03 декабря 2024

АДÆМИ ЕУДЗИЙНАДÆЙ КЪÆДЗÆХ ДÆР МА КУ НИРРЕЗУЙ!..

30.11.2022 | 21:10

Адæми еудзийнадæ ци æй, уой куд нæ лæдæрун, зæгъгæ, ка нæ зæгъдзæнæй, уæхæн адæймаг, æвæдзи, нæ разиндзæнæй. Уотемæй ба, ци æй, уобæл дзубандити ба хаттæй-хатт æгæр идæрдтæбæл рахуæцæн, æгæр райеувæрстæ уæн æцæгдзийнадæй. Куддæр ни райронх уй, адæмти ’хсæн еудзийнадæ фиццагидæр ке исæвзуруй хецæн адæймæгути æнсувæрдзийнадæй, сæ медастæу лæдæрундзийнадæй, багъæуаги кæрæдземæн нифсдæттæг æма агъазгæнæг унæй.

Уой фæдбæл нин нæ рагфидтæлтæй берæ зундгин зæгъдтитæ дæр байзадæй. Уонæй еуцалдæрей æримисдзæнæн  – мæ абони дзубандий дæлсæргæндти хузи.

«Лæг лæги ку багъæуа, уæд имæ авд æфцæгей сæрти дæр фæззиндзæнæй!..»

Дæнцæн æрхæсдзæнæн еу æцæг хабар, кæций бакастæн нæ зундгонд финсæг æма публицист Даурати Дамири уадзимистæй еуеми.

Кæддæр кедæр кувди мæ фарсмæ еу æнæзонгæ дзæбæх зæронд лæг бадт фæцæй, æма, фингæбæл ци берæ бæркæдтæ адтæй, уони фæууингæй æримиста æ кæддæри мæгур сабийдогæ. Æ фиди мади туххæй мин мæнæ уæхæн цау радзурдта:

– 1933 анзи, дан, Уæрæсейæй ардæмæ ци стонг адæм ралигъдæй, уонæй еуетæ бахъæрттæнцæ сауæнгæ уартæ Зинцъармæ дæр. Еу бон нин нæ дуар æрбахуастонцæ: мадæ æма æ дууæ борсæр минкъий биццеуи. Зæронд уосæн, дан, нæмæ ци исбæзза, уæхæн рæсугъд фæсарæйнаг хъурбæттæн ес, æма ’й хуаллагбæл æййевæн. Мæ нана сæ медæмæ æрбахудта, сæ рази син уайтæккæ, ке райста пецæй, еци тæвдæ кæрдзин райвардта, гъосини син уæрмæй уазал æхсир исхаста. Ду ку фæууидтайсæ, етæ куд зудæхуæрд кодтонцæ, уой.

Уæдмæ иннæ кæрдзин дæр артбæл байвардта, иуазгутæмæ бакастæй æма син сæ цæстингасæй балæдæрдтæй, ке нæма бафсастæнцæ, уой, æма син æй сæ рази æрсаста. Фæллæбурдтонцæ бабæй имæ. Æртиккаг кæрдзин ба син уорс хъумаци батухта, уотæ син зæгъуй, кæрдзин, дан, хъæбæр хуаллаг æй æма, дан, уин  нур фагæ ’й, кенæ ба уæ ревæд ахсæнтæ ести кæндзæнæнцæ.

Етæ исистадæнцæ, сæ мадæ мæ нанай æ хъури ракодта, æ цæстисугтæ æ ростæбæл æруадæнцæ, уотемæй æ дессаги рæсугъд дзаумау стъолбæл æрæвардта. Нана ин æй фæстæмæ æ къохти фæссагъта:

– Махмæ хуæруйнаг дзаумæуттæбæл нæ феййевунцæ…

Уобæл æнзтæ рацудæй. Тугъди фæсте нин еу фæсарæфти кадæр нæ колдуарбæл æрбахуæстæй, æз имæ ракастæн. Бæрзонд борхелæ биццеу, лейтенанти дарæси, æ реубæл цалдæр хуæрзеуæги. Æз, дан, еу хатт тæвдæ кæрдзин æма уазал æхсирæй ке фæххинцтайтæ, еци уруссаг биццеутæй еу дæн. Мæ нанай мин æ хъури æрбакодта, уæдта æ къохи ци тухт адтæй, уой райхалдта, рæсугъд гъолæнттæ сæрбæттæн си исиста, сауæнгæ Берлинæй, дан, æй исластон, æхуæдæг ин æй æ сæрбæл æркодта. Гъæуама, дан, дæмæ мæ фазон æнсувæри хæццæ иссудайанæ, фал уомæн Эльби билгæрон мæхе къохтæй цирт искъахтон…

Нур ба мæ нанай цæстисугтæ æруадæнцæ…

РЕДАКЦИЙÆЙ: Аци хабармæ гæсгæ уой зæгъун гъæуй, æма нæ Фидибæстæн æ зиндæр æма тухстдæр рæстæгути адæм алæмæти зæрдхæлардзийнадæ бавдесунцæ, кæрæдзебæл æновуддæр исунцæ, ке бон куд фæууй, уотæ кæрæдзей барæвдаунцæ.

Уотæ ’й абони дæр, Донбасси ци æверхъау цаутæ цæуй, уой фудæй адæм уордигæй ку фæлледзæги ’нцæ, уæд. Уонæй беретæ ’рбафтудæнцæ Цæгат Иристонмæ дæр. Æма си исиуазæг кодтан 526 адæймаги (уонæй 70 æнцæ сувæллæнттæ). Рæдау фусунтæ син иссан – лæмбунæг цæстдард сæмæ ес, гъæугæ хузи æнхæстгонд цæунцæ сæ царди уавæрти фарстатæ; фист син цæунцæ пенситæ æма æндæр феддонтæ, агъази хузи син лæвæрд æрцудæй 5,9 миллион соми.

Баруагæс уи уæд, хумæтæг адæймæгути ’хсæн ауæхæн цæстдардæй райрæзуй еу адæми ’хсæн дæр æма хецæн адæмти ’хсæн дæр æнсувæрон рахастдзийнæдтæ. Æма уæхæн зæрдихаттæй æнхæст ка уа, уонæн ба – цийфæнди адæмихаттæй кенæ кæцифæнди динбæлхуæст ку уонцæ, уæддæр сæ цардиуагæ аразун æнтæстгиндæрæй сæ бон уодзæнæй.

Хумæтæги нæ фæззæгъунцæ, адæм сæ зундирахастæй æмгъудигæнæг ку уонцæ, æмвæндæй, кæрæдзей лæдæргæй æма рæстуодæй ку цæронцæ, уæд еци адæми хъаурæ некæд неке басæтдзæнæй… Нæ бæсти нур цуппæрдæсæймаг  хатт бæрæг кæндзинан адæмон еудзийнади Бон. Еци бæрæгбон кæд паддзахадонбæл нимад æй, уæдта еци бон уолæфгæ бон кæд искодтонцæ, уæддæр æй адæм еугурæй сæ зæрдæмæ уоййасæбæл хæстæг нæма райстонцæ, сæ цæстиварди нæма иссæй.

Дзубанди дæр ибæл нæййес, алли нæуæгдзийнадæ уайсахат не ’рбауарзон уй еугур дзиллæн. Æма, ка ’й зонуй, рацæудзæнæй ма еуцæйбæрцæдæр рæстæг, цæмæй нин аци бæрæгбон дæр æмхузон цийнаг исуа.

Ауæхæн бæрæгбон дæр нæмæ цæмæй уа, уой нихмæ нæ ан, уæдта æ нихмæ ка дзора, етæ дæр бустæги раст нæ уодзæнæнцæ. Æцæг æй искæнун гъæуй, цæмæй е исуа æцæгæй адæмон еудзийнадæ æвдесæг – уомæн ба гъæуй, цæмæй нæ бæсти абони цардарæзти æцæгæйдæр исфедар уа адæмон еудзийнадæ, социалон æмбарæдзийнадæ, адæймагæн нæмæ куд уа аккаг равгитæ æма гæнæнтæ, æхе цардиуагæ дæр æма æ цæуæти нивæ дæр федауцæй аразунæн.

«Надбæл ранæхстæрæй де ’ргом кæцирдæмæ исаразай, ецирдæмæ бахъæртдзæнæ!..»

Уавæр уотæ ’й, æма нæ паддзахадæн нæ еугурдæр æмхузон хъазар ан æма нæбæл æмхузон уарзтæй ауодуй, зæгъгæ, уой дзиллæ бæлвурдæй ку балæдæронцæ, уæд, баууæндетæ, етæ зингæ разæнгарддæрæй архайдзæнæнцæ нæ Фидибæсти гъомусади сæрбæлтау, нæ си уодзæнæй дехтæ-хецæнтæ социалон къуæрттæ-къуæрттæбæл. Багъæуаги ба, Минин æма Пожарскийи фарсмæ куд æрбамбурд æнцæ хумæтæг зæнхкосæг æма гъæздуг къниаз дæр. Райгурæн зæнхæ æндæрзæнхон знæгтæй багъæуай кæнуни фæндæй, уотæ æмцæдесон исуодзæнæй нæ берæнацион дзиллæ æма син берæ гъæугæ гъуддæгутæ исаразун бантæсдзæнæй.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма нæ Фидибæсти евгъуд рæстæгути цаутæ æма хабæрттæмæ дæр цæстуарзондæрæй кæсун гъæуй. Гъо, кæд си цидæртæ советон доги еуцæйбæрцæдæр зулунтæ кодтонцæ, уæд абони «историктæ» ба сæ бустæги исусхъуммитæ кодтонцæ.

Евгъуд дзаманти цаутæ æма хабæртти, уæди рæстæгути разамонгути архайди туххæй æцæгдзийнадæ кæдзосæй зонун гъæуй, уомæн æма уæд нæ абони гъуддæгутæ дæр хуæздæр араздзинан, уæдта нæ исонибон дæр бæрæгдæрæй уиндзинан. Абони нæ хъæбæр федарæй æууæндун кæнунцæ, гъома, Минин æма Пожарский адæми ку базмæлун кодтонцæ, уæд, дан, цард иннердæмæ низзилдæй – хуæздæрæрдæмæ. Фæййервазтæнцæ фæллойнæгæнгутæ æрбацæуæг хецæутти цагъайраг къæлæтæй. Фал æй мах ба историй æвдесæнтæй ку зонæн, адæм куд æнæбарæ адтæнцæ, куд æлгъистаг цардæй цардæнцæ, еци уавæри байзадæнцæ. Мæнæ нæхуæдтæ абони куд ан, уотæ – демократи аразæн, зæгъгæ, нæ истæлтæг æй кодтонцæ, æма дзæгъæлдзорæй æнæгъæнæ бæстæ ка исусхъуммæ кодта, етæ æцæгæлон знæгтæй фуддæр-фуддæртæ бакодтонцæ æнæгъæнæ бæстæн, фæггириз ибæл кодтонцæ, ниххæлæттаг æй кодтонцæ… Æма еци æдзæсгæнттæ ба нæ абони цидæр еудзийнадæмæ хонунцæ. Ке хæццæ? Урути хæццæ фæллойнæгæнæг æмдзæхдон некæд адтæй.

Никкидæр ба ма зæгъдзинан – æцæг, кæдзос еудзийнадæн басæттæн ке нæййес. Уомæн берæ æвдесæнтæ ес нæ Райгурæн бæсти цардæй. Сæ устурдæр æвдесæн – Устур Фидибæстон тугъд. Уæд советон адæмти минæвæрттæ æмзунд-æмхъаурæй дуйней тæккæ тухгиндæр знаги ниддæрæн кодтонцæ æма Уæлахез æрхастонцæ  айдагъ нæ Райгурæн бæстæн нæ, фал ма фашистон цагъардзийнадæй фæййервæзун кодтонцæ Европи еугур паддзахæдтæ дæр, зæгъун æнгъезуй æнæгъæнæ дуйне дæр.
Гъулæггагæн, еци хъилмайæн æ уедæгтæ æхсæнадон æрдзи медæгæ римæхсæнти байзадæнцæ æнæкунæггондæй æма абони талатæ исуагътонцæ, зæгъæн, Украини… Е уоййасæбæл тæссаг æй, æма ибæл хецæнæй бæлвурддæрæй дзорун гъæуй.

Уæрæсей туххæй ку дзорæн, уæд си абони  цитæ цæуй, уонæмæ гæсгæ ба адæймаг куд нæ расагъæс кæнуй: еци цифуддæр знаги уингæ знаггадæ бæргæ искунæг кодтан, фал уомæн уæд бантæстæй нæ бæсти бауæри цидæр уæхæн уедæгтæ ниууадзун, кæцитæ нæ абони гъезæмарæ кæнунцæ, тарнезау нæ медæгæй хуæрунцæ, нæхецæн уæддæр ести хуарздзийнадæ исаразуни фæндитæ нин, мæнæ æдонуг адæймагæн дони къос æ къохтæй куд ракъуæрай, уотæ фæццидæр кæнунцæ.

Уæдта уæмæ уотæ нæ кæсуй, æма нæбæл абони ци бæлæхтæ цæунцæ, етæ дæр барæй арæзт цæунцæ. Ка сæ аразуй, етæ азуймаг фæууæнтæ, фал цума етæ сæйраг фудгинтæ нæ ’нцæ – фудгинтæ бæрзонддæрти бадунцæ, бавналæн сæмæ нæййес, æма сæ кæнон кæнунцæ,  архайунцæ цæмæй адæм кæрæдзей  ма æрлæдæронцæ æма æмхузонæй сæхе сæрбæл еумæйагæй ма исдзоронцæ, уомæ гæсгæ ба еци хумæтæг адæмбæл ци фудбæлæхтæ æрцæуй, уоми ба ке нæ фудгин кæнунцæ, уогæ ба… Гæрр, нæ барадон оргæнти зуймон метæй фулдæр косгутæ уогæй, уони бон нæй еци цъаммар гъуддæгутæ аразгути рагацау исбæрæг кæнун?! Кæд нæй, уæдта хопъали уæнгæ æхцатæ син адæми дзиппæй цæй туххæй федæн?!

«Уадзетæ ’й, уадзетæ: уомæ дæр ци амонд кæсуй – ка ’й зонуй!..»

Е дæр устур æма лæмбунæг дзубандий хабар æй, фал нæ нуртæкки ба уой зæгъун фæндуй. Адæми еудзийнадæй къæдзæх дæр ниррезуй, арв гъæр кæнун дæр нæбал фендеуй, знаг си ледзгæ кæнуй. Æма Уæрæсей бæрæгбæнттæ ниффедар æнцæ, етæ нæ зæрдæмæ цæунцæ, æви нæ цæунцæ, уæддæр сугъзæрийнæ талатæ исуадзæнтæ, сæ адæмæн ести хуарздзийнадæ хæссæнтæ.

Ауæхæн арфитæ бæрæгбони фæдбæл бæргæ бунати ’нцæ, фал нури доги цардарæзти уавæрти дзилли ’хсæн ци рахастдзийнæдтæ иситинг æнцæ, уонæмæ гæсгæ ба хъæбæр сагъæссаг иссæй, рæстуодæй нæ куд фæндуй, уæхæн еудзийнадæ нин зæрдтагонæй-зæрдтагондæр исуодзæнæй. Нæ еци тухст ба уомæ гæсгæ ’й, æма абони сауæнгæ тогæй хæстæгутæ дæр кæрæдземæй ку идард кæнунцæ, уæд ма, кæрæдземæн еуцæйбæрцæдæр æцæгæлон ка ’й, уони еуварсдзийнади фæдбæл ба ма ци дестæ кæнæн. Хестæр фæлтæртæ ма ’й хуарз гъуди кæндзæнæнцæ, раздæр рæстæгути гъæути уæхæн синхбæстæ нæ адтæй, æма си еудадзуг, уæлдайдæр ба райдзаст изæригæнтти дзиллæ æмæзмæлд нæ кодтонцæ, кæрæдзей хæццæ сæ уолæфуни рæстæг æрвистонцæ. Нур ба?.. Цъеуæзмæлæг си нæбал фæууиндзæнæ, æ хæдзарæй си æндæмæ неке ракæсдзæнæй, æ синхæнтти хæццæ зæрдæхцæуæнæй еуцæйбæрцæдæр рæстæг рарветунмæ сæ нæ евдæлуй…

Уомæ гæсгæ ма уин еума хабар ракæнуйнаг ан. Уой дæр бакастæн Даурати Дамири уадзимистæй еуеми. Куд финсуй, уотемæй ин сæ муггаги «Нихас»-и сæрдар Таймораз се ’рвадæ «Ф»-йæй (нуртæкки бонгинтæй еу æй) рагъаст кодта:

…Ламардони нæ муггаги ихæлд мæсуг исамайуни туххæй мæ дзубандийæн гъудæй æма ин еу бон æ дуар бахуастон, зæгъун, телефонæй дæмæ дзорун æма дзорун, фал дæбæл нæ хуæст кæнун, кæми фæууис уагæр?..

– Æз ами фæуун, фал æнæзонгæ номертæ ку фæууинун, уæд дзуапп нæ раттун, – сæрустурæй мин загъта.

Æз имæ кастæн, кастæн, ме ’рбацудбæл æрфæсмон кодтон æма цæхгæр фæззилдтæн, дуаргæрон мæ æ фарста баййафта:

– Барæнæ… Цæмæ рбацудтæ, уой мин уæддæр зæгъæ.

Æз имæ фæстæмæ ракастæн, æнæбари  медбилхудт ма бакодтон:

– Нецæмæ… Фæууинон дæ, зæгъун.

Абони дæр æй нæма базудтон, балæдæрдтæй мæ, æви мæ нæ балæдæрдтæй, уой…

Хъæбæр сагъæссаг хабар. Е куд æй, æма дæхецæй уоййасæбæл «сæрустур» куд гъæуама уай, кæд æма дæ муггаги хестæри телефони номертæ нæ зонис? Еци нецæййаги (лæг исхонун дæр не ’нгъезуй!..) телефони ’нцæ, ести пайда ин ка ’й, æвæдзи, айдагъдæр уони номертæ. Æма уæхæнттæ муггаги дæр æма нæ адæми еудзийнадæ федаргæнæг исуодзæнæнцæ? Баууæндетæ, æгириддæр нецихузи!

Бийнонти медастæу, муггаги æма гъæубæсти ’хсæн кæрæдзей лæдæрун æма кæрæдзебæл æновуд ун цæйбæрцæбæл ахсгиаг æй еугуремæн дæр, уой фæдбæл нин рагфидтæлтæй берæ зундæй нæ гъомусгиндæргæнæг таурæхътæ байзадæй. Беретæ уин зундгонд дæр æнцæ. Фегъустайайтæ, æвæдзи, мæнæ уин ци таурæхъ ракæнуйнаг дæн, уой дæр.

Еу лæгæн  берæ фурттæ адтæй, фал  лимæн нæ адтæнцæ, æма сæ цард нæ цудæй. Уæд сæмæ еууæхæни фидæ фæдздзурдта тургъæмæ. Къумæй син уесойнæ рахæссун кодта æма загъта:

– Абони гъæуама уæ хъаурæ бавзарайтæ уесойнæбæл. Ка ’й расæтта, е уодзæнæй  еугуремæй хъаурæгиндæр.

Фурттæ еугаййæй фæййархайдтонцæ баст уесойнæ фæддууæ кæнунбæл, фал сæ къохи нæ бафтудæй. Уæд син фидæ уотæ:

– Рахæссайтæ ’й ардæмæ.

Фидæ уесойнæ райста, райхалдта ’й  æма ’й уесгай сæттун райдæдта.

– Уотæ, мæ хортæ, сумах дæр æнгом ку уайтæ, уæд уин неке неци кæндзæнæй, уæ цард фæрнугдæр уодзæнæй. Еугæйттæй ба уæбæл алкедæр хъаурæгиндæр кæндзæнæй, уæ гъомус – минкъийдæр. Æма кæрæдзей уарзетæ.

Аци цау æнсувæртæн зунди хуасæ фæцæй.

«Саг дæр ма сагæн æ цъухи залми сифæ ку бакодта!..»

Нæ абони радзубандий кæронбæттæни ба ма уин еу рагон таурæхъ уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан – кæддæр ма ин æ кой кодтан, фал зундирахастæн пайдахæссæг хабармæ цалдæр хатти байгъосун, æвæдзи, æнгъезуй.

Цæветтонгæ, еу лæг устур бæлахи бафтудæй, растдæр зæгъгæй ба æ мæлæти къахбæл ниллæудтæй. Бæргæ гъæздуг цард кодта, фал æй еци рæстæг æ берæ мулкитæ æгириддæр нецæмæнбал гъудæнцæ – гъудæй æй æмбали зæрдиаг дзурд, уой гъар къохи бандзæвд. Фал ин уæхæн æмбал ба æ еци тухст уавæри æ рази нæ разиндтæй – уомæн æма æ царди медæгæ æхецæй уæлдай неке уарзта, кедæр хæццæ зæрдæй лимæн ун имæ нимади дæр нæ адтæй, æ еунæг сагъæс адтæй айдагъдæр куд фулдæр мулк бамбурд кæна, æ фурзудæй ба некæбæл аурста…

Æма е ’носон дуйнемæ нæхстæр кодта, æ рæбун æ берæ мулкитæй æндæр, зæрдæй ка багузавæ кодтайдæ, еунæг уæхæн уодгоймаг дæр æ рази нæ фæцæй, уотемæй. Гъе уæд æй балæдæрдтæй: æ зæнхон цард бустæги дзæгъæли рарвиста… Уæд ку фæдздзоридæ æ еунæг фуртмæ æма ин ку зæгъидæ:

– Уосиат дин кæнун: мæн цардæй ма фæццæрæ!.. Алли гъæуи дæр исаразæ мæсуг!..

Е дæр, фидтæлтиккон æгъдæуттæ куд амудтонцæ, уотемæй æ фиди банигæдта, мæрдæгъдауæй цидæриддæр гъудæй, уони ин искодта, уой фæсте ба ин æнхæст кæнун райдæдта æ уосиат. Бацудæй еу гъæумæ, исаразта си мæсуг, уæдта иннæ гъæуи дæр уотæ… Уотæ гъæуæй-гъæумæ цудæй, алкæцимидæр си исаразидæ мæсуг… Фал цанæбæрæги фагæ иссайуонцæ æ фиди мулкитæ – кæд хъæбæр берæ адтæнцæ, уæддæр балæдæрдтæй лæхъуæн, нæ ин исфагæ уодзæнæнцæ, цæмæй æ фиди фæдзæхст кæрæй-кæронмæ исæнхæст кæна. Истухстæй, гъома, нур ма кæми иссера уойбæрцæ фæрæзнитæ, цæмæй алли гъæуи дæр мæсуг исараза.

Еци мæтъæлæй æрбадтæй фæснад устур дорбæл, æ сæр æ къохтæбæл æруагъта, сагъæсти бафтудæй. Уæд дин æ размæ ку æрбахъæртидæ зæронд лæг.

– Ассалам алейкум, мæ хъæболæ!.. – салам равардта лæхъуæнæн.

– Уалейкум ассалам, мæ фиди хай!.. – зæгъгæ, е, кæстæрæн куд æнгъезуй, уотæ фæггæпп кодта æма æ бунатмæ райамудта. – Дæ фæллад исуадзæ. Кæд дæ, миййаг, мæ агъаз гъæуй? Кæд æдонугæй истухстæ, уæд дин нуртæккæ дон æрбадавдзæнæн… Кæд исæстонг дæ, уæд мæнæ мæ хурдзини ма ес ци искомидзаг кæнай… Кæд дæ æмбæлццон гъæуй, уæд дæ бахъæртун кæндзæнæн кумæ цæуис, уордæмæ…

– Дæ салам берæ, мæ хъæболæ. Нæ Исфæлдесæги фæрци мæ надбæл разиндтæй сауæдæнттæ, мадта кæрдзин дæр ма мæмæ ес мæ хурдзини. Фал мæ мæти æфтауй дæ тухстдзийнадæ. Ци дæ гъигæ даруй? – еци фæлмæнхузæй загъта зæронд лæг.

– Устур æрхун бацудæй мæ зæрди. Мæ бон нæй мæ фиди уосиат исæнхæст кæнун æма нæ зонун, ци бакæнон, – еци мæтъæлæй загъта лæхъуæн.

Зæронд лæг лæмбунæг байгъуста лæхъуæни хабæрттæмæ, æма, гъуддаг цæй медæгæ ’й, уой балæдæргæй ба игъæлдзæгæй ниххудтæй:

– Мæ хуарз кæстæр, дæ фидæ дин уæхæн гæнахтæ исаразун нæ ниффæдзахста, фал гъæуама дин алли гъæуи дæр фæззинна æцæг æрдхуард. Е дин уодзæнæй тæккæ æнæфæссайгæдæр æма федардæр мæсуг. Æцæг уомæн ба уотид мулкитæ нæ гъæунцæ, фал зæрди рæдаудзийнадæ æма цирен…

– Æцæгæй? – ниддестæ уогæй, бацийнæ кодта лæхъуæн.

– Гъо, мæ хуарз кæстæр, фал уотæ ма ’нгъæл уо, цæстæй фæууинæн æма къохæй басгарун кæмæн нæййес, уæхæн гæнах адæми зæрдити исаразун дорæй мæсуг исамайунæй æнцондæр æй. Адæми зæрдитæ – етæ уæхæн бæрзæндтæ ’нцæ!.. Цæмæй уой уæнгæ истæхай, уой туххæй дæ уодæн гъæуама цæргæси базуртæ уа. Адæми зæрдитæ – етæ уæхæн арф æнцæ, æма сæмæ цæмæй нихъхъæртай, уой туххæй дæмæ гъæуама уа, рабарæн дæр кæмæн нæййес, уæхæн рæдаудзийнадæ æма æргомдзийнадæ. Адæмти зæрдити æзгъæр уотæ хъæбæр федар æй, æма уобæл байервæзунæн дин некæцибал кенæ æндæр къахæн дзаумау фæййагъаз уодзæнæнцæ… Цо, мæ хор, æма дин дæ фидæ ке ниффæдзахста, еци мæсугтæ адæми зæрдити аразæ…

 

«Мах адæм гæрзти хуарз æма знаги берæй некæд тарстæнцæ!..»

Аци таурæхъ уомæ гæсгæ æримистан, æма си ци зундирахаст ес, е ку исфедар уидæ нæ цардиуаги, цæмæй айдагъ хецæн муггæгти æма хецæн адæми ’хсæн нæ, фал еугур адæмихæттити ’хсæн дæр нин уа æма син мах нæхуæдтæ дæр уæн мæсуги хузæн федар æма еузæрдиуон æрдхуæрдтæ. Гъе уæд, баууæндетæ, аци бæрæгбон – адæмон еудзийнади Бон дæр нæ дзиллæн уодзæнæй зæрдтагон æма рæстуодæй цитгийнаг!..

БАЛИКЪОТИ Тотраз

Аци æрмæг мухургонд æрцудæй газет «Дигорæ»-йи 2019 анзи
31 октябри.