттæмæ дæр. Уæхæн архайдæн æ сæйрагдæр нисан гъæуама уа къабази куст зингæ фæххузæнондæр кæнун, транспортон лæггæдтæй ка пайда кæнуй, еци бæлццæнттæн гъæугæ фадуæттæ исаразун.

Æмбурди рæстæг Цæгат Иристони арæзтадæ æма архитектури министр Моргуати Константин æ радзубандий фулдæр æргом раздахта, ахурадон косæндæнтти арæзтадæ æма цалцæги хæццæ баст фарстатæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ. Куд фегъосун кодта, уотемæй республики фондз астæуккаг скъолайеми фæуунтæбæл æй сæ бундорон райарæзт. Анзи кæронмæ кустгъон ци ахурадон уагæдæнттæ гъæуама уонцæ, уони æхсæн уодзæнæй Дзæуæгигъæуи 11-аг скъола дæр. Уомæй уæлдай, куд нисангонд цæуй, уотемæй хæстæгдæр рæстæг дзæуæгигъæуккаг микрокрайон «Нæуæг сахар»-и райдайдзæнæй еумæйагахурадон скъолай арæзтадæ.

– Паддзахадон экспертизи специалисттæ хуарзбæл банимадтонцæ нæуæг скъолай проектон-хæрзти документаци, – баханхæ кодта министр.

Министрадтæ æма ведомствити разамонгути  радзубандитæн хатдзæгтæ кæнгæй, Сергей Меняйло Хецауади бæрнон косгутæн байхæс кодта, цæмæй байархайуонцæ сувæллæнтти рæвдауæндæнтти бундорон цалцæги программæ исаразунбæл. Æ загъд адтæй:

– Нæуæг рæстæг нин нæ размæ берæ домæнтæ æвæруй ахуради системи райарæзти гъуддаги. Нæуæг рæвдауæндæнтти арæзтадæбæл ке архайæн, е хуарз æй. Фал сæрмагонд æргом раздахун гъæуй, рагæй ци гъомбæладон уагæдæнттæ косунцæ, уони техникон уавæрмæ дæр. Бæлвурд фæндитæ æрбадæттетæ сувæллæнтти рæвдауæндæнтти бундорбæл цалцæги программи фæдбæл.