21 ноября 2024

ЦÆХÆРЦÆСТÆ ФÆСЕВÆДИ ЗИНГЗÆРДÆ РАЗДЗÆУÆГ

30.11.2022 | 21:22

Цæгат Иристони фæскомцæдеси бундорæвæргутæй еу адтæй Хъойбайти Тотайи фурт Къола (е ’ригонæй æй гъæубæстæ худтонцæ Нæуæг). Советон хецаудзийнадæ Цæгат Иристони ку æрфедар æй, уæд еци цардбæллон лæхъуæн е ’рдхуæрдтæ мæхческаг Дзæгойти Микъала, фæснæйлаг Годзойти Кермен æма фæрæскъæттаг Худæлти Иласи хæццæ устур куст бакодтонцæ Дигоргоми гъæути фæскомцæдесон организацитæ исаразунбæл. Зæрдæргъæвд æма искурдиадæгин адæймаг уогæй, Хъойбай-фурт фæстæдæр иссæй æнæгъæнæ Цæгат Кавкази зингæдæр фæскомцæдесон раздзæуæг. Берæ хуарз гъуддæгутæ исаразун ин бантæстæй. Ка ’й зонуй, никки фулдæртæ æма дессагдæртæ ма ин бантæстайдæ æ рæстуод архайди нæуæг цардарæзти сæрбæлтау, фал евгъуд æноси 30-аг æнзти азари бастъалдæй нæ адæми знæгти фудæй.

Хъойбайти Къолай цардвæндаг æма архайди туххæй, кæд уотæ берæ æрмæгутæ финст не ’рцудæй, уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ аллихузон æрмæгутæ фæззиннидæ мухури фæрæзнити. Уогæ е раздæр, советон рæстæгути адтæй, нури доги дзиллон хабархæссæг фæрæзнити ба уæхæн æрмæгутæ нæбал фæууиндзæнæ, уомæн æма æ адæмæн рæстуодæй ка лæггадæ кодта æма уой хуарзæн æ цард ка иснивонд кодта, уæхæн адæймæгутæ сæмæ нимади нæ ’нцæ, сæ «демократон уодиконди» син бунат нæййес…

Мах ба ’й нæ агъазиау ихæсбæл нимайæн, Хъойбайти Къола æма уой хузæн адæймæгути, нæ адæмæн берæ хуæрзтæ аразгæй ка фескъуæлхтæй, уони рохс нæмттæ цитгинæй æносон кæнун. Гъе уомæ гæсгæ, Ленинон фæскомцæдеси сæдæ анзей кадæн æрмæгутæ мухур кæнун идайæн Хъойбайти Тотайи фурт Къолай туххæй дзубандийæй.

Аци æрмæг цæттæ кæнгæй испайда кодтан æ рæстæги Хъойбайти Къолай туххæй Цæгат Иристони революцион æзмæлди архайæг Æбати Шамил, уæдта зундгонд ахургæнæг æма публицист Тауасити Фацбай кæддæр ци уацтæ ниффинстонцæ, уонæй.

 

ХУАРЗ БÆЛАСÆ АЙДАГЪДÆР ХУАРЗ ТАЛАЙÆЙ ИРÆЗУЙ…

… Дигоргом. Мæнæ Сау хонхи дæлвæзи, Галаузи дони билæбæл æрæнцадæй Уæхъæци гъæу. Ами цардæй Хъойбайти муггаг. Сæ хестæр Гуйман хъæбæр базæронд æй. Изæрæй бийнонтæ ку æрæмбурд уиуонцæ, уæд син Гуйман дзоридæ æ уæззау царди хабæрттæ. Æ уæле лигъз хæдонæ некæд искодта, æ зæрдæ ци агурдта, уæхæн хуæруйнаг некæд бахуардта. Кæд кафагæ æма зарагæ лæхъуæн адтæй, уæддæр æй е ’мгæртти æмрæнгъæ ралæуунмæ некæд райевдалдæй.

Гуйман кустгъон нæбал адтæй. Хæдзари берæ бийнонти гъуддæгутæ фæстагмæ æнхæст кæнун райдæдта æ фурт Тотай. Зундгин æма ’й раст лæгæй зудтонцæ адæм.

Гъæуи цæргутæй беретæ хицæ кодтонцæ Хъойбайти хуæрзæгъдау, фæллойнæуарзагæ æма æнгом бийнонтæмæ. Уони æхсæн, е ’гъдау æма циргъзундæй хецæн кодта Тотайи фурт Нæуæг (фæстагмæ ’й гъæубæсти медæгæ хонун райдæдтонцæ Къола). Райгурдæй 1908 анзи. Хуарз æй ка зудта, етæ куд имистонцæ, уотемæй сабийæй уæзбунгомау арæзтитæ адтæй. Фал ибæл æнзтæ куд цæугæ цудæнцæ, уотæ æййивтонцæ æ уодигъæдæ, æ меддуйне. Минкъий биццеуæй райдæдта æ фидæн хæдзари кустити агъаз кæнун, сауæнгæ ма гъæдæй æ рагъбæл сог дæр æрхæссидæ, цудæй фиййауæй дæр. Ка ’й зонуй, куд æма ци хузи рауадайуонцæ еци тухст уавæрти æ идарддæри карни хабæрттæ, фал уæдмæ Уæрæсей фæууæлахез æй Октябри революци, æ рохс тунтæ бахъæрттæнцæ Дигори арф кæмттæмæ дæр æма æригон биццеуи искурдиадæ талатæ рауагъта.

Раст еци рæстæгути Къолайæн, куд фæззæгъунцæ, æ гъолæ исхаудтæй – ахур кæнун райдæдта Мæхчески райдайæн скъолай. Æ ахургæнæг адтæй зундгонд финсæг Малити Геуæрги. Хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ биццеу хуæрзбон загъта скъолайæн. Бæргæ æй фæндадтæй идарддæр ахур кæнун, фал ин сæ бийнонти цардиуаги зин уавæртæ нæуæгæй æ къохмæ райсун кодтонцæ фонсгæси лæдзæг.

Уæддæр идарддæр ахур кæнуни бæлдæ ба æ зæрдæй нæ хецæн кодта. Æма ин, адтæй нæ адтæй, уæддæр исæнхæст æй – 1926 анзи ’й райстонцæ Цæгат Иристони педагогон техникуммæ студентæй. Еци разæнгардæй бавналдта æ ахури гъуддагмæ, ци гæнæн æма амал адтæй, уомæй архайдта фулдæр зонундзийнæдтæ райсунбæл.

Æ студентон рæстæги Къола е ’новуддзийнадæ айдагъ ахури не ’вдиста, фал æхсæнадон архайди дæр адтæй раззагдæрти хæццæ. Уогæ æхсæнадон куст кæнун райдæдта Къола, сæхе гъæууон скъолай ма ку ахур кодта, уæд. Ами, мæнæ ’й минкъий раздæр дæр ку загътон, е архайдта хуæнхаг фæскомцæдесон къуæрттæ исаразун æма ниффедар кæнуни гъуддаги. Техникуми ахур кæнгæй ба никки ирддæрæй уайтæккæ рабæрæг æнцæ æ организаторон арæхстдзийнæдтæ æма ’й уоми фæскомцæдеси организаци æхецæн равзурста секретарæй. Еци-еу рæстæг зæрдиагæй архайдта æнæгъæнæ облæсти фæскомцæдесон организаций кусти дæр. Зæгъæн, куд Еугурцæдесон коммунистон (большевикти) партий æма фæскомцæдеси обкомти бæрнонгин, уотæ Къола хуарæфснайæнти рæстæг æрзилдæй Иристони еугур гъæутæбæл дæр, уоми фæллойнæгæнгути разæнгард кодта хуар цæттæ кæнунмæ æма тиллæг паддзахади хуардæнттæмæ ’рветунмæ, гъæути медæгæ колхозтæ аразунмæ.

Хъойбай-фуртæн куд фулдæр кодта æ фæлтæрддзийнадæ, уотæ ин ихæсгонд цудæй берæ аллихузон, еу иннемæй вазуггиндæр куститæ. Зæгъæн, 1930 анзи апърели инисангонд æрцудæй облæсти фæскомцæдеси газет «Æригон большевик»-и редакторæй. Æбати Шамил æ имисуйнæгти уотæ финсуй: «Газети редакций адтæнцæ, журналисти куст уæди уæнгæ ка нæма зудта, уæхæн æригон лæхъуæнтæ: Хъайтухъти Михал, шахтер Цæгæрати Андрей, гъæдгæройнаг биццеу Хутъинати Циппу (фæстагмæ иссæй Иристони зингæ поэттæй еу), æз дæр уæд сæ хæццæ адтæн. Кæд газети кусти æвæлтæрд адтæнцæ, уæддæр редакций косгутæ, Къола сæ сæргъи, уотемæй сæхебæл нæ аурстонцæ, рæстуодæй архайдтонцæ, цæмæй газет партион организацийæн агъаз кодтайдæ колхозтæ ниффедар кæнунæн, зæронд æгъдæуттæ æма фæткитæн сæ зианхæссæг байзайæггæгтæ адæми цардиуагæ æма зундирахастæй фесафунбæл, культурон революци идарддæр царди уадзунбæл тохи æма æндæр гъуддæгути.

Хъойбай-фурт устур зæрдиагæй архайдта фæсевæди журналистон дæсниадæбæл ахур кæнунбæл. Æма ескæмæ арæхстдзийнæдтæ ку æрæстæфидæ, уæд цийнæ кодта сувæллони хузæн, алкæддæр ин агъаз кодта æ идарддæри ампъезти. Къола æ алливарс æмбурд кодта арæхстгин æригон уацхæсгути æма сæ аразта раст надбæл. Иристони зундгонд финсгутæй е æ дзамани берети исразæнгард кодта финсæги зин надбæл æрлæуунмæ.

1930 анзи кæрони фæскомцæдеси VI облæстон конференций Хъойбайти Къола æвзурст æрцудæй фæскомцæдеси Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарæй. Аци кусти уæлдай хъæбæрдæр рабæрæг æй е ’стур искурдиадæ. Алкæддæр е адтæй фæсевæди, адæми ’хсæн. Къола, куд фæскомцæдесон раздзæуæг, уотæ хуарз зудта, фæсевæдæн циуавæр фарстатæ ’нцæ ахсгиаг æма син агъаз кодта уони хуæздæр хузи райаразунмæ. Æма ’й етæ дæр берæ уарзтонцæ, Иристони аллирауæнти дæр ибæл цийнæгæнгæй исæмбæлиуонцæ.

 

ÆРГОМ ДЗУРД ЗÆРДÆ ХУÆЗДÆР ЛÆДÆРУЙ…

Фæсевæди зæрдити ци берæ аллихузон фарстатæ игурдæнцæ, уонæмæ Хъойбай-фурт хъæбæр лæмбунæг æркæсидæ, куд гæнæн æма амал уидæ, уотæ сæ лух дæр кодта – уой дæр фæскомцæдеси обкоми азгъунсти нæ, фал заводти æма шахтти, фабрикти æма колхозти, скъолати фæсевæдæн сæхе хæццæ æмбæлгæй æма зæрдæй-зæрдæмæ дзубанди кæнгæй.

– Иронх кæнун нæ гъæуй уой, – ахид дзурдта Къола, – нæ фæсевæд сæ еугур нерæнгæ ке нæма лæдæрунцæ, ци доги син цæргæ рауадæй, уомæн æ хецæндзийнадæ цæйбæрцæбæл устур æй, уæдта раздæриккон рæстæгутæй уæлдай си ци æййивддзийнæдтæ цæуй æма ма идарддæр дæр цæудзæнæй, уони агъазиаудзийнадæ, уомæн æма си беретæ нæ зонунцæ, революций размæ ци зиндзийнæдтæ æвзурстонцæ мæгур адæм, уой. Æнахъæл гъæртæй, командæ кæнунæй федарзунд æма еузæрдиуон адæймæгутæ гъомбæлгæнæн нæййес.

Æма уæхæн гъомбæладон куст æригæнтти ’хсæн кæнунмæ Къолайæн æхе хузæн, æвæдзи, беретæ нæ арæхстæнцæ. Уотид минкъий гæнæн æма фадуат кæми уидæ, уоми ’й кодта зæрдæмæгъаргæ хузи. Æбати Шамил æ имисуйнæгти финсуй: «Мæ зæрдæбæл лæууй уæхæн цау. Къола адтæй Садони æрзæткъахæнти æма ’й бафæндадтæй, æрзæткъахгутæн Цъæййи сæ фæллад уадзунæн уавæртæ куд æнцæ, уой базонун. Цъæййи санаторий е æнæнгъæлти баййафта зингæ революционер Арсæгти Горгай, граждайнаг тугъди æскъуæлхт бæгъатæр Дзæрæхохти Хадзимурати, ССР Цæдеси æнхæсткоми иуонг Калоти Заурбеги æма ма берæ æндæр зундгонд адæймæгути. Зæрдтаг дзубанди син райеудагъ æй берæ аллихузон хабæртти фæдбæл Сæ рази ка фæцæй еци рæстæг, етæ сæмæ хъæбæр лæмбунæгæй игъустонцæ. Сæ дзубанди цæйбæрцæбæл ахсгиаг æма дессаг адтæй, уомæн ба ’й æвдесæн е дæр, æма уæлдайдæр фæсевæди гъуддæгути туххæй ку райдæдтонцæ дзорун, уæд уоми æригон фæлладуадзгутæй ка адтæй, етæ, æгъдаумæ гæсгæ уæд куд уидæ, уотæ хестæртæй барæ ракурдтонцæ, цæмæй сæ гъудитæ зæгъонцæ… Æма, баууæндетæ, гъе уотæ æнай-æнойти си рауадæй дууæ фæлтæрей съезди хузæн дзубанди. Хестæртæ боз адтæнцæ фæскомцæдесонтæй, рæстзæрдæй сæ растудтонцæ се ’нтæстдзийнæдти туххæй, уой хæццæ ба ма син равардтонцæ къуар пайдайаг фæдзæхсти, уæдта еумæ сæ къарæ исистонцæ…»

Уæдмæ Къолай кой, куд фæсевæди искурдиадæгин разамонæг, уотæ райгъустæй айдагъ æнæгъæнæ Иристони нæ, фал уомæй берæ идарддæрти. Коммунистон (большевикти) партий Цæгат Кавкази крайком 1931 анзи дуккаг æмбеси Хъойбай-фурти иснисан кодта Цæгат Кавкази фæсевæдон газет «Большевистская смена»-йи редакторæй. Уомæй минкъий фæстæдæр ба æвзурст æрцудæй Ленинон фæскомцæдеси Цæгат Кавкази крайкоми секретарæй. Аци бунати уогæй, устур куст кодта Цæгат Кавкази берæнацион уавæрти ленинон национ политикæ царди уадзунбæл, æ гъос дардта фæсевæди коммунистон уагæбæл гъомбæл кæнунмæ. Аци, уæдта Кавкази фæсевæди змæлди æндæр ахсгиаг фарстати туххæй ахид финста уацтæ Компартий Цæгат Кавкази крайкоми теоретикон журнал «Революция и горец»-и. Уоми, зæгъæн, æ рæстæги ниммухур кодта уац «Цæгат Кавкази национ облæсти фæскомцæдес дуккаг фондзанзони къæсæрбæл». Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте бабæй ин еци журнали фæззиндтæй æ иннæ уац «Хуæнхон фæскомцæдес социализмбæл тохи». Уонæми фæсевæдæн партий политикæ æма нисантæ лæдæрун кæнгæй, разæнгард сæ кодта уони æнхæст кæнуни гъуддаги хъазауатонæй архайунмæ, цæмæй тундзонцæ нæуæг цардаразгути раззагдæр рæнгъити унмæ, æвдесонцæ пайдахæссæг хъæппæрес æма еузæрдиуондзийнадæ еугурадæмон гъуддæгути.

Еци рæстæг Цæгат Кавкази фæскомцæдесон организаци æмцегадæ кодта Сау денгизи флотбæл. Крайкоми секретари сæйраг кой адтæй фæсевæди ’хсæн тугъдон куст рапарахат кæнун. Крейсер «Сурх Кавказ»-и донмæ ку уагътонцæ, уæд уордæмæ рандæй крайи фæскомцæдеси делигаци, æ сæргъи адтæй Хъойбай-фурт, уотемæй. Денгизонтæ сæбæл хъæбæр æхцæуæнæй исæмбалдæнцæ, мадта Къолабæл ба искодтонцæ сæхе денгизон уæледарæс, æма, уотемæй архайдта бæрæгбони фæдбæл арæзт мадзæлтти.

Нæуæг цардарæзти гъуддæгутæ куд рæстмæдæр кодтонцæ, куд æнтæстгиндæрæй цудæнцæ æма си фæллойнæгæнæг дзиллитæ куд фулдæрæй еузæрдиуонæй архайдтонцæ, уотæ е ’знæгтæ ба мæстгунæй-мæстгундæр кодтонцæ, сæ фудмиутæ нæ уагътонцæ. Уомæ гæсгæ 1932 анзи Кубани кулактæ исаразтонцæ контрреволюцион саботаж. Коммунистон (большевикти) партий Центрон Комитет уордæмæ бæрнонгинæй рарвиста Еугурцæдесон фæскомцæдеси Центрон Комитети уæди фиццаг секретарь А.В.Косареви. Æ хæццæ уордæмæ æрвист æрцудæй Хъойбай-фурт дæр, æма етæ дууемæй сæ æмархайгути хæццæ æртæ мæйей дæргъи, æхсæвæ-бон не ’взаргæй, зилдæнцæ Кубани станицитæбæл, æмбалдæнцæ фæллойнæгæнæг хъазахъæгти хæццæ, лæдæрун син кодтонцæ уавæри æцæгдзийнадæ, дзиллити æзмæнтгутæн æцæгæй сæ нисан ци æй, уой. Уой хæццæ ба æнгом кодтонцæ уордигон фæскомцæдеси рæнгъитæ, фæсевæди хъауритæ аразтонцæ саботаж искунæг кæнунмæ.

 

АЛЛИ КУСТИ ДÆР АДТÆЙ ХЪÆППÆРЕСГУН ÆМА ÆНТÆСТГИН

Алкæддæр адæми хæццæ, алцидæр адæми сæрбæлтау – гъе уæхæн адтæй Къолай царди бундорондæр нисан. Фæскомцæдеси разамонæг косгути разæнгард кодта фулдæр адæми ’хсæн унмæ, сæ хæццæ ахиддæр æмбæлунмæ, сæ царди хабæрттæ син хе цæститæй уинун, сæ сагъæссаг фарстати фæдбæл син сæ зæгъуйнæгтæ хе гъостæй игъосун, кæстæр фæлтæртæй нæуæг цардарæзтбæл æновудæй тохгæнгутæ гъомбæл кæнунмæ æма син сæ уодигъæдæ идейон æгъдауæй æхседунмæ.

Фæскомцæдеси Центрон Комитет 1933 анзи Хъойбайти Къолай исæвзурста Фæсевæди Коммунистон Интернационали (ФКИ) уруссаг секций иуонгæй, исæвардта ’й ФКИ-й хорискæсæн хайади сæргълæууæгæй – æма уотемæй иссæй фæсевæди дуйнеуон коммунистон змæлди разамонæг къуари иуонг.

Уомæй минкъий фæстæдæр Коммунистон (большевикти) партий Пленуми унаффæмæ гæсгæ колхозтæ организацион-хæдзарадон æгъдауæй исфедар кæнуни туххæй машинон-тракторон станцити (уæдиккон гъæууонхæдзарадон къабази адтæй уæхæн еугæндтæ, кæцитæн сæ ихæс адтæй колхозтæ æма совхозтæн техникон æгъдауæй агъаз кæнун) политикон хайæдтæ аразун байдæдтонцæ. Уордæмæ парти æрвиста тæккæ хуæздæр, зæрдæдаргæдæр æма хъæппæресгундæр коммунистти. Æма 1933 анзи Хъойбай-фурт нисангонд æрцудæй Хъирими автономон республики зæнхикусти Адæмон комиссариати политикон сектори хецауи хуæдæййевæгæй. Æ кусти устур æргом æздахта фæскомцæдесонти хæццæ æмгустадæмæ.

Æма ин уой фæрци æнтæстæй берæ аллихузон зингæ мадзæлттæ аразун, кæцитæ хъæбæр фæппайда ’нцæ ардигон гъæууон хæдзаради куст æнтæстгиндæрæй цæунæн. Машинон-тракторон станцити политхайæдтæ ихæлд ку æрцудæнцæ, уæд фæскомцæдесон кусти тæккæ арæхстгиндæрти парти рарвиста партион кустмæ. Къола уоми, Хъирими, иссæй Коммунистон (большевикти) партий Алайски райкоми секретарь. Фæскомцæдеси райкоми секретарæй ба си уæд куста Реуазти Симони фурт Геуæрги, фæстæдæр иссæй Цæгат Иристони профессионалон-техникон ахуради Управлений хецау. Геуæрги куд имиста, уотемæй Хъойбай-фуртæн ами дæр федар рахастдзийнæдтæ адтæй райони фæскомцæдесон организаций хæццæ, ахид дзубанди кæнидæ фæсевæди хæццæ, разæнгард сæ кодта хъæппæресгун æма æнтæстгин кустмæ.

Хъойбайти Къола аци райони косун ку райдæдта, уæд ами адæмон хæдзарадæ фæстезад адтæй. Уомæ гæсгæ ба нæуæг партион разамонæги багъудæй устур хъаурæ æма нифс бавдесун, цæмæй еци уавæр фæррæвдзæдæр адтайдæ, уомæ. Æма ин бантæстæй – цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте Алайски район иссæй Хъирими АССР-и раззагдæр районтæй еу.

Фæстæдæр, 1936 анзи райдайæни, Хъойбайти Къолайæн косгæ рауадæй Хъирими промышленнон центр сахар Керчи, ами ’й исæвзурстонцæ партий райкоми секретарæй. Æма уоми дæр фæккуста хъæбæр æнтæстгинæй.

Хъæбæр нифсхаст æма хъаурæгин, хуæдæфсармæ æма хумæтæг, æнæхийнæ, уодæй дæр æма цæсгонæй дæр кæдзос – уæхæн адтæй Хъойбайти Къола. Æма ма цæйбæрцæбæл агъазиау фарнæхæссæг гъуддæгутæ исаразун ин бантæстайдæ, цæйбæрцæбæл устур хуæрзти ма бацудайдæ æ уарзон дзиллæн, нæ Фидибæстæн!.. Фал ин нæ бантæстæй – бустæги æригонæй æ цард фескъудæй 1938 анзи… Æ æдзæстуарзонти æверхъау хахурти фудæй фесавдæй нæ адæми лæгдæрти-лæгдæртæй еу.

Владимир Ильич Ленин «Не ’змæлди ахсгиаг ихæстæ», зæгъгæ, уаци уотæ финста: «Бацæттæ кæнун гъæуй уæхæн адæймæгутæ, кæцитæ революцийæн рауæлдай кæндзæнæнцæ айдагъ евдæлон изæртæ нæ, фал сæ цард æнæгъæнæй дæр!..»

Федарæй зæгъæн ес: уæхæн адæймаг адтæй Хъойбайти Тотайи фурт Къола. Е æ уарзон адæми амонди сæрбæлтау архайдæн æнæгъæнæй дæр иснивонд кодта æ цард æма æ еци равзурст надбæл, æ карнæмæ гæсгæ ин цæйбæрцæ рæстæг лæвæрд адтæй, уойбæрцæ ’й кæрæй-кæронмæ æдзæстхезæй рацудæй, берæ федауцæ хабæрттæй æй исфæлгонц кодта.

РÆСТУОДÆЙ СИН ГЪÆУАМА ÆНОСОН КÆНÆН СÆ РОХС НÆМТТÆ

Нæ номдзуд адæймæгутæй не ’хсæн ка нæбал фæууй, уони туххæй дзоргæй фулдæр хæттити уотæ фæззæгъунцæ, гъома, сæ рохс нæмттæ иронх нæ уодзæнæнцæ нæ дзиллæй, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ имисдзæнæнцæ, кадæ син кæндзæнæнцæ. Мæнмæ гæсгæ, е æгæр æндиуд загъд æй – æркæсайтæ, æма уотæ имисуйнаг адæймæгутæн сæ фулдæрей абониккон фæлтæртæй уотид зонгæ дæр, ефстæгтæй уæлдай, некебал кæнуй.

Хъойбайти Къолай туххæй финст уацтæй дæр – сæ фулдæр мухургонд æрцудæнцæ советон доги – сæ кæронбæттæни уотæ загъд уидæ, уомæн æ ном æностæмæ иронх нæ уодзæнæй. Абони ’й уинæн, гъулæггагæн, уотæ ке нæ рауадæй, уой. Хуарз æма ма ин советон доги (1968 анзи августи), уæддæр æ ном равардтонцæ Дзæуæгигъæуи гъæунгтæй еуемæн. Е хуарз æй, фал еци гъæунги цæргутæй, цума, ескетæ зонунцæ, сæ гъæунгæ ке ном хæссуй, уой æма æ царди хабæрттæй еститæ. Магъа-магъа…

Æрхæстæг кæнуй Ленинон фæскомцæдеси сæдæ анзей юбилей. Уой фæдбæл, æвæдзи, ести цитгингæнæг мадзæлттæ дæр арæзт æрцæудзæнæй. Æма хуарз уидæ, уони «æрттивдтити» аууони иронхуати ку нæ райзайиуонцæ, Цæгат Иристони фæскомцæдес ке фæрци исæнтæстæй æма гъомусгин кодта, уони рохс нæмттæ… Еци гъуддаг исаразун зин нæй, фал æ хуарздзийнадæ ба уодзæнæй хъæбæр агъазиау æма ахедгæ. Æма æ исаразунмæ гъæуама ма зийнадæ кæнæн, уомæн æма, æ устур арфити аккаг, æ фарнæхæссæг адæймæгути ка нæ имисуй æма син кадæ ка нæ кæнуй, еци адæмæн æ цардвæндаг мæгурæй-мæгурдæр кæнуй…

БАЛИКЪОТИ Тотраз

Аци æрмæг мухургонд æрцудæй
газет «Дигорæ»-йи 2018 анзи 27 июли.